Йегъовӕйы адӕмӕн «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй» ницы ис
«Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд» (2 ТИМ. 2:19).
1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын уӕлдай ахсджиаг цы у?
ЧИ ЗОНЫ, искуы федтай Йегъовӕйы ном цавӕрдӕр бӕстыхайыл кӕнӕ музейы цавӕрдӕр рагон дзаумайыл фыстӕй. Ӕвӕццӕгӕн дӕм уый диссаг фӕкаст, стӕй дын ӕхсызгон дӕр куыннӕ уыдаид. Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, Хуыцауы ном уӕлдай ахсджиаг у. Ӕгас зӕххыл дӕр ӕндӕр ахӕм адӕм нӕй, ӕмӕ Хуыцауы номимӕ афтӕ ӕнгом баст уой. Фӕлӕ мах зонӕм уый, ӕмӕ, Хуыцауӕн йӕ ном кӕй хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл йӕ разы цавӕрдӕр хӕстӕ дӕр ис.
2. Хуыцауы ном кӕй хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл цавӕр хӕс ис?
2 Цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ йын йӕ ном хӕссӕм ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кувӕм. Хъуамӕ ма йын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ дӕр цӕрӕм. Библийы дӕр уымӕн ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы адӕм хъуамӕ «сӕхи хизой ӕвзӕрдзинадӕй» (Пс. 34:14). Ӕмӕ апостол Павел дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:19.) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зындгонд сты, Хуыцауы йӕ номӕй кӕй хонынц, уымӕй. Фӕлӕ нын цӕмӕй фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа, уый тыххӕй та цы хъуамӕ аразӕм?
ФЫДДЗИНАДӔЙ «ИУВАРС АЦӔУТ»
3, 4. Библииртасджыты рагӕй фӕстӕмӕ Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ цымыдис кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?
3 Павел 2 Тимофеймӕ 2:19 стихы ныффыста, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта», уый тыххӕй ӕмӕ, уыцы бындурыл мыхуырӕвӕрдау чи ис фыст, дыууӕ ахӕм хъуыдыйы тыххӕй. Фыццаг хъуыды дзы у, «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты», зӕгъгӕ, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ист у Нымӕцты 16:5 стихӕй. (Кӕс айразмӕйы статья.) Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн дыккаг хъуыдыйы тыххӕй та, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд», зӕгъгӕ? Ацы ныхӕстӕ библииртасджыты рагӕй фӕстӕмӕ цымыдис кӕнынц. Цымӕ цӕмӕн?
4 Уыцы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ афтӕ ахъуыды кӕнӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр Дзуттаг Фыстытӕй ист сты. Фӕлӕ Дзуттаг Фыстыты ахӕм ныхӕстӕ никуы ӕмбӕлы. Уӕдӕ цымӕ уӕд Павел цӕй кой кодта? Уый хӕдразмӕ Павел загъта, Нымӕцты 16-ӕм сӕры цы хъуыды ис фыст, уый. Уыцы сӕры дзырд цӕуы, Корей куыд сызмӕста, уый тыххӕй. Ӕмӕ цымӕ уӕд ахӕм хатдзӕг ис скӕнӕн, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ дӕр, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд», зӕгъгӕ, уыцы хабаримӕ баст сты?
5–7. Павел 2 Тимофеймӕ 2:19 стихы цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон цавӕр хабаримӕ баст сты? (Кӕс нывмӕ 12 фарсыл.)
5 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Елиавы фырттӕ Дафан ӕмӕ Авирон Кореимӕ баиу сты ӕмӕ адӕмы Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ скодтой (Ным. 16:1–5). Уыдон ӕргом ӕвдыстой, Моисейӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕм Хуыцауӕй цы бартӕ уыд, уыдон дӕр кӕй ницӕмӕ дарынц. Уыцы змӕнтджытӕ уӕддӕр цардысты Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн тӕссаг уыди, сӕ зондӕй куы фӕхъӕстӕ уыдаиккой, уымӕй. Уӕдӕ Йегъовӕ хъуамӕ равдыстаид, йӕ адӕмӕй йыл иузӕрдион чи у ӕмӕ йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уый. Ӕмӕ уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд уал фыццаг йӕ адӕмӕн загъта, цы бакӕнын сӕ хъӕуы, уый.
6 Библийы кӕсӕм: «Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: „Адӕмӕн зӕгъ: „Иуварс ацӕут Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй!“ Ӕмӕ Моисей ацыд Дафан ӕмӕ Авиронмӕ, йемӕ ацыдысты Израилы хистӕр лӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ адӕмӕн загъта: „Уӕ хорзӕхӕй, ацы фыдадӕмы цатыртӕй иуварс ацӕут ӕмӕ, уыдоны цы у, уыдӕттӕй мацӕмӕ бавналут, цӕмӕй сымах дӕр сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ма фесӕфат“. Ӕмӕ уыдон уайтагъд иуварс ацыдысты Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй» (Ным. 16:23–27). Уӕд Йегъовӕ змӕнтджыты се ’ппӕты дӕр фесӕфта. Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ та удӕгасӕй баззадысты. Цӕй фӕрцы? Уыдон змӕнтджытӕй сӕхи иуварс айстой ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, фыддзинадимӕ сын иумӕйагӕй кӕй ницы ис.
7 Куыд федтам, афтӕмӕй, Павел 2 Тимофеймӕ 2:19 стихы цы ныхӕстӕ ныффыста, «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты», зӕгъгӕ, уыдон ист сты Нымӕцты 16:5 стихӕй. Ӕмӕ афтӕ куы загъта, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд», зӕгъгӕ, уӕд та, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ хъуыдыйы уыди, Нымӕцты 16:23–27 цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Павел кӕй загъта, уыцы дыууӕ хъуыдыйы хауынц уыцы иу хабӕрттӕм. Цымӕ Павелы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕ уыны, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый. Уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты зоны ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй фыдгӕнджытӕй сӕхи дард ласой.
«ДӔХИ ХИЗ ӔНӔЗОНД ӔМӔ ДЗӔГЪӔЛ РАДЗУР-БАДЗУРТӔЙ»
8. Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувай ӕмӕ чырыстон ӕмбырдӕй уай, ӕрмӕст уый фаг цӕуылнӕ у?
8 Павел йӕ фыстӕджы, Моисейы рӕстӕджы чи ’рцыд, уыцы хабӕртты кой кӕй скодта, уымӕй Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ фӕндфидарӕй архайдтаид, цӕмӕй йын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕдтаид. Уый тыххӕй, адӕймаг чырыстон ӕмбырдӕй уыдаид, ӕрмӕст уый фаг нӕ уыд. Ӕмӕ Моисейы рӕстӕджы дӕр, израилӕгтӕ Йегъовӕйы ном хастаиккой ӕмӕ йӕм йӕ номӕй куывтаиккой, ӕрмӕст уый нӕ уыд фаг. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сын «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа». Цымӕ Тимофейӕн уый цӕуыл дзурӕг уыд? Ӕмӕ абон махӕн та цӕуыл дзурӕг у?
9. «Ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕ» фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырдыл куыд фӕзындысты?
9 Чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сын фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа? Уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы ис бӕлвырд уынаффӕтӕ. Зӕгъӕм, Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «цыдӕр дзырдтыл ма быцӕу кодтаид» ӕмӕ «дзӕгъӕл ныхӕстӕй... йӕхи хызтаид». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:14, 16, 23.) Чырыстон ӕмбырды чидӕртӕ парахат кодтой цавӕрдӕр мӕнг ахуырӕдтӕ. Чидӕртӕ та иннӕтӕн хъардтой, быцӕутӕм-иу чи ӕркодта, ахӕм хъуыдытӕ. Кӕд уыцы хъуыдытӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, комкоммӕ уый ныхмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр ӕмбырды иудзинад хӕлдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй Павел Тимофейӕн загъта, «дӕхи хиз ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕй», зӕгъгӕ.
10. Раст дины ныхмӕ чи сси, уыдоныл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?
10 Абон ӕмбырды исчи мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын райдайа, ахӕм хабар арӕх не ’рцӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм ахуырӕдтыл сӕмбӕлӕм. Чифӕнды сӕ ма парахат кӕна, уӕддӕр сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм. Зондыл дзурӕг нӕ уаид, раст дины ныхмӕ чи сси, уыдонимӕ ныхас кӕнын куы райдаиккам, фӕнды лӕгӕй-лӕгмӕ, фӕнды Интернеты уылты, фӕнды ӕндӕр цавӕрдӕр хуызы. Кӕд семӕ уый тыххӕй ныхас кӕнӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр афтӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты хизӕм. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ахӕм адӕмӕй нӕхи дард ласӕм – хъуамӕ нын семӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа.
Раст дины ныхмӕ чи сси, уыдонимӕ ма ныхас кӕн (кӕс 10 абзац)
11. «Ӕнӕзонд... радзур-бадзуртӕм» цы ’ркӕны? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕтӕн фӕзминаг цӕмӕй хъуамӕ уой?
11 Мӕнг ахуырӕдтӕй уӕлдай ма ӕмбырды фарнӕн тӕссаг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕ ирхӕфсӕнты фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст кӕй нӕ вӕййынц, уый дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕркӕна «ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды исчи, Йегъовӕйы закъӕтты ныхмӕ чи у, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынмӕ иннӕты куы разӕнгард кӕна, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уымӕ хъуамӕ ӕнцад ма кӕсой, зӕгъгӕ, быцӕу кӕныны бӕсты фӕлтау ницы зӕгъдзыстӕм (Пс. 11:5; Еф. 5:3–5). Иннӕмӕй та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ иннӕтӕн сӕхи хъуыдытӕ хъарынц. Уыдон хъуамӕ архайой, Библийы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут... Хуыцауы бынтӕн уӕхи хицау ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:2, 3; бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:24).
12, 13. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд аскъуыддзаг кӕнынц, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзардзысты, уый? Уыцы хъуыддаджы сын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ ӕххуыс кӕнынц? ӕ) 12-ӕм абзацы цы уагӕвӕрдты кой ис, уыдон ма нын ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц?
12 Ирхӕфсӕнты кой куы кӕнӕм, уӕд нын нӕ организаци цавӕрдӕр кинонывтӕ, видеохъӕзтытӕ, чингуытӕ кӕнӕ зарджытӕ номгай нӕ ранымайы, зӕгъгӕ сӕ хъуамӕ уӕхи хизат. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Библи алы адӕймаджы дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» ахуыр кӕна (Дзут. 5:14). Хуыцауы Ныхасы ис, чырыстонӕн ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр хъуамӕ нӕ нысан уа, цӕмӕй «ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнӕм, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» (Еф. 5:10). Библимӕ гӕсгӕ бинонты хистӕртӕн уый бар ис, цӕмӕй, сӕ бинонтӕ сӕхи цавӕр ирхӕфсӕнтӕй хиздзысты, уый скъуыддзаг кӕнойa (1 Кор. 11:3; Еф. 6:1–4).
13 Цы уагӕвӕрдты кой ракодтам, уыдон нын ӕрмӕст ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ не ’ххуыс кӕнынц, фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Зӕгъӕм, алкӕмӕн дӕр нӕ йӕхи хъуыды ис, нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цавӕр хъуамӕ уа, не ’нӕниздзинадмӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм, цавӕр хӕринӕгтӕ хъуамӕ хӕрӕм ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ исчи ацы хъуыддӕгты фӕдыл иннӕтӕн йӕхи хъуыды хъарын райдайа, ӕмӕ уый быцӕутӕм ӕркӕна. Уӕдӕ зондыл дзурӕг уаид, Библийы уагӕвӕрдтӕ чи нӕ халы, ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй чырыстӕттӕ куы нӕ быцӕу кӕниккой, уымӕн ӕмӕ «Хицауы цагъар... хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн [кӕнӕ «уӕздан; сабыр», фип.]» (2 Тим. 2:24).
ДӔХИ ХИЗ ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔЙ!
14. Павел цавӕр цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, нӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй кӕй хъуамӕ хизӕм, уый?
14 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ма сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа»? Хъуамӕ сӕхи хизой ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй. Павел, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта», уый кой куы скодта, уый фӕстӕ ӕрхаста ӕндӕр цӕвиттон. Уый ныффыста: «Стыр хӕдзары та ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ ма хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Ӕмӕ дзы иутӕ вӕййынц, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕмтӕ, иннӕтӕ та, ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ» (2 Тим. 2:20, 21). Уый фӕстӕ Павел чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой, «ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтимӕ» кӕй ис абарӕн, уыцы адӕмӕй.
15, 16. Павел «стыр хӕдзары» тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уый нын цӕуыл дзурӕг у?
15 Цымӕ ацы цӕвиттон цӕмӕ амоны? Павел чырыстон ӕмбырд абарста «стыр хӕдзаримӕ», ӕмӕ дзы цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдоны та – «мигӕнӕнтимӕ», ома хӕдзары цы дзауматӕ вӕййы, уыдонимӕ. Хӕдзары мигӕнӕнтӕй искӕцы ахӕм истӕмӕй куы счъизи уа, ӕмӕ дзы дарддӕр пайда кӕнын тӕссаг уа, уӕд ӕй хӕдзары хицау иннӕ мигӕнӕнтӕй, зӕгъӕм, хӕринаг аразынӕн кӕмӕй фӕпайда кӕны, уыдонӕй, хицӕнӕй сӕвӕрдзӕн.
16 Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм архайынц, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уой. Ӕмӕ ӕмбырды ахӕмтӕ куы уа, ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц, уӕд семӕ хъуамӕ ма лымӕн кӕнӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:33.) Ӕмӕ кӕд, ӕмбырдӕй чи у, уыдонӕй ис афтӕ зӕгъӕн, уӕд, ӕмбырдӕй чи нӕу, уыдонӕй та – уӕлдайдӕр! Уыдонӕй бирӕтӕ сты ӕхцауарзаг, сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц, сты мӕнгард, иннӕты фыдкой кӕнынц, сты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарзынц, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕуынц, Хуыцауы нӕ уарзынц, фӕлӕ уарзынц ирхӕфсӕнтӕ (2 Тим. 3:1–5).
ЙЕГЪОВӔ АРФӔ КӔНЫ, ИУЗӔРДИОН ЫЛ ЧИ У, УЫДОНӔН
17. Иузӕрдион израилӕгтӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй сын фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид?
17 Йегъовӕ израилӕгтӕн куы загъта, «иуварс ацӕут Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй», зӕгъгӕ, уӕд, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдон «уайтагъд иуварс ацыдысты» (Ным. 16:24, 27). Уыдон, куыд бакӕной, ууыл нӕ дызӕрдыг кодтой, стӕй ракӕ-бакӕ дӕр нӕ кодтой. Уыцы иузӕрдион израилӕгтӕ бакодтой, куыддӕриддӕр сын загъд уыд, афтӕ. Уыдоны нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрстаиккой. Уыцы израилӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кастысты ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ бӕлвырд равдыстой, Йегъовӕйы фарс кӕй сты, фыддзинадимӕ та сын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Мах та сӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
18. Павел Тимофейӕн афтӕ куы загъта, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?
18 Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй нын тӕссаг куы уа, уӕд хъуамӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ ӕмӕ фӕндфидарӕй архайӕм, цӕмӕй нын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм. Павел дӕр уый кой кодта, Тимофейӕн афтӕ куы загъта, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз», зӕгъгӕ (2 Тим. 2:22). Уыцы рӕстӕг Тимофей гыццыл лӕппу нал уыд, 30 азӕй йыл фылдӕр цыдаид. Фӕлӕ йын Павел уыцы уынаффӕ уый тыххӕй радта, ӕмӕ ӕнӕзонд монцтӕ ӕрмӕст ӕрыгӕттӕм нӕ фӕзынынц. Тимофеймӕ ахӕм монцтӕ куы фӕзындаид, уӕд сӕ хъуамӕ «дард лыгъдаид». Ӕндӕр ныхӕстӕй, Тимофей хъуамӕ архайдтаид, цӕмӕй йын «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид». Йесо дӕр уый кой кодта, афтӕ куы загъта: «Кӕд дӕ дӕ цӕст рӕдийын кӕны, уӕд уый дӕр скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Матф. 18:9). Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ йын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уыцы чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ архайой фӕндфидарӕй ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ.
19. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ куыд архайынц, цӕмӕй сын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕной?
19 Раздӕр фыднозт чи кодта, фӕлӕ стӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, уыдонӕй чидӕртӕ сӕхицӕн загътой, нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр кӕй нал бацӕудзысты. Чидӕртӕ та сӕхи хизынц цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕй, кӕд сӕ ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ тӕрсынц, уыцы ирхӕфсӕнты тыххӕй сӕм раздӕрау ӕнӕгъдау хъуыдытӕ куы фӕзына, уымӕй (Пс. 101:3). Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр, цалынмӕ Ӕвдисӕн не сси, уӕдмӕ-иу арӕх цыди, адӕм-иу сӕхи ӕнӕгъдау кӕм дардтой, ахӕм хъазтизӕртӕм. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъазтизӕрты ӕппындӕр нал кафы, кӕд дзы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ ничи вӕййы, уӕддӕр. Ахӕм уынаффӕ уымӕн рахаста, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй та йӕм ӕнӕгъдау фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ фӕзына. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ чырыстӕттӕй уый бар никӕмӕн ис, ӕмӕ нуаза, кафа кӕнӕ, ӕвзӕр схонӕн кӕй нӕй, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй йӕхи ирхӕфса. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ не ’ппӕт дӕр уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый хъахъхъӕнӕм.
20. Фыддзинадимӕ нын иумӕйагӕй мацы уа, ууыл архайын кӕд алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр нын ныфсы хос цы у?
20 Хуыцауы ном кӕй хӕссӕм, уый махӕн у стыр кад, фӕлӕ ныл уыимӕ ис стыр хӕс дӕр – хъуамӕ нын «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа» ӕмӕ «нӕхи хизӕм ӕвзӕрдзинадӕй» (Пс. 34:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕ алкӕддӕр уарздзӕн «йӕхиуӕтты», ома йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны. Ӕмӕ нын уый ныфсы хос куыннӕ у! (2 Тим. 2:19; бакӕс 2 Азфыстыты 16:9а).
a Кӕс нӕ сайты (jw.org) статья «Уый бар уын ис, цӕмӕй цыфӕнды кинотӕм дӕр кӕсат, цыфӕнды зарджытӕм дӕр хъусат ӕмӕ цыфӕнды чингуытӕ дӕр кӕсат?» (Кӕс МАХ ТЫХХӔЙ > АРӔХДӔР КӔЙ ФӔДӔТТЫНЦ, УЫЦЫ ФАРСТАТӔ).