11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм
Дӕ зӕрдӕ искӕуыл кӕнӕ дӕхиуыл куы фӕхуда, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд
«Ды... мӕ номы тыххӕй бирӕ бавзӕрстай» (РАРГ. 2:3).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм, нӕ зӕрдӕ искӕуыл кӕнӕ нӕхиуыл куы фӕхуда, уӕд дӕр.
1. Йегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?
АЦЫ уӕззау фӕстаг бонты дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Фӕлӕ мах стӕм Йегъовӕйы организацийы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис, чи нын ӕххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Пс. 133:1). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бинонтӕ уой ӕнгом (Еф. 5:33–6:1). Стӕй нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн.
2. Цы нӕ хъӕуы аразын ӕмӕ цӕмӕн?
2 Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын хатт иннӕтӕ сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Хатт та нӕ ныфс асӕтты, кӕй фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр, уыцы иу рӕдыдтытӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы саразӕм, уӕд. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, 1) хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, 2) нӕ цардӕмбалыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда ӕмӕ 3) нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда, уӕддӕр. Ацы статьяйы ацы уавӕртӕй алкӕцыйыл дӕр аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма базондзыстӕм, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй ахӕм уавӕрты чи уыд, уыдон-иу куыд бакодтой ӕмӕ сӕ нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын.
ХО КӔНӔ НӔ ’ФСЫМӔР КУЫ ФӔХЪЫГ КӔНА
3. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
3 Зын цӕмӕн вӕййы Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын? Хатт хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕмӕдӕрты фӕмӕсты кӕнӕм сӕ цавӕрдӕр миниуджыты тыххӕй. Чидӕр нӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕны, чи та нын ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕй кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хатт цыдӕр раст нӕ саразынц. Уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, чидӕртӕ хъуыды кӕнын райдайой, зӕгъгӕ, гъер ай Хуыцауы организаци у. Уыдоны нал фӕфӕнды Хуыцауӕн сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ чи фӕхъыг кодта, уыдонӕй сӕхи дард ласын райдайынц кӕнӕ та суанг ӕмбырдтӕм дӕр нал фӕцӕуынц (Соф. 3:9). Фӕлӕ цымӕ уый зондыл дзурӕг у? Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм иу рагон лӕггадгӕнӕджы цӕвиттонмӕ. Уый дӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Нӕ бон ӕй цӕмӕй у бафӕзмын?
4. Апостол Павел цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?
4 Цӕвиттон Библийӕ. Апостол Павел зыдта, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Зӕгъӕм, чырыстон куы сси, уӕд Иерусалимы ӕмбырды иуӕй-иуты нӕ уырныдта, ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый (Хъуыд. 9:26). Фӕстӕдӕр чидӕртӕ йӕ фыдкой кодтой, йӕ номыл ын цъыф калдтой (2 Кор. 10:10). Павел уыдта, иу хистӕр нӕлгоймаг раст кӕй нӕ бакодта, ӕмӕ уый, гӕнӕн ис, иннӕтӕн цӕлхдур суыдаид (Гал. 2:11, 12). Уымӕй уӕлдай ма Павелы тынг фӕфыдӕнхъӕл кодта йе ’ввахс ӕмкусӕг – Марк (Хъуыд. 15:37, 38). Уыцы уавӕрты Павелӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ахӕм адӕмӕй цас дарддӕр уай, уыйас хуыздӕр. Фӕлӕ Павел уӕддӕр йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн аргъ кодта ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Цымӕ йын цы ӕххуыс кодта?
5. Павел-иу йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн цӕмӕн ныххатыр кодта? (Колоссӕгтӕм 3:13, 14). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
5 Павел йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты уарзта. Уый фӕрцы сын уыдта сӕ хорз миниуджытӕ, сӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ, фӕлӕ. Павел иннӕты кӕй уарзта, уый ма йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй, Колоссӕгтӕм 3:13, 14 стихты цы ныффыста, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххӕст кодтаид. (Бакӕс сӕ.) Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Маркӕн куыд ныххатыр кодта. Кӕд ӕй Марк йӕ фыццаг уацамындон балцы рӕстӕг ныууагъта, уӕддӕр ӕм Павел йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Колоссты ӕмбырдмӕ фыстӕг куы ныффыста, уӕд Маркӕй раппӕлыд, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы йӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыд ӕмӕ йын «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» кӕй фӕци, уый тыххӕй (Кол. 4:10, 11). Фӕстӕдӕр Ромы ахст куы уыд, уӕд Тимофейӕн ӕрмӕстдӕр Марчы тыххӕй загъта, демӕ-иу ӕй ракӕн, зӕгъгӕ (2 Тим. 4:11). Уӕдӕ бӕрӕг у, Павел-иу йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ-иу сӕ йӕхи дард ласын кӕй нӕ райдыдта. Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?
Павел Варнавӕ ӕмӕ Маркимӕ куы фӕбыцӕу, уӕд йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Фӕстӕдӕр Маркимӕ ӕхсызгонӕй ӕмгуыст кодта (кӕс 5 абзац)
6, 7. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, кӕд сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр? (Дзуттӕгтӕм 13:1).
6 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты алкӕддӕр уарзӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:1.) Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд-иу хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, барӕй уыди. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын ӕй кӕй фӕнды, фӕлӕ йын уый алкӕд нӕ рауайы (Ӕмб. 12:18). Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уарзы, кӕд сӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Истӕмӕй куы фӕрӕдийынц, уӕд сыл йӕ къух нӕ сисы ӕмӕ сӕм ӕнустӕм нӕ фӕмӕсты кӕны (Пс. 103:9). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн хатыр кӕнӕм (Еф. 4:32–5:1).
7 Стӕй ма нӕ хъуамӕ рох ма уа: ацы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕны, афтӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хъуамӕ ноджы ӕнгомдӕр уӕм. Гӕнӕн ис, знӕгтӕ нӕ тынгдӕр ӕфхӕрын райдайой. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинады тыххӕй нӕ суанг ахӕстоны дӕр сбадын кӕной. Ӕмӕ нӕ уӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс куыд тынг хъӕудзӕн, афтӕ никуы (Ӕмб. 17:17). Ӕркӕсӕм Хосе́пы хабармӕa. Уый у хистӕр нӕлгоймаг Испанийы. Хосеп ӕмӕ ма ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ахӕстоны бадтысты, ӕфсадмӕ ацӕуыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй. Уый загъта: «Ахӕстоны ӕдзух иумӕ уыдыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн уыд, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ мӕсты кӕнын райдыдтаиккам. Хъуыди нӕ кӕрӕдзийӕн быхсын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнын. Афтӕ кӕй кодтам, уый фӕрцы не ’хсӕн уыд иудзинад. Стӕй нӕ бон уыд кӕрӕдзи хъахъхъӕнын иннӕ ахст адӕмӕй. Иухатт мӕ къух асаст, ӕмӕ мын уыд гипсы. Уый тыххӕй мӕ бон нӕ уыд мӕхимӕ зилын. Фӕлӕ мын ӕфсымӕртӕй иу мӕ дзаумӕттӕ ӕхсадта ӕмӕ мын ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр ӕххуыс кодта. Зын уавӕры куы уыдтӕн, уӕд мӕхиуыл банкъардтон ӕцӕг уарзондзинад». Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ныр сахуыр уӕм кӕрӕдзиимӕ фидауын!
НӔ ЦАРДӔМБАЛЫЛ НӔ ЗӔРДӔ КУЫ ФӔХУДА
8. Лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?
8 Зын цӕмӕн вӕййы Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын? Зындзинӕдтыл чи не ’мбӕлы, ахӕм бинонтӕ нӕй. Библи ӕргом дзуры, зӕгъгӕ, «бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр вӕййынц ӕнӕххӕст. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ лӕг иу адӕмыхаттӕй у, ус та – ӕндӕр адӕмыхаттӕй. Стӕй алыхуызон бинонты ’хсӕн схъомыл вӕййынц. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ иу иу цӕуылдӕр вӕййы ахуыр, иннӕ та – ӕндӕр цӕуылдӕр. Иуцасдӕр иумӕ куы ацӕрынц, уӕд кӕрӕдзимӕ фенынц, уый размӕ афтӕ бӕрӕг чи нӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарынц. Ферох сӕ вӕййы, сӕ дыууӕ дӕр кӕй рӕдийынц, ӕмӕ сӕ зындзинадимӕ нӕ фӕтох кӕнынц, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, суанг ахӕм хъуыдымӕ дӕр ӕрцӕуой, зӕгъгӕ нын ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ӕмӕ кӕнӕ хицӕнтӕй цӕрӕм кӕнӕ та бынтондӕр ахицӕн уӕм. Фӕлӕ афтӕ куы бакӕной, уӕд цымӕ амондджындӕр уыдзысты?b Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ иу сылгоймаджы хабармӕ. Уый Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, кӕд ын йӕ лӕг йӕ цард ӕнад кодта, уӕд дӕр. Цымӕ йӕ нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын?
9. Авигейӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?
9 Цӕвиттон Библийӕ. Авигейӕйӕн йӕ сӕрыхицау уыди Навал. Навалы тыххӕй Библийы фыст ис, кӕй уыд тызмӕг адӕймаг, фыдлӕг (1 Сам. 25:3). Ӕмӕ Авигейӕйӕн ӕнцон кӕцӕй уыдаид ахӕм адӕймагимӕ цӕрын. Цымӕ йӕ бон уыд йӕ лӕгӕй фервӕзын? О. Ахӕм фадат ын фӕзынд, Давид – Израилы фидӕны паддзах – Навалы ӕмӕ йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны амарын куы сфӕнд кодта, уӕд. Давид ахӕм уынаффӕ уымӕн рахаста, ӕмӕ йын Навал йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта (1 Сам. 25:9–13). Авигейӕйӕн йӕ бон уыд алидзын, ӕмӕ уӕд Давид Навалы амардтаид. Фӕлӕ Авигейӕ цыдӕр сарӕзта, ӕмӕ уый фӕрцы Навалы аирвӕзын кодта (1 Сам. 25:23–27). Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта?
10. Авигейӕйӕн цы ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ лӕгимӕ цардаид?
10 Авигейӕ Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ бинонты цардӕн кад кодта. Куыннӕ йӕ зыдтаид, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, цы фӕдзӕхст радта, уый (Райд. 2:24). Стӕй ма зыдта, Йегъовӕйы цӕсты бинонты цард табуйаг кӕй у. Уый фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йӕ лӕджы дӕр ӕмӕ, сӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны дӕр аирвӕзын кодтаид. Авигейӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайдта ӕмӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй Давид Навалӕй йӕ маст райстаид. Стӕй, кӕд ницы аххосджын уыд, уӕддӕр Давидӕй хатыр ракуырдта. Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай сылгоймаджы кӕй уарзта. Лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн сӕ бон цӕмӕй у Авигейӕйы бафӕзмын?
11. а) Йегъовӕ лӕг ӕмӕ усмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Ефесӕгтӕм 5:33). б) Кармены хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус бинонты цардӕн кад кӕной, сӕ цардӕмбал зындзард адӕймаг куы уа ӕмӕ йемӕ цӕрын зын куы уа, уӕд дӕр. Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй куы фӕуарзынц, кӕрӕдзийӕн куы фӕкад кӕнынц ӕмӕ иумӕ ӕппӕт тыхтӕй куы фӕархайынц, цӕмӕй сӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕной. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:33.) Ӕркӕсӕм Ка́рмены хабармӕ. Куы смой кодта, уымӕй иу-6 азы фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста. Кармен загъта: «Уый мӕ лӕджы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Йегъовӕйы кӕй бауарзтон, уый тыххӕй мӕсты кодта. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ мын-иу фӕкодта ӕмӕ-иу мӕм ӕртхъирӕн кодта, зӕгъгӕ дӕ ныууадздзынӕн». Фӕлӕ уӕддӕр Кармен, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕ бинонты цард бахъахъхъӕдтаид. Ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй йӕ лӕджы уарзтаид ӕмӕ йӕ нымадтаид. Ӕмӕ афтӕ 50 азы дӕргъы. Кармен ма загъта: «Азтӕ цыдысты, ӕмӕ мӕ лӕджы хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон. Стӕй сахуыр дӕн йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын. Ӕз ӕй зонын, бинонты цард Йегъовӕйы цӕсты табуйаг кӕй у. Ӕмӕ уый тыххӕй, мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон, цӕмӕй нӕ бинонты цард ма фехӕлдаид. Ӕз Йегъовӕйы уарзын, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ никуы ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, мӕ лӕгӕй ацӕуон»c. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ фӕзынд, уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн.
Авигейӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауы ӕмӕ, сӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны аирвӕзын кодтаид. Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (кӕс 11 абзац)
НӔ ЗӔРДӔ НӔХИУЫЛ КУЫ ФӔХУДА
12. Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд ӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ фӕзыны?
12 Зын цӕмӕн вӕййы Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын? Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхуды ӕмӕ йӕ ныфс асӕтты. Библийы фыст ис, ахӕм адӕймаг кӕй вӕййы «зӕрдӕсаст» (Пс. 51:17). Ӕфсымӕр Робе́рто бирӕ азты дӕргъы йӕхиуыл тынг куыста, ӕмӕ сси кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Фӕлӕ стӕй уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Робертойӕн тынг зын уыд, уымӕн ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта. Уый загъта: «Мӕ цӕсгом мӕ тынг хордта. Мӕ тӕригъӕд мыл уӕззау уаргъау уӕз кодта. Мӕхӕдӕг мӕхицӕн сӕнад дӕн. Кӕугӕйӕ-иу Йегъовӕмӕ куывтон. Уыцы рӕстӕг мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕм никуыуал хъусдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтон». Кӕд ды дӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд, чи зоны, зӕрдӕсаст дӕ ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ныууагъта (Пс 38:4). Уӕд ахъуыды кӕн Библийӕ иу лӕггадгӕнӕджы хабарыл. Уый, кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта.
13. Апостол Петр цавӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ йӕ уымӕ цы ӕркодта?
13 Цӕвиттон Библийӕ. Йесойы мӕлӕты размӕ ӕхсӕв апостол Петр цалдӕр рӕдыды ӕруагъта. Ӕмӕ йӕ уыдон ӕркодтой йӕ царды ӕппӕты стырдӕр рӕдыдмӕ. Петр йӕхицӕй уыд ныфсджын. Уый йӕхицӕй ӕппӕлыд, иннӕ апостолтӕ Йесойы куы ныууадзой, уӕддӕр ӕй уый кӕй нӕ ныууадздзӕн (Мар. 14:27–29). Фӕстӕдӕр, Гефсиманийы дыргъдоны куы уыдысты, уӕд Петр цалдӕр хатты бафынӕй (Мар. 14:32, 37–41). Уый фӕстӕ та, адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд ӕй Петр ныууагъта ӕмӕ алыгъд (Мар. 14:50). Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ ма сомытӕ кӕнын дӕр райдыдта (Мар. 14:66–71). Петр куы бамбӕрста, цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, уый, уӕд йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта (Мар. 14:72). Ахъуыды-ма кӕн, Петр йӕхи куыд тынг хордтаид, цалдӕр сахаты фӕстӕ йын йе ’мбалы, Йесойы, куы амардтой, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, йӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нал нымадта.
14. Петрӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид? (Кӕс нывмӕ.)
14 Фӕлӕ Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта. Цы йын ӕххуыс кодта? Петр иннӕтӕй йӕхи дард нӕ ласта. Уый ацыд йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, ӕмӕ йӕ уыдон бафидар кодтой (Лук. 24:33). Уымӕй уӕлдай ма, Йесо куы райгас, уӕд фӕзынд Петрмӕ ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Йесо Петрӕн йӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ йе ’мбалӕн йӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодта (Иоан. 21:15–17). Петр зыдта, стыр рӕдыд кӕй ӕруагъта, фӕлӕ йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ницы пайда мӕ ис, зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йесо йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл йӕ къух кӕй нӕ систа. Стӕй йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр дарддӕр ӕххуыс кодтой. Петры хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Иоанны 21:15–17 стихтӕй бӕрӕг у, Йесо Петрыл йӕ къух кӕй нӕ систа. Уый фӕрцы Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта ӕмӕ дарддӕр лӕггад кодта (кӕс 14 абзац)
15. Цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм? (Псалом 86:5; Ромӕгтӕм 8:38, 39). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
15 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, ууыл. (Бакӕс Псалом 86:5; Ромӕгтӕм 8:38, 39.) Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нӕ нӕ цӕсгом фӕхӕры. Ӕмӕ уый хорз у. Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ мӕ Йегъовӕ нал уарзы ӕмӕ мын нӕ ныххатыр кӕндзӕн. Хуыздӕр уыдзӕн, уайтагъд-иу ӕххуыс куы ракуриккам. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы ӕфсымӕр, Роберто, загъта: «Ӕз тӕригъӕд сарӕзтон, уымӕн ӕмӕ мӕхицӕй уыдтӕн ныфсджын. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕхи бон бауыдзӕн фӕлварӕны ныхмӕ фидар фӕлӕууын». Роберто бамбӕрста, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын ӕй кӕй хъуыд. Уый загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгты уылты мын Йегъовӕ бамбарын кодта, кӕй мӕ уарзы, уый. Стӕй бӕрӕг уыд, уыцы ӕфсымӕртӕн дӕр зынаргъ кӕй дӕн. Уыдоны фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ кӕй нӕ ныууагъта». Мах дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, ууыл. Нӕ рӕдыдыл-иу куы ’рфӕсмон кӕнӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй-иу ӕххуыс куы ракурӕм ӕмӕ-иу ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй ахӕм рӕдыд ногӕй ма ӕруадзӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 1:8, 9). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ын дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм, куы-иу фӕрӕдийӕм, суанг уӕд дӕр.
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын куы феххуыс кӕнынц, уӕд цы фенкъарыс? (кӕс 15 абзац)
16. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын?
16 Ацы уӕззау фӕстаг бонты мах ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Нӕ зӕрдӕ искӕуыл кӕнӕ нӕхиуыл куы фӕхуда, уӕддӕр нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ-иу нӕ куы фӕхъыг кӕной, уӕд-иу сын ныххатыр кӕнӕм. Лӕг ӕмӕ ус сӕ зындзинӕдтимӕ хъуамӕ иумӕ тох кӕной. Афтӕмӕй равдисдзысты, Йегъовӕйы бирӕ кӕй уарзынц ӕмӕ бинонты цардӕн кӕй кад кӕнынц. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ йын хъуамӕ дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна: «хорз цы у, уый аразгӕйӕ» нӕ ныфс куы нӕ асӕтта, уӕд нӕ Йегъовӕ арфӕдзинӕдты бын фӕкӕндзӕн! (Гал. 6:9).
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙӔН ДАРДДӔР ДӔР ЛӔГГАД КӔНӔМ...
хо кӕнӕ нӕ ’фсымӕр куы фӕхъыг кӕна?
нӕ цардӕмбалыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда?
нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда?
139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!
a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
b Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕнтӕй цӕрӕн ис. Ӕмӕ, хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕддӕр сын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй сӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕной. Фӕлӕ ис ахӕм уавӕртӕ, ӕмӕ чырыстон аскъуыддзаг кӕны, хицӕнӕй цӕрын йеддӕмӕ йын ӕндӕр гӕнӕн кӕй нӕй. Кӕс 4-ӕм уӕлӕмхасӕн «Лӕг ӕмӕ усӕн хицӕнтӕй цӕрӕн кӕд ис» чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!».
c Сайты jw.org кӕс видеороликмӕ «Хӕйрӕг уӕ йӕ мӕнг фарнӕй ма фӕсайӕд! Даррел ӕмӕ Деборӕ Фрисингер».