ИНДОНЕЗИ
Йегъовӕ нын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ!
Ангераго Хиа
РАЙГУЫРД: 1957 аз.
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1997 аз.
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: ӕрыздӕхт сакъадах Ниасмӕ, йӕ райгуырӕн хъӕумӕ, ӕмӕ ӕмбырдӕн ног Паддзахады зал аразынӕн ӕххуыс кодта.
2013 азы нӕ гыццыл ӕмбырд хъӕу Тугала Ойойы фехъуыста диссаджы ног хабар: араздзыстӕм ног Паддзахады зал! Бынӕттон хицӕуттӕ нӕ проектыл сразы сты. Зал кӕм хъуамӕ сарӕзтаиккам, уым дӕр 60 сыхаджы нӕ курдиатыл сӕ къухтӕ ӕрфыстой. Уыдонӕй нын иу загъта: «200 къухфысты уӕ куы хъӕуа, уӕд дӕр уын уыдзӕн».
Паддзахады залтӕ аразынӕн чи феххуыс кӕны, дыууӕ ахӕм фӕлтӕрдджын барвӕндон кусӕджы ӕрцыдысты, цӕмӕй нын нӕ куысты разамынд лӕвӕрдтаиккой. Зал арӕзт фестӕм 2014 азы ноябры. Никуы нӕ бауырныдтаид, ӕмӕ не ’мбырдӕн искуы ахӕм рӕсугъд кувӕн бынат уыдзӕн. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ!