ИНДОНЕЗИ
Филиал арв ӕмӕ зӕххы ’хсӕн
Офистӕ 31-ӕм уӕладзыджы
2008 азы Индонезийы хъусынгӕнджыты нымӕц схызти 21 699. Филиалы чи лӕггад кодта, уыдон дӕр фылдӕр кодтой, ӕмӕ дзы бынӕттӕ нал фаг кодта. Уымӕй дӕр филиал уыди дард ран, стӕй йӕм зын цӕуӕн уыд, бӕстӕйы хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕг кӕй ӕрцыд арӕзт, уый тыххӕй. Уӕдӕ хъуыди стырдӕр филиал Джакартӕмӕ хӕстӕгдӕр.
Дыууӕ азы фӕстӕ ӕфсымӕртӕ Джакартӕйы астӕумӕ ’ввахс иу ног 42-уӕладзыгон хӕдзары балхӕдтой 31-ӕм уӕладзыг ӕнӕхъӕнӕй. Уыцы хӕдзары уыди ӕрмӕстдӕр офистӕ. Фӕстӕдӕр ӕфсымӕртӕ уырдӕм ӕввахс иу хӕдзары балхӕдтой 12 уӕладзыджы. Уыцы цӕрӕнбынӕттӕ фаг уыдысты 80 адӕймагӕй фылдӕрӕн. Уымӕй уӕлдай ма райстой иу 5-уӕладзыгон хӕдзар филиалы алыхуызон хайӕдтӕн.
Вефилы кусджыты цӕрӕнбынӕттӕ ахсынц 12 уӕладзыджы
Ӕххӕстрӕстӕг аразджытӕ алы бӕстӕтӕй ӕмӕ, кӕй баххуырстой, уыцы аразджытӕ офисты ӕмӕ цӕрӕнбынӕтты цыдӕртӕ ногӕй рацарӕзтой. Арӕзтады цӕстдарӕг Даррен Берг дзуры: «Бирӕ хатт-иу ахӕм зын уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ сӕрӕн ницыуал зыдтам, фӕлӕ-иу нын Йегъовӕ алы хатт дӕр баххуыс кодта. Зӕгъӕм, филиалы хъавыдыстӕм нырыккон донсыгъдӕггӕнӕн станцӕ сӕвӕрынмӕ. Фӕлӕ хицауады кусджытӕ ахӕм станцӕйы тыххӕй хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтой, ӕмӕ нын бар нӕ радтой. Уӕд бынӕттон ӕфсымӕртӕй иу, инженер, иу стыр хицаумӕ бацыд. Уый нын уайтагъд бар радта, уымӕн ӕмӕ, куыд загъта, афтӕмӕй не ’фсымӕры ныхасӕн тынг аргъ кӕны».
«Мах никӕмӕйуал ӕмбӕхсӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты се ’ппӕт дӕр уынынц»
Ног филиал Йегъовӕйӕн снывонд кодтой 2015 азы 14 февралы. Сӕйраг раныхас уыд Энтони Моррисӕн, Разамонӕг советӕй. Винсент Витанто Ипиккусумӕ, Филиалы комитетӕй, загъта: «Ныр нӕ филиал ис горӕты хуыздӕр районы, Индонезийы стырдӕр компаниты офисты ’хсӕн. Мах никӕмӕйуал ӕмбӕхсӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты се ’ппӕт дӕр уынынц. Уынынц, ардыгӕй цӕуынвӕнд кӕй никуыдӕм кӕнӕм».
Филиалы комитет (галиуӕй рахизырдӕм): Буди Сентосӕ Лим, Винсент Витанто Ипиккусумӕ, Лотар Миханк ӕмӕ Хидэюки Мотои
«Адӕймаг дзы хъусын кӕнынӕй не ’фсӕды!»
Фӕстаг азты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы бӕстӕтӕй цӕуынц Индонезимӕ, ӕмӕ сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Лотар Миханк загъта: «Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм чи ацыд, уыдон стыр куыст кӕнынц нӕ бӕстӕйы хуызӕн бӕстӕты. Куыд арӕхстджын, куыд зынгзӕрдӕ ӕмӕ куыд фӕлтӕрд сты, уый се ’мбырдтыл дӕр фӕзыны, стӕй ма сӕ фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ не ’ппӕтдунеон организацийӕн тынгдӕр аргъ кӕнын райдайынц». Уырдӕм ацӕуын сӕ цӕмӕн бафӕндыд? Куыд рауадысты сӕ хабӕрттӕ? Базонӕм, иуӕй-иутӕ дзы цы радзырдтой, уый.
Индонезимӕ чи ӕрцыд, уыцы хъусынгӕнджытӕ
1. Джанин ӕмӕ Дэн Мур
2. Мэнди ӕмӕ Стьюарт Уильямс
3. Кейси ӕмӕ Джейсон Гиббз
4. Мари (разӕй рахизырдыгӕй) ӕмӕ Такахиро Акиямӕ (фӕстейӕ рахизырдыгӕй)
Джейсон ӕмӕ Кейси Гиббз, Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, зӕгъынц: «Алы бӕстӕйы дӕр иу хъусынгӕнӕгмӕ цал адӕймаджы хауы, уый базоныны тыххӕй „Ӕрвылазон чиныг“-мӕ ӕркастыстӕм. Иу хъусынгӕнӕгмӕ ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕм хауы, уыцы бӕстӕтӕй иу уыди Индонези. Стӕй не ’мбӕлттӕй дӕр чидӕртӕ Индонезимӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ дзы кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй ӕмӕ нын уыдон дӕр загътой, куыст дзы нырма бирӕ кӕй ис. Уӕд Индонезийы филиалмӕ телефонӕй бадзырдтам, ӕмӕ нын загътой, нӕ бон кӕй у Балимӕ ацӕуын. Индонезийы англисаг ӕвзагыл чи дзырдта, уыдонӕн хорз хабар нырма уӕд райдыдтой хъусын кӕнын, ӕмӕ мах дӕр уайтагъд хъуыддагмӕ бавнӕлдтам, кӕд индонезиаг ӕвзаг нӕ зыдтам, уӕддӕр. Иу аз йеддӕмӕ дзы баззайынмӕ нӕ хъавыдыстӕм, фӕлӕ дзы ӕртӕ азы фестӕм. Кӕмӕн хъусын кодтам, уыдонӕй сӕ фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй никуы фехъуыстой. Нӕ лӕггад нын цы стыр циндзинад ӕрхаста, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!»
Стьюарт ӕмӕ Мэнди Уильямс, рӕстӕмбис кары лӕг ӕмӕ ус Австралийӕ, радзырдтой: «Рӕстдзинад чи агуры, ахӕм адӕмыл фембӕлын нӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтам Индонезимӕ ацӕуын. Малангы, провинци Скӕсӕн Явӕйы, мах фембӕлдыстӕм, англисагау чи дзырдта, дуне ахӕм студенттыл. Уыдон хорз хабармӕ тынг зӕрдиагӕй хъусынц. Стӕй нын тынг уарзынц нӕ сайт дӕр. Ам хъусын кӕнын стыр диссаг у!»
Такахиро ӕмӕ Мари Акиямӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй Джокьякартӕйы, сакъадах Явӕйыл. Уыдон та дзурынц: «Нӕхимӕ нын, Японийы, афтӕ ӕнцон нӕ уыд, ам нын куыд ӕнцон у. Амы адӕм сты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан. Бирӕты дзы, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕтты, тынг фӕнды иннӕ динты тыххӕй базонын. Иухатт хъусын кодтам, нӕ литературӕ кӕуыл уыди, ахӕм стъолы фарсмӕ ӕмӕ ӕрмӕст фондз сахатмӕ радтам 2 600 журналы бӕрц».
Дэн ӕмӕ Джанин Мур, лӕг ӕмӕ ус, сӕ дыууӕйыл дӕр цӕуы 60 азмӕ ’ввахс, радзырдтой: «Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд адӕм нӕ алыварс ӕрӕмбырд вӕййынц. Мах сӕм бахудӕм, ӕмӕ нӕм уыдон дӕр бахудынц. Фыццаг сӕм дис фӕкӕсы, цы кусӕм, уый, стӕй та сӕ бафӕнды фылдӕр базонын. Библийӕ сын исты куы равдисӕм, уӕд иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц: „Мӕхимӕ йӕ афыссон?“ Библийы зондджын уынаффӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Ам стӕм иу аз, ӕмӕ фӕсмон кӕнӕм ӕрмӕстдӕр ууыл, раздӕр кӕй не ’рцыдыстӕм. Тынг нӕ фӕндыд, адӕм хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм ран лӕггад кӕнын, ӕмӕ нӕ цы хъуыди, уый ссардтам!»
Мишӕ ӕмӕ Кристинӕ Биренс, ардӕм сӕ снысан кодтой миссионертӕй 2009 азы, ныр та Мишӕ у цӕуӕг цӕстдарӕг. Мӕнӕ цы зӕгъынц уыдон та: «Сакъадах Мадурӕ, Скӕсӕн Явӕйы, у, Индонезийы пысылмон дины ӕгъдӕуттӕ ӕппӕты арфдӕр уидӕгтӕ кӕм ауагътой, уыцы районтӕй иу. Ӕмӕ суанг ам дӕр адӕм хорз хабармӕ куыд хъусынц, уый диссаг у! Сӕ машинӕтӕ бауромынц ӕмӕ нӕ журналтӕ ракурынц. Фӕзӕгъынц нын: „Ӕз пысылмон дӕн, фӕлӕ уын уӕ журналтӕ кӕсын уарзын. Ме ’мбӕлттӕн дӕр дзы райсон?“ Адӕймаг дзы хъусын кӕнынӕй не ’фсӕды!»
Хуымтӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ
1931 азы, Фрэнк Райс Джакартӕмӕ куы ’рцыди, уӕд, Индонезийы цӕрджытӕ уыдысты 60 000 000 бӕрц. Ныр та сты иу-260 000 000. Ӕмӕ абон Индонези йӕ цӕрджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ дунейы бӕстӕты ’хсӕн ис цыппӕрӕм бынаты.
Уӕдӕй нырмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц Индонезийы дзӕвгар сырӕзт. 1946 азы Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ бӕстӕйы уыд ӕрмӕстдӕр дӕс иузӕрдион хъусынгӕнӕджы. Абон та дзы ис 26 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Уый Йегъовӕйы арфӕдзинадыл дзурӕг куыннӕ у! 2015 азы та Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры уыди 55 864 адӕймаджы. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма бирӕтӕ слӕудзысты рӕстдзинады фӕндагыл.
Йесо загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:37, 38). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ Индонезийы дӕр кувынц, цӕмӕй сын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы арфӕ кӕна. Уыдоны фидар фӕнд у, ӕппӕт уыцы сакъадӕхты цӕрӕг адӕмӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй Йегъовӕйы диссаджы номы тыххӕй хъусын кӕнын (Ис. 24:15).