Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 1 16 ф.
  • БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
  • Чи амард, уыдон ма искуы цардмӕ раздӕхдзысты?
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • 2-аг фарста. Мӕрдты исты ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 1 16 ф.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ?

Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?

ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд кӕй фӕцӕры ӕндӕр буары кӕнӕ ӕндӕр ран. Иннӕтӕ та зӕгъынц, мӕлӕты фӕстӕ кӕй ницыуал вӕййы. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Мӕрдтӕ ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд нал вӕййы, никуыуал фӕцӕры.

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Фыццаг адӕймаг, Адам, куы амард, уӕд фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт (Райдиан 2:7; 3:19). Уӕдӕ иннӕ адӕм дӕр куы амӕлынц, уӕд уыдон дӕр сыджытмӕ аздӕхынц (Екклесиаст 3:19, 20).

  • Чи амӕлы, уыдон сӕ тӕригъӕдты хӕсӕй ссӕрибар вӕййынц, ома сын хатыргонд ӕрцӕуынц (Ромӕгтӕм 6:7). Адӕймаг цы тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕфхӕрд нал баййафы.

Чи амард, уыдон ма искуы цардмӕ раздӕхдзысты?

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?

  • О

  • Нӕ

  • Чи зоны

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН

  • Библи марды бары фынӕй адӕймагимӕ (Иоанны 11:11–14). Хуыцауӕн йӕ бон у мард адӕймаджы райхъал кӕнын, мах фынӕй адӕймаджы куыд райхъал кӕнӕм, афтӕ (Иов 14:13–15).

  • Библийы фыст ис, цалдӕр адӕймаджы кӕй райгас сты, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, чи амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты (1 Паддзӕхты 17:17–24; Лукайы 7:11–17; Иоанны 11:39–44).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын