Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 15/8 16–17 фф.
  • Ссардтой ӕмбӕхст хӕзнатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ссардтой ӕмбӕхст хӕзнатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Агурӕм «уый мидӕг ӕмбӕхст» хӕзнатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Цы хӕзнатӕ нӕм ис, уыдон иннӕтӕн дӕр ма ӕвгъау кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Ивгъуыд рӕстӕг – стыр зонды скъола
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Нӕ литературӕйӕн аргъ кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 15/8 16–17 фф.

Ссардтой ӕмбӕхст хӕзнатӕ

ИСКУЫ, ӕнхъӕл кӕм нӕ уыдтӕ, ахӕм ран хӕзнатӕ ссардтай? Ахӕм хабар ӕрцыд 2005 азы 27 мартъийы Иво Лаудыл. Уый у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цӕры Эстонийы. Иво ӕххуыс кодта ацӕргӕ хо Альмӕ Вардьяйӕн йӕ зӕронд сара халынӕн. Ӕддаг къул куы хӕлдтой, уӕд, цар цы цӕджындзтӕ урӕдтой, уыдонӕй сӕ иуы фарсыл федтой хуыд фӕйнӕг. Фӕйнӕг куы рафтыдтой, уӕд бафиппайдтой, цӕджындз мидӕгӕй къахыр кӕй у ӕмӕ уыцы къахыр уӕлейӕ кӕй у хъӕдӕй ӕмбӕрзт. Къахыр бынатӕн йӕ уӕрх уыди 10 сантиметры, йӕ дӕргъ – 1,2 метры ӕмӕ йӕ арф та – 10 сантиметры (1). Уыцы ран ӕмбӕхст уыдысты хӕзнатӕ! Цавӕр хӕзнатӕ? Чи сӕ бамбӕхста уым?

Ӕмбӕхсӕн бынатӕй райстой хъӕбӕр гӕххӕтты тыхт тыхтӕттӕ (2). Уыцы тыхтӕтты уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ, сӕ фылдӕр ахуыргӕнӕн статьятӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Статьятӕй кӕцыдӕртӕ уыдысты 1947 азы уагъд журналтӕй (3). Уыдон сӕ сӕхицӕн рафыстой эстойнаг ӕвзагыл. Иуӕй-иу тыхтӕттӕй базонӕн уыд, чи сӕ бамбӕхста, уый ном. Куыд? Гӕххӕттыты ’хсӕн ссардтой, Альмӕйы лӕг Виллемыл органты кусджытӕ кӕй ныффыстой, уыцы протоколтӕ. Ацы гӕххӕттытӕй ма сбӕрӕг кӕнӕн уыди, ахӕстоны кӕцы азты бадти, уый дӕр. Цӕй тыххӕй йӕ сбадын кодтой?

Виллем Вардья разамынд лӕвӕрдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдӕн горӕт Тартуйы, фӕстӕдӕр та – горӕт Отепяйы ӕмбырдӕн (Эстони). Уый рӕстдзинад базыдта, ӕвӕццӕгӕн, Дыккаг дунеон хӕсты хӕдразмӕ. Цалдӕр азы фӕстӕ, 1948 азы 24 декабры, советон хицауад ӕфсымӕр Вардьяйы йӕ дины тыххӕй ӕрцахста. Органты кусджытӕ йын фыдмитӕ кодтой ӕмӕ дзы домдтой, цӕмӕй сын йе ’фсымӕрты нӕмттӕ схъӕр кодтаид. Куы йыл тӕрхон кодтой, уӕд ын уый бар дӕр нӕ радтой, цӕмӕй йӕхи сӕрыл исты загътаид. Дӕс азы йын радтой ӕмӕ йӕ советон лагертӕм арвыстой.

Виллем Вардья Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад йӕ мӕлӕты онг. Мӕлгӕ та акодта 1990 азы 6 мартъийы. Йӕ ус ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодта, сӕ хӕдзары литературӕ кӕй ис ӕмбӕхст. Ӕвӕццӕгӕн ын ӕй уымӕн нӕ хъӕр кодта, ӕмӕ, Альмӕйы органты кусджытӕ куы фарстаиккой, уӕд ма фӕрӕдыдаид. Виллем литературӕ цӕмӕн ӕмбӕхста? Уымӕн ӕмӕ-иу КГБ-йы кусджытӕ арӕх Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзӕрттӕм ӕнӕнхъӕлӕджы литературӕ агурӕг бацыдысты. Ӕфсымӕр Вардья уыцы литературӕ уымӕн бамбӕхста, цӕмӕй, КГБ-йы кусджытӕ иннӕ литературӕ куы ссардтаиккой, уӕд ма ӕфсымӕртӕн баззадаид уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Литературӕ ӕмбӕхст кӕм уыд, ӕндӕр ахӕм бынӕттӕ ссардтой 1990 азы сӕрды. Сӕ иу уыд горӕт Тартуйы, Эстонийы хуссар хайы. Уыцы ӕмбӕхсӕн дӕр сарӕзта Виллем Вардья.

Ацы документтӕ цӕмӕн ис хӕзнатӕ схонӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕхицӕн къопитӕ кӕй кодтой ӕмӕ сӕ хорз кӕй ӕмбӕхстой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ тынг аргъ кодтой, уӕды рӕстӕджы сын сӕ уырнындзинад чи фидар кодта, уыцы литературӕйӕн (Матф. 24:45). Абон цы публикацитӕ исӕм, уыдонӕн аргъ кӕныс? Уыдонмӕ хауы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр, мыхуыр цӕуы эстойнаг ӕвзагыл ӕмӕ ма 170 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын