Есфир
3 Уыцы хабӕртты фӕстӕ паддзах Ахашверош агагаг+ Амадафы фырт Аманы+ сбӕрзонд кодта+ ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн йӕ иннӕ кънйӕзты паддзахбадӕнтӕй се ’ппӕтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдта+. 2 Паддзахы лӕггадгӕнджытӕй-иу паддзахы кулдуары раз+ чи уыд, уыдон-иу Аманӕн сӕ сӕрӕй ныллӕг акуывтой ӕмӕ-иу йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой, уымӕн ӕмӕ паддзах ахӕм бардзырд радта. Фӕлӕ йын Мардохей нӕдӕр сӕрӕй куывта, нӕдӕр-иу йӕ зонгуытыл ӕрхауд йӕ разы+. 3 Ӕмӕ уӕд, паддзахы лӕггадгӕнджытӕй паддзахы кулдуары раз чи уыд, уыдон Мардохейӕн загътой: «Паддзахы бардзырд цӕуылнӕ ӕххӕст кӕныс?»+ 4 Афтӕ йын дзырдтой алы бон дӕр, фӕлӕ сӕм Мардохей нӕ хъуыста. Уӕд уыдон алцыдӕр Аманӕн радзырдтой, кӕддӕра ма Мардохейӕн дарддӕр афтӕ кӕныны бар уыдзӕн+, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ сын загъта, дзуттаг кӕй у, уый+.
5 Аман уыдта, Мардохей йын йӕ сӕрӕй кӕй нӕ кувы ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл кӕй не ’рхауы+, ӕмӕ йӕм мӕстӕй фыхти+. 6 Фӕлӕ йӕм ӕрмӕст Мардохейы амарын фаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ йын загътой, Мардохей кӕцы адӕмӕй уыд, уый. Ӕмӕ Аман сфӕнд кодта, дзуттӕгтӕй – Мардохейы адӕмӕй – Ахашверошы паддзахады чидӕриддӕр уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр+ фесафын+.
7 Ахашверош дыууадӕсӕм аз+ куы уыд паддзах, уыцы аз фыццаг мӕйы+, ома нисаны мӕйы, Аман сӕппарын кодта пур+, ома хӕлттӕ+, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, уыцы хъуыддаг кӕцы бон ӕмӕ кӕцы мӕй бакӕна, уый. Ӕмӕ схауд дыууадӕсӕм мӕй, ома адары мӕй+. 8 Аман паддзах Ахашверошӕн загъта: «Дӕ паддзахады ис иу адӕм – дӕ дӕлбар бӕстӕты+ алы рӕтты цӕрынц+ ӕмӕ сын иннӕ адӕмтимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Сӕ закъӕттӕ иннӕ адӕмты закъӕтты хуызӕн не сты ӕмӕ паддзахы закъӕттӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц+. Паддзах сӕ афтӕ ныууадза, уый гӕнӕн нӕй. 9 Кӕд паддзах разы у, уӕд бардзырд раттӕд, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдой. Чи сӕ ныццӕгъда+, уыдонӕн ӕз ратдзынӕн дӕс мин таланты*+ ӕвзист – паддзахы хӕзнадонмӕ сӕ бахӕсдзынӕн».
10 Уӕд паддзах, мыхуыримӕ йыл цы къухдарӕн уыд, уый раласта+ ӕмӕ йӕ радта агагаг+ Амадафы фырт Аманӕн+, дзуттӕгтӕм знаджы цӕстӕй чи каст, уымӕн+. 11 Стӕй йын загъта: «Ӕвзист+ дӕр ӕмӕ дын адӕмы дӕр дӕттын, ӕмӕ дӕ куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ сын кӕн»+. 12 Фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон паддзахы писырты+ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ уыдон ныффыстой+, паддзахы сатраптӕн* ӕмӕ, дӕлбар бӕстӕты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицӕуттӕн+, стӕй дӕлбар бӕстӕты цы алыхуызон адӕмтӕ цард, уыдоны кънйӕзтӕн Аман цы зӕгъинаг уыд, уый – алы адӕмӕн дӕр сӕхи ӕвзагыл ӕмӕ сӕхи дамгъӕтӕй фыстӕй+. Фыстӕджытӕ фыст уыдысты Ахашверошы номӕй+ ӕмӕ сыл ӕвӕрд уыд паддзахы къухдарӕны мыхуыр+.
13 Уыцы фыстӕджытӕ паддзахы дӕлбар бӕстӕтӕм хабархӕсджытимӕ арвыстой+, цӕмӕй иу боны мидӕг+, дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары мӕйы+, ӕртындӕсӕм бон, дзуттӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрыгонӕй-зӕрондӕй, сылгоймагӕй-сывӕллонӕй амардтаиккой, ныццагътаиккой ӕмӕ фесӕфтаиккой, сӕ исбон та сын фӕхастаиккой+. 14 Уыцы фыстӕджы цы фыст уыд, уый паддзахы дӕлбар бӕстӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ хъуамӕ суыдаид закъон+, ӕмӕ йӕ алы адӕмтӕн дӕр хъуыди фехъусын кӕнын, цӕмӕй уыцы бонмӕ цӕттӕ уыдаиккой. 15 Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ хабархӕсджытӕ фӕтагъд кодтой ӕмӕ араст сты+. Уӕдмӕ уыцы закъон Сузӕйы+ галуаны дӕр фехъусын кодтой. Ӕмӕ паддзах ӕмӕ Аман нуазыныл ӕрбадтысты+, Сузӕйы горӕты+ цӕрджытӕ та катайы бацыдысты+.