Цӕй ӕмӕ нӕ кувӕн бынатмӕ хорз зилӕм!
1. Цӕмӕн хъӕуынц Паддзахады залтӕ?
1 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕнӕхъӕн дунейы 94 мин ӕмбырдӕй фылдӕр ис. Ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕр Библи ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ се ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлынмӕ ӕмбырд кӕнынц Паддзахады залты — сыгъдӕг дины артдзӕстты.
2. Цӕмӕй Паддзахады зал сыгъдӕг ӕмӕ аив уа, уый тыххӕй йӕм хъус дарын цӕмӕн хъӕуы?
2 Паддзахады зал ӕфснайын. Паддзахады залмӕ зилын у нӕ сыгъдӕг лӕггады ахсджиаг хай. Чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ы (уыр.) 62 фарсыл дзырдӕуы: «Ӕфсымӕртӕ сӕхицӕн кадыл ӕрмӕст уый хъуамӕ ма нымайой, Паддзахады залмӕ зилынӕн ӕхцайӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, фӕлӕ ма йӕм сӕхи бон дӕр кӕй у зилын, цӕмӕй уа сыгъдӕг, аив ӕмӕ хорз уавӕры. Паддзахады зал хъуамӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр кад хӕсса Иегъовӕйы организацийӕн». Къуырийы дӕргъы Паддзахады залӕй цалдӕр хатты кӕй пайда кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы иудадзыг ӕфснайын ӕмӕ ма ӕндӕр куыстытӕ дӕр кӕнын. Арӕхдӕр уый фӕаразынц, Паддзахады залы цы ӕмбырдтӕ ӕмбӕлынц, уыдон. Рагзаманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ кувӕн бынатмӕ хорз зилой ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕной (2 Пар. 34:10).
3. Паддзахады зал ӕфснайынӕн цавӕр фӕтк ис ӕмӕ дзы йӕ бон кӕмӕн у архайын?
3 Хъусинӕгты фӕйнӕгыл бакӕнын хъӕуы, Паддзахады зал алы къуыри дӕр чи кӕд ӕфснайдзӕн, уый график. Алы чиныгахуыры къорд дӕр къуырийы дӕргъы фембӕлдты фӕстӕ фефснайы зал, ӕмӕ уый фӕаразынц, ӕфснайын цы хъӕуы, уыдӕттӕ цы сыфыл сты фыст, уымӕ гӕсгӕ. Уый фӕстӕ рад ӕрхауы иннӕ къордмӕ. Паддзахады зал ӕфснайын ӕмбӕлы, йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдонӕй алкӕмӕндӕр. Ныййарджыты хъусдардӕй, сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у зал ӕфснайын. Афтӕмӕй уыдон ахуыр кӕнынц аргъ кӕнын иннӕтӕн лӕггад кӕныны фадатӕн. Паддзахады залӕй иу ӕмбырдӕй фылдӕр куы пайда кӕной, уӕд та уӕлдай тынгдӕр хъӕуы ӕмгуыст кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ кувынады ацы ахсджиаг хъуыддаг ӕрмӕст иуты хӕс нӕу.
4. Цы ис саразӕн, цӕмӕй ӕмбырды зоной, Паддзахады зал куыд ӕфснайын хъӕуы, уый?
4 Алы фембӕлды фӕстӕ дӕр ӕфснайын цы хъӕуы, уый ныффыссӕн ис сыфыл ӕмӕ йӕ бакӕнӕн ис, ӕфснайӕн дзауматӕ кӕм сты, уым. Зӕгъӕм: рыгцъирӕнӕй пъолтӕ ныссыгъдӕг кӕнын, рыгтӕ сисын, бырӕттӕ ахӕссын, пъолтӕ ныхсын ӕмӕ кӕсӕнтӕ ныссӕрфын. Кӕцыдӕр куыстытӕ хъӕуы стӕм хатт кӕнын, зӕгъӕм: рудзгуытӕ ныхсын, хъӕдын дзауматӕ сӕрттивын кӕнын, бандӕттӕ, электрон цырӕгътӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕнтӕ дзӕбӕх ныссыгъдӕг кӕнын. Ӕфснайынӕн цы химион буаргъӕдтӕй пайда кӕнут, уыдон хъуамӕ афтӕ ӕвӕрд уой, цӕмӕй сӕм сывӕллӕттӕ ма ӕххӕссой, стӕй ма сыл хъуамӕ бӕрӕг фыст дӕр уа, цы сты, уый. Цыбыртӕй хъӕуы бамбарын кӕнын, алкӕцыйӕ дӕр сӕ куыд ис пайда кӕнӕн.
5. Цас ахсджиаг у, цӕмӕй адӕм ӕдас уой, ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цы хъӕуы бӕрӕг кӕнын? (Кӕс фӕлгӕты 4 фарсыл.)
5 Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй адӕм Паддзахады залы ӕдас уой. Уый фӕдыл 4-ӕм фарсыл фӕлгӕты ис цалдӕр уагӕвӕрды (Дык. з. 22:8). Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст цӕуынц ӕви нӕ. Уый фӕрцы уыдзыстӕм хызт ӕвирхъау хабӕрттӕй.
6. Паддзахады залмӕ зилыны хъуыддаг куыд арӕзт цӕуы?
6 Паддзахады залмӕ зилын ӕмӕ цалцӕг кӕнын. Паддзахады залмӕ зилыны хъуыддаг у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советы хӕс. Фылдӕр хатт уыцы куыст бакӕнынц хистӕр нӕлгоймаджы бӕрны кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры бӕрны. Уый йӕ хъус дары, цӕмӕй Паддзахады зал алкӕддӕр сыгъдӕг уа, мацы цух уа ӕмӕ ифтонггӕрзтӕ дзӕбӕх кусой. Залы дӕр ӕмӕ кӕрты дӕр адӕймаджы цардӕн хъуамӕ тӕссаг мацӕмӕй уа. Иу залӕй дыууӕ кӕнӕ фылдӕр ӕмбырды куы пайда кӕной, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕ снысан кӕнынц, агъуыстмӕ ӕмӕ кӕртмӕ чи зила, ахӕм комитет. Уыцы комитет кусы хистӕр нӕлгоймӕгты советты разамындӕй.
7. а) Паддзахады зал цӕмӕй хорз уавӕры уа, уый тыххӕй алы аз дӕр цы саразынц? ӕ) Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цы фӕхъӕуы бӕрӕг кӕнын? (Кӕс фӕлгӕты 5 фарсыл.)
7 Алы аз дӕр Паддзахады залмӕ бӕстон ӕркӕсынц. Залы кӕнӕ кӕрты исты аразинаг куы ссарынц, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ууыл батыхсынц. Цалцӕг кӕнынмӕ, йе та ӕндӕр исты куыстытӕ бакӕнынмӕ фӕдзурынц хъусынгӕнджытӕм. Иууылдӕр хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайой, суанг гыццыл цыдӕр куы уа аразинаг, уӕд дӕр.
8. Кусджытӕ баххуырсын куы хъӕуа, уӕд хъуыддӕгтӕ куыд хъӕуы скӕнын?
8 Ӕмбырды ӕхцайӕ раст пайда кӕнын. Паддзахады залы ӕмӕ кӕрты исты куыст куы вӕййы, уӕд ын йӕ фылдӕр хай барвӕндон кусджытӕ бакӕнынц. Сӕ удуӕлдай куыст дзурӕг у ӕцӕг уарзондзинадыл ӕмӕ стыр ӕххуыс у ӕмбырды хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн. Фӕлӕ цавӕрдӕр куыстытӕ саразынӕн (зӕгъӕм, зианхӕссӕг сасктӕ ӕмӕ ӕхсынӕгтӕ скуынӕг кӕнынӕн, йе та бырӕттӕ аласынӕн) кусджытӕ баххуырсын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баныхас кӕнынц, асламдӕр аргъыл чи сразы вӕййы, ахӕм адӕймагимӕ. Уый хъӕуы аразын афтӕ: фыццаджыдӕр гӕххӕттыл лӕмбынӕг ныффыссынц, цавӕр куыст хъӕуы саразын ӕмӕ цы ӕрмӕг бахъӕудзӕн, уый. Уыцы гӕххӕтты къопитӕ (куыст куыд ӕмӕ цас рӕстӕгмӕ хъӕуы саразын, уымӕн дзы хъуамӕ ӕмхуызон домӕнтӕ уа) лӕвӕрд ӕрцӕуынц алыхуызон куыстуӕттӕм. Ӕфсымӕрты курдиат сӕххӕст кӕныныл разы чи уа, уыцы куыстуӕттӕй фыстӕджытӕ куы райсой, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у равзарын, куыст иууыл хуыздӕр чи бакӕндзӕн, уый. Кӕд ӕфсымӕртӕй исчи разы у уыцы куыст саразыныл, кӕнӕ хъӕугӕ ӕрмӕг бӕрӕг аргъыл дӕтты, уӕддӕр хъуыддӕгтӕ хъӕуы ахӕм хуызы скӕнын.
9. Цы ис саразӕн, цӕмӕй ӕмбырды ӕхцайӕ раст пайда кӕной?
9 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма архайынц, цӕмӕй райсой, динон организацитӕн хъалонтӕ фидыны тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕн цы льготӕтӕ ис, уыдон, зӕгъӕм коммуналон лӕггӕдты тыххӕй. Паддзахады залӕй иу ӕмбырдӕй фылдӕр куы пайда кӕна, уӕд агъуыстмӕ зилыны комитетӕн вӕййы хицӕн ӕхцайы фонд ӕмӕ ӕрвылмӕй дӕр алы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советмӕ дӕр арвиты фыстӕг, ӕмӕ дзы ныффыссы цас бахардз кодтой ӕмӕ цӕуыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕттынц дзуапп, цӕмӕй ӕмбырды ӕхцайӕ раст пайда кӕной.
10. Цы бакӕнын хъӕуы, агъуыст тынг цалцӕг кӕнинаг куы уа кӕнӕ йӕ бындуронӕй рацаразын куы хъӕуа, уӕд?
10 Бӕстон цалцӕг ӕмӕ бындурон рацарӕзт. Агъуыстмӕ зилыны комитеты хъуыдымӕ гӕсгӕ Паддзахады залы цалцӕг кӕнинаг бирӕ цыдӕртӕ куы уа, уӕд йӕ уынаффӕтӕ адӕтдзӕн хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕм, цӕмӕй фарста уыдон алыг кӕной. Уыдон куы аскъуыддзаг кӕной, зӕгъгӕ, агъуыст тынг цалцӕг кӕнинаг у кӕнӕ йӕ бындуронӕй рацаразын хъӕуы, йе та дзы цы ӕмбырд(-тӕ) ӕмбӕлы(-нц), уыдоны ма ноджы ӕххуыс хъӕудзӕн, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕдзурдзысты филиалмӕ. Филиалы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ ратдзысты ахадгӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ куыстытӕн разамынд дӕтдзысты. Уыцы хъуыддагӕн бирӕ ӕхца куы хъӕуа, уӕд хъӕудзӕн хӕрдзтӕ дзӕбӕх банымайын ӕмӕ бацӕттӕ кӕнын резолюци, цӕмӕй ӕмбырд дӕр йӕ хъуыды зӕгъа. (Кӕс «Фарстыты асыкк», km 02.94 3 ф., уыр.)
11. Куыд у нӕ бон ӕвдисын, Паддзахады залмӕ нын фембӕлдтӕм цӕуыны фадат кӕй ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?
11 Куыд бузныг стӕм, диссаджы фадат нын кӕй ис Паддзахады залы иумӕ ӕмбырд кӕнынӕн! Мах нӕ фӕнды нӕ фембӕлдтӕ цух кӕнын, йе та сӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын. Кӕй сын аргъ кӕнӕм, уый нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон у ӕвдисын, нӕ Паддзахады залмӕ нӕ хъус кӕй дарӕм, уымӕй. Афтӕмӕй сыгъдӕг кувынад бӕрзонд кӕны ӕмӕ Иегъовӕйы ном кадджын кӕны. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ кувӕн бынатмӕ хорз зилӕм!
[Рамкӕ 4 фарсыл]
Ӕдасдзинады мадзӕлттӕ
◻ Зынгхуыссынгӕнӕнтӕ ӕмӕ гидранттӕ хъуамӕ ӕнцонвадат уой ӕмӕ сӕ бынӕттон закъӕттӕм гӕсгӕ хъӕуы иудадзыг фӕлварын.
◻ Рахизӕнтӕ ӕмӕ асинтӕ хъуамӕ амынд уой, рухс дзы уа, уӕлдай дзаумӕттӕ калд дзы хъуамӕ ма уа ӕмӕ асинты ӕнцойгӕрӕнтӕ хъуамӕ уой фидар.
◻ Къӕбицтӕ, уазӕгдӕттӕ ӕмӕ гардероб хъуамӕ уой сыгъдӕг, ӕфснайд, хъуамӕ дзы ма уа, ӕнцонтӕй чи ссудзы, ахӕм дзауматӕ, искӕй сӕрмагонд дзаумӕттӕ ӕмӕ бырӕттӕ.
◻ Агъуысты сӕр ӕмӕ цыхцырджытӕ хъӕуы иудадзыг бӕрӕг кӕнын ӕмӕ сыгъдӕг кӕнын.
◻ Тротуарты ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты хъуамӕ уа рухс. Афтӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй дзы фӕбырынӕй ӕмӕ ахауынӕй тӕссаг ма уа.
◻ Электрон тых, тӕвды системӕ ӕмӕ, кӕд ис, уӕлдӕфсыгъдӕггӕнӕн, уӕд сӕ хъӕуы бӕрӕг кӕнын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сӕм зилын.
◻ Доны хӕтӕлтӕ гыццылдӕр куы тӕдзой, уӕд сӕ уайтагъд хъуамӕ сцалцӕг кӕнат, цӕмӕй къултӕ ма схъуына уой.
◻ Агъуысты куы ничи уа, уӕд йӕ дуӕрттӕ хъуамӕ уой ӕхгӕд.
[Рамкӕ 5 фарсыл]
Агъуыстмӕ ӕмӕ кӕртмӕ бӕстон кӕсын
◻ Ӕддейӕ. Агъуысты сӕр, къултӕ, рудзгуытӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ сты, сӕ ахуырст никуы ӕрызгъӕлд, Паддзахады залы фыст хорз зыны?
◻ Кӕрт. Сыгъдӕг у? Тротуартӕ, забор ӕмӕ машинӕтӕ ӕвӕрӕн бынӕттӕ хорз уавӕры сты?
◻ Мидӕгӕй. Пъол, ӕмбӕрзӕнтӕ, бандӕттӕ, электрон цырӕгътӕ ӕмӕ сантехникӕ, къултӕ, литературӕйы скъаппытӕ ӕмӕ гардероб аив сты?
◻ Ифтонггӕрзтӕ. Хорз кусынц рухсы, зӕлы, тӕвды системӕтӕ, ӕмӕ кӕд ис, уӕд уӕлдӕфсыгъдӕггӕнӕн системӕ ӕмӕ/кӕнӕ кондиционертӕ?
◻ Уазӕгдӕттӕ. Сыгъдӕг сты ӕмӕ дзы алцыдӕр хорз кусы?
◻ Ӕмбырды гӕххӕттытӕ. Афоныл ӕрцӕуынц арӕзт юридикон, хъалонты ӕмӕ ӕндӕр гӕххӕттытӕ ӕмӕ хыгъдтӕ: агъуыст ӕмӕ зӕххы тыххӕй бартӕ, хъалонты хыгъдтӕ, хъалонты тыххӕй, коммуналон лӕггӕдты тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр льготӕтӕ?