НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ бон суыдзӕн хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнын!
Моисей фыццаг дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уый йӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕй бауыдзӕн (Рц 4:10, 13). Искуы дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ уыд? Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныс? Дӕ бон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын суыдзӕн ӕви нӕ, ууыл фӕхъуыды кӕныс? Кӕнӕ та кӕд скъоладзау дӕ, уӕд, чи зоны, скъолайы хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Йе та, чи зоны, тӕрсыс телефонӕй кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын. Кӕд афтӕ у, уӕд Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых кур (1Пт 4:11). Фидарӕй зон, кӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цы дын бахӕс кӕна, уый сӕххӕст кӕнынӕн (Рц 4:11, 12).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ, ХЪӔБАТЫР УТ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Харука йӕ ныфс цӕмӕ нӕ хаста?
Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй ныфсджын ӕмӕ хъӕбатыр уыдаид? (Йер 20:7–9).
Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдта, уый фӕрцы йын цы бантыст?
Уацамынды дын зын цы вӕййы ӕмӕ дын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?