Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 2 сӕр, 16–25 фф.
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм?
  • Йегъовӕ нын йӕхи тыххӕй Библийы цы дзуры?
  • «Фырты... фӕнды Фыды раргом кӕнын»
  • Ацы чиныг дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн
  • «Кӕсут! Мӕнӕ нӕ Хуыцау»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • «Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 2 сӕр, 16–25 фф.
Сылгоймаг хъуыды кӕны, Библийы цы бакаст, ууыл.

2 СӔР

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?

1, 2. а) Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн цӕмӕн нӕй, фӕлӕ Библи цы дзуры? б) Йегъовӕ Авраамы йӕ хӕлар цӕмӕн схуыдта?

АРВ ӕмӕ зӕхх чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау дӕ афтӕ куы зӕгъид, «ацы адӕймаг мӕ хӕлар у», зӕгъгӕ, уӕд цы ахъуыды кӕнис? Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй зӕххон адӕймаг Йегъовӕ Хуыцауы хӕлар уа. Фӕлӕ Библи зӕгъы, нӕ бон кӕй у, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм.

2 Рагзаманты Хуыцаумӕ тынг ӕввахс уыди Авраам. Йегъовӕ йӕ схуыдта йӕ «хӕлар» (Исай 41:8). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл» (Иаковы 2:23). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын абон чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уой ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй хайджын уой (Дыккаг закъон 10:15). Йӕ Ныхасы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

3. Йегъовӕ нын цы дзуры ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

3 Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы йӕм баввахс уӕм, уӕд нӕм уый дӕр кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн. Уӕд суыдзыстӕм «йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Уымӕй хуыздӕр та царды ницы ис. Ӕввахс хӕлар у, дӕ сусӕг ныхас кӕмӕн радзурай, уый.

4. Ӕввахс хӕлар кӕй ис схонӕн ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм Хӕлар кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Ахӕм хӕлар дын ис? Ӕввахс хӕлар фӕхъуыды кӕны, дӕуӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Иузӕрдион дыл кӕй у, уый тыххӕй йыл дӕ ныфс дарыс. Дӕ циныл дын фӕцин кӕны. Цӕуыл фӕмӕт кӕныс, уыдӕтты тыххӕй йын куы фӕдзурыс, уӕд дӕм байхъусы ӕмӕ дын дӕ зын бамбары, ӕмӕ дын фенцондӕр вӕййы. Афтӕ дӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ ничи ӕмбары, уӕддӕр дӕ уый бамбары. Уӕдӕ Хуыцаумӕ куы баввахс уай, уӕд суыдзӕн дӕ хуыздӕр Хӕлар. Уый дын аргъ кӕндзӕн, тыхсдзӕн дыл ӕмӕ дӕ уый куыд ӕмбардзӕн, афтӕ ничи (Псалом 103:14; 1 Петры 5:7). Хуыцауӕн дӕ бон у алцыдӕр радзурын, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, иузӕрдион ыл чи у, ууыл уый дӕр иузӕрдион кӕй у (Псалом 18:25). Хуыцауы ӕввахс хӕлар уай, уый стыр кад у. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы сарӕзта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.

Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм?

5. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕм нӕ бон ӕввахс кӕнын уа?

5 Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ никуы баввахс уыдаиккам, йӕхӕдӕг куы ницы сарӕзтаид, уӕд (Псалом 5:4). Апостол Павел ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ромӕгтӕм 5:8). Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй «бирӕты балхӕныны тыххӕй» йӕ цард радтаид (Матфейы 20:28). Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы у нӕ бон Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Уӕдӕ нӕ «фыццаг Хуыцау [кӕй] бауарзта», уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕлардзинадӕн бындур Хуыцау йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта (1 Иоанны 4:19).

6, 7. а) Йегъовӕ нын йӕхи цӕмӕн ӕргом кӕны? б) Йегъовӕ нын йӕхи куыд ӕргом кӕны?

6 Йегъовӕ ма ноджыдӕр цыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм: цавӕр Хуыцау у, уый нын раргом кодта. Цӕмӕй исчи нӕ хорз ӕмбал суа, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз базонӕм, ӕмӕ хъуамӕ йӕ миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуой. Уӕдӕ нын Йегъовӕ йӕхи тыххӕй куы нӕ радзырдтаид, уӕд йӕ хӕлӕрттӕ никуы суыдаиккам. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм (Исай 45:19). Стӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй йӕ базоной, ацы дунейы ницӕйагыл кӕй нымайынц, суанг уыдонӕн дӕр (Матфейы 11:25).

Нывтӕ: Йегъовӕ нын йӕхи ӕргом кӕны. 1. Дидинӕг ӕмӕ гӕлӕбу. 2. Хурныгуылд денджызы был. 3. Библи гомӕй.

Йегъовӕ нын йӕхи ӕргом кӕны, цы сфӕлдыста, уый уылты ӕмӕ Библийы уылты

7 Йегъовӕ нын йӕхи куыд ӕргом кӕны? Цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, уый нӕ бон у базонын, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ. Йегъовӕмӕ ис стыр тых, зонд ӕмӕ нӕ ӕгӕрон уарзтӕй уарзы (Ромӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ нын Йегъовӕ йӕхи ӕрмӕст йе сконд дунейы уылты не ’ргом кӕны. Йӕхи тыххӕй нын фылдӕр дзуры йӕ Ныхасы – Библийы.

Йегъовӕ нын йӕхи тыххӕй Библийы цы дзуры?

8. Библи куыд фыст у, уымӕй куыд зыны, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый?

8 Библи куыд фыст у, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы. Йӕхи тыххӕй нын цы дзуры, уый нӕ бон у ӕмбарын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ зонӕм ӕмӕ йӕ мах дӕр уарзӕм. Библийӕ цы базонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм (Псалом 1:1–3). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы йӕхи тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

9. Хуыцауы миниуджыты кой кӕм ис, уыцы стихтӕй цалдӕр ранымай.

9 Библийы бирӕ рӕтты ис фыст Хуыцауы миниуджыты тыххӕй. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 37:28). Хуыцауы «тыхӕн ӕмбал нӕй» (Иов 37:23). «„Ӕз иузӕрдион дӕн“,– зӕгъы Йегъовӕ» (Йереми 3:12). «Уый у зӕрдӕйӕ зондджын» (Иов 9:4). Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рацыд 34:6). «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5). Ӕмӕ, фыццаг сӕры куыд загътам, афтӕмӕй йӕ миниуджытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у уарзондзинад. 1 Иоанны 4:8 стихы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад». Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

10, 11. а) Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы ныффыссын кодта ӕмӕ цӕмӕн? б) Хуыцау йӕ тыхӕй куыд архайы, уый Библийӕ цавӕр хабарӕй зыны?

10 Йегъовӕ нын Библийы йӕ миниуджытӕ ӕрмӕст нымайгӕ нӕ ракодта. Цы хабӕрттӕ дзы ныффыссын кодта, уыдоны фӕрцы нын ӕмбарын кӕны, уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдисы, уый дӕр. Уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ нӕ цӕстытыл фӕуайы, Йегъовӕ куыд архайы, уый. Уый фӕрцы хуыздӕр базонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ йӕм баввахсдӕр вӕййӕм. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

11 Библийы фыст ис, Хуыцаумӕ «стыр тых» кӕй ис (Исай 40:26). Фӕлӕ куы фӕкӕсӕм, Йегъовӕ израилӕгты Сырх денджызыл куыд ахизын кодта ӕмӕ сын цыппор азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куыд ӕххуыс кодта, уӕд нӕ йӕ тых дисы бафтауы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, денджызы уылӕнтӕ гуылфгӕнгӕ фӕйнӕрдӕм куыд фӕцыдысты. Уый фӕстӕ та дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, дӕттӕ дыууӕрдыгӕй бӕрзонд къултау куыд лӕууынц ӕмӕ ӕртӕ милуан адӕймаджы бӕрц денджызы астӕуты сур зӕххыл куыд фӕцӕуынц (Рацыд 14:21; 15:8). Цыма дӕхӕдӕг дӕр уым дӕ ӕмӕ уыныс, Хуыцау ӕдзӕрӕг быдыры йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны ӕмӕ сыл куыд тыхсы. Къӕдзӕхӕй дон рауагъта. Зӕххыл фӕзынын кодта хӕринаг – лыстӕг мыггӕгты хуызӕн урс цыдӕр (Рацыд 16:31; Нымӕцтӕ 20:11). Ацы хабӕрттӕ ӕрмӕст ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Йегъовӕ стыр тыхы хицау у, фӕлӕ йӕ тыхы фӕрцы йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, ууыл дӕр. Уый нӕ ныфс уадзы, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ кувӕм, уыцы Хуыцаумӕ фаг тых ис, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Уый у «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны» (Псалом 46:1).

12. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ «фенӕм»?

12 Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ Хуыцау, ӕмӕ йӕ цӕмӕй хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цыдӕр сарӕзта. Мах уынӕм, цӕстӕй фенӕн цы ис, ӕрмӕст уыдӕттӕ. Фӕлӕ Хуыцауы фенын нӕ бон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ «фенӕм», ома нӕ бон уа бамбарын, цавӕр Хуыцау у, уый. Уый тыххӕй йӕхи хатт абары, зонгӕ нын цы у, уыимӕ. Йӕхи тыххӕй ма афтӕ дӕр дзуры, цыма йын адӕймаджы буары уӕнгтӕ исa.

13. Исайы 40:11 стихы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ йӕ куы фӕкӕсыс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?

13 Ӕркӕс-ма, Йегъовӕйы тыххӕй Исайы 40:11 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн». Ацы стихы Исай Йегъовӕйы абарста, гыццыл уӕрыччыты «йӕ къухмӕ» чи систа, ахӕм фыййауимӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы, суанг бынтон ӕнӕбон чи у, уыдоны дӕр, хъахъхъӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын. Йӕ фидар къухты нын тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн, иузӕрдион ыл куы уӕм, уӕд, ӕмӕ нӕ никуы ныууадздзӕн (Ромӕгтӕм 8:38, 39). Нӕ Кадджын Фыййау уӕрыччыты ӕрбамбырд кӕны «йӕ хъӕбысы». Ацы дзырд амоны фыййауы уӕлӕдарӕсы счъилтӕм. Уым-иу хатт фыййау хаста ноггуырд уӕрыччыты. Ацы абарстӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй стӕм ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда ахӕм Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын!

«Фырты... фӕнды Фыды раргом кӕнын»

14. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕхи ӕргом кӕны сӕйраджыдӕр Йесойы уылты?

14 Йегъовӕ нын йӕхи сӕйраджыдӕр ӕргом кӕны йӕ уарзон Фырт Йесойы уылты. Йесойы хуызӕн Хуыцауы ничи фӕзмыдта. Ӕмӕ Йесойы хуызӕн никӕй бон уыд бамбарын кӕнын, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ йӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ис, уый. Хуыцауӕн йӕ фыццаггуырд Фырт йемӕ уыди, зӕдтӕ дӕр куы нӕма уыдысты ӕмӕ ӕппындӕр куы ницыма уыд, уӕд (Колоссӕгтӕм 1:15). Йегъовӕйы Йесойӕ хуыздӕр ничи зыдта. Йӕ бон афтӕ зӕгъын дӕр уымӕн уыди: «Фырт чи у, уый Фыды йеддӕмӕ ничи зоны. Фыд чи у, уый дӕр Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (Лукайы 10:22). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн йӕ Фыды раргом кодта дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы.

15, 16. Йесо нын йӕ Фыды цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы раргом кодта?

15 Фыццаг, Йесо цы амыдта, уыдӕттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ Фыды базонӕм. Йегъовӕйы тыххӕй цы дзырдта, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынг хъары. Зӕгъӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕм чи ӕрбаздӕхы, уыдонӕн Йегъовӕ куыд тӕригъӕд кӕны ӕмӕ сӕ куыд уарзы, уый бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Фыдӕн йӕ фырт хӕдзарӕй ацыд ӕмӕ алы ӕвзӕр митыл бафтыд. Фӕлӕ куы ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕм фыд цы цӕстӕй ракаст? Куы йӕ ауыдта, уӕд ӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта (Лукайы 15:11–24). Йесо ма загъта, Йегъовӕ йӕхимӕ кӕй «ӕрбакӕны» рӕстзӕрдӕ адӕймӕгты, уымӕн ӕмӕ йын дзы алчидӕр зынаргъ у (Иоанны 6:44). Суанг иу гыццыл сырддонцъиу дӕр, Хуыцау ӕй ма зона, афтӕ не ’рхауы зӕхмӕ. Йесо загъта: «Ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29, 31). Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда, афтӕ ныл чи тыхсы, уыцы Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын!

16 Дыккаг, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый нӕ бон у базонын, Йесо куыд цард, уымӕй дӕр. Йесо алцӕмӕй дӕр уыди йӕ Фыды хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:9). Уӕдӕ Йесойы ӕнкъарӕнты тыххӕй ӕмӕ, адӕммӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй Библийы куы фӕкӕсӕм, уӕд ын цыма йӕ Фыды фӕуынӕм, афтӕ вӕййы. Уымӕй хуыздӕр мадзал нӕ уыд, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый равдисынӕн. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

17. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый бамбарынӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр ӕмбарын кӕныс, дзырд «хӕларзӕрдӕдзинад» цы нысан кӕны, уый. Фӕлӕ йӕ цӕмӕй хуыздӕр бамбара, уый тыххӕй ма йын дӕ бон у радзурын, чидӕр хӕларзӕрдӕдзинад хъуыддагӕй куыд ӕвдисы, уый. Афтӕ бакодта Йегъовӕ дӕр, цӕмӕй хуыздӕр бамбарӕм, цавӕр Хуыцау у, уый. Библийы нын йӕхи тыххӕй радзырдта. Стӕй ма Евангелиты ныффыссын кодта, Йесо цы арӕзта, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ сӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нын цыма Йегъовӕ афтӕ фӕзӕгъы: «Ӕз дӕр ахӕм дӕн». Библийӕ нӕ бон цы у Йесойы тыххӕй базонын?

18. Йесо куыд равдыста, стыр тых ӕм кӕй ис, рӕстдзинад кӕй уарзы ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у, уый?

18 Йесо тынг хорз равдыста Хуыцауы цыппар сӕйраг миниуӕджы. Уымӕ уыди ахӕм тых, цӕмӕй рынчынты дзӕбӕх кодтаид, ӕххормаг адӕмы ӕфсӕстаид ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодтаид. Фӕлӕ, йӕ бартӕй раст чи нӕ фӕпайда кӕны, ахӕм хиуарзон адӕмӕй уӕлдай Йесо йӕ тыхӕй афтӕ никуы архайдта, цӕмӕй йӕхицӕн хорзӕй исты сарӕзтаид кӕнӕ иннӕтӕн исты ӕвзӕрдзинад ракодтаид (Матфейы 4:2–4). Йесо уарзта рӕстдзинад. Кувӕндоны уӕйгӕнджытӕ адӕмы куыд стигъынц, уый-иу куы федта, уӕд-иу йӕ маст ссыгъд (Матфейы 21:12, 13). Мӕгуыр, ӕфхӕрд адӕмимӕ уыд фӕлмӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй «удӕнцой» ссардтаиккой (Матфейы 11:4, 5, 28–30). Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕй бӕрӕг уыди, стыр зонды хицау кӕй уыди, уый. Суанг ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг Соломон дӕр уый хуызӕн зондджын нӕ уыд (Матфейы 12:42). Фӕлӕ Йесо йӕ зондӕй иннӕты дисы бафтауыныл никуы архайдта. Йӕ ныхӕстӕ хуымӕтӕг адӕмы зӕрдӕтыл ӕмбӕлдысты, уымӕн ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ уыдысты бӕлвырд, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ пайда.

19, 20. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн ничи равдыста, уарзондзинад цы у, уый? б) Йесойы царды хабӕртты тыххӕй куы фӕкӕсӕм ӕмӕ сыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

19 Йесойы хуызӕн ничи равдыста, уарзондзинад цы у, уый. Адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый-иу куы федта, уӕд-иу сын фӕтӕригъӕд кодта, йӕ зӕрдӕ-иу сыл фӕрыст. Ӕмӕ сын ӕрмӕст тӕригъӕд нӕ кодта, фӕлӕ ма-иу сын ӕххуыс дӕр бакодта (Матфейы 14:14). Ӕмӕ кӕд рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста, уӕддӕр, адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый ноджы ахсджиагдӕр хъуыддагӕй равдыста. Дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын ӕмбарын кодта, уыцы Паддзахады дӕлбар адӕм кӕй никуыуал хъизӕмар кӕндзысты (Марчы 6:34; Лукайы 4:43). Йесо адӕмы кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, уыдоны тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕй (Иоанны 15:13).

20 Йесо тынг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, иууылдӕр ӕй – гыццылӕй-стырӕй, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй – кӕй уарзтой ӕмӕ йӕм кӕй цыдысты (Марчы 10:13–16). Йесойы царды хабӕртты тыххӕй куы кӕсай ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй уыд (Дзуттӕгтӕм 1:3).

Ацы чиныг дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн

21, 22. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы агурӕм, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ацы чиныг куыд баххуыс кӕндзӕн?

21 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы йӕхи кӕй ӕргом кӕны, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Фӕлӕ нын уый тыххӕй нӕ кӕнын кӕны. «Цалынмӕ йӕ ссарӕн ис, уӕдмӕ» йӕ агурдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у (Исай 55:6). Йегъовӕйы агурдзыстӕм, Библи кӕсгӕйӕ-иу ын йӕ миниуджытыл ӕмӕ, куыд фӕархайы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Уыцы хъуыддаджы дын ацы чиныг стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

22 Ацы чиныджы ис цыппар хайы. Уыдоны дзырд цӕуы Йегъовӕйы сӕйраг миниуджытыл: йӕ тых, йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл. Алы хайы райдианы дӕр дзырд цӕуы, цы миниуӕджы кой дзы ис, ууыл. Уый фӕстӕ дзы цалдӕр сӕры бӕстон ӕвзӕрст цӕуы, Йегъовӕ уыцы миниуӕг алыхуызон уавӕрты куыд равдисы. Иу сӕры та дзырд цӕуы, уыцы миниуӕг Йесо куыд ӕвдыста ӕмӕ йӕ махӕн нӕ бон куыд у ӕвдисын, ууыл.

23, 24. а) Бамбарын кӕн, рамкӕйӕн «Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн» йӕ нысан цы у, уый. б) Хуыцауы миниуджытыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм баввахсдӕр уӕм?

23 Ацы сӕры ӕмӕ дарддӕр алы сӕры дӕр ис рамкӕ «Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн». Зӕгъӕм, 24-ӕм фарсыл цы рамкӕ ис, уымӕ-ма ӕркӕс. Цы стихтӕ ӕмӕ дзы цы фарстатӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, сӕры дзырд цӕуыл цыди, ууыл лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнынӕн. Дӕ бон куыд у уыцы рамкӕйӕ пайда кӕнын? Стихтӕ-иу бакӕс ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, цы фарстатӕ сӕм ис, уыдонӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ, ууыл. Дӕ бон у уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг дӕр бацагурын. Стӕй ма-иу ноджыдӕр ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы стихтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Цы бакастӕн, уый мӕнмӕ куыд хауы? Цы базыдтон, уый фӕрцы мӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?»

24 Афтӕ лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм Йегъовӕмӕ. Цӕмӕн? Библийӕ бӕрӕг у, адӕймаг арф куы фӕхъуыды кӕны, уӕд уый йӕ удыхъӕдыл кӕй фӕзыны (Псалом 19:14). Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд райдайӕм, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын, тынгдӕр ӕй бауарзӕм ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ хуыздӕр Хӕлар (1 Иоанны 5:3). Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕввахс хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ базонын хъӕуы, цы миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд фӕархайы, уый. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм Хуыцауы миниуджытӕй иумӕ – йӕ сыгъдӕгдзинадмӕ. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. Уый тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕм баввахсдӕр уӕм.

a Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ис цӕсгом, цӕстытӕ, хъустӕ, фындзыхуынчъытӕ, дзых, къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ (Псалом 18:15; 27:8; 44:3; Исай 60:13; Матфейы 4:4; 1 Петры 3:12). Фӕлӕ уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу, Библи Йегъовӕйы «къӕдзӕх» кӕнӕ «уарт» кӕй хоны, уый комкоммӕ ӕмбаргӕ куыд нӕу, афтӕ (Дыккаг закъон 32:4; Псалом 84:11).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Псалом 15:1–5. Йегъовӕимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уой?

  • Псалом 34:1–18. Йегъовӕ хӕстӕг кӕмӕ у ӕмӕ уыдоны фидар ныфс цӕмӕй хъуамӕ уа?

  • Псалом 145:18–21. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

  • 2 Коринфӕгтӕм 6:14–7:1. Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын