«Хуыцауы базыдтат». Дарддӕр та цы араздзыстут?
«[Сымах] Хуыцауы базыдтат» (ГАЛ. 4:9).
1. Пилот цалынмӕ хӕдтӕхӕгыл не стӕхы, уӕдмӕ уал ӕй списокмӕ ӕркӕсын цӕмӕн фӕхъӕуы?
ПИЛОТ цалынмӕ хӕдтӕхӕгыл не стӕхы, уӕдмӕ уал алы хатт дӕр ӕркӕсы, алцыдӕр дзы хорз кусы ӕви нӕ, уымӕ. Уый тыххӕй йӕм вӕййы список ӕмӕ дзы фыст вӕййы, ӕркӕсын ӕй цӕмӕ хъӕуы, уыдӕттӕ. Уыцы списокмӕ гӕсгӕ алцыдӕр куы не сбӕрӕг кӕна, уӕд ын бӕллӕхы бахауынӕй бирӕ тӕссагдӕр уыдзӕн. Зоныс ӕй, сӕйраджыдӕр цавӕр пилотты фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй-иу уыцы списокмӕ ӕркӕсой? Рагӕй чи кусы, ахӕмты! Фӕлтӕрд пилот, чи зоны, йӕхиуыл фервӕсса ӕмӕ хӕдтӕхӕг стӕхын кӕныны размӕ алцӕмӕ дӕр ма ӕркӕса.
2. Нӕ хъус лӕмбынӕг цӕмӕ хъуамӕ дарӕм?
2 Пилоты йӕ списокмӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ сбӕрӕг кӕнын куыд фӕхъӕуы, афтӕ мах дӕр фӕхъӕуы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ сбӕрӕг кӕнын. Уый фӕрцы-иу базондзыстӕм, нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, цӕмӕй нын зын сахат ма фӕцуда. Донаргъуыд ӕрӕджы райстам ӕви Хуыцауӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, уымӕ. Уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд зындзинӕдты рӕстӕг нӕ уырнындзинад фӕцуддзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нал уыдзыстӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа» (1 Кор. 10:12).
3. Галатийы цӕрӕг чырыстӕтты цы хъуыди аразын?
3 Фыццаг ӕнусы Галатийы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди сбӕрӕг кӕнын, сӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ. Стӕй сӕ хъуыди аргъ кӕнын, Хуыцау сӕ цы диссаджы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уымӕн – Чырыстийы нывонды фӕрцы сын фадат фӕзынд, цӕмӕй Хуыцауы фырттӕ суыдаиккой! Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы базыдтаиккой, уымӕй размӕ йӕ куыд нӕ зыдтой, афтӕ (Гал. 4:9). Цӕмӕй уыцы стыр арфӕдзинадӕй сӕхи ӕнӕхай ма фӕкодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ сӕхи хызтаиккой дзуттаг дины ахуырӕдтӕй. Суанг ма ӕмбырды дӕр иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, цӕмӕй Хуыцауы раз рӕстгӕнӕгыл нымад уай, уый тыххӕй Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг у. Фӕлӕ Хуыцау уыцы закъон ӕххӕст кӕнын нал домдта. Уымӕй уӕлдай ма, ӕмбырды ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон Моисейы закъоны дӕлбар никуы уыдысты! Дзуттӕгты дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны дӕр хъуыди рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуын. Хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Хуыцау адӕмӕй кӕй нал домы, цӕмӕй Закъон ӕххӕст кӕной.
ХУЫЦАУЫ БАЗОНЫНӔН ЦЫ ХЪӔУЫ?
4, 5. Павел галатӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта? Павелы фыстӕг махӕн цы пайда у?
4 Апостол Павел Йегъовӕйы фӕндӕй галатӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым ӕцӕг чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасӕй цы рӕстдзинад базыдтой, уый макуы ныууагътаиккой ӕмӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм ма аздӕхтаиккой. Уыцы фыстӕг ӕрмӕст галатӕгтӕн нӕ уыд ӕххуыс. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон махӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фидар лӕууӕм.
5 Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы йӕ зӕрдыл дарын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы сфӕнд кодтам, уыцы рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ хъуыдыйаг сты мӕнӕ ацы фарстатӕ: донаргъуыд райсыны тыххӕй цавӕр къахдзӕфтӕ скодтай, уыдон ма хъуыды кӕныс? Хъуыды ма кӕныс, Хуыцауы куыд базыдтай ӕмӕ дӕ уый дӕр куыд базыдта, ома дӕ йӕ хӕларыл куыд банымадта, уый? Ӕмӕ уӕд куыд цин кодтай, уый дӕр хъуыды кӕныс?
6. Цавӕр къахдзӕфтыл аныхас кӕндзыстӕм?
6 Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд сарӕзтам фараст къахдзӕфы. (Кӕс рамкӕ «Донаргъуыд райсынӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр рӕзынӕн чи хъӕуы, уыцы къахдзӕфтӕ».) Уыцы къахдзӕфтӕ хъуамӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ ма аздӕхӕм. Фӕлтӕрд, фӕлӕ къӕрцхъус пилот хӕдтӕхӕгыл стӕхыны размӕ списокмӕ кӕй ӕркӕсы, уый фӕрцы йӕхи бӕллӕхӕй бахизы. Мах дӕр-иу, нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, уый куы сбӕрӕг кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы Хуыцауӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм.
ХУЫЦАУ ЙӔ ХӔЛӔРТТЫЛ КӔЙ НЫМАЙЫ, УЫДОН ДАРДДӔР РӔЗЫНЦ
7. Цавӕр «хуызӕгмӕ» гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм ӕмӕ цӕмӕн?
7 Пилоты алы хатт дӕр куыд фӕхъӕуы йӕ списокмӕ ӕркӕсын, афтӕ мах дӕр хъӕуы ӕдзух нӕ хъус дарын, рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр куыд цӕуӕм, уымӕ. Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, мӕнӕй кӕй фехъуыстай, уыцы раст ныхӕсты хуызӕгыл, ӕмӕ дӕм уӕнт, Йесо Чырыстиимӕ иудзинадӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад» (2 Тим. 1:13). Уыцы «раст ныхӕстӕ» ссарӕн ис Хуыцауы Ныхасы (1 Тим. 6:3). Нывгӕнӕг уал исты бӕстон сныв кӕныны размӕ цы аныв кӕны, уый фӕрцы бамбарӕн вӕййы, ӕппынфӕстаг цы сныв кӕндзӕн, уый. Афтӕ нын «раст ныхӕсты хуызӕг» дӕр ӕххуыс кӕны, Йегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр цы домы, уый бамбарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, донаргъуыды размӕ цы къахдзӕфтӕ сарӕзтам, уыдоныл ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕм, рӕстдзинады «хуызӕгмӕ» гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм ӕви нӕ.
8, 9. а) Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнын? ӕ) Дарддӕр дӕр нӕ рӕзын цӕмӕн хъӕуы? Уыцы хъуыддаг цӕмӕн ис абарӕн, бӕлас куыд фӕрӕзы, уыимӕ?
8 Фыццаг къахдзӕф уыд, зонындзинӕдтӕ кӕй райстам, уый. Ӕмӕ нӕм уый фӕрцы та фӕзынд уырнындзинад. Фӕлӕ нӕ дарддӕр дӕр хъӕуы нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнын (2 Фес. 1:3). Уӕдӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр рӕзӕм, ома Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм.
Бӕлас куы сыстыр вӕййы, уӕд дӕр фӕрӕзы. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ ӕдзух рӕзой
9 Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, бӕлас куыд фӕрӕзы, уыимӕ. Диссаг у, иуӕй-иу бӕлӕстӕ куыд бӕрзонд свӕййынц, уый, уӕлдайдӕр та сӕ уидӕгтӕ фидар куы вӕййынц, уӕд. Зӕгъӕм, Ливаны чи зайы, уыцы рӕсугъд кедрбӕлӕстӕй иуӕй-иутӕн сӕ бӕрзӕнд у 12-уӕладзыгон хӕдзары йас. Уыцы бӕлӕстӕн сӕ хъӕд бӕндӕнӕй куы ӕрбабӕттай, уӕд та уыдзӕн 12 метры бӕрц (Сол. з. 5:15). Цыфӕнды бӕлас дӕр райдианы тынг тагъд фӕрӕзы. Йӕ уидӕгтӕ куыд арфдӕр ауадзы ӕмӕ йын фӕйнӕрдӕм куыд тынгдӕр ацӕуынц, афтӕ йӕ хъӕд дӕр ставддӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр фӕкӕны. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, бӕлас кӕй рӕзы, уый афтӕ тынг нал вӕййы бӕрӕг. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, чырыстонӕн йӕ уырнындзинад куыд фӕрӕзы, уымӕй дӕр. Чи зоны, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕ уырнындзинад тагъд сырӕзт ӕмӕ донаргъуыд райстам. Уый ӕмбырды иннӕтӕ дӕр уыдтой ӕмӕ цин кодтой. Чи зоны, пионерӕй лӕггад кӕнын йе та ӕндӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр райдыдтам. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ ӕнцон фенӕн мауал уа, куыд рӕзӕм, уый. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр рӕзӕм, ома нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнӕм, нӕ уырнындзинад та – фидардӕр, «цалынмӕ нӕ лӕджы кары нӕ бацӕуӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзӕм, уӕдмӕ» (Еф. 4:13). Уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ кӕддӕры гыццыл тала сырӕзт ӕмӕ дзы цы фидар бӕлас рауад, уый дарддӕр дӕр рӕзы.
10. Фӕлтӕрд чырыстӕтты дӕр цӕмӕн хъӕуы дарддӕр рӕзын?
10 Фӕлӕ хъуамӕ ууыл дӕр ма ӕрлӕууӕм. Нӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ уырнындзинад абарӕн ис уидӕгтимӕ. Ӕмӕ уыцы уидӕгтӕ хъуамӕ ноджы арфдӕр ауадзӕм, цӕмӕй уӕм фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (Ӕмб. 12:3). Афтӕ чи архайы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ не ’хсӕн бирӕ ис. Зӕгъӕм, ӕртын азӕй фылдӕр хистӕр нӕлгоймагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр дзуры, ныр дӕр ма кӕй архайы йӕ уырнындзинад рӕзын кӕныныл. Уый зӕгъы: «Ӕз бонӕй-бонмӕ Библийӕн тынгдӕр аргъ кӕнын. Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕй кӕм ис спайда кӕнӕн, ахӕм фадӕттӕ ноджы фылдӕр ссарын. Стӕй мӕ лӕггадӕн дӕр тынгдӕр аргъ кӕнын».
ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН
11. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын?
11 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад рӕза ӕмӕ фидардӕр кӕна, уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Хӕлар уа. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый. Фӕнды йӕ, цӕмӕй, сывӕллонӕн йӕ уарзӕгой ныййарӕгимӕ йе та адӕймагӕн йе ’нувыд ӕмбалимӕ куыд хорз вӕййы, махӕн дӕр йемӕ афтӕ уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕмӕ иу бонмӕ нӕ баввахс уыдзыстӕм. Цӕмӕй йӕ хорз базонӕм ӕмӕ йӕ бауарзӕм, уый тыххӕй рӕстӕг хъӕуы. Уӕдӕ-иу алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу ын йӕ Ныхас, Библи, бакӕсай. Стӕй-иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы алы номыр дӕр ӕмӕ нӕ публикацитӕй иннӕтӕ дӕр бакӕс. Уый фӕрцы Хуыцауы хуыздӕр базондзынӕ ӕмӕ йӕм баввахсдӕр уыдзынӕ.
12. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм?
12 Хуыцаумӕ ма ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, куы йӕм кувӕм ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ иумӕ куы ӕмбырд кӕнӕм, уӕд дӕр. (Бакӕс Малахийы 3:16.) Йегъовӕ алкӕддӕр хъусы йӕ хӕлӕртты «зӕрдиаг куывдтытӕ» (1 Пет. 3:12). Ӕххуысмӕ йӕм куы фӕдзыназӕм, уӕд нӕм уарзӕгой фыдау лӕмбынӕг фӕхъусы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ «ӕппынӕдзух кувӕм» (Ром. 12:12). Цӕмӕй дарддӕр Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы йе ’ххуыс. Ацы дунейы нӕхи хъарутӕй нӕ бон нӕ бауыдзӕн зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ фӕлварӕнты ныхмӕ фидар лӕууын. Хуыцауӕн та йӕ бон у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй нын хъарутӕ дӕтта. Фӕлӕ йӕм куы нал кувӕм, уӕд уыцы ӕххуысӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм. Хуыцаумӕ куыд фӕкувыс, уый тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Дӕ хуыздӕр ӕмбалимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ фӕныхас кӕныс йемӕ? Ӕви дӕ уыцы хъуыддаджы исты фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы? (Йер. 16:19).
13. Цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ не ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлын цӕмӕн хъӕуы?
13 Йегъовӕйӕн зынаргъ сты, «йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдон». Уӕдӕ Хуыцауы куы базонӕм, уый фӕстӕ дӕр хъуамӕ цӕуӕм ӕмбырдтӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уыдзыстӕм, Хуыцау йӕ зынаргъ хӕлӕрттыл кӕй нымайы, уыдонимӕ (Наум 1:7). Ацы фыддунейы цӕргӕйӕ адӕймагӕн йӕ ныфс арӕх асӕтты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕмбӕлӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ. Цымӕ нын уый хорзӕй цы хӕссы? Ӕмбырды чи ис, уыдон нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, стӕй нӕ фӕразӕнгард кӕнынц «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25). Не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ куы не ’мбӕлӕм, уӕд Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын дӕр нӕ бон нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ ӕдзухдӕр цу ӕмбырдтӕм ӕмӕ дзы архайгӕ дӕр кӕн.
14. Ныр дӕр нӕ цӕмӕн фӕхъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ нӕ царды цыдӕртӕ аивын?
14 Цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууыдаиккам, уый тыххӕй нӕ хъуыди ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ нӕ цард аивын, ома нӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Фӕлӕ-иу нӕ ныр дӕр фӕхъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ цыдӕртӕ аивын. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ мидӕг цӕры тӕригъӕд. Ӕмӕ тӕригъӕд та маргджын калмӕй уӕлдай нӕу, ӕдзух ныл хъавы йӕхи ныццӕвын (Ром. 3:9, 10; 6:12–14). Уӕдӕ хъуамӕ цырддзаст уӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ницы хъӕндзинӕдтӕ мӕм ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын ныфсы хос уый у, ӕмӕ, нӕ хъӕндзинӕдтимӕ кӕй тох кӕнӕм ӕмӕ нӕхи фӕивыныл кӕй архайӕм, уый Йегъовӕ уыны ӕмӕ нын быхсы (Фил. 2:12; 2 Пет. 3:9). Цӕмӕй уыцы тохы уӕлахиз кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй ӕмӕ нӕ хъарутӕй нӕ хиуарзон фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн ма пайда кӕнӕм, фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Иу хо ныффыста: «Гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдтон рӕстдзинад. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ тынг карз Хуыцау у ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын мӕ бон никуы бауыдзӕн». Йегъовӕимӕ хорз хӕларау ӕнгом кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй фӕстӕдӕр цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта. Нӕ хо загъта: «Афтӕ уый тыххӕй нӕ рауад, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ уарзтон, фӕлӕ йӕ хорз кӕй нӕ зыдтон, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕм бирӕ фӕкуывтон, ӕмӕ архайын райдыдтон, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздӕхтаин». Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта: «Йегъовӕ мӕ кодта сывӕллонау, амыдта мын, цы аразын мӕ хъӕуы, уый. Размӕ цӕуын мӕ цы цӕлхдуртӕ хъыгдардтой, уыдоны сӕрты иу иннӕйы фӕдыл ахызтӕн, фӕлмӕнӕй мын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы».
15. Йесо ӕмӕ Йегъовӕ цы уынынц?
15 «Адӕмӕн дзурут» хорз хабары тыххӕй. Афтӕ Хуыцауы зӕд загъта Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕн, ахӕстонӕй диссаджы хуызы куы ссӕрибар сты, уӕд (Хъуыд. 5:19–21). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, алы къуыри дӕр хъусын кӕнӕм ӕви нӕ. Йесо ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст нӕ уырнындзинад нӕ уынынц, фӕлӕ ма нӕ лӕггад дӕр (Рарг. 2:19). Гыццыл раздӕр цы хистӕр нӕлгоймаджы кой кодтам, уый афтӕ загъта: «Хъусын кӕнын у нӕ сӕйраг куыст».
16. Йегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, ууыл хъуыды кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы?
16 Хъуыды-иу кӕн, Хуыцауӕн дӕхи кӕй снывонд кодтай, уый дын цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уымӕй зынаргъдӕр нын ницы ис. Уый зоны, йӕхи йӕ дӕлбар чи бакодта, уыдоны. (Бакӕс Исайы 44:5.) Уӕдӕ-иу сбӕрӕг кӕн, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр дӕ хӕлар у ӕви нӕ, ӕмӕ йӕм кув, цӕмӕй дын уыцы хӕлардзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна. Стӕй ма дӕ зӕрдыл дар, донаргъуыд кӕд райстай, уыцы ахсджиаг бон дӕр. Донаргъуыд райсгӕйӕ равдыстай, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай. Ӕмӕ уый та уыд дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф.
ФИДАРДЗИНАД ӔНӔМӔНГ У, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔМӔ АЛКӔДДӔР ӔВВАХС УӔМ
17. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй нӕ фидардзинад цӕмӕн хъӕуы?
17 Павел галатӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым сын се ’ргом раздӕхта, фидардзинад сӕ кӕй хъӕуы, уымӕ (Гал. 6:9). Абон дӕр чырыстӕтты хъӕуы уыцы миниуӕг. Зындзинӕдтыл нырма ӕмбӕлдзынӕ, фӕлӕ дын Йегъовӕ алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Хуыцауӕй ӕдзухдӕр кур йӕ сыгъдӕг тых, ӕмӕ-иу уӕд фендзынӕ, дӕ маст циндзинадӕй куыд раивдзӕн, дӕ зӕрдӕйы рыст та – фарнӕй (Матф. 7:7–11). Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Йегъовӕ мӕргътыл тыхсы, уӕд дӕуыл та, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕхи чи снывонд кодта, ууыл, куыннӕ хъуамӕ тыхса! (Матф. 10:29–31). Цыфӕнды фӕлварӕны ма уай, уӕддӕр дӕ ныфс макуы асӕттӕд, дӕ раздӕры цардмӕ макуы аздӕх. Йегъовӕ нӕ кӕй зоны ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымайы, уый фӕрцы хайджын стӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй!
18. Хуыцауы чи базыдта, уыдоны алкӕй дӕр дарддӕр цы аразын хъӕуы?
18 Уӕдӕ кӕд Хуыцауы ӕрӕджы базыдтай ӕмӕ донаргъуыд дӕр ӕрӕджы райстай, уӕд дарддӕр цы араздзынӕ? Архай, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонай ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстон суай. Ӕмӕ кӕд донаргъуыд бирӕ азты размӕ райстай, уӕд та? Уӕд дӕр хъуамӕ архайай, цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы хуыздӕр базонай ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай. Нӕхиуыл хъуамӕ макуы фервӕссӕм, зӕгъгӕ, ӕз ӕнӕуи дӕр Йегъовӕйы хорз зонын ӕмӕ мын уый фаг у. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу нӕ алчидӕр хъуамӕ сбӕрӕг кӕна, ацы статьяйы дзырд кӕуыл цыд, уыцы хъуыддӕгты куыд архайӕм, уый. Ӕмӕ уӕд ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ – нӕ уарзӕгой Фыд, нӕ Хӕлар ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:5, 6.)