Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 1 сӕр, 7–15 фф.
  • «Ай у нӕ Хуыцау!»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ай у нӕ Хуыцау!»
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы ном цы нысан кӕны?
  • Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ
  • Диссаджы миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау
  • «Ай у нӕ Хуыцау!»
  • Хуыцауӕн ис ном
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Ӕцӕг Хуыцау — чи у?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 1 сӕр, 7–15 фф.
Моисей йӕ цӕсгом ӕмбӕрзы судзгӕ къутӕры раз.

1 СӔР

«Ай у нӕ Хуыцау!»

1, 2. а) Хуыцауы цӕмӕй бафӕрсис? б) Моисей Хуыцауы цӕмӕй бафарста?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма Хуыцауимӕ ныхас кӕныс. Демӕ Дунедарӕг Хуыцау дзура, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъуын арц сбадт! Де ’взаг дзурын нал арӕхсы, фӕлӕ кӕддӕр-кӕддӕр цыдӕр зӕгъын сфӕрӕзтай. Хуыцау дӕм хъусы ӕмӕ дын йӕхӕдӕг дӕр цыдӕр дзуры. Суанг ма дын афтӕ дӕр загъта, цы дӕ фӕнды базонын, бафӕрс мӕ, зӕгъгӕ. Цӕмӕй йӕ бафӕрсис?

2 Раджы заманты раст ахӕм хабар ӕрцыд иу нӕлгоймагыл, Моисейыл. Фӕлӕ, Хуыцауы цӕмӕй бафарста, уый дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса. Моисей йӕ нӕдӕр йӕ фидӕнӕй бафарста, нӕдӕр, адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уымӕй – бафарста йӕ йӕ номӕй. Чи зоны дӕм уый ӕнахуыр фӕкӕса, уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ дӕр Хуыцауы ном зыдта. Фӕлӕ йӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын фӕндыд. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, уымӕй ахсджиагдӕр фарста йӕм цавӕр фарста хъуамӕ радтаид! Хуыцау ын цы дзуапп радта, уый хауы махӕй алкӕмӕ дӕр. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕввахс хӕлар суай. Куыд? Ӕркӕсӕм, Хуыцау Моисейӕн цы загъта, уымӕ.

3, 4. Цалынмӕ Хуыцау Моисеимӕ ныхас кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ цы ’рцыд? Цӕуыл ныхас кодтой?

3 Уӕд Моисейыл цыди 80 азы. 40 азы йыл куы цыди, уӕд ӕй бахъуыд Египетӕй алидзын, израилӕгтӕ цагъартӕ кӕм уыдысты, уыцы бӕстӕйӕ. Иубон Моисей йӕ каисы фос хизгӕйӕ федта ӕнахуыр диссаг: сындзы къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй. Моисей йӕм хӕстӕгдӕр бацыд, ай цы хабар у, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕн, цы тарст фӕкодтаид, арты цӕхӕрӕй кӕйдӕр хъӕлӕс куы фехъуыста, уӕд! Уым зӕды уылты Хуыцау Моисеимӕ бирӕ фӕныхас кодта. Загъта йын, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхтаид ӕмӕ израилӕгты ссӕрибар кодтаид (Рацыд 3:1–12).

4 Моисейӕн йӕ бон уыд Хуыцауы цӕмӕйфӕнды дӕр бафӕрсын. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, цавӕр фарста йӕм радта: «Зӕгъӕм, ӕз ӕрцыдтӕн Израилы фырттӕм ӕмӕ сын загътон: „Уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ рарвыста сымахмӕ“. Ӕмӕ мӕ уыдон куы бафӕрсой, йӕ ном куыд у, зӕгъгӕ, уӕд сын цы зӕгъдзынӕн?» (Рацыд 3:13).

5, 6. а) Моисейы фарстайӕ нӕ бон цы у базонын? б) Адӕм Хуыцауы номӕн цы бакодтой ӕмӕ уый фыдракӕнд схонӕн цӕмӕн ис? в) Хуыцау нын йӕ ном кӕй ӕргом кӕны, уый цӕуыл дзурӕг у?

5 Ацы фарстайӕ фыццаджыдӕр ис базонӕн, Хуыцауӕн ном кӕй ис. Фӕлӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы ном зонын ӕнӕмӕнг нӕу. Библийы тӕлмацтӕй бирӕтӕй Хуыцауы ном айстой ӕмӕ дзы йӕ бӕсты ныффыстой «Хуыцау» кӕнӕ «Хицау». Уый у, динтӕ цы стыр фыдракӕндтӕ сарӕзтой, уыдонӕй сӕ иу. Адӕймагимӕ куы фӕзонгӕ кӕныс, уӕд ӕй фыццаг йӕ номӕй нӕ бафӕрсыс? Уӕдӕ афтӕ вӕййы, Хуыцауы базонын нӕ куы бафӕнды, уӕд дӕр. Хуыцау, ном кӕмӕн нӕй, базонӕн ӕмӕ бамбарӕн кӕй нӕй, ахӕм чидӕр нӕу. Кӕд ӕй уынгӕ нӕ кӕнӕм, уӕддӕр уый у удӕгас Хуыцау ӕмӕ йын ис ном – Йегъовӕ.

6 Хуыцау нын йӕ ном кӕй раргом кодта, уый у диссаджы лӕвар! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ царды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ рахӕссӕм, ома йӕ базонӕм ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суӕм. Ӕмӕ нын уый тыххӕй Йегъовӕ ӕрмӕст йӕ ном нӕ загъта, фӕлӕ ма нын раргом кодта, цавӕр Хуыцау у, уый дӕр.

Хуыцауы ном цы нысан кӕны?

7. а) Хуыцауы ном цы нысан кӕны? б) Моисей Хуыцауы йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ӕй цы базонын фӕндыд?

7 Хуыцау йӕхицӕн цы ном равзӕрста, уымӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. «Йегъовӕ», ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕимӕ никӕй ис абарӕн, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр уый сфӕлдыста. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йе ’нӕххӕст лӕггадгӕнджытӕ суой, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи хъуамӕ суой, уый. Ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын ноджы тынгдӕр райдайӕм аргъ кӕнын. Фӕлӕ ма Хуыцауы ном ноджы цӕуылдӕр дзурӕг у. Моисей зыдта, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, стӕй йын йӕ ном дӕр зыдта. Адӕм Хуыцауы ном ӕнусты дӕргъы дзырдтой. Уӕдӕ Моисей Йегъовӕйы йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд фылдӕр базонын, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Ӕндӕр ныхасӕй, Моисей Йегъовӕйы бафарста: «Израилы адӕмӕн дӕу тыххӕй цы зӕгъон, цӕмӕй дыл баууӕндой ӕмӕ сӕ ӕцӕгдӕр кӕй ссӕрибар кӕндзынӕ, уый сӕ бауырна?»

8, 9. а) Йегъовӕ Моисейӕн цавӕр дзуапп радта? Йегъовӕйы ныхӕстӕ арӕх куыд ратӕлмац кӕнынц, уый раст цӕуылнӕ у? б) Ацы ныхӕстӕ, «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый», зӕгъгӕ, цы нысан кӕнынц?

8 Йегъовӕ Моисейӕн йӕхи тыххӕй иу диссаг раргом кодта. Уый баст у, йӕ ном цы нысан кӕны, уыимӕ. Загъта йын: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» (Рацыд 3:14). Ацы стих Библийы тӕлмацтӕй бирӕты у афтӕ: «Ӕз дӕн, чи дӕн, уый». Фӕлӕ растдӕр тӕлмацтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕрмӕст уый зӕгъын кӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ис. Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ махӕн не ’ппӕтӕн дӕр бамбарын кодта, кӕй «свӕййы», йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Дж. Б. Ротергамы тӕлмацы ацы стих у афтӕ: «Ӕз суыдзынӕн, цыфӕнды мӕ ма бафӕнда, уый». Рагон дзуттаг ӕвзаг иртасджытӕй иу ацы ныхӕстӕ афтӕ бамбарын кодта: «Цыфӕнды уавӕры дӕр... Хуыцау „суыдзӕн“, хъуыддаг саразыны тыххӕй чи хъуамӕ суа, уый».

9 Уый израилӕгтӕн цӕуыл дзурӕг уыди? Сӕ разы цыфӕнды цӕлхдур ма уыдаид кӕнӕ цыфӕнды уӕззау уавӕры ма бахаудаиккой, уӕддӕр Йегъовӕ суыдаид, цӕйфӕнды сӕр ма бахъуыдаид, уый, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодтаид. Израилӕгтӕ куы базыдтой, Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый, уӕд сӕ уый стыр ныфс бауагъта. Ӕмӕ уый абон мах дӕр ныфс уадзы (Псалом 9:10).

10, 11. Йегъовӕйы ном цы нысан кӕны, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, ӕппӕты хуыздӕр Фыд кӕй у, уый бамбарынӕн?

10 Зӕгъӕм, ныййарджыты алы бон дӕр фӕхъӕуы бирӕ цыдӕртӕ аразын. Сӕ сывӕллӕттӕн сӕ фӕхъӕуы хӕринаг кӕнын, ахуыр сӕ кӕнын, зонд сын амонын, куы рахыл вӕййынц, уӕд сӕ бафидауын кӕнын, куы фӕрынчын вӕййынц, уӕд сӕ дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ. Бирӕ ныййарджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыдӕттӕм хорз нӕ арӕхсынц. Ӕмбарынц ӕй, сӕ хъӕбултӕ ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, сӕ фыд ӕмӕ сӕ мадӕн сӕ бон алцыдӕр кӕй у: цыфӕнды цӕф дӕр адзӕбӕх кӕндзысты, цыфӕнды хылӕн дӕр кӕрон скӕндзысты, хъазӕн куы асӕтта, уӕд ӕй сараздзысты ӕмӕ сын сӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп ратдзысты. Фӕлӕ ныййарджытӕн сӕ бон алцы нӕу. Уый тыххӕй сӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ хорз ныййарджытӕ не сты, ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты.

11 Йегъовӕ дӕр у уарзӕгой Фыд. Фӕлӕ ныййарджытӕй уӕлдай Йегъовӕ алкӕддӕр свӕййы, йӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕныны тыххӕй чи хъуамӕ суа, уый. Ӕххуыс та сын бакӕны, ӕппӕты хуыздӕр куыд вӕййы, афтӕ. Уӕдӕ нын йӕ ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй (Иаковы 1:17). Моисей дӕр ӕмӕ иннӕ иузӕрдион израилӕгтӕ дӕр сӕхи цӕстӕй федтой, Йегъовӕ кӕй архайы, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ – чи-иу хъуамӕ суыдаид, уый-иу сси. Йегъовӕ сын се знӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта, Сырх денджызы дӕттӕ адих кодта, диссаджы закъӕттӕ сын радта, рӕстӕй сын тӕрхон кодта, ӕдзӕрӕг быдыры сын хӕринаг ӕмӕ дон лӕвӕрдта, афтӕ бакодта, цӕмӕй сӕ дзабыртӕ ӕмӕ сӕ дзаумӕттӕ ма ихсыдаиккой ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ.

12. Моисей Йегъовӕмӕ цы цӕстӕй каст, уый цӕмӕй хицӕн кодта, фараон ӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй?

12 Уӕдӕ нын Хуыцау раргом кодта йӕ ном ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕ. Стӕй равдыста, йӕхи тыххӕй цы загъта, уый ӕцӕг кӕй у. Бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ зонӕм. Ӕмӕ мах та фӕнды? Моисейы Хуыцауы зонын кӕй фӕндыд, уый бӕрӕг уыд, цы уынаффӕтӕ хаста, уыдонӕй. Хуыцауы зонын ӕй тынг кӕй фӕндыд, уый ма йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кодтаид (Нымӕцтӕ 12:6–8; Дзуттӕгтӕм 11:27). Хъыгагӕн, Моисейы заманы цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕры нӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы базыдтаиккой ӕмӕ йӕм баввахс уыдаиккой. Моисей фараонӕн Йегъовӕйы кой куы скодта, уӕд уыцы сӕрбӕрзонд египетаг паддзах загъта: «Чи у Йегъовӕ?» (Рацыд 5:2). Фараон ӕй афтӕ уый тыххӕй нӕ бафарста, ӕмӕ йӕ базонын фӕндыд, Йегъовӕ чи у, уый. Фӕлӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕм Йегъовӕйы ныхӕстӕ нымады дӕр нӕ уыдысты. Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр ахӕм зондыл хӕст сты. Ӕмӕ уый тыххӕй не ’мбарынц, Йегъовӕ Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у. Афтӕмӕй та царды уый зонынӕй ахсджиагдӕр ницы ис.

Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ

13, 14. а) Библи Хуыцауы бирӕ алыхуызон титултӕй цӕмӕн хоны ӕмӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты? (Кӕс рамкӕ 14-ӕм фарсыл.) б) Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы цӕмӕн ис схонӕн «Иунӕг Стыр Хуыцау»?

13 Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у. Ӕмӕ йӕ Библи бирӕ алыхуызон титултӕй уый тыххӕй хоны. Ӕмӕ кӕд уыдон йӕ номӕй ахсджиагдӕр не сты, уӕддӕр сӕ фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм, йӕ ном цы нысан кӕны, уый. Зӕгъӕм, Библи йӕ хоны «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (2 Самуилы 7:22). Ацы дзырдбаст Библийы ӕмбӕлы сӕдӕгай хӕттыты ӕмӕ дзурӕг у, Йегъовӕ хъомысджын Хуыцау кӕй у, ууыл. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Базонӕм, уыцы бар ын цӕмӕн ис, уый.

14 Йегъовӕимӕ никӕй ис абарӕн, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр уый сфӕлдыста. Раргомады 4:11 стихы фыст ис: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд». Ацы диссаджы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕ ис зӕгъӕн. Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый ис Йегъовӕйы фӕрцы! Уӕдӕ ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлы Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у Иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ алцыдӕр уый сфӕлдыста.

15. Йегъовӕ «ӕнусты Паддзах» цӕмӕн хуыйны?

15 Библийы ма ис, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ кӕй ис ахӕссӕн, ӕндӕр ахӕм титул – «ӕнусты Паддзах» (1 Тимофеймӕ 1:17; Раргомад 15:3). Уыцы титул цӕуыл дзурӕг у? Кӕд нын уый бамбарын зын у, уӕддӕр Йегъовӕ у ӕнусон, ома алкӕддӕр уыди ӕмӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Псалом 90:2 стихы фыст ис: «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау». Уӕдӕ Йегъовӕйӕн райдиан нӕй, уый алкӕддӕр уыди. Библи ма йӕ хоны «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыди, Дун-дунейы куы ничима ӕмӕ куы ницыма уыди, уӕд дӕр! (Данел 7:9, 13, 22). Уӕдӕ Хуыцауӕн ис бар, цӕмӕй алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр разамынд дӕтта!

16, 17. а) Йегъовӕйы фенӕн цӕуылнӕ ис ӕмӕ уый диссаг цӕуылнӕ у? б) Йегъовӕйы цӕуылнӕ ис абарӕн, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ нӕ бон бавналын цӕмӕ у, уыдӕттимӕ?

16 Фӕлӕ абон дӕр иуӕй-иутӕ Египеты фараонау хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн ахӕм бар нӕй. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕм фылдӕр ӕууӕндынц, цӕстӕй фенӕн цы ис, ууыл. Йегъовӕ Хуыцауы та нӕ бон фенын нӕу, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуынгӕ у (Иоанны 4:24). Уымӕй уӕлдай, адӕймаг Йегъовӕйы раз куы ’рлӕууид, уӕд амӕлид. Йегъовӕ Моисейӕн йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ цӕсгом фенын та дӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн» (Рацыд 33:20; Иоанны 1:18).

17 Афтӕ цӕмӕн у? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Моисейыл цы ’рцыд, ууыл. Моисей Йегъовӕйӕн йӕ кадӕй ӕрмӕстдӕр иу гыццыл федта, ӕмӕ уый дӕр зӕды руаджы. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр цасдӕр рӕстӕг йӕ цӕсгомӕй «калди рухс». Израилӕгтӕ йӕм комкоммӕ бакӕсын дӕр нӕ уӕндыдысты (Рацыд 33:21–23; 34:5–7, 29, 30). Уӕдӕ йӕ фидарӕй зонӕм, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйы фенын. Фӕлӕ йӕ нӕ бон фенын кӕй нӕу ӕмӕ йӕм нӕ бон бавналын кӕй нӕу, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕй? Нӕ. Зӕгъӕм, дымгӕ нӕ уынӕм, фӕлӕ нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ дымгӕ нӕй. Уымӕй уӕлдай, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ нӕ бон бавналын цӕмӕ у, уыдӕттӕ иууылдӕр зӕронд кӕнынц ӕмӕ ӕмбийынц. Фӕлӕ Йегъовӕйыл рӕстӕджы бар нӕ цӕуы! Уымӕ гӕсгӕ, кӕд истӕмӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ис, уӕд фыццаджыдӕр Хуыцауӕй (Матфейы 6:19). Фӕлӕ цымӕ Хуыцау цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ хъомысджын тых у, ӕмӕ йӕм мах нымады дӕр не стӕм?

Диссаджы миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау

18. Йезекил цӕстылуайӕны цы федта ӕмӕ, Йегъовӕйы алыварс цы зӕдтӕ ис, уыдоны цӕсгӕмттӕ цӕмӕ амонынц?

18 Уӕлӕрвты цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ кӕд нӕ бон фенын нӕу, уӕддӕр дзы цавӕрдӕр хабӕртты тыххӕй нӕ бон у Библийӕ базонын. Цӕвиттонӕн райсӕм Йезекилы чиныджы 1-аг сӕр. Йезекил цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай. Уый уыди стыр уӕрдоны хуызӕн. Йезекилы уӕлдай тынгдӕр дисы бафтыдтой, Йегъовӕйы алыварс цы хъомысджын зӕдтӕ уыди, уыдон (Йезекил 1:4–10). Уыцы зӕдтӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнынц. Ӕмӕ, цыхуызӕн сты, уымӕй нӕ бон у базонын иу ахсджиаг хъуыддаг, кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыцы Хуыцауы тыххӕй. Уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ис цыппар цӕсгомы: галы, домбайы, цӕргӕсы ӕмӕ адӕймаджы (Раргомад 4:6–8, 10). Уыдон амонынц Йегъовӕйы цыппар сӕйраг миниуӕгмӕ.

19. Цавӕр миниуӕгмӕ амоны а) галы цӕсгом? б) домбайы цӕсгом? в) цӕргӕсы цӕсгом? г) адӕймаджы цӕсгом?

19 Гал тынг тыхджын у. Уымӕ гӕсгӕ Библийы гал арӕх фӕамоны тыхмӕ. Домбай та у хъӕбатыр сырд. Уымӕ гӕсгӕ арӕх фӕамоны рӕстдзинадмӕ. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, цӕмӕй рӕстӕй архайай, уый тыххӕй хъӕуы хъӕбатырдзинад. Цӕргӕс тынг дардӕй дӕр гыццыл цыдӕр фены. Уымӕ гӕсгӕ цӕргӕсы цӕсгом амоны Хуыцауы арф зондмӕ. Ӕмӕ адӕймаджы цӕсгом та? Хуыцау ӕрмӕстдӕр адӕймаджы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый схайджын кодта йе ’ппӕты сӕйрагдӕр миниуӕгӕй – уарзондзинадӕй (Райдиан 1:26). Библийы Йегъовӕйӕн йӕ тых, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинады кой афтӕ арӕх ӕмбӕлы, ӕмӕ нӕ бон зӕгъын у, уыдон йӕ сӕйрагдӕр миниуджытӕ кӕй сты.

20. Йегъовӕ кӕй нӕ аивта, уый кӕцӕй зонӕм?

20 Фӕлӕ Библи фыст куы ’рцыди, уӕдӕй нырмӕ мин азтӕ рацыд. Ӕмӕ цымӕ уӕдӕй нырмӕ Хуыцау нӕ аивта? Нӕ. Йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын» (Малахи 3:6). Йегъовӕ у ӕппӕты хуыздӕр Фыд, уымӕн ӕмӕ алы уавӕры дӕр равдисы, махӕн баххуыс кӕнынӕн ӕй ӕппӕты тынгдӕр чи фӕхъӕуы, уыцы миниуджытӕ. Йӕ миниуджытӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у уарзондзинад. Уый бӕрӕг у йӕ алы хъуыддагӕй дӕр. Йегъовӕйы йӕ тых равдисын хъӕуа, йӕ зонд ӕви йӕ рӕстдзинад – уӕддӕр, куыд фӕархайы, уымӕй алкӕддӕр бӕрӕг вӕййы йӕ уарзондзинад. Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у! Дӕ хъус-ма ӕрдар, афтӕ фыст дзы кӕй нӕй, ӕмӕ Хуыцаумӕ ис уарзондзинад кӕнӕ уарзӕгой Хуыцау у. Фӕлӕ дзы фыст ис, Хуыцау у уарзондзинад, зӕгъгӕ, ома цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй.

«Ай у нӕ Хуыцау!»

21. Йегъовӕйы миниуджытӕ хуыздӕр куы зонӕм, уӕд цы ’мбардзыстӕм?

21 Искуы федтай, йӕ фыды тынг чи уарзы, ахӕм гыццыл сывӕллон алкӕмӕн дӕр сӕрыстырӕй куыд фӕдзуры, «ай мӕ фыд у», зӕгъгӕ? Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ тынг уарзӕм нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы. Библийы фыст ис, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цингӕнгӕйӕ дзурдзысты: «Ай у нӕ Хуыцау!» (Исай 25:8, 9). Йегъовӕйы миниуджытӕ цас хуыздӕр зонӕм, уыйас тынгдӕр ӕмбардзыстӕм, уымӕй хуыздӕр Фыд кӕй нӕй.

22, 23. Нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ кӕцӕй зонӕм, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм?

22 Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы. Кӕд иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцау дурзӕрдӕ у кӕнӕ махӕй дард у, уӕддӕр уый афтӕ нӕу. Никӕй бафӕндид ахӕм Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Библи Йегъовӕйы хоны «амондджын Хуыцау» (1 Тимофеймӕ 1:11). Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, адӕм цы аразынц, уымӕ. Цы закъӕттӕ сын радта, уыдон сты сӕ пайдайӕн, ӕмӕ сӕ сӕрты куы ахизынц, уӕд «йӕ зӕрдӕ фӕриссы» (Райдиан 6:6; Псалом 78:41). Фӕлӕ йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

23 Нӕ уӕларвон Фыды фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йӕ Ныхасы нын дзуры, цӕмӕй йӕ «агурӕм... зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарӕм, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ адӕймаг Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕввахс хӕлар суа?

Йегъовӕйы титултӕй цалдӕр

  • Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау. Йӕ тых у ӕгӕрон ӕмӕ йӕ ныхмӕ никӕй бон у фӕлӕууын (Раргомад 15:3).

  • Фыд. Ӕппӕтӕн дӕр цард уый дӕтты, уыимӕ ӕнусон цард дӕр; фыд йӕ хъӕбулты куыд фӕуарзы, афтӕ уарзы Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; Иоанны 5:21).

  • Кадджын Зондамонӕг. Алцыдӕр зоны ӕмӕ у ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ зондамындтӕм хъусӕм (Исай 30:20; 48:17).

  • Къӕдзӕх. Йегъовӕ нӕ ивы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, ӕнӕмӕнг нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (Дыккаг закъон 32:4).

  • Фыййау. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд дӕтты ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны. Ӕмӕ йӕм цӕмӕй баввахс уой, уый тыххӕй сын дӕтты, цыдӕриддӕр сӕ хъӕуы, уый (Псалом 23:1).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын