Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 103 статья
  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ бон у цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын?
  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразыны тыххӕй рӕдыд хъуыдытӕ
  • Хуыздӕр куыд у
  • СМС-ты тыххӕй цы зонын хъӕуы?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • 5. Ӕргом ныхас кӕнут
    Райхъал ут! 2018
  • Цы саразон, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгтӕ афоныл аразынмӕ ма зивӕг кӕнон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Фарстаты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 103 статья
Лӕппу цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразы: йе ’мбалимӕ видеойӕ ныхас кӕны, чиныджы цыдӕр кӕсы ӕмӕ йӕ телефоны интернеты цыдӕр агуры

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?

  • Дӕ бон у цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын?

  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразыны тыххӕй рӕдыд хъуыдытӕ

  • Хуыздӕр куыд у

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Дӕ бон у цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын?

Дӕ бон у цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын? Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ телефонтӕй ӕмӕ компьютертӕй чи пайда кӕны, уыдонӕн ӕнцондӕр у цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын, технологитӕй фӕстӕдӕр чи райдыдта пайда кӕнын, уыдонимӕ абаргӕйӕ. Фӕлӕ уый ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у?

РАСТ У ӕви НӔ?

  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ куы аразай, уӕд сыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕндзынӕ.

  • Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын сахуыр уай, уымӕн гӕнӕн ис.

  • Ӕрыгӕттӕн хистӕртимӕ абаргӕйӕ цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хуыздӕр фӕуайы.

Кӕд ацы хъуыдытӕй искӕцыимӕ разы дӕ, уӕд дӕхи сайыс.

Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразыны тыххӕй рӕдыд хъуыдытӕ

Куыд хъуыды кӕныс, дӕ бон у дыууӕ хъуыддаджы уыцы иу рӕстӕг аразын? О, гӕнӕн ис, ӕмӕ дыууӕ хъуыддаджы иумӕ аразай. Зӕгъӕм, ӕфснайгӕ дӕр кӕнай ӕмӕ музыкӕмӕ дӕр хъусай.

Фӕлӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ иумӕ куы аразай, уӕд дзы иу дӕр хорз нӕ сараздзынӕ. Иу ӕрыгон чызг, Катеринӕ, загъта, зӕгъгӕ, дам, цалдӕр хъуыддаджы иумӕ куы аразай, уӕд дзы иу дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ сараздзынӕ.

«Иухатт кӕимӕдӕр ныхас кодтон, ӕмӕ мӕм сообщени ӕрбацыд. Ӕмӕ йын хъуыди дзуапп раттын. Ныхас дӕр кодтон ӕмӕ сообщени дӕр фыстон. Гъемӕ, кӕимӕ ныхас кодтон, уымӕн йӕ ныхӕстӕн сӕ фылдӕр нӕ фехъуыстон, стӕй сообщенийы дӕр дуне рӕдыдтытӕ скодтон» (Кейлеб).

Технологитӕ адӕймагыл куыд ӕндавынц, уый чи иртасы, иу ахӕм ахуыргонд, Шерри Тёркл, йӕ чиныджы ныффыста: «Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цалдӕр хъуыддаджы иумӕ куы фӕаразӕм, уӕд сӕ хорз саразӕм. Афтӕмӕй та дзы иу хъуыддаг дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ саразӕм. Цалдӕр хъуыддаджы иумӕ куы фӕаразӕм, уӕд уый нӕ сӕрымагъзыл афтӕ бандавы, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма нын алцыдӕр хорз уайы. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар бынтон ӕндӕрхуызон вӕййы»a.

«Хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мын уыцы иу рӕстӕг сообщенитӕ фыссын дӕр ӕмӕ адӕймагимӕ ныхас кӕнын дӕр хорз уайы. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбарын: сообщенийы цы хъуамӕ ныффыстаин, уый хъӕрӕй фӕзӕгъын, зӕгъгӕ цы хъуамӕ кодтаин, уый та фысгӕ ныккӕнын» (Тамарӕ).

Уыцы иу рӕстӕг цалдӕр хъуыддаджы чи фӕаразы, уыдон сӕ цард сӕхицӕн фӕзындӕр кӕнынц. Зӕгъӕм, сӕ хӕдзармӕ куыстыл сын фылдӕр рӕстӕг ацӕуы кӕнӕ та йӕ фӕхъӕуы ногӕй скӕнын, уымӕн ӕмӕ дзы цыдӕртӕ раст не скӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сын къаддӕр рӕстӕг баззайы, цы уарзынц, уыдӕттӕн!

Томас Кёрстинг, психотерапевт ӕмӕ сывӕллӕтты психолог, загъта: «Нӕ сӕрымагъз абарӕн ис, алцыдӕр йӕ бынаты ӕвӕрд кӕм вӕййы, ахӕм скъаппимӕ. Фӕлӕ цалдӕр хъуыддаджы иумӕ чи фӕаразын, уыдоны магъзы алцыдӕр вӕййы хӕццӕ-мӕццӕ»b.

«Цас фылдӕр хъуыддӕгтӕ аразай иумӕ, уыйас дын ӕвзӕрдӕр уайдзысты. Дӕ куыстыл ма ноджыдӕр бафтаудзынӕ. Ӕмӕ-иу сыл къаддӕр рӕстӕг нӕ, фӕлӕ фылдӕр рӕстӕг бахардз кӕндзынӕ» (Терезӕ).

Лӕппу йӕ машинӕйы бахӕццӕ, фӕндаг кӕм фӕдих, ахӕм ранмӕ. Йӕ машинӕ йӕ астӕуыл дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ йӕ иу хай иуырдӕм фӕцӕуы, иннӕ та – иннӕрдӕм

Уыцы иу рӕстӕг дыууӕ хъуыддаджы аразын абарӕн ис, дыууӕ фӕндагыл цӕуыныл куыд архайай, уыимӕ

Хуыздӕр куыд у

  • Иу хъуыддаг уал-иу кӕронмӕ сараз ӕмӕ-иу уый фӕстӕ иннӕ райдай. Чи зоны дын уый ӕнцон ма уа, уӕлдайдӕр та кӕд цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын ахуыр дӕ, уӕд. Зӕгъӕм, дӕ уроктӕ фӕкӕныс ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг сообщенитӕ дӕр фӕфыссыс. Фӕлӕ Библийы фыст ис, «цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм» (Филиппӕгтӕм 1:10). Иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ иннӕтӕй ахсджиагдӕр вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу аскъуыддзаг кӕн, фыццаг цы сараздзынӕ. Ӕмӕ-иу ӕндӕр мацы араз, цалынмӕ йӕ кӕронмӕ нӕ фӕуай, уӕдмӕ.

    «Кӕд дӕ бон нӕу дӕ хъуыдытӕ иу цӕмӕдӕр саразын, уӕд дӕ сӕрымагъз у хивӕнд гыццыл сывӕллоны хуызӕн. Хатт ын фӕхъӕуы „нӕ“ зӕгъын, кӕд ӕй йӕхи бар ауадзын ӕнцондӕр вӕййы, уӕддӕр» (Марийӕ).

  • Хъыгдарыны хос цы у, уыдӕттӕ-иу дӕ разӕй айс. Мыййаг, дӕ уроктӕ кӕнгӕйӕ дӕ телефонмӕ ӕркӕс-ӕркӕс фӕкӕныс? Кӕд о, уӕд-иу ӕй иннӕ къомнӕты сӕвӕр. Телевизор-иу ахуыссын кӕн, стӕй-иу социалон сетьтыл ма хъуыды кӕн. Библийы фыст ис: «Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут» (Колоссӕгтӕм 4:5).

    «Ӕз бамбӕрстон, хуыздӕр кӕй вӕййы, иу хъуыддаг кӕронмӕ бакӕнын. Цы саразын мӕ хъӕуы, уыдӕттӕ ныффыссын, ӕмӕ дзы исты куы саразын, уӕд ӕй ахахх кӕнын, стӕй та иннӕ райдайын. Уый фӕрцы, цы саразын, уымӕй райгонд вӕййын» (Ония).

  • Искӕимӕ куы фӕныхас кӕныс, уӕд-иу ӕндӕр истытӕ ма араз. Искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ телефонмӕ ӕркӕс-ӕркӕс куы кӕнай, уӕд уый уӕ дыууӕйы дӕр хъыгдардзӕн, стӕй уый рӕсугъд нӕу. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр (Матфейы 7:12).

    «Мӕ хоимӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд хатт йӕ телефоны сообщени фӕфыссы кӕнӕ дзы ӕндӕр истытӕ фӕкусы. Мӕстӕй йӕм фӕмӕлын. Фӕлӕ ӕргом куы зӕгъон, уӕд хатт мӕхӕдӕг дӕр афтӕ фӕкӕнын» (Дэвид).

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Джейван

«Ахсджиаг хъуыддаг саразын мӕ куы фӕхъӕуы, уӕд мӕ телефонӕн йӕ звук ахуыссын кӕнын ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддагыл фӕхъуыды кӕнын. Уый фӕрцы мын фылдӕр бантысы ӕмӕ мӕ куыст хуыздӕр рауайы» (Джейван).

Киарӕ

«Иу цыдӕр аразай ӕмӕ де ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты ма здахай, уый ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕд хъуыддаг хуыздӕр рауайы. Фӕлтау къаддӕр, фӕлӕ хуыздӕр» (Киарӕ).

Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн: цалдӕр хъуыддаджы иумӕ аразын хорз у?

  • Лӕмбынӕг хъуыды кӕнын кӕуыл хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ иумӕ куы аразай, уӕд дзы иу дӕр хорз нӕ сараздзынӕ.

  • Уыцы иу рӕстӕг цалдӕр хъуыддаджы чи фӕаразы, уыдон сӕ цард сӕхицӕн фӕзындӕр кӕнынц.

  • Цӕмӕй-иу дӕ куыст хуыздӕр рауайа, уый тыххӕй уал-иу иу хъуыддаг кӕронмӕ сараз ӕмӕ-иу уый фӕстӕ иннӕ райдай.

  • Искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ма ӕндӕр истытӕ дӕр куы аразай, уӕд уый уӕ дыууӕйы дӕр хъыгдардзӕн, стӕй уый рӕсугъд нӕу.

  • Иу цыдӕр аразай ӕмӕ де ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты ма здахай, уый ӕнцон нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ-иу дӕ разӕй айс, хъыгдарыны хос цы у, уыдӕттӕ.

a Чиныг «Reclaiming Conversation».

b Чиныг «Disconnected».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын