Йеремийы хъарӕг
א [А́леф]
1 Иунӕгӕй куыд бады+, раздӕр адӕмӕй ӕмызмӕлд чи кодта, уыцы горӕт!+
Идӕдз усы бон ыл куыд акодта+, адӕмты ’хсӕн кадджын чи уыд, ууыл!+
Дӕлбар бӕстӕты ’хсӕн ус-паддзах чи уыди, уый ӕххуырст кусӕг куыд сси!+
ב [Бет]
2 Хӕкъуырццӕй кӕуы ӕхсӕвыгӕтты+, ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ йӕ уадултыл згъорынц+.
Чи йӕ уарзы, уыдонӕй иу ахӕм нал ис, зӕрдӕтӕ йын чи бавӕра+.
Йӕ хӕлӕрттӕ йыл иууылдӕр гадзрахатӕй рацыдысты+, йе знӕгтӕ систы+.
ג [Ги́мел]
3 Хъизӕмайраг ӕмӕ цагъары удхайраг цардӕй+ Иудӕ уацары фӕцыд+.
Ӕндӕр адӕмты ’хсӕн ӕй бахъуыд цӕрын+. Йӕхицӕн ӕнцой никуы ссардта.
Йӕ фӕдыл чи зылд, уыдон ӕй йӕ тыхсты рӕстӕг ӕрцахстой+.
ד [Да́лет]
4 Сионы фӕндӕгтӕ хъыг кӕнынц, бӕрӕгбӕттӕм цӕуӕг кӕй нал ис, уый тыххӕй+.
Йӕ кулдуӕрттӕ пырхӕй лӕууынц+, йӕ сауджынтӕ арф ныуулӕфынц+.
Йӕ чызджытӕн сӕ зӕрдӕтӕ мастӕй фӕйнӕрдӕм тонынц, ӕмӕ йӕхи зӕрдӕ дӕр мастӕй байдзаг+.
ה [Хе]
5 Йе знӕгтӕ йын хицӕуттӕ систы+. Йӕ фыдгултӕ сты ӕнӕмӕт+.
Ӕмӕ куыннӕ – Йегъовӕ йӕ йӕхӕдӕг куы фӕкодта масты хай йӕ бирӕ фыдракӕндты тыххӕй!+
Йӕ хъӕбултӕ знаджы разӕй уацары ацыдысты+.
ו [Вав]
6 Сионы чызгӕн йӕ фидыцӕй ницыуал аззад+.
Йӕ кънйӕзтӕ сты, хизӕн бынат чи нал ары, ахӕм сагты хуызӕн+.
Сӕ хъару байсыст, ӕмӕ ма тыххӕй-фыдӕй цӕуынц, чи сӕ суры, уый разӕй+.
ז [За́йин]
7 Йӕ уынгӕджы бонты, йӕ адӕм уынджы къӕйыл куы аззадысты, уӕд, Иерусалим ӕрымысыд,
Рагӕй фӕстӕмӕ йын зынаргъ цы уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр+.
Йӕ адӕм знаджы къухмӕ куы бахаудысты ӕмӕ йын ӕххуысгӕнӕг куы нал уыди+,
Уӕд ӕй йе знӕгтӕ федтой ӕмӕ, куыд ӕрхауд, ууыл худтысты+.
ח [Хет]
8 Иерусалим уӕззау тӕригъӕд ракодта+, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн фенад+.
Чидӕриддӕр ын кад кодта, уыдон ӕй ныр зӕххӕй сисинагыл дӕр нал нымайынц+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ бӕгънӕг буар федтой+.
Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр арф ныуулӕфы+ ӕмӕ иннӕрдӕм азилы.
ט [Тем]
9 Йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл – чъизитӕ+. Йӕ фидӕныл нӕ хъуыды кодта+,
Ӕмӕ, дӕлӕмӕ куыд ӕрхауд, уымӕй адӕмы дисы бафтыдта. Зӕрдӕтӕ йын ничиуал ӕвӕры+.
О Йегъовӕ, ӕркӕс-ма, куыд хъизӕмар кӕнын, уымӕ+ – знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсы+.
י [Йод]
10 Цыдӕриддӕр ӕм зынаргъӕй уыди, уымӕ знаг йӕ къух ӕрбайвӕзта+.
Федта, йӕ кувӕн бынатмӕ йын ӕндӕр адӕмтӕ куыд бацыдысты+,
Кӕд ӕмӕ сын ды загътай, цӕмӕй дӕ адӕмы ’хсӕнмӕ ма цӕуой.
כ [Каф]
11 Йӕ адӕм фырмӕтӕй арф ныуулӕфынц, сӕхицӕн къӕбӕр агурынц+.
Зынаргъӕй сӕм цы ис, уый хӕринагыл ивынц, цӕмӕй сӕ уд фӕфидар кӕной+.
Ӕркӕс-ма, Йегъовӕ, ӕмӕ фен, цы ӕгады бынатмӕ ӕрхаудтӕн, уый+.
ל [Ла́мед]
12 Фӕндаггон адӕм! Ау, ӕппындӕр уӕ ницы ’ндавы? Ӕркӕсут ӕмӕ фенут+.
Мӕнӕн цы дудгӕ рыст бавзарын кодтой, ахӕм рыст ма исчи бавзӕрста?+
Уыцы рыстӕй мӕ Йегъовӕ йӕ судзгӕ масты бон хъизӕмары хай фӕкодта+.
מ [Мем]
13 Бӕрзондӕй зынг рауагъта ӕмӕ мын ме стджытыл арт бафтыдта+, мӕ алы стӕгыл дӕр мын тых кӕны.
Мӕ къӕхтӕн мын хыз айтыгъта+. Фӕстӕмӕ цӕуинаг мӕ фӕкодта.
Ӕппындӕр мын ницыуал ныууагъта. Ӕнӕхъӕн бон дӕн рынчын+.
נ [Нун]
14 Лӕмбынӕг каст, цӕмӕй-иу мын мӕ фыдракӕндтӕ федтаид+. Мӕ фыдракӕндтӕ йӕ къухы кӕрӕдзийыл стыхстысты.
Мӕ бӕрзӕйыл ӕруӕз кодтой+. Мӕ хъару фӕцудыдта.
Йегъовӕ мӕ радта, мӕ бон кӕй ныхмӕ нӕу рацӕуын, уыдоны къухмӕ+.
ס [Са́мех]
15 Йегъовӕ мын байста мӕ тыхджын хӕстонты се ’ппӕты дӕр+.
Мӕ ныхмӕ мын бирӕ адӕм ракодта, цӕмӕй мын ме ’рыгон лӕппуты ныццӕгъда+.
ע [А́йин]
16 Ууыл кӕуын, гъе+. Мӕ цӕстыты дон мизы ӕмӕ мизы+.
Зӕрдӕтӕ мын чи бавӕрдтаид ӕмӕ мын мӕ уд чи ӕрсабыр кодтаид, уый мӕ дард фӕлыгъд.
פ [Пе]
17 Сион йӕ къухтӕ ивазы+, фӕлӕ йын зӕрдӕтӕ чи бавӕра, ахӕм нӕй+.
Иаковы алыварс чи ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ныхмӕ рацӕуой+.
Иерусалим сын фенад+.
צ [Ца́де]
18 Йегъовӕ раст у+, уымӕн ӕмӕ ӕз йӕ ныхасы ныхмӕ рацыдтӕн+.
Байхъусут, адӕмтӕ, ӕмӕ кӕсут, куыд риссын, уымӕ.
Мӕ чызджыты ӕмӕ мын ме ’рыгон лӕппуты уацары акодтой+.
ק [Коф]
19 Бирӕ мӕ чи уарзта, уыдонмӕ сдзынӕзтон+, фӕлӕ мыл уыдон се ’ппӕт дӕр сайдӕй рацыдысты.
Мӕ сауджынтӕ ӕмӕ мӕ хистӕр лӕгтӕ горӕты амардысты+,
Сӕ уд бафидар кӕнынӕн къӕбӕр куы агуырдтой, уӕд+.
ר [Реш]
20 Ӕркӕс мӕм, Йегъовӕ, мӕ бон нал у. Мӕ хуылф судзы+.
Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны+, ӕдзух Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуын, уый тыххӕй+.
Ӕддейӕ мын хъама байста мӕ хъӕбулты+. Ӕмӕ хӕдзӕртты мидӕг дӕр – мӕлӕт+.
ש [Шин]
21 Адӕм мын мӕ хъӕрзын хъусынц+, фӕлӕ мӕ чи ’рсабыр кӕна, уый нӕй+.
Цы бӕллӕх мӕ баййӕфта, уый ме знӕгтӕ иууылдӕр фехъуыстой+, ӕмӕ цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ мыл ӕй ды дӕхӕдӕг ӕруагътай+.
Фӕлӕ, цы боны тыххӕй фехъусын кодтай, уыцы бон дӕр ӕрцӕуын кӕндзынӕ+, ӕмӕ уӕд уыдон дӕр мӕ хал ахӕрдзысты+.
ת [Тав]