БИОГРАФИ
Йегъовӕ нын тыхтӕ лӕвӕрдта хӕсты рӕстӕг дӕр ӕмӕ сабыр рӕстӕг дӕр
Пол: Нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Фӕцӕйтахтыстӕм Либе́римӕ (Ныгуылӕн Африкӕмӕ). Уырдӕм нӕ миссионертӕй снысан кодтой. Уый уыд 1985 азы ноябры. Нӕ хӕдтӕхӕг уал Сенега́лы куы ’рбадт, уӕд Энн афтӕ бакодта: «Иу сахаты фӕстӕ уыдзыстӕм Либерийы!» Фӕлӕ уалынмӕ аэропорты фехъусын кодтой: «Либеримӕ чи цӕуы, уыдоны хъӕуы хӕдтӕхӕгӕй рахизын. Змӕстытӕ дзы цӕуы, ӕмӕ уырдӕм тӕхӕн нӕй». Чидӕртӕ хъавыдысты Либерийы хицауы йӕ бынатӕй раппарынмӕ. Сенегалы чи лӕггад кодта, уыцы миссионертӕ нӕ суазӕг кодтой, ӕмӕ сӕм фестӕм 10 боны. Либерийӕ хъуыст тынг ӕвзӕр хабӕрттӕ. Мӕрдты уӕзласӕн машинӕты дзӕгтӕй ластой. Хицауады бардзырдмӕ гӕсгӕ изӕрӕй райсоммӕ уынгмӕ цӕуӕн нӕ уыд. Чи-иу рацыдаид, уый-иу уыцы тӕккӕ фехстаиккой.
Энн: Махӕй нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ стӕм тынг ныфсхаст ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсӕм. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ хуыдтой «тӕппуд Энни». Фӕндаджы сӕрты ахизын дӕр нӕ фӕуӕндын. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр фӕндыд Либеримӕ ацӕуын.
Пол: Нӕ дыууӕ дӕр райгуырдыстӕм Английы ныгуылӕн хайы. Не ’хсӕн 8 километры йеддӕмӕ нӕ уыд. Мӕ ныййарджытӕ мӕ разӕнгард кодтой пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ. Энны та уымӕ йӕ мад разӕнгард кодта. Ӕмӕ скъолайы фӕстӕ райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Нӕ ныййарджытӕ цин кодтой, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕндыд, ууыл. 19 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ фӕхуыдтой Вефилмӕ. Ӕмӕ 1982 азы Эннимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд уый дӕр Вефилмӕ фӕхуыдтой.
Галаады скъола куы фестӕм, уӕд, 1985 аз, 8 сентябрь
Энн: Вефилы лӕггад кӕнын уарзтам. Фӕлӕ нӕ алкӕддӕр фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Вефилы уыд, раздӕр миссионертӕ чи уыдысты, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ-иу мах дӕр сӕ хабӕрттӕм хъусгӕйӕ ӕрфӕндыд миссионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕртӕ азы дӕргъы алы изӕр дӕр уый тыххӕй куывтам. Ӕмӕ нӕ 1985 азы Галаады скъолайы 79-ӕм къласмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд фырцинӕй зӕххыл нал хӕцыдыстӕм. Скъолайы фӕстӕ нӕ снысан кодтой Либеримӕ.
ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ УАРЗОНДЗИНАД НЫН ТЫХТӔ ЛӔВӔРДТА
Пол: Либеримӕ та ногӕй хӕдтӕхджытӕ тӕхын куы райдыдтой, уӕд уырдӕм фыццаг рейсыл атахтыстӕм. Адӕм уым тынг тарст уыдысты. Машинӕйӕ-иу исты гуыпп куы фӕцыд, уӕд дӕр-иу фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты. Стӕй изӕры кӕцыдӕр афонӕй райсоммӕ ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕма уыд. Алы изӕр дӕр-иу кастыстӕм Псаломты чиныг, цӕмӕй-иу ӕрсабыр уыдаиккам. Ӕнцон нын нӕ уыд, фӕлӕ нӕ лӕггад бирӕ уарзтам. Энн лӕггад кодта миссионерӕй, ӕз та – Вефилы. Куыстон ӕфсымӕр Джон Чару́кимӕa. Либерийы рагӕй цард, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уавӕртӕ хорз зыдта. Уыцы ’фсымӕрӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн.
Энн: Либери нӕ зӕрдӕйӕн тагъд фӕадджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй. Тынг фӕлмӕн, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион уыдысты. Хи бинонты ад нын скодтой. Уыдон нын хорз уынаффӕтӕ лӕвӕрдтой ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой. Стӕй уым лӕггад кӕнын диссаг уыд! Кӕмӕ-иу бацыдыстӕм, уыдоны-иу нал фӕндыд, цӕмӕй ацыдаиккам. Уынджы-иу арӕх фехъусӕн уыд, адӕм Библийыл куыд ныхас кӕнынц. Ӕмӕ-иу сӕм уыди ӕнӕуи бацӕуӕн ӕмӕ семӕ ныхас кӕнӕн. Библийы ахуыртӕ нын уыйбӕрц уыд, ӕмӕ сыл не ’ххӕссыдыстӕм. Уый бӕллӕхы хабар нӕ уыд? Фӕлӕ ныл ахӕм бӕллӕхтӕ арӕхдӕр куы цӕуид!
ТАРСТЫСТӔМ, ФӔЛӔ НЫН ЙЕГЪОВӔ ТЫХТӔ ЛӔВӔРДТА
Либерийы филиал суазӕг кодта, хӕсты тыххӕй сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг чи фӕци, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, 1990 аз
Пол: Зӕгъӕн ис, Либерийы 4 азы уыд сабыр рӕстӕг. Фӕлӕ дзы стӕй 1989 азы райдыдта карз хӕст. 1990 азы 2 июлы, хицауады ныхмӕ чи схӕцыд, уыцы змӕнтджытӕ бацахстой, Вефил кӕм уыд, уыцы район. Ӕртӕ мӕйы дӕргъы нӕ бон нӕ уыд суанг нӕ бинонтӕм дӕр ӕмӕ нӕ организацийы сӕйраг хайадмӕ дӕр ныффыссын кӕнӕ фӕдзурын, ӕмӕ уыдонӕн та – махмӕ. Бӕстӕйы уыд анархи, бирӕ сылгоймӕгтӕн-иу тыхми бакодтой, адӕмӕн хӕринаг нӕ фаг кодта. Ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цыд ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр 14 азы дӕргъы.
Энн: Кӕцыдӕр адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи цагътой. Змӕнтджытӕ гӕрзифтонгӕй цыдӕр ӕнахуыр кӕндтытӕй уынгты рацу-бацу кодтой ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ фӕхастой. Кӕмӕндӕрты дзы адӕймаджы амарын карк аргӕвдынӕй уӕлдай нӕ уыд. Фӕндӕгтыл сӕвӕрдтой постытӕ, ӕмӕ-иу сыл ахизынмӕ чи хъавыд, уыдоны-иу амардтой. Мӕрдты та-иу кӕрӕдзийыл самадтой. Ахӕм постытӕ уыд Вефилмӕ хӕстӕг дӕр. Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ фӕмард, уыимӕ дыууӕ миссионеры.
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ-иу бамбӕхстой, кӕрӕдзиимӕ чи хӕцыд, уыцы адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, кӕд афтӕмӕй сӕхи тӕссаг уавӕры ӕппӕрстой, уӕддӕр. Афтӕ кодтой миссионертӕ ӕмӕ вефилӕгтӕ дӕр. Вефилы кӕй ӕмбӕхстам, уыдонӕй иуты ӕрцӕрын кодтам фыццаг уӕладзыгыл къӕлидорты ӕмӕ офисты, иннӕты та – дыккаг уӕладзыгыл нӕ къомнӕтты. Зӕгъӕм, немӕ къомнӕты цард 7 адӕймаджы, иу бинонтӕ уыдысты.
Пол: Змӕнтджытӕ-иу алы бон дӕр Вефилмӕ ӕрбацыдысты, искӕй ӕмбӕхсӕм ӕви нӕ, уый базонынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Вефилы снысан кодтам цыппар хъахъхъӕнӕджы. Ӕмӕ-иу змӕнтджытӕ куы ’рбацыдысты, уӕд-иу сӕм дыууӕйӕ кулдуары размӕ ацыдысты, иннӕ дыууӕ та-иу сӕм рудзынгӕй кастысты. Ӕфсымӕртӕ-иу сӕ къухтӕ сӕ фӕсӕнттыл куы нӕ сӕвӕрдтой, уӕд-иу ӕй зыдтам, тӕссаг кӕй ницӕмӕй у. Фӕлӕ-иу сӕ къухтӕ сӕ фӕсӕнттыл куы сӕвӕрдтой, уӕд-иу, рудзынгӕй чи каст, уыцы хо ӕмӕ ’фсымӕр бамбӕрстой, змӕнтджытӕ тынг мӕсты кӕй сты. Ӕмӕ-иу уӕд, кӕй ӕмбӕхстам, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уайтагъд бамбӕхстой.
Энн: Бирӕ рӕстӕг сӕ фембӕхстам. Фӕлӕ уӕддӕр иу бон змӕнтджытӕ мидӕмӕ ӕрбабырстой. Уӕд иу хоимӕ ваннӕмӕ балыгъдыстӕм ӕмӕ нӕхиуыл дуар сӕхгӕдтам. Уым скъаппы бынӕй уыд, бамбӕхсӕн кӕм уыд, ахӕм гыццыл бынат. Ӕмӕ дзы уыцы хо куыддӕртӕй ныббырыди. Уӕд уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕд автоматтӕ дуар хойын райдыдтой. Куыд ӕй бамбӕрстам, афтӕмӕй уӕлӕмӕ мӕ фӕдыл ссыдысты. Пол сын бӕргӕ лӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ, гыццыл фӕлӕуут, мӕ бинойнаг уазӕгдонмӕ бауад. Хо кӕм бамбӕхст, уыцы бынатыл фӕстӕмӕ полкӕ куы ’вӕрдтон, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ уынӕр айхъуыстой. Стӕй мӕ иуцасдӕр бахъуыд, скъаппы цы уыд, уыдӕттӕ сӕ бынаты авӕрынӕн дӕр. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй тынг стыхстӕн ӕмӕ фыртӕссӕй зыр-зыр кӕнын райдыдтон. Ӕмӕ дуар байгом кӕнын нал уӕндыдтӕн. Тарстӕн, зӕгъын мӕ афтӕмӕй куы феной, уӕд сӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр истӕмӕ фехсайдзӕн. Уӕд мӕхинымӕр Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ дуар байгом кодтон, цыма никуы ӕмӕ ницы. Сӕ иу мӕ атъӕпп кодта ӕмӕ комкоммӕ скъапмӕ бацыд. Байгом ӕй кодта ӕмӕ, полкӕтыл цы уыд, уыдӕттӕ ракалдта. Фӕлӕ куы ницы ссардта, уӕд фӕкуыддӕр. Уый фӕстӕ иннӕ къомнӕттыл дӕр ӕрзылдысты ӕмӕ цармӕ дӕр схызтысты. Фӕлӕ уым дӕр ницы ссардтой.
ТАЛЫНДЖЫ ДӔР РӔСТДЗИНАДЫ РУХС КАЛДИ
Пол: Цалдӕр мӕйы хӕринагхъуаг ӕййӕфтам. Фӕлӕ нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг алкӕддӕр уыд. Арӕх-иу нын Вефилы, райсомӕй цы бахордтаиккам, уый нӕ уыд. Фӕлӕ-иу алы райсом стих кӕй ӕвзӕрстам, уый нын тыхтӕ лӕвӕрдта.
Филиалы хӕринаг ӕмӕ дон куы нал баззадаид, уӕд нӕ бахъуыдаид уыдӕттӕ агурӕг ацӕуын. Ӕмӕ уӕд, кӕй ӕмбӕхстам, уыдоны цардӕн тӕссаг уыдаид. Иунӕгӕй сӕ уадзӕн нӕ уыд. Фӕлӕ-иу нӕм Йегъовӕ алы хатт дӕр ӕххуысмӕ фӕзынд, хатт, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ. Алкӕддӕр ныл тыхсти, стӕй нын ӕххуыс кодта, цӕмӕй ма тарстаиккам.
Либерийы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кодта, рӕстдзинады рухс та кодта ирдӕй-ирддӕр. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты сӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъуыди лидзын. Фӕлӕ сӕ уырнындзинад алкӕддӕр уыд фидар ӕмӕ бӕрӕг уыд, сӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕй сты. Иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, нӕ ацы хӕст цӕттӕ кӕны стыр бӕллӕхмӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ хъӕбатырӕй архайдтой ӕмӕ, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой. Ӕндӕр рӕттӕм чи алыгъд, уыдон-иу кӕрӕдзи фарсмӕ балӕууыдысты ӕмӕ-иу уымыты хорз хабар хъусын кӕнынмӕ бавнӕлдтой. Хъӕды-иу цы ссардтой, уыдӕттӕй-иу хуымӕтӕг Паддзахады залтӕ ацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕмбырдтӕ уагътой. Уыцы уӕззау рӕстӕджыты ӕмбырдтӕм кӕй цыдысты ӕмӕ кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы-иу сӕ зӕрдӕтӕм рухс бакалд. Хӕринӕгтӕ, дзаумӕттӕ ӕмӕ-иу ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ куы уӕрстам, уӕд-иу бирӕтӕ загътой, цӕмӕй сын дзаумӕтты бӕсты самал кодтаиккам сумкӕтӕ уацамындӕн. Хӕст адӕмы зӕрдӕты арф хъӕдгӕмттӕ ныууагъта. Ӕмӕ бирӕтӕ зыдӕй хъуыстой хорз хабармӕ. Тынг диссаг сӕм каст, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд амондджын сты ӕмӕ куыд цин кӕнынц, уый. Ацы талынг дунейы рухсау ӕрттывтой (Матф. 5:14–16). Ахӕм зынгзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый уынгӕйӕ суанг змӕнтджытӕй дӕр чидӕртӕ не ’фсымӕртӕ систы.
ЙЕГЪОВӔ НЫН ТЫХТӔ ЛӔВӔРДТА, АЦӔУЫН НӔ КУЫ БАХЪУЫД, УӔД
Пол: Либерийӕ нӕ цалдӕр хатты ацӕуын бахъуыди: ӕртӕ хатты – цыбыр рӕстӕгмӕ, дыууӕ хатты та – ӕнӕхъӕн афӕдзмӕ. Ӕмӕ-иу уӕд цы ӕнкъардтам, уый иу хо, миссионер, хорз бамбарын кодта: «Галаады скъолайы нын куыд дзырдтой, афтӕ-иу, кӕм лӕггад кодтам, уым хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзтам. Ӕмӕ-иу сӕ ахӕм уавӕрты уадзын куы бахъуыд, уӕд-иу нын уый тынг зын уыд. Нӕ зӕрдӕ-иу скъуыдтӕ кодта». Фӕлӕ хорз ӕмӕ сыхаг бӕстӕтӕй дӕр нӕ бон уыди Либерийы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.
Цин кӕнӕм, Либеримӕ кӕй ӕрыздӕхтыстӕм, ууыл, 1997 аз
Энн: 1996 азы майы сфӕнд кодтам ӕдасдӕр бынатмӕ ацӕуын, горӕты иннӕ кӕронмӕ (уыд 16 километры дарддӕр). Гъемӕ цыппарӕй филиалы машинӕйыл уырдӕм араст стӕм. Немӕ раластам бирӕ ахсджиаг документтӕ – филиалы документтӕ. Ӕмӕ растдӕр уыцы рӕстӕг нӕ районы змӕстытӕ райдыдтой. Змӕнтджытӕ уӕлдӕфмӕ ӕхстой. Мах дӕр баурӕдтой ӕмӕ ӕртӕйы машинӕйӕ рахизын кодтой, Полы та – нӕ. Стӕй нӕ машинӕйы бабадтысты ӕмӕ ацыдысты. Мах цавддуртау фестӕм. Уалынмӕ кӕсӕм, ӕмӕ Пол ӕрбацӕуы, йӕ сӕры туг кӕлы, афтӕмӕй. Фыццаг афтӕ фенхъӕлдтам, ӕмӕ йӕ ӕхсгӕ фӕкодтой. Фӕлӕ стӕй ахъуыды кодтам, уӕд йӕ бон цӕуын кӕй нӕ уыдаид. Уыцы нӕлгоймӕгтӕй йӕ иу ныццавта, машинӕйӕ йӕ куы рацӕйӕппӕрста, уӕд. Фӕлӕ йӕ хорз ӕмӕ афтӕ тынг нӕ ныццавта.
Уым хӕстӕг лӕууыд адӕмӕй йедзаг ӕфсӕддон уӕзласӕн машинӕ. Хъуамӕ сӕ ӕдасдӕр бынатмӕ аластаиккой. Фӕлӕ дзы махӕн бынат нӕ разынд. Ӕмӕ уӕд кузовыл ӕддӕрдыгӕй ныххӕцыдыстӕм. Фӕлӕ шофыр сонтӕй ахӕм скъӕрд акодта, ӕмӕ фӕцӕйхаудыстӕм. Бӕргӕ ма йӕм хъӕр кодтам, цӕмӕй баурӕдтаид, фӕлӕ нӕ фыртӕссӕй хъусгӕ дӕр нӕ кодта. Афтӕмӕй куыддӕртӕй бахӕццӕ стӕм. Фӕлӕ зӕхмӕ куы ’рхызтыстӕм, уӕд нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ нӕхицӕй нал уыдысты ӕмӕ зыр-зыр кодтам.
Пол: Нӕ дзаумӕттӕ ныскъуыдтӕ сты ӕмӕ рыгӕй нал зындысты. Ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕс кодтам ӕмӕ дис кодтам, удӕгасӕй куыд баззадыстӕм, ууыл. Мах бахсӕвиуат кодтам быдыры, нӕмгуыты фӕдтӕй чи нӕ зынд, иу ахӕм вертолёты раз. Иннӕ бон нӕ уыцы вертолётыл аластой Сье́рра-Лео́немӕ. Цин кодтам, бынатыл сӕрӕгасӕй кӕй сӕмбӕлдыстӕм, ууыл. Фӕлӕ Либерийы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл тынг мӕт кодтам.
ӔНДӔР ЗЫН УАВӔРЫ ДӔР НЫН ЙЕГЪОВӔ ТЫХТӔ ЛӔВӔРДТА
Энн: Филиалмӕ, Фрита́унмӕ, куы бахӕццӕ стӕм, уӕд нӕм ӕфсымӕртӕ алцӕмӕй дӕр фӕкастысты. Тӕссаг нын ницӕмӕйуал уыд. Фӕлӕ стӕй ӕрцыд, ӕнхъӕл цӕмӕн нӕ уыдтӕн, ахӕм цыдӕр. Либерийы цытӕ бавзӕрстам, уыдӕттӕ-иу ӕвиппайды мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдысты. Хабӕрттӕ-иу мӕ цӕстытыл ауадысты. Ӕнӕхъӕн бон-иу мӕм афтӕ каст, ӕмӕ ныртӕккӕ цыдӕр ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ-иу мыл ризӕг бахӕцыд. Фыдфынты хай-иу фӕдӕн ӕмӕ-иу фехъал дӕн, мӕ сурхид-иу акалд. Мӕ улӕфт дӕр-иу ахгӕдта. Уӕд-иу мӕ Пол ӕрбахъӕбыс кодта ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ скуывта. Ӕмӕ-иу цалынмӕ не ’рсабыр дӕн, уӕдмӕ-иу нӕ зарджытӕ зарыдыстӕм. Иуафон мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ мӕ сӕрра кӕнынмӕ бирӕ нал хъӕуы. Тарстӕн, мӕ бон миссионерӕй лӕггад кӕнын кӕй нал уыдзӕн.
Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый мӕ никуы ферох уыдзӕн. Тӕккӕ уыцы къуыри райстам дыууӕ журналы. Иу дзы уыд 1996 азы 8 июны «Райхъал ут!». Уыди дзы статья, панические атаки кӕй хонынц, уыдонимӕ тох кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй. Куы йӕ бакастӕн, уӕд бамбӕрстон, цы кӕнын, уый. Иннӕ та уыд 1996 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Уым та уыди статья «Тыхтӕ сӕм кӕцӕй фӕзыны?». Уыцы статьяйы уыди, йӕ базыр кӕмӕн бахъыгдард, ахӕм гӕлӕбуйы ныв. Дзырд дзы цыди, гӕлӕбуйӕн йӕ базыртӕ тынг куы бахъыгдард вӕййынц, уӕд дӕр йӕ бон тӕхын кӕй вӕййы. Ӕмӕ, дам, махыл дӕр исты куы ’рцӕуы ӕмӕ зӕрдӕсаст куы вӕййӕм, уӕд дӕр, дам, Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон вӕййы дарддӕр дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Уыцы статьятӕ уыдысты хӕринаг йӕ тӕккӕ афоныл (Матф. 24:45). Уыцы темӕйы фӕдыл ма ӕндӕр статьятӕ дӕр ссардтон ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ иумӕ ӕвӕрдӕй дардтон. Тынг мын феххуыс сты, ӕмӕ мын цасдӕры фӕстӕ дзӕвгар фенцондӕр.
НОГ БӔСТӔЙЫ ДӔР НЫН ЙЕГЪОВӔ ТЫХТӔ ЛӔВӔРДТА
Пол: 2004 азы кӕрон нӕ царды цыдӕр фӕивта. Либеримӕ нӕ куы снысан кодтой, уымӕй рацыд 20 азы бӕрц. Ӕмӕ нын хи бӕстӕйы ад скодта. Хӕст дӕр уӕдмӕ фӕци. Ӕмӕ филиалы пълан кодтой арӕзтадон куыстытӕ райдайын. Фӕлӕ нын ӕнӕнхъӕлӕджы загътой, ӕндӕр бӕстӕмӕ нӕ кӕй ӕрвитынц.
Либерийӕ ацӕуын нын тынг зын уыд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕрӕдзийыл тынг сахуыр стӕм, иу бинонты хуызӕн уыдыстӕм. Фӕлӕ ма нӕ уый размӕ иухатт нӕ бинонты ныууадзын бахъуыд, Галаадмӕ нӕ куы фӕхуыдтой, уӕд. Фӕлӕ йӕ бамбӕрстам, алцыдӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд нын кӕй арфӕ кӕндзӕн. Гъемӕ цӕттӕ уыдыстӕм, кӕдӕм нӕ ӕрвыстой, уырдӕм ацӕуынмӕ. Снысан нӕ кодтой сыхаг бӕстӕмӕ, Га́нӕмӕ.
Энн: Либерийӕ куы цыдыстӕм, уӕд бирӕ фӕкуыдтам. Фӕлӕ нын иу ацӕргӕ куырыхон ӕфсымӕр, Фрэнк, загъта: «Ферох-иу нӕ кӕнут». Йӕ ныхӕстӕ нӕм диссаг фӕкастысты. Стӕй йӕ бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн загъта: «Зонӕм ӕй, нӕ нӕ ферох кӕндзыстут. Фӕлӕ кӕдӕм цӕут, уырдӕм уӕ Йегъовӕ ӕрвиты. Ӕмӕ уым ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнут. Ныр та уӕ тыхтӕ саразут уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсут». Йӕ ныхӕстӕ нӕ тынг бафидар кодтой. Ганӕйы нӕ бирӕтӕ нӕ зыдтой ӕмӕ нын уым алцыдӕр ног уыд. Фӕлӕ мах цӕттӕ уыдыстӕм ног ӕмбӕлттӕ ссарынмӕ.
Пол: Цыбыр рӕстӕгмӕ Ганӕйы дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бауарзтам. Тынг бирӕ Ӕвдисӕнтӕ дзы уыд. Сӕ иузӕрдиондзинадӕй ӕмӕ сӕ фидар уырнындзинадӕй фӕзминаг уыдысты, ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм. Ганӕйы 13 азы куы фӕлӕггад кодтам, уӕд та нӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕндӕр бӕстӕмӕ снысан кодтой. Лӕггад кӕнын райдыдтам Ке́нийы, Скӕсӕн Африкӕйы филиалы. Ӕмӕ абоны онг дӕр ам лӕггад кӕнӕм. Иннӕ бӕстӕты нын чи баззад, уыцы ’мбӕлтты тынг мысыдыстӕм. Фӕлӕ Кенийы дӕр нӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ тагъд балымӕн стӕм. Ганӕйы ӕмӕ Либерийы куыд у, афтӕ Кенийы дӕр бирӕ куыст ис.
Скӕсӕн Африкӕйы филиалы ног ӕмбӕлттимӕ, 2023 аз
НӔ ЦАРДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНГӔЙӔ
Энн: Бирӕ зын уавӕрты-иу бахаудыстӕм, ӕмӕ-иу мӕ тас бацыд. Уыдӕттӕ адӕймагӕн йе ’нӕниздзинадыл тынг фӕзынынц ӕмӕ йӕ ныфс дӕр асӕтты. Йегъовӕ нӕ ахӕм уавӕртӕй диссаджы хуызы нӕ ирвӕзын кӕны. Искӕцӕй гӕрӕхтӕ кӕнӕ гуыппытӕ куы райхъуысы, уӕд фыртӕссӕй мӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕнын райдайы ӕмӕ мӕ къухтӕ бандзыг вӕййынц. Фӕлӕ нын Йегъовӕ алыхуызӕтты тыхтӕ ратты, уыимӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕр. Ӕмӕ сахуыр дӕн алы уавӕры дӕр мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Мӕхицӕй йӕ зонын: ӕдзух Библи куы иртасай, куы кувай, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды куы цӕуай, уӕд дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕнай, кӕдӕм дӕ снысан кодтой, уым.
Пол: Хатт нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ афӕрсынц, уӕ зӕрдӕмӕ, дам, цӕуы ам лӕггад кӕнын. Фӕлӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ цыфӕнды рӕсугъд бӕстӕйы дӕр, гӕнӕн ис, иу бонмӕ уавӕр афтӕ фӕива, ӕмӕ дзы цӕрын ӕдас мауал уа. Мах та цыфӕнды бӕстӕйӕ дӕр тынгдӕр бауарзӕм нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты – нӕ чырыстон бинонты. Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм, алыхуызон уавӕрты схъомыл стӕм, уӕддӕр иу зондыл хӕст стӕм. Мах-иу афтӕ ӕнхъӕлдтам, ӕмӕ нӕ кӕцыдӕр бӕстӕмӕ уымы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнынмӕ ӕрвитынц. Фӕлӕ-иу нӕ ӕцӕгӕй та уыдон бафидар кодтой.
Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы диссӕгтӕ аразы, уыдонӕй иу у, ӕгас зӕххыл дӕр нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, уый! Цалынмӕ Йегъовӕйы организацийы уӕм, уӕдмӕ нын уыдзӕн бинонтӕ ӕмӕ уыдзыстӕм ӕдас. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм: алкӕддӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын тыхтӕ дӕтдзӕн ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразын (Фил. 4:13).
a Джон Чарукы биографи «Хуыцауӕй ӕмӕ Чырыстийӕ тынг бузныг дӕн» бакӕсӕн ис 1973 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англ.).