Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕн
«Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын [кӕнӕм]» (ХЪУЫД. 20:24).
1, 2. Апостол Павел куыд равдыста, Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг кӕй уыди?
АПОСТОЛ Павел загъта: «[Хуыцау] мын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:9, 10.) Павел ӕй ӕмбӕрста, Хуыцауы стыр хорзӕхы аккаг кӕй нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ раздӕр чырыстӕтты ӕфхӕрдта.
2 Йӕ царды кӕрон Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕз тынг бузныг дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, хъару мын чи радта, уымӕй. Уый мӕ сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй иузӕрдионыл банымадта» (1 Тим. 1:12–14). Цавӕр хъуыддагӕн ӕй сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй? Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Мӕ цард [мӕм] нымады дӕр нӕу, ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын» (Хъуыд. 20:24).
3. Йесо Павелӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
3 Павел цавӕр «хорз хабар» хъусын кодта ӕмӕ уыцы хабар Хуыцауы стыр хорзӕхыл дзурӕг куыд уыди? Павел Ефесы чырыстӕттӕн загъта: «Сымах, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстат, ахӕм хӕс мын лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, цӕмӕй уын баххуыс кӕнон ӕмӕ уын Хуыцауы стыр хорзӕх пайда ӕрхӕсса» (Еф. 3:1, 2). Йесо Павелӕн бахӕс кодта, цӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн хорз хабар хъусын кодтаид. Афтӕмӕй фӕзынд фадат, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕй дӕр ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой, Чырыстиимӕ йӕ Паддзахады чи уыдзӕн, уыдон. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 3:5–8.) Павел зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уымӕй абоны чырыстӕттӕн у фӕзминаг. Уый равдыста, Хуыцау ын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый «дзӕгъӕлы [кӕй] нӕ фӕци».
ХУЫЦАУЫ СТЫР ХОРЗӔХ ДӔ ЦӔМӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ?
4, 5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» у «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар» дӕр?
4 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ацы фӕстаг бонты хъусын кӕной «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар... ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» у «Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар» дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы (Еф. 1:3). Цымӕ мах дӕр Павелау Йегъовӕйы стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг стӕм ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм? (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:14–16.)
5 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йегъовӕйы стыр хорзӕх махӕн, тӕригъӕдджын адӕмӕн, бирӕ арфӕдзинӕдтӕ кӕй хӕссы. Ӕмӕ нӕ хӕс у, цӕмӕй иннӕ адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы ӕмӕ уыдонӕн дӕр цы пайда хӕссы. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы стыр хорзӕхӕн аргъ кӕной?
ХЪУСЫН КӔН ХОРЗ ХАБАР ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ТЫХХӔЙ
6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕмӕн Чырыстийы нывонды тыххӕй дзургӕйӕ хъусын кӕнӕм Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй?
6 Ацы фыддунейы бирӕ адӕм цӕрынц, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ ӕмӕ тӕригъӕд тӕригъӕдыл нал нымайынц. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ балхӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ бамбарынц, афтӕ цӕргӕйӕ амондджындӕр кӕй нӕ фесты. Цалынмӕ адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ нӕ аныхас кӕнынц, уӕдмӕ зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, тӕригъӕд цы у, куыд ныл ӕндавы ӕмӕ нӕ бон куыд у тӕригъӕды цагъарадӕй фервӕзын. Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм куы базонынц, Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна, уӕд сын уый удӕнцой ӕрхӕссы. Афтӕмӕй нын Йегъовӕ бахай кодта йе стыр хорзӕхӕй ӕмӕ равдыста йе стыр уарзондзинад (1 Иоан. 4:9, 10).
7 Павел Йегъовӕйы уарзон Фырты тыххӕй ныффыста: «Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ» (Еф. 1:7). Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уымӕн ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн у Чырыстийы нывонд. Стӕй уымӕй бӕрӕг у, йе стыр хорзӕх куыд ӕнӕкӕрон у, уый дӕр. Адӕймаг куы базоны, ӕмӕ, Йесойы нывондыл куы ’ууӕнда, уӕд йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ йӕ цӕсгом кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн, уӕд ӕм цӕрын ӕрцӕуы (Дзут. 9:14). Уӕдӕ уый хорз хабар куыннӕ у, ӕмӕ йӕ адӕмӕн куыннӕ хъуамӕ дзурӕм!
АДӔМӔН ӔХХУЫС КӔН, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫ ХӔЛӔРТТӔ СУОЙ
8. Тӕригъӕдджын адӕмы Хуыцауимӕ бафидауын цӕмӕн хъӕуы?
8 Йесойы нывондыл чи не ’ууӕнды, уыдоны Хуыцау нымайы йе знӕгтыл. Уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Апостол Иоанн ныффыста: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн» (Иоан. 3:36). Чырыстийы нывонды фӕрцы ис Хуыцауимӕ бафидауӕн. Павел уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕ ныр йӕхиимӕ бафидауын кодта, чи амард, уымӕн йӕ зӕххон буары фӕрцы» (Кол. 1:21, 22).
9, 10. а) Чырысти йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн цы бахӕс кодта? б) «Ӕндӕр фыстӕ» сӕрст чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
9 Чырысти йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн бахӕс кодта «фидауынгӕнӕн куыст». Павел фыццаг ӕнусы цӕрӕг сӕрст чырыстӕттӕм ныффыста: «Ӕппӕт дӕр у Хуыцауӕй – уый нӕ бафидауын кодта йӕхиимӕ Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ нын радта фидауынгӕнӕн куыст. Ӕндӕр ныхасӕй: Хуыцау Чырыстийы фӕрцы дуне йӕхиимӕ фидауын кӕны ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп нӕ домы. Фидыды хабар хъусын кӕнын та бахӕс кодта махӕн. Уӕдӕ мах стӕм минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты, раст цыма Хуыцау мах дзыхӕй дзуры, афтӕ. Ӕмӕ Чырыстийы бӕсты адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: „Хуыцауимӕ бафидаут“» (2 Кор. 5:18–20).
10 «Ӕндӕр фыстӕ» сӕрст чырыстӕттӕн ацы хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый сӕхицӕн кадыл нымайынц (Иоан. 10:16). Уыдон дӕр Чырыстийы ӕрвыст адӕм сты, ӕмӕ хорз хабар фылдӕр уыдон хъусын кӕнынц. Адӕмӕн рӕстдзинад амонынц ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. Ӕнӕ уымӕй зӕгъӕн нӕ уаид, ӕмӕ Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнынц.
ХЪУСЫН КӔН, ХУЫЦАУ КУЫВДТЫТӔ КӔЙ ХЪУСЫ, УЫЙ ТЫХХӔЙ ХОРЗ ХАБАР
11, 12. Адӕмӕн сӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый сын хорз хабар цӕмӕн у?
11 Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын фенцондӕр уа. Фӕлӕ сӕ кӕй хъусы, уый та сӕ нӕ фӕуырны. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ базоной, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр. Мӕ рӕдыдтытӕ мыл тых кӕнынц. Ды нын ныххатыр кӕндзынӕ нӕ тӕригъӕдтӕ» (Пс. 65:2, 3).
12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ номӕй исты куы ракурат, уӕд уын ӕй сараздзынӕн» (Иоан. 14:14). Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо дзырдта, ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйӕ, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цы у, уый курын. Иоанн дӕр уый тыххӕй фыста: «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14). Нӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, кувын сӕ ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын фенцондӕр уа. Уый фӕрцы сӕ бон у, ӕмӕ баввахс уой, «стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ» (Дзут. 4:16). Кувын куыд хъӕуы, кӕмӕ хъӕуы ӕмӕ цӕй тыххӕй хъӕуы, уый сын куы амонӕм, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ зын рӕстӕджы удӕнцой ссарой (Пс. 4:1; 145:18).
ХУЫЦАУЫ СТЫР ХОРЗӔХ НОГ ДУНЕЙЫ
13, 14. а) Фидӕны сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр кады аккаг суыдзысты? б) Сӕрст чырыстӕттӕ адӕмӕн цавӕр диссаджы хъуыддаджы ӕххуыс кӕндзысты?
13 Йегъовӕ йе стыр хорзӕх ноджы тынгдӕр равдисдзӕн «ӕрцӕуинаг дунейы». Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины стыр кады аккаг скӕндзӕн. Павел загъта: «Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау [нӕ] цы стыр уарзтӕй бауарзта, уый руаджы нын радта цард ӕмӕ нӕ Чырыстиимӕ баиу кодта, кӕд нӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ мард уыдыстӕм, уӕддӕр,– о, сымах йе стыр хорзӕхы фӕрцы фервӕзтыстут. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йесо Чырыстиимӕ райгас кодта ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты йемӕ иумӕ ӕрбадын кодта, цӕмӕй ӕрцӕуинаг дунейы равдиса йе стыр хорзӕхы ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ, махмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдонмӕ, цы хӕларзӕрдӕдзинад равдыста, уый фӕрцы» (Еф. 2:4–7).
14 Сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕнтыл куы ’рбадой, уӕд сӕм цы диссӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй (Лук. 22:28–30; Фил. 3:20, 21; 1 Иоан. 3:2). Йегъовӕ уӕлдайдӕр уыдонӕн равдисдзӕн «йе стыр хорзӕхы ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ». Сӕрст чырыстӕттӕ уыдзысты «ног Иерусалим», Чырыстийы усаг (Рарг. 3:12; 17:14; 21:2, 9, 10). Уыдон Йесоимӕ «адӕмы дзӕбӕх кӕндзысты». Коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзой ӕмӕ суой ӕххӕст адӕм. (Бакӕс Раргомад 22:1, 2, 17.)
15, 16. Йегъовӕ фидӕны «ӕндӕр фыстӕн» йе стыр хорзӕхӕй куыд бахай кӕндзӕн?
15 Ефесӕгтӕм 2:7 стихӕй базыдтам, Йегъовӕ йе стыр хорзӕх кӕй равдисдзӕн «ӕрцӕуинаг дунейы [кӕнӕ «цардӕвӕрдты», фип.]». Йегъовӕйы ног цардӕвӕрды, кӕнӕ ног дунейы, зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр сӕхиуыл бавзардзысты «йе стыр хорзӕхы ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ» (Лук. 18:29, 30). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы стыр хорзӕх цы диссаджы хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг уыдзӕн, уыдонӕй иу у, «ингӕны» чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн, уый (Иов 14:13–15; Иоан. 5:28, 29). Чырыстийы нывонд хаст куы ’рцыд, уӕдмӕ цы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ амард, уыдон, стӕй фӕстаг бонты «ӕндӕр фыстӕй» чи амӕлы, уыдон дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхдзысты, ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты.
16 Уымӕй уӕлдай ма райгас уыдзысты, Хуыцауы чи нӕ зыдта, уыцы милуантӕ дӕр, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыдзӕн фадат, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы дӕлбар бакӕной. Иоанн ныффыста: «Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцыд» (Рарг. 20:12, 13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы адӕмы хъӕудзӕн базонын Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ сӕ цард аразын куыд хъӕуы, уый. Стӕй ма сӕ хъӕудзӕн, «тыхтӕтты» ног дунейы цӕрынӕн цы ног амындтӕ уыдзӕн, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕр цӕрын. Уыцы ног амындтӕ дӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхыл дзурӕг уыдзысты.
ХОРЗ ХАБАР ДАРДДӔР ДӔР ХЪУСЫН КӔН
17. Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
17 Кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ нӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын! (Мар. 13:10). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Хъуамӕ адӕмӕн дзурӕм, ног дунейы нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй кӕй схайджын уыдзыстӕм Йегъовӕйы ӕнӕкӕрон стыр хорзӕхы фӕрцы.
Зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар (кӕс 17–19 абзацтӕ)
18, 19. Йегъовӕйы йе стыр хорзӕхы тыххӕй куыд кадджын кӕнӕм?
18 Нӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Чырыстийы Паддзахады дӕлбар адӕм иууылдӕр кӕй схайджын уыдзысты, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр, ӕмӕ ӕппынфӕстаг кӕй суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст адӕм. Библи зӕгъы: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Уымӕн гӕнӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы.
19 Тынг ӕхсызгон нын у адӕмӕн дзурын, Раргомады 21:4, 5 стихты нын Йегъовӕ зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй: «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта». Уӕд Йегъовӕ, паддзахбадӕныл чи бадт, уый, загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг». Ацы хорз хабар адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы йе стыр хорзӕхы тыххӕй!