Матфейы
13 Уыцы бон Йесо хӕдзарӕй рацыд ӕмӕ денджызы был сбадтис. 2 Уырдӕм ӕм ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ ӕрбадт+. Адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон. 3 Ӕмӕ сын фӕсномыг ныхӕсты руаджы бацамыдта бирӕ цыдӕртӕ. Йесо загъта: «Иу бон тауӕг рацыд тауынмӕ+. 4 Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕмӕ мӕргътӕ ӕртахтысты ӕмӕ сӕ рауыгътой+. 5 Иннӕтӕ ӕрхаудысты дурджын, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм рӕтты, ӕмӕ уайтагъд сгӕпп кодтой, уымӕн ӕмӕ сыджыт арф нӕ уыди+. 6 Фӕлӕ хур куы ӕрӕндӕвта, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф нӕ уыдысты+. 7 Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты сындзыты ’хсӕн. Ӕмӕ сындзытӕ куы ссыдысты, уӕд сӕ рӕзын нал суагътой+. 8 Фӕлӕ нӕмгуытӕй ӕрхауди хорз зӕххыл дӕр, ӕмӕ уыдон радтой тыллӕг+: иутӕ сӕдӕ хатты фылдӕр, иннӕтӕ ӕхсай хатты фылдӕр, аннӕтӕ та ӕртын хатты фылдӕр+. 9 Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд»+.
10 Уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Семӕ фӕсномыг ныхӕстӕй цӕмӕн дзурыс?»+ 11 Йесо сын дзуапп радта: «Сымахӕн лӕвӕрд у уӕларвон паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ+ ӕмбарыны хъомыс, ацы адӕмӕн та нӕу+. 12 Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр ӕмӕ йӕм уыдзӕн фагӕй фылдӕр+. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты+. 13 Уӕдӕ сын фӕсномыг ныхӕстӕй уымӕн дзурын, ӕмӕ кӕсгӕ кӕнынц, фӕлӕ ницы уынынц, хъусгӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕм ницы хъуысы, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр ницы кӕнынц+. 14 Уыдоныл ӕххӕст кӕнынц пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: „Уӕ хъустӕй хъусдзыстут, фӕлӕ йӕ нӕ бамбардзыстут; уӕ цӕстытӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ ницы фендзыстут+. 15 Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты; хъусынц, фӕлӕ сӕхи афтӕ скодтой, цыма нӕ хъусынц, ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма уыной, хъусӕй дӕр ма хъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма ӕмбарой, ӕмӕ мӕм ма раздӕхой ӕмӕ сӕ ма сдзӕбӕх кӕнон“+.
16 Фӕлӕ сымах амондджын стут+, уымӕн ӕмӕ цӕстӕй дӕр уынут ӕмӕ хъусӕй дӕр хъусут. 17 Ӕцӕг уын зӕгъын: пехуымпартӕй+ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕй бирӕтӕ бӕллыдысты, сымах цытӕ уынут, уыдӕттӕ фенынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ федтой+, ӕмӕ сымах цытӕ хъусут, уыдӕттӕ фехъусынмӕ, фӕлӕ сӕ нӕ фехъуыстой+.
18 Уӕдӕ байхъусут, тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уымӕ+. 19 Паддзахады тыххӕй дзырд чи фехъусы, фӕлӕ йын йӕ хъуыды чи нӕ бамбары, уымӕ Фыдбылыз+ ӕрбацӕуы ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы тыд цы ’рцыд, уый йын аскъӕфы – ай у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауд, уыцы нӕмыг. 20 Дурджын ран цы нӕмыг ӕрхауд, уый та у, дзырд чи фехъусы ӕмӕ йӕ уайтагъд йӕ зӕрдӕмӕ цингӕнгӕ чи айсы, ахӕм адӕймаг+. 21 Фӕлӕ йын уидаг нӕ вӕййы. Ӕмӕ кӕд иуцасдӕр ахӕссы, уӕддӕр, паддзахады дзырды тыххӕй фыдӕвзарӕнты куы бахауы ӕмӕ йӕ ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд фӕцуды+. 22 Сындзыты ’хсӕн цы нӕмыг ӕрхауд, уый та ахӕм адӕймаг у, ӕмӕ дзырд фехъусы, фӕлӕ ацы царды* сагъӕстыл свӕййы+, хъӕздыгдзинад ӕй йӕ фӕдыл асайы, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг нӕ ратты+. 23 Хорз зӕххыл цы нӕмыг ӕрхауд, уый та у ахӕм адӕймаг, дзырд чи фехъусы, чи йӕ бамбары ӕмӕ тыллӕг чи ратты – иу сӕдӕ хатты фылдӕр, иннӕ ӕхсай хатты фылдӕр, аннӕ та ӕртын хатты фылдӕр»+.
24 Радзырдта ма сын ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, ахӕм адӕймагимӕ+. 25 Адӕм фынӕй куы кодтой, уӕд йе знаг бацыд, мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта ӕмӕ ацыд. 26 Мӕнӕу куы ссыди ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд сзади хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр. 27 Уый фенгӕйӕ цагъартӕ сӕ хицаумӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай+, уӕд дзы хӕмпӕлгӕрдӕг та кӕцӕй фӕзынди?“+ 28 Уый сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта“+. Ӕмӕ йӕ уӕд уыдон бафарстой: „Фӕнды дӕ, уӕд ацӕуӕм ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг стонӕм?“ 29 Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ, уадзут ӕй, кӕннод хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ мӕнӕу дӕр стондзыстут. 30 Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хуымгӕрдӕн афон та хуымгӕрдджытӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕрӕмбырд уал кӕнут хӕмпӕлгӕрдӕг, куыристӕ дзы скӕнут ӕмӕ сӕ басудзут+. Уый фӕстӕ та мӕнӕу бафснайут мӕ хордоны“»+.
31 Радзырдта ма сын ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр+: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, лӕг йӕ хуымы кӕй ныссагъта, ахӕм хъыцъыйы нӕмыгимӕ+. 32 Тауинӕгтӕй уымӕй гыццылдӕр нӕй, фӕлӕ куы сырӕзы, уӕд цӕхӕрадоны зайӕгойтӕй уымӕй стырдӕр никӕцы вӕййы – бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм мӕргътӕ+ ӕртӕхынц ӕмӕ йӕ къалиутыл сӕхицӕн бынат скӕнынц»+.
33 Радзырдта ма сын ахӕм фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, сылгоймаг кӕй райста ӕмӕ ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссадыл кӕй сызмӕста* ӕмӕ хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, ахӕм ӕнхъизӕнимӕ+».
34 Йесо ӕппӕт ацы хабӕрттӕ адӕмӕн амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй. Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта+. 35 Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар цы загъта, уый: «Ӕз дзурдзынӕн фӕсномыг ныхӕстӕй. Фехъусын кӕндзынӕн, дунейы фӕзындӕй* нырмӕ сусӕг цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдон»+.
36 Йесо адӕмы куы ауагъта, уӕд хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Ӕмӕ йӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Хуымы тыд хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдтай, уый-ма нын бамбарын кӕн». 37 Ӕмӕ сын ӕй бамбарын кодта: «Хорз мыггаг чи байтыдта, уый у Адӕймаджы Фырт, 38 хуым та – дуне+. Хорз мыггаг сты паддзахады фырттӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг та – Фыдбылызы+ фырттӕ. 39 Чи сӕ байтыдта, уыцы знаг та у Хӕйрӕг+. Хуымгӕрдӕнтӕ+ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон+, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ. 40 Уӕдӕ, хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр+. 41 Адӕймаджы Фырт арвитдзӕн йӕ зӕдты, ӕмӕ йын йӕ паддзахадӕй сӕмбырд кӕндзысты, иннӕты чи рӕдийын кӕны*+ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр, 42 ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты+. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын+. 43 Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау+ тӕмӕнтӕ калдзысты+ сӕ Фыды паддзахады. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд+.
44 Уӕларвон паддзахад абарӕн ис зӕххы ныгӕд хӕзнаимӕ. Иу лӕг ссардта уыцы хӕзна ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ бамбӕхста. Йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта+ ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта+.
45 Уӕларвон паддзахад ма ноджыдӕр абарӕн ис зынаргъ налхъуыттӕ* агурӕг сӕудӕджеримӕ. 46 Уый иу зынаргъ+ налхъуыт куы ссардта, уӕд ацыд, ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый уыцы сахат ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта+.
47 Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ кӕмӕй ӕрцахстой, ахӕм хызимӕ+. 48 Хыз куы байдзаг, уӕд ӕй былмӕ раластой, ӕмӕ хорз+ кӕсаг мигӕнӕнты сӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд+, уыдон та акалдтой. 49 Раст афтӕ уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр: зӕдтӕ ацӕудзысты ӕмӕ фыдгӕнджыты+ рӕстгӕнджытӕй+ фӕхицӕн кӕндзысты, 50 ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын+.
51 Ӕппӕт адӕттӕн сӕ хъуыды бамбӕрстат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «О, бамбӕрстам». 52 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Афтӕ, уӕларвон паддзахады тыххӕй чи базыдта, уыцы зондамонджытӕй дӕр алкӕцыдӕр у+, йӕ къӕбицы ногӕй дӕр ӕмӕ зӕрондӕй дӕр цыдӕриддӕр ис, уый чи рахӕссы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн»+.
53 Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд уырдыгӕй ацыд. 54 Ӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рцыд+, уӕд уым ӕмбырдгӕнӕны+ ахуыр кодта адӕмы, ӕмӕ иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ахӕм зонд кӕцӕй ис? Кӕцӕй йӕм ис ахӕм диссӕгтӕ* аразыны хъару? 55 Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви?+ Йӕ мад Марийӕ нӕ хуыйны, йе ’фсымӕртӕ та – Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ? 56 Йӕ хотӕ дӕр иууылдӕр мӕнӕ ам немӕ не сты?+ Уӕд ӕппӕт адӕттӕ кӕцӕй зоны?»+ 57 Ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты+. Йесо та сын загъта: «Пехуымпарӕн алы ран дӕр вӕййы кад, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ»+. 58 Ӕмӕ уыцы адӕмы кӕй ницы уырныдта, уымӕ гӕсгӕ уым бирӕ диссӕгтӕ нӕ сарӕзта+.