Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/06 1–7 фф.
  • Уӕ Паддзахады залмӕ зилут?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕ Паддзахады залмӕ зилут?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынӕттӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Цӕй ӕмӕ нӕ кувӕн бынатмӕ хорз зилӕм!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Ног программӕ Паддзахады Залтӕ аразынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
km 11/06 1–7 фф.

Уӕ Паддзахады залмӕ зилут?

1 «Куыд хорз ӕмӕ куыд ӕхсызгон у ӕфсымӕртӕн иумӕ цӕрын!» (Пс. 132:1). Нӕ Паддзахады залы кӕй фембӕлӕм, уый фӕрцы не ’фсымӕртимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрӕм: кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзут. 10:24, 25).

2 Паддзахады залӕн ахӕм стыр нысаниуӕг кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕм хорз зилӕм? Паддзахады зал у раст дины артдзӕст. Уымӕ гӕсгӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Алчи дӕр нӕ хъуамӕ ууыл архайа, цӕмӕй зал уа сыгъдӕг ӕмӕ дзы алцыдӕр уа пъланыл. Зал фефснайынц чиныгахуыртӕ радыгай. Кӕд нӕ бон у, уӕд хъуамӕ ӕфснайынмӕ зивӕг ма кӕнӕм. Уымӕй ӕвдисдзыстӕм, нӕ сыгъдӕг, аив Залы тыххӕй бузныг кӕй стӕм.

3 Паддзахады зал мах ӕфснайӕм ӕви ӕндӕр исчи, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕ сыгъдӕгдзинадыл тыхсын. Куыд? Зӕгъӕм, мидӕмӕ цӕугӕйӕ нӕ къӕхтӕ сӕрфӕм, цӕмӕй цъыф ма хӕссӕм, уӕлдайдӕр та боныхъӕд ӕвзӕр куы уа, уӕд. Уазӕгдонмӕ куы бацӕуӕм, уӕд-иу нӕ фӕстӕ сыгъдӕгӕй ныууадзӕм, раковинӕ ӕмӕ-иу ын йӕ алыварс та сӕрфгӕ акӕнӕм. Литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕртӕ Залы сыгъдӕгдзинадыл кӕй тыхсынц, уый ӕвдисдзысты, афтид къоппытӕ афойнадыл куы ӕфснайой, уымӕй. Макулатурӕ хъуамӕ уа йӕ бынаты. Гӕххӕтты гӕбаз кӕнӕ ӕндӕр исты бырон пъолыл куы фенӕм, уӕд искӕмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ йӕ нӕхӕдӕг сисдзыстӕм. 2000 азы октябры мӕйы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» «Фарстыты асыкк»-ы уыд уынаффӕтӕ, хъусинӕгты фӕйнӕгыл цавӕр информаци хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Уыцы хъуыддаджы иууылдӕр хъуамӕ сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгимӕ ӕмгуыст кӕной (km 10/00 7 ф.).

4 Ацы уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнӕн ис конгрессты дӕр. Конгресс кӕмфӕнды ма уа – Конгрессты залы ӕви ӕндӕр искуы – уӕддӕр уыцы бынаты фӕкувӕм Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Хъуамӕ алы хатт дӕр кӕсӕм, цӕмӕй, кӕм бадтыстӕм, уым нӕ фӕстӕ мацы бырон ныууадзӕм. Иннӕтыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ фӕстӕ исчи кӕй бафснайдзӕн.

5 Иу Залы. Зӕхх ӕмӕ хӕдзӕрттӕ зынаргъ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ бирӕ Паддзахады залтӕй фӕпайда кӕнынц цалдӕр ӕмбырды. Зӕгъӕм, горӕтты иу Залӕй фӕпайда кӕнынц фондз-ӕхсӕз ӕмбырды. Алы ӕмбырд дӕр хъуамӕ тыхса Паддзахады залы сыгъдӕгдзинадыл, ӕмӕ ӕмбара, уый Йегъовӕйы кӕй у ӕмӕ йӕ кадӕн арӕзт кӕй ӕрцыд. Паддзахады залмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ зилӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, фӕлӕ ма кӕй уарзӕм, махӕй уӕлдай Залӕй чи пайда кӕны, уыцы ӕмбырдты цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны дӕр.

6 Арӕхдӕр Паддзахады зал бафснайынц къуыри иу хатт. Иу Залӕй цалдӕр ӕмбырды кӕм пайда кӕнынц, уым алы фембӕлды фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы бафснайын, цӕмӕй йӕ иннӕ ӕмбырд сыгъдӕгӕй ӕрбаййафа. Уый ма хауы хуыцаубонмӕ дӕр, фембӕлдтӕ фӕд-фӕдыл куы фӕцӕуынц. Рӕстӕг куы амона, уӕд хорз уаид иннӕ ӕмбырды размӕ иу гыццыл рафснайын. Залы уыциу бон цалдӕр ӕмбырды куы ӕмбӕлой ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕгдзинадмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд, гӕнӕн ис, боны кӕронмӕ тынг счъизи уа.

7 Хуыцауы хъуыддӕгты иу зондыл хӕст куыд стӕм ӕмӕ ӕмхуызон куыд хъуыды кӕнӕм, афтӕ уӕм нӕ Паддзахады залмӕ зилыны хъуыддаджы дӕр (1 Кор. 1:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын