Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/12 3 ф.
  • Цӕмӕн хъӕуы Библи ӕмбарын?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕмӕн хъӕуы Библи ӕмбарын?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Бамбарӕн кӕй ис, ахӕм чиныг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Библи цы публикацийы фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уый ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи нӕу, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Ацы брошюрӕтӕй пайда кӕныс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/12 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ БАМБАРЫН ДӔ БОН У

Цӕмӕн хъӕуы Библи ӕмбарын?

«Библи у, тынг бирӕ адӕм кӕй зонынц, ахӕм дины чиныг. Фӕлӕ йӕ ныффыстой ӕндӕрбӕстӕгтӕ, ӕмӕ китайӕгтӕм ницы бар дары» (ЛИН, КИТАЙ).

«Ӕз дӕн индус, ӕмӕ мӕхи дины чиныг дӕр мӕ бон бамбарын куы нӕу, уӕд Сыгъдӕг Библи куыд хъуамӕ бамбарон?» (АМИТ, ИНДИ).

«Библийӕн аргъ кӕнын, рагон чиныг кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй фехъуыстон, ӕмӕ тынг зындгонд чиныг у. Фӕлӕ йӕ мӕхӕдӕг никуы федтон» (ЮМИКО, ЯПОНИ).

Библи нымад чиныг у ӕгас дунейы дӕр. Фӕлӕ дзы цы фыст ис, уый тыххӕй бирӕтӕ гыццыл цыдӕртӕ йеддӕмӕ кӕнӕ та ӕппындӕр ницы зонынц. Уый фидарӕй зӕгъӕн ис Азийы цӕрджытӕй милуантӕй, фӕлӕ ма афтӕ зӕгъӕн ис, Библи парахат кӕм у, уыцы бӕстӕты цӕрджытӕй бирӕтӕй дӕр.

Сылгоймаг кӕсы Библи

Фӕлӕ дӕм чи зоны сӕвзӕра ахӕм фарста: «Библи ӕмбарын мӕ цӕмӕн хъӕуы?» Ацы чиныг хуыздӕр куы базонай, уӕд...

  • удӕнцой ссардзынӕ ӕмӕ амондджын уыдзынӕ.

  • бинонты царды зындзинӕдты сӕрты хизын сахуыр уыдзынӕ.

  • къаддӕр мӕт кӕндзынӕ.

  • иннӕтимӕ хуыздӕр цӕрдзынӕ.

  • де ’хца ӕмбаргӕйӕ хардз кӕндзынӕ.

Зӕгъӕм, иу сылгоймаджы Японийӕ, Ёсикойы, тынг цымыдис кодта, Библийы цы фыст ис, уый ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг кӕсын райдыдта. Цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыди? Мӕнӕ цы зӕгъы: «Библийы фӕрцы бамбӕрстон, цӕмӕн цӕрын, уый ӕмӕ мын фидӕнӕй ныфс фӕзынд. Мӕ зӕрдӕмӕ рухс кӕлын райдыдта». Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Амит йӕхӕдӕг Библи иртасын райдыдта. Уый дзуры: «Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыди. Уыйбӕрц хорз хъуыдытӕ дзы кӕй ис, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн!»

Библи цӕхгӕр фӕивта милуанты цард. Хорз уаид, рӕстӕг куы ссарис, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый базонай. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, дӕуӕн дӕр стыр ӕххуыс куыд фӕуыдзӕн.

Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!

Библи дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын