Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 1/10 11–13 фф.
  • Дӕ пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ не сты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ не сты?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм Хуыцауы фӕндтӕ куы ницӕмӕ фӕдарынц, уӕд цы ’рцӕуы?
  • Хъӕздыг лӕджы ӕнӕзонд ми
  • «Ӕнӕмӕт» цард
  • «Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Йегъовӕ дын «дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Царды сӕйрагдӕр цы у?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Ӕмбисӕндтӕ 16:3. «Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн»
    Библийы стихтӕн сӕ хъуыды
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 1/10 11–13 фф.

Дӕ пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ не сты?

ЦӔГАТ Америкӕйы иуӕй-иу хъӕдты цӕры урс ӕмӕ фӕныкхуыз хӕццӕ зараг цъиу. Зымӕгмӕ ӕрӕмбырд кӕны 33 000 фылдӕр ӕхсӕртӕ ӕмӕ алыхуызон мыггӕгтӕ ӕмӕ сӕ бамбӕхсы 2 500 бынаты. Йӕхицӕн ӕвӕрӕнтӕ куыд кӕны, уымӕй бӕрӕг у, «ӕрдзӕй зондджын» кӕй у, уый (Ӕмбисӕндтӕ 30:24).

Адӕмӕн сӕ бон цы у аразын, уый та ноджы диссагдӕр у. Йегъовӕ зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕст адӕймагӕн у йӕ бон, раздӕры хабӕрттӕй цыдӕр зондӕн райсын ӕмӕ афтӕмӕй фидӕнмӕ пълӕнттӕ аразын. «Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис»,– загъта зондджын паддзах Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 19:21).

Фӕлӕ пълӕнттӕ кӕнгӕйӕ арӕхдӕр адӕм бӕлвырд нӕ фӕзонынц, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Зӕгъӕм, райсоммӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ пълан кӕныс, уымӕн ӕмӕ дӕ ныфс ис, хур кӕй скӕсдзӕн ӕмӕ удӕгас кӕй уыдзынӕ. Хур кӕй скӕсдзӕн, уый дызӕрдыггаг нӕу, фӕлӕ дыккаг хъуыддагӕй уый зӕгъын зын у. Уымӕ гӕсгӕ Библи фысджытӕй иу, Иаков, загъта: «Райсом уыл цы ’рцӕудзӕн, уый дӕр нӕ зонут» (Иаковы 4:13, 14).

Йегъовӕ Хуыцау та зоны, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Йӕ фӕндон алкӕддӕр йӕ къухы бафты. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Мӕ фӕнд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ мӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сараздзынӕн» (Исай 46:10). Фӕлӕ цы ’рцӕуы, адӕймаджы пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд?

Адӕм Хуыцауы фӕндтӕ куы ницӕмӕ фӕдарынц, уӕд цы ’рцӕуы?

Цыппар мин азы размӕ адӕм Вавилоны мӕсыг аразын райдыдтой, цӕмӕй зӕххыл ма апырх уыдаиккой. «Нӕхицӕн саразӕм горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл кӕмӕн ӕндзӕва, ахӕм мӕсыг, ӕмӕ нӕхицӕн ном скӕнӕм, цӕмӕй зӕххы цъарыл алырдӕмты ма ныппырх уӕм» (Райдиан 11:4).

Фӕлӕ Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй бынтон ӕндӕр фӕнд уыд. Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Райдиан 9:1). Цы цӕстӕй ракаст Хуыцау Вавилоны мӕсыгаразджыты фӕндонмӕ? Се ’взаг сын схӕццӕ кодта ӕмӕ кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой. Афтӕмӕй «сӕ Йегъовӕ ныппырх кодта ӕгас зӕххы цъарыл» (Райдиан 11:5–8). Вавилоны мӕсыгаразджытӕ бамбӕрстой иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕмы пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд «сӕххӕст вӕййы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕнд» (Ӕмбисӕндтӕ 19:21). Цымӕ нӕ ахӕм рагон хабӕрттӕ истӕуыл ахуыр кӕнынц?

Хъӕздыг лӕджы ӕнӕзонд ми

Чи зоны дӕм мӕсыг аразыны фӕнд нӕй, фӕлӕ абон бирӕтӕ архайынц, цӕмӕй сын банчы бирӕ ӕхца уа, хъӕздыгдзинад ӕрӕмбырд кӕной ӕмӕ зӕрондӕй ӕнӕмӕт цард кӕной. Адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы ма уа, ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Паддзах Соломон ныффыста: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хӕра, нуаза ӕмӕ йӕ фыдӕбоныл цин кӕна. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:13).

Уыцы лӕварӕй куыд пайда кӕнӕм, уый тыххӕй дзуапп дӕттӕм Йегъовӕйӕн. Дыууӕ мин азы размӕ Йесо Чырысти уыцы хъуыды бамбарын кӕнынӕн радзырдта иу фӕсномыг ныхас. «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ӕрзади бирӕ хор. Гъемӕ хъуыдытӕ кӕнын байдыдта: „Ныр цы кӕнон? Кӕм бафснайон мӕ тыллӕг?“ Ӕмӕ загъта: „Мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: мӕ хордӕттӕ фехалдзынӕн ӕмӕ стырдӕртӕ сараздзынӕн, ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр уым бафснайдзынӕн. Стӕй мӕхицӕн зӕгъдзынӕн: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ» (Лукайы 12:16–19). Мыййаг, хъӕздыг лӕджы фӕндты ӕвзӕрӕй исты уыд? Статьяйы райдиан цы цъиуы кой кодтам, уыйау ацы лӕг дӕр йӕ фидӕныл тыхсти, ӕвӕрӕнтӕ кодта.

Фӕлӕ уыцы пълӕнттӕ кӕнгӕйӕ иу хъуыддаг ферох кодта. Дарддӕр Чырысти загъта: «Фӕлӕ йын Хуыцау афтӕ бакодта: „Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв дын дӕ цард байсдзысты, ӕмӕ уӕд, цы фӕллӕйттӕ скодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?“» (Лукайы 12:20). Цымӕ Соломон афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, фыдӕбон, хӕрд ӕмӕ нозт Хуыцауы лӕвар сты, уыимӕ Чырысти разы нӕ уыд? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Уӕдӕ цӕй кой кодта? «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн»,– загъта Чырысти (Лукайы 12:21).

Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесо Чырысти йӕ ныхасмӕхъусджытӕн бамбарын кодта: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, исты куы пълан кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыдыйы дарӕм йӕ фӕндон. Ацы хъӕздыг лӕгӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты дӕр хъӕздыг уыдаид. Уый тыххӕй йӕ хъуыди фадӕттӕ агурын, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы ноджы фылдӕр бынат уыдаид Хуыцауӕн, агуырдтаид дзы зонд ӕмӕ адӕмы уарзтаид. Фӕлӕ ацы адӕймаг уыдӕттӕм нӕ тырныдта. Йӕ зӕрды нӕ уыд йӕ бирӕ тыллӕгӕй мӕгуыртӕн фӕхай кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссын. Ахӕм хъуыддӕгтӕ уыдаиккой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ацы лӕгӕн сӕйрагдӕр уыди йӕхи уды мӕт.

Куыд хъуыды кӕныс, Чырысти цы хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уыйау абон дӕр бирӕтӕн мулк ӕмӕ ӕнӕмӕт цард сӕйрагдӕр не сты? Хъӕздыг уӕм ӕви мӕгуыр, царды мӕт ӕмӕ хъӕздыгдзинад йеддӕмӕ куы ницӕуыл хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ферох уыдзӕн. Цы саразӕн ис, цӕмӕй афтӕ ма рауайа?

«Ӕнӕмӕт» цард

Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы цы хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уымӕй уӕлдай ды, чи зоны, ӕхцайӕ цух ӕййафыс. Фӕлӕ дын кӕд бинонтӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, архайыс, цӕмӕй мацы хъуаг уой, дӕ сывӕллӕттӕ та хорз сахуыр кӕной. Кӕд дын бинонтӕ нӕй, уӕд дӕр дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй куыст ссарай кӕнӕ дӕ куыст ма фесафай ӕмӕ дӕхи дарын хъом уай. Ахӕм фӕндты ӕвзӕрӕй ницы ис (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10–12; 1 Тимофеймӕ 5:8).

Фӕлӕ кӕд адӕймаг кусы, хӕры ӕмӕ нуазы, ома иууылдӕр куыд цӕрынц, афтӕ цӕры, уӕд дӕр, чи зоны, уый Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ уа. Уымӕн гӕнӕн куыд ис? Чырысти загъта: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыд, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр» (Матфейы 24:37–39).

Доны Хъаймӕты размӕ адӕммӕ сӕ цард хорз каст. Фӕлӕ сӕ бӕллӕх уый мидӕг уыд, ӕмӕ Хуыцау фыдгӕнджыты фесафын кӕй сфӕнд кодта, уый сӕм «нымады дӕр» нӕ уыд. Ной куыд цард, уый сӕм тынг ӕнахуыр каст. Фӕлӕ Доны Хъаймӕт куы райдыдта, уӕд рабӕрӕг, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ раст кӕй цардысты.

Бӕрӕг у, абон фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм (Матфейы 24:3–12; 2 Тимофеймӕ 3:1–5). Тагъд Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн» ацы дуне (Данел 2:44). Зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн (Исай 33:24; Раргомад 21:3–5). Адӕм ӕмӕ сырдтӕ кӕрӕдзийы нӕ хъыгдардзысты, хӕринаг та уыдзӕн парахат (Псалом 72:16; Исай 11:6–9).

Цалынмӕ ацы дуне нӕ фесӕфа, уӕдмӕ Йегъовӕйы фӕндон у, цӕмӕй йӕ Паддзахады тыххӕй «хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матфейы 24:14). Ӕмӕ уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ авд милуаны бӕрц Йегъовӕйы Ӕвдисӕны 236 бӕстӕйы 400 ӕвзагӕй фылдӕрыл хъусын кӕнынц хорз хабар.

Ацы дунейы адӕммӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнахуыр адӕм сты, худгӕ дӕр сыл фӕкӕнынц (2 Петры 3:3, 4). Доны хъаймӕты размӕ куыд уыди, афтӕ абон дӕр, адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ царды мӕт йеддӕмӕ ницы кӕнынц. Уыдон куыд цӕрынц, афтӕ чи нӕ цӕры, уыцы адӕмы нымайынц ӕнӕзӕндтыл. Фӕлӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл чи ӕууӕнды, уыдон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнӕзонд мийыл нӕ нымайынц.

Уӕдӕ хъӕздыг уӕм ӕви мӕгуыр, хорз уаид куы-иу ахъуыды кӕниккам, фидӕнмӕ нӕм цы пълӕнттӕ ис, ууыл. Ахъуыды-иу кӕнӕм: «Мыййаг, мӕ пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ не сты?»

[Ныв 11 фарсыл]

Адӕймагӕн йӕ пълӕнттӕ Хуыцауы фӕндты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд «сӕххӕст вӕййы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕнд»

[Ныв 12 фарсыл]

Пълӕнттӕ кӕнгӕйӕ хъӕздыг лӕг Хуыцауы фӕндтӕ ферох кодта

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын