11 СӔР
Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕ
ЙЕГЪОВӔ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста иумӕ ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй ахуыр кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауой (Дзут. 10:23–25). Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, израилӕгтӕ, кувынмӕ фыццаг ӕмбырд кодтой «ӕмбырды цатыры» цурмӕ (Рац. 39:32, 40). Фӕстӕдӕр Давиды фырт Соломон Хуыцауы кадӕн сарӕзта хӕдзар, кӕнӕ кувӕндон (1 Пад. 9:3). Уыцы кувӕндон н. э. размӕ 607 азы пырхгонд куы ’рцыд, уый фӕстӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауӕн кувынмӕ ӕмбырд кодтой ӕмбырдгӕнӕнты. Цасдӕры фӕстӕ кувӕндон ногӕй арӕзт ӕрцыд, ӕмӕ та ӕцӕг Хуыцауӕн кувынмӕ уырдӕм цыдысты. Йесо адӕмы ахуыр кодта ӕмбырдгӕнӕнты дӕр ӕмӕ кувӕндоны дӕр (Лук. 4:16; Иоан. 18:20). Адӕмы ма суанг хохыл дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта (Матф. 5:1–7:29).
2 Йесойы мӕлӕты фӕстӕ чырыстӕттӕ ӕмбырд кодтой ӕхсӕнадон бынӕтты ӕмӕ хӕдзӕртты, цӕмӕй Фыстад ахуыр кодтаиккой ӕмӕ-иу се ’мчырыстӕттимӕ кӕрӕдзийыл фӕцин кодтаиккой (Хъуыд. 19:8, 9; Ром. 16:3, 5; Кол. 4:15; Филим. 2). Рагон чырыстӕтты-иу хатт бахъуыди сусӕгӕй фембӕлын дӕр, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдысты. Уӕдӕ бӕрӕг у, рагзаманты Хуыцауы лӕггадгӕнджыты зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд иумӕ ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кодтаид (Ис. 54:13).
3 Абон дӕр фембӕлдтӕ фӕцӕуынц ӕхсӕнадон бынӕтты ӕмӕ хӕдзӕртты дӕр. Хӕдзӕртты арӕх ӕрӕмбырд вӕййынц уацамындон фембӕлдмӕ. Ахӕм фембӕлдтӕ кӕй хӕдзары фӕцӕуы, уыдон уый стыр кадыл нымайынц. Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, ахӕм уазӕгуарзондзинад кӕй равдыстой, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад тынг кӕй бафидар.
ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛ
4 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фембӕлдтӕ сӕйраджыдӕр фӕуадзынц Паддзахады залты. Арӕхдӕр уый тыххӕй зӕхх балхӕнынц ӕмӕ дзы зал саразынц, кӕнӕ та исты агъуыст балхӕнынц ӕмӕ йӕ реконструкци скӕнынц. Цӕмӕй залӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕной ӕмӕ цӕмӕй къаддӕр ӕхца хардз цӕуа, уый тыххӕй дзы, гӕнӕн ис, ӕмӕ цалдӕр ӕмбырды дӕр ӕмбӕлой. Кӕмдӕрты та фӕхъӕуы агъуыст баххуырсын. Паддзахады зал куы саразынц кӕнӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ реконструкци куы скӕнынц, уӕд дзы арӕхдӕр скӕнынц сӕрмагонд фембӕлд, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕн снывонд кӕной. Фӕлӕ Паддзахады залы гыццыл цыдӕртӕ куы фӕивынц, уӕд ӕй ногӕй Йегъовӕйӕн нывонд кӕнын нӕ фӕхъӕуы.
5 Паддзахады зал хъуамӕ афтӕ арӕзт ма уа, ӕмӕ адӕмы дисы ӕфтауа. Чи зоны, алы бӕстӕты Паддзахады залтӕ уыцы иухуызон ма уой, фӕлӕ сӕ нысан хъуамӕ алы хатт дӕр уа иу (Хъуыд. 17:24). Уавӕртӕ кӕм куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ зал хъуамӕ уа, чырыстон фембӕлдтӕ уадзынӕн кӕм ницы хъыгдара, ахӕм бынат.
6 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй алкӕцы дӕр мысайнӕгтӕ фӕдӕтты, кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы Паддзахады залмӕ зилынӕн. Уый тыххӕй, залмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй ӕхца нӕ фембырд кӕнынц кӕнӕ нӕ фӕкурынц. Алы Паддзахады залы дӕр ис мысайнӕгты асыкк. Ӕмӕ уым алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы мысайнӕгтӕ ныппарын, залӕн цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕн. Се ’ппӕт дӕр мысайнаг фӕдӕттынц барвӕндӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй (2 Кор. 9:7).
7 Ӕмбырды алчидӕр йӕхицӕн стыр кадыл нымайы, йӕ бон кӕй у Паддзахады залы тыххӕй мысайнӕгтӕ дӕттын, стӕй йӕ ӕфснайын ӕмӕ йӕм зилын дӕр. Уыцы куыст спълан кӕны хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Арӕхдӕр уацамындон къордтӕ зал радгай фефснайынц. Къорды цӕстдарӕг кӕнӕ сын йе ’ххуысгӕнӕг разамынд фӕдӕтты ӕмӕ сын йӕхӕдӕг фӕзминаг вӕййы. Паддзахады залмӕ хъуамӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, уымӕн ӕмӕ хӕссы Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организацийы ном.
8 Паддзахады залы цалдӕр ӕмбырды куы фембырд кӕны, уӕд уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ скӕнынц, залмӕ чи зила, ахӕм комитет. Ӕмӕ уый фӕпълан кӕны, агъуыстимӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Комитеты цы ӕфсымӕртӕ вӕййы, уыдонӕй иуы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ снысан кӕнынц уыцы комитеты координаторӕй. Уыцы комитет, хистӕр нӕлгоймӕгты советтимӕ ӕмгуыст кӕнгӕйӕ, йӕ хъус дардзӕн, цӕмӕй зал алкӕддӕр сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайд уа ӕмӕ ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ма ӕрцӕуа, стӕй дзы цыдӕриддӕр хъӕуы, уый фаг уа. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырдтӕ кӕрӕдзиимӕ хорз ӕмгуыст кӕной.
9 Паддзахады залӕй цалдӕр ӕмбырды куы фӕпайда кӕны, уӕд, чи кӕд ӕмбырд кӕндзӕн, уымӕн график скӕнынц, ӕмӕ йӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕивынц. Ӕмбырдты графикыл ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ бӕрӕг уа, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты кӕй уарзынц ӕмӕ, алы ӕмбырдӕн дӕр хорз куыд уа, ууыл кӕй хъуыды кӕнынц (Фил. 2:2–4; 1 Пет. 3:8). Иу ӕмбырдӕн дӕр уый бар нӕй, ӕмӕ иннӕты бӕсты аскъуыддзаг кӕна, залы сын фембӕлдтӕ цы бонты ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Паддзахады залӕй цы ӕмбырдтӕ пайда кӕнынц, уыдонӕй искӕцы районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уӕд иннӕ ӕмбырдтӕ уыцы къуыри сӕ фембӕлдты рӕстӕг фӕивдзысты.
10 Паддзахады залы скӕнӕн ис чындзӕхсӕвы фӕдыл кӕнӕ зианы фӕдыл раныхас дӕр. Уый тыххӕй бар ракурын хъӕуы ӕмбырды комитетӕй. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм курдиатмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсдзысты ӕмӕ дзуапп ратдзысты, уый фӕдыл филиалӕй цы разамынд ис, уымӕ гӕсгӕ.
11 Паддзахады залы ахӕм хабары фӕдыл фембӕлыны бар кӕмӕн радтой, уыдон сӕхи хъуамӕ дарой, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Паддзахады залы ахӕмӕй мацы хъуамӕ саразой, ӕмӕ ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн къуылымпыйы хос суа йе та Йегъовӕйы ӕмӕ ӕмбырды ном фӕчъизи уа (Фил. 2:14, 15). Паддзахады залӕй ма спайда кӕнӕн ис, нӕ лӕггадимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, филиалы разамындмӕ гӕсгӕ дзы ауадзӕн ис бӕрнон ӕфсымӕрты скъола ӕмӕ пионерты скъола.
12 Ӕмбырд, Хуыцауӕн кӕм кувы, уыцы бынатмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы кӕсдзӕн. Нӕ бакастӕй, нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, нӕ кадджын Хуыцау Йегъовӕйӕн кувынмӕ кӕй ӕрбацыдыстӕм (Еккл. 5:1; 1 Тим. 2:9, 10). Ацы хъуыддаджы фӕдыл цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, нӕ фембӕлдтӕн кӕй аргъ кӕнӕм.
13 Тынг ахсджиаг ма у, цӕмӕй фембӕлдты рӕстӕг алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа. Хуыздӕр уаид, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты фарсмӕ куы бадиккой. Хатт сывӕллоны фӕхъӕуы ӕддӕмӕ ракӕнын ӕмӕ йын бауайдзӕф кӕнын. Стӕй сывӕллонимӕ ӕндӕр хабӕртты тыххӕй дӕр ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы ӕддӕмӕ рацӕуын. Уымӕ гӕсгӕ, гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн ис зӕгъӕн, хуыздӕр сын кӕй уаид, иннӕты къаддӕр кӕм хъыгдардзысты, ахӕм ран сбадын.
14 Паддзахады залы фембӕлдты рӕстӕг уагдартӕй сӕвӕрынц, уыцы хъуыддагмӕ хорз чи сарӕхдзӕн, ахӕм ӕфсымӕрты. Уыцы ӕфсымӕртӕ алцӕмӕ дӕр хъуамӕ сӕ хъус лӕмбынӕг дарой, уой зӕрдӕхӕлар ӕмӕ уӕззау зондӕй архайой. Сӕ хӕстӕм цы хауы? Зӕгъӕм, фӕхъӕуы сӕ, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацыд, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъын ӕмӕ сыл бацин кӕнын, чи байрӕджы кодта, уыдонӕн бынӕттӕ ссарын, фембӕлды цал адӕймаджы уыд, уый банымайын. Стӕй сӕ сӕ хъус дарын хъӕуы, цӕмӕй залы ӕгӕр тӕвд дӕр ма уа, ӕмӕ ӕгӕр уазал дӕр ӕмӕ дзы вентиляци уа. Куы хъӕуа, уӕд уагдартӕ ныййарджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕм сӕ хъус дарой, ӕмӕ фембӕлды размӕ ӕмӕ фембӕлды фӕстӕ дыууӕрдӕм ма ратӕх-батӕх кӕной кӕнӕ сценӕйыл ма хъазой. Сывӕллон фыдуаг куы кӕна, уӕд ын йӕ ныййарджытӕн фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй хъуамӕ зӕгъой, цӕмӕй йӕ ӕддӕмӕ ракӕной, ӕмӕ иннӕты хъусын ма хъыгдара. Уагдарты лӕггады фӕрцы фембӕлдтӕ алкӕмӕн дӕр фылдӕр циндзинад ӕрхӕссынц. Хуыздӕр уаид, уагдартӕй куы лӕггад кӕниккой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ.
ПАДДЗАХАДЫ ЗАЛТӔ АРАЗӔМ
15 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иутӕ хъӕздыгдӕр уыдысты, иннӕтӕ – мӕгуырдӕр. Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел ныффыста: «Ныртӕккӕ уыдон хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм, бирӕ уӕм цы ис, уымӕй фӕкӕсут. Сымах хъуаг кӕм ӕййафут, уым та уӕм уыдон фӕкӕсдзысты, бирӕ сӕм цы ис, уымӕй, цӕмӕй уӕргътӕ ӕмхуызон уой» (2 Кор. 8:14). Йегъовӕйы организаци абон дӕр афтӕ архайы. Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕмбырдтӕ цы мысайнӕгтӕ дӕттынц, уыдон иумӕ ӕрӕмбырд кӕнынц, ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕ реконструкци кӕнынӕн. Организаци дӕр ӕмӕ, цы ӕмбырдтӕн баххуыс кодтой, уыдон дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй тынг бузныг сты, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ афтӕ рӕдауӕй кӕй дӕттынц, уый тыххӕй.
16 Филиал бирӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕны ӕмӕ аскъуыддзаг кӕны, алы ӕмбырдӕн дӕр хуыздӕр кӕцы Паддзахады залмӕ уыдзӕн цӕуын. Филиал ма аскъуыддзаг кӕны, йӕ территорийы кӕд ӕмӕ кӕм хъӕуы Паддзахады зал саразын кӕнӕ йӕ реконструкци скӕнын, уый дӕр. Искуы ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд та спълан кӕны, цӕмӕй сцалцӕг кӕной, цы Паддзахады залтӕ бахъыгдардта, уыдон, ӕмӕ ма иуӕй-иу хатт – ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты хӕдзӕрттӕ дӕр.
17 Паддзахады зал аразгӕйӕ филиал барвӕндон кусджытӕн разамынд фӕдӕтты ӕмӕ сын феххуыс кӕны зӕхх балхӕнынӕн, проект скӕнынӕн, алыхуызон гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кӕнынӕн, йӕ саразынӕн ӕмӕ йӕм зилынӕн. Ӕгас дунейы дӕр тынг бирӕ Паддзахады залтӕ саразын кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы фылдӕр барвӕндон кусджытӕ. Донаргъуыд чи райста, баххуыс кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ ӕмбырды хорз ном кӕмӕн ис, уыдонӕн се ’пӕтӕн дӕр сӕ бон у курдиат ныффыссын ӕмӕ йӕ ӕмбырды комитетмӕ раттын. Ӕмбырд Паддзахады зал куы араза кӕнӕ йӕ куы цалцӕг кӕна, уӕд дзы сӕ бон ӕххуыс кӕнын у суанг ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕн дӕр.
КОНГРЕССТЫ ЗАЛТӔ
18 Рагон чырыстӕттӕ-иу арӕхдӕр ӕмбырд кодтой гыццыл къордтӕй. Фӕлӕ-иу хатт «бирӕ адӕм» дӕр ӕрӕмбырд ахуыр кӕнынмӕ (Хъуыд. 11:26). Раст афтӕ абон дӕр Йегъовӕйы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц районон ӕмӕ регионалон конгресстӕм, ӕмӕ дзы вӕййы бирӕ адӕм. Уый тыххӕй арӕх баххуырсынц, бирӕ бынат кӕм ис, ахӕм агъуыст. Фӕлӕ ахӕм агъуыст ссарын зын кӕм у, уым бахъӕуы Конгрессты зал саразын.
19 Иуӕй-иу хатт балхӕнынц агъуыст, реконструкци йӕ скӕнынц, ӕмӕ дзы Конгрессты зал рауайы. Арӕхдӕр та балхӕнынц зӕхх ӕмӕ дзы ног зал саразынц. Конгрессты залтӕй иутӕ вӕййынц стырдӕр, иннӕтӕ – къаддӕр. Уый кӕнгӕ вӕййы бынӕттон уавӕртӕй. Филиал уал фыццаг сбӕлвырд кӕны, ахӕм зал саразынӕн цас ӕхца бахъӕудзӕн, стӕй дзы цас арӕх пайда кӕндзысты, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ратты бар йӕ саразынӕн кӕнӕ агъуыст балхӕнынӕн.
20 Филиал снысан кӕны ӕфсымӕрты, цӕмӕй Конгрессты залмӕ зилой. Цы районы ӕмбырдтӕ дзы пайда кӕнынц, уыдон ӕй алы конгрессы фӕстӕ дӕр бафснайынц. Стӕй ма йӕ афӕдз дыууӕ хатты бӕстон ӕфснайд дӕр бакӕнынц ӕмӕ йӕм куыд ӕмбӕлы, афтӕ базилынц. Ӕфсымӕртӕ уыцы хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй кӕй феххуыс кӕнынц, уый сын стыр пайда хӕссы. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕ разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ацы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайой (Пс. 110:3; Мал. 1:10).
21 Иуӕй-иу хатт Конгрессты залы ауадзынц, нӕ лӕггадимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм фембӕлдтӕ дӕр, зӕгъӕм, нӕ организацийы скъолатӕ ӕмӕ сӕрмагонд фембӕлдтӕ районон цӕстдарджытӕн. Паддзахады залау Конгрессты зал дӕр у, Хуыцауӕн кӕй снывонд кӕнӕм ӕмӕ йын кӕм фӕкувӕм, ахӕм бынат. Уымӕ гӕсгӕ-иу Конгрессты залмӕ дӕр хъуамӕ ӕрбацӕуӕм аив кондӕй ӕмӕ-иу нӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ дарӕм.
22 Ацы фӕстаг бонты кӕрон Йегъовӕйы организацимӕ тынг бирӕ ног адӕм цӕуы. Уый дзурӕг у Йегъовӕйы арфӕдзинадыл (Ис. 60:8, 10, 11, 22). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм бынӕттӕ самал кӕнын ӕмӕ сӕ сыгъдӕг дарын. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, ахӕм бынӕттӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм. Уыцы кувӕн бынӕттӕ стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй, Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр кӕрӕдзи фидар кӕнӕм.