Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 январь 17–21 фф.
  • Бонзонгӕдзинад абон дӕр ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бонзонгӕдзинад абон дӕр ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БОНЗОНГӔДЗИНАД АХСДЖИАГ МИНИУӔГ ЦӔМӔН У?
  • БОНЗОНГӔДЗИНАД ЦЫ У?
  • ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ НЫН ЦЫ БЫНАТ ИС?
  • БОНЗОНГӔДЗИНАД ЦӔИМӔ НӔ ХЪӔУЫ ХӔЦЦӔ КӔНЫН?
  • Бонзонгӕ адӕймагӕн зонд у йе ’мбал
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Бонзонгӕ у, уый ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Дӕ Хуыцауимӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ бонзонгӕйӕ цу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Гедеоны фӕзмут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 январь 17–21 фф.
Самуил паддзах Саулӕн уайдзӕф кӕны

Бонзонгӕдзинад абон дӕр ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

«Зонд... ис бонзонгӕтӕм» (ӔМБ. 11:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 33, 88

КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

  • Бонзонгӕдзинад ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

  • Бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад куыд баст сты?

  • Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

1, 2. Саул Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай цӕмӕн фӕци? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

САУЛ рагон Израилы паддзах куы сси, уӕд фыццаг рӕстӕг уыди бонзонгӕ ӕмӕ кадджын адӕймаг (1 Сам. 9:1, 2, 21; 10:20–24). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ схъал, йӕхиуыл фервӕссыд. Пехуымпар Самуил Галгалмӕ афоныл куы не ’рбацыд, уӕд Саул тыхсын райдыдта. Филистимӕгтӕ Израилы ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ Саулы ӕфсӕддонтӕ фыртӕссӕй алырдӕмты лидзӕг фесты. Паддзах, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Хъӕуы мӕ исты саразын, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр». Гъемӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхаста, кӕд ын уый бар нӕ уыди, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕхимӕ Йегъовӕйы фӕфыдӕх кодта (1 Сам. 13:5–9).

2 Самуил Галгалмӕ куы ӕрбацыд, уӕд Саулӕн бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ Саулмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын дӕр райдыдта, зӕгъгӕ мӕ адӕм нал ӕмӕ нал уагътой. Стӕй йӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы бакодта (1 Сам. 13:10–14). Уый фӕстӕ ма Саул бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ паддзахбадӕнӕй ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци (1 Сам. 15:22, 23). Саул паддзах куы сси, уӕд алцыдӕр хорз уыд, фӕлӕ фӕстагмӕ йӕ кӕрон бынтон ӕвзӕр рауад (1 Сам. 31:1–6).

3. а) Адӕм бонзонгӕдзинады тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? б) Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

3 Ацы дунейы адӕм бӕллынц, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уой. Бонзонгӕ уой, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй. Дзырдӕн, иу зындгонд киноактер ӕмӕ политик афтӕ загъта: «Ӕз бонзонгӕ нӕ дӕн, стӕй мӕ ныфс ис, ӕмӕ нӕдӕр суыдзынӕн». Фӕлӕ ацы миниуӕг абон дӕр ахсджиаг цӕмӕн у? Бонзонгӕдзинадмӕ цы хауы ӕмӕ йӕ цӕимӕ нӕ хъӕуы хӕццӕ кӕнын? Нӕ бон куыд у бонзонгӕдзинад равдисын, уый нын зын куы уа, уӕд дӕр? Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм фыццаг дыууӕ фарстайӕн. Ӕртыккаг фарстайӕн та дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.

БОНЗОНГӔДЗИНАД АХСДЖИАГ МИНИУӔГ ЦӔМӔН У?

4. Хъал митӕ цы сты?

4 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй бонзонгӕ адӕймаг йӕхиуыл никуы фервӕссы кӕнӕ хъал митӕ никуы фӕкӕны. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 11:2.) Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ «хъал митӕй бахъахъхъӕдтаид» (Пс. 19:13). «Хъал митӕ» цы сты? Библийы ацы дзырдбаст фӕамоны, адӕймаг сонтӕй кӕнӕ барӕй куы саразы, чи нӕ йӕм хауы, ахӕм хъуыддаг. Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый аххосӕй хатт нӕхицӕй схъал вӕййӕм. Фӕлӕ нын паддзах Саулы хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ацы ӕвзӕр миниуӕг нӕ удыхъӕды куы ныффидар уа, уӕд Хуыцау махмӕ дӕр фӕфыдӕх уыдзӕн. 119 псаломы 21 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды бафхӕрдтай, йӕхиуыл чи фервӕссыд, уыцы ӕлгъыст адӕмы». Афтӕ цӕмӕн бакодта?

5. Хъал митӕ гыццыл тӕригъӕд схонӕн цӕуылнӕ ис?

5 Хъал митӕ сты бирӕ стырдӕр тӕригъӕд, ӕнӕрхъуыдыйӕ ныл цы рӕдыдтытӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй. Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, нӕхицӕй куы схъал уӕм, уӕд Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн кад не ’рхӕсдзыстӕм. Дыккаг уый, ӕмӕ, махмӕ цы нӕ хауы, уый нӕхимӕ куы исӕм, уӕд иннӕты нӕ ныхмӕ скӕндзыстӕм (Ӕмб. 13:10). Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи иннӕты цӕсты бафтаудзыстӕм кӕнӕ нӕхи фегад кӕндзыстӕм (Лук. 14:8, 9). Йӕхицӕй чи схъал вӕййы, уый хорзӕй ницы рамбулы. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй хъуамӕ алкӕддӕр бонзонгӕ уӕм.

БОНЗОНГӔДЗИНАД ЦЫ У?

6, 7. Цы у сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинадимӕ куыд баст у?

6 Бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Библимӕ гӕсгӕ сӕрныллӕгдзинад у, адӕймаг сӕрбӕрзонд кӕнӕ схъӕл куы нӕ уа, уый (Фил. 2:3). Сӕрныллӕг адӕймаг ма вӕййы бонзонгӕ дӕр, ома фӕзоны, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый, стӕй фӕуыны йӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ иннӕты уынаффӕтӕм ӕмӕ зондмӕ фӕхъусы. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн.

7 Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй бонзонгӕ адӕймаг йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы ӕмӕ фембары, йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый. Ӕмӕ йын уый феххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн кад кӕна ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ дара.

8. Адӕймаг йӕхиуыл куыд фервӕссы?

8 Адӕймаг йӕхиуыл куыд фервӕссы? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Гӕнӕн ис, ӕмбырды ныл цы хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй нӕхимӕ ӕгӕр зондджын кӕсын райдайӕм кӕнӕ нӕхицӕй схъал уӕм (Ром. 12:16). Йе та адӕмы ’ргом нӕхимӕ ӕгӕр здахын райдайӕм (1 Тим. 2:9, 10). Кӕнӕ, чи зоны, ӕдзух иннӕтӕн амонӕм, сӕхи куыд хъуамӕ дарой ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрой, уый (1 Кор. 4:6). Афтӕмӕй адӕймаг куыд схъал уыдзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзӕн.

9. Иуӕй-иутӕ сӕхиуыл цӕй тыххӕй фервӕссыдысты? Ӕрхӕсс Библийӕ цӕвиттон.

9 Адӕймаг ма йӕхиуыл фервӕссы, йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндты фӕдыл куы ацӕуы, уӕд дӕр, зӕгъӕм, кадмондаг куы свӕййы, иннӕтӕм куы фӕхӕлӕг кӕны кӕнӕ йӕ маст куы нӕ фӕуромы, уӕд. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Авессалом, Ози ӕмӕ Навуходоносор дӕр сӕ тӕригъӕдджын буары фӕндты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй сӕхиуыл фервӕссыдысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕрныллӕг кодта (2 Сам. 15:1–6; 18:9–17; 2 Аз. 26:16–21; Дан. 5:18–21).

10. Адӕймаг цы сарӕзта, уый тыххӕй йын цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрхон кӕнӕм? Ӕрхӕсс Библийӕ цӕвиттон.

10 Адӕймаг ма ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр хатт бонзонгӕ нӕ разыны. Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ дыууӕ цӕвиттонмӕ: Райдиан 20:2–7 ӕмӕ Матфейы 26:31–35. Мыййаг, Авимелех ӕмӕ Петрӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕхиуыл фервӕссыдысты? Ӕви афтӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ зыдтой, кӕнӕ та, цы аразынц, ууыл дзӕбӕх нӕ ахъуыды кодтой? Мах нӕ зонӕм, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый, ӕмӕ раст нӕ уыдзӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй йын куы тӕрхон кӕнӕм. (Бакӕс Иаковы 4:12.)

ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ НЫН ЦЫ БЫНАТ ИС?

11. Бонзонгӕ адӕймаг цы фембары?

11 Бонзонгӕ адӕймаг фембары, Хуыцауы организацийы йын цы бынат ис, уый. Йегъовӕ у, уаг ӕмӕ ӕгъдау чи уарзы, ахӕм Хуыцау, ӕмӕ йын ӕмбырды алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат. Алчидӕр у хъӕугӕ. Йегъовӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ махӕй алкӕйдӕр схайджын кодта алыхуызон курдиӕттӕй. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд нӕ курдиӕттӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ пайда кӕндзыстӕм (Ром. 12:4–8). Уыдоны фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. (Бакӕс 1 Петры 4:10.)

Йесо Йегъовӕимӕ Дун-дуне сфӕлдыста, зӕххыл райгуырд, йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕны, хъизӕмӕртты хъӕдыл амард ӕмӕ у Паддзах Хуыцауы Паддзахады

Нӕ хӕстӕ куы фӕивой, уӕд куыд ис Чырыстийы бафӕзмӕн? (кӕс 12–14 абзацтӕ)

12, 13. Хуыцауы организацийы нын цы хӕстӕ ис, уыдон куы фӕивой, уӕд цӕуылнӕ хъуамӕ мӕт кӕнӕм?

12 Хуыцауы организацийы нын цы бынат ис, уый цӕрӕнбонтӕм нӕу, ӕмӕ, гӕнӕн ис, иу бон фӕива. Ӕркӕсӕм-ма, Йесойы царды цас цыдӕртӕ фӕивта, уымӕ. Ӕппӕты райдианы уӕлӕрвты Йегъовӕйы фарсмӕ ӕрмӕстдӕр уый уыд (Ӕмб. 8:22). Уый фӕстӕ Хуыцауӕн ӕххуыс кодта, зӕдты, Дун-дуне ӕмӕ адӕмы куы фӕлдыста, уӕд (Кол. 1:16). Фӕстӕдӕр ӕй Йегъовӕ зӕхмӕ рарвыста: уыди ӕнӕбон сывӕллон, стӕй сыстыр (Фил. 2:7). Куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт, ӕмӕ 1914 азы сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах (Дзут. 2:9). Фидӕны та, миназы фӕстӕ, Йесо йӕ Паддзахад ратдзӕн Йегъовӕйы къухмӕ, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28).

13 Чырыстийау махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ, гӕнӕн ис, фӕивой, арӕхдӕр, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, сфӕнд кодтам бинонтӕ скӕнын. Кӕнӕ та нын сывӕллӕттӕ фӕзынд. Йе та, чи зоны, нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтам, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайӕм. Иуӕй-иу хатт та нӕ уавӕртӕ кӕй фӕивынц, уый тыххӕй нын кӕнӕ фылдӕр фадӕттӕ фӕзыны, кӕнӕ та къаддӕр. Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ, де ’нӕниздзинад хорз у ӕви ӕвзӕр,– Йегъовӕ йӕ зоны, дӕ бон ын лӕггад кӕнын цас у, уый. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы. Ӕмӕ стыр аргъ кӕны, йӕ номы тыххӕй цы аразӕм, уымӕн (Дзут. 6:10).

14. Бонзонгӕдзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алы уавӕры дӕр алцӕмӕй разы уӕм?

14 Йесойӕн-иу Хуыцау цыфӕнды ма бахӕс кодтаид, уӕддӕр-иу цин кодта, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын (Ӕмб. 8:30, 31). Бонзонгӕ адӕймаг бузныг у, ӕмбырды йыл цы хӕстӕ ис, уыдонӕй. Ӕгӕр нӕ фӕхъуыды кӕны, йӕ бон цавӕр хӕстӕ уаид йӕхимӕ райсын кӕнӕ иннӕтӕн сӕ къухы цы бафты, ууыл. Бонзонгӕ адӕймаг, ныртӕккӕ йыл Хуыцауы организацийы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕхсызгонӕй феххӕст кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕмбары, Йегъовӕ йын сӕ кӕй радта. Ахӕм адӕймаг аргъ кӕны, Йегъовӕ йӕ организацийы иннӕтӕн дӕр цы бынат радта, уымӕн. Стӕй иннӕты нымайы ӕмӕ сын ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны (Ром. 12:10).

БОНЗОНГӔДЗИНАД ЦӔИМӔ НӔ ХЪӔУЫ ХӔЦЦӔ КӔНЫН?

15. Гедеон бонзонгӕдзинад куыд равдыста?

15 Гедеон нын йӕ бонзонгӕдзинадӕй у фӕзминаг. Йегъовӕйы зӕд Гедеонӕн куы загъта, цӕмӕй израилӕгты мадиамӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уӕд ын афтӕ бакодта: «Акӕс-ма, Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн» (Тӕрх. 6:15). Гедеон Йегъовӕйы ныхасыл куы сразы, уӕддӕр ма йӕ фӕндыд базонын, алцыдӕр хорз бамбӕрста ӕви нӕ, ӕмӕ Йегъовӕйӕ райдыдта разамынд курын (Тӕрх. 6:36–40). Гедеон уыди хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхаст адӕймаг, фӕлӕ уӕддӕр хъавгӕйӕ ӕмӕ зондӕй архайдта (Тӕрх. 6:11, 27). Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уымӕй Гедеоны йӕхицӕн уӕлдай кад скӕнын нӕ фӕндыд. Йӕ хӕс куы сӕххӕст кодта, уӕд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхт (Тӕрх. 8:22, 23, 29).

16, 17. Бонзонгӕ адӕймаджы куы фӕнда, цӕмӕй йын йӕ лӕггады фылдӕр ӕнтыса, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕндзӕн?

16 Исчи ӕмбырды йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсынмӕ куы тырна, уӕд ӕй сӕрбӕрзонд адӕймаг схонӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Библи не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй нын нӕ лӕггады фылдӕр ӕнтыса (1 Тим. 4:13–15). Фӕлӕ нын уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕндӕр хӕстӕ бакӕной нӕ бар? Уый раст хъуыды нӕу. Йегъовӕйы фӕрцы алкӕддӕр нӕ бон у нӕ чырыстон миниуджытыл кусын, ӕнтыстджындӕрӕй йын лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын.

17 Йӕхимӕ ног хӕстӕ райсыны размӕ уал бонзонгӕ адӕймаг алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсдзӕн. Ахӕм адӕймаг уал скувдзӕн ӕмӕ ахъуыды кӕндзӕн, уыцы куыст кӕнын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ. Зӕгъӕм, уыцы ног хӕс ӕххӕст кӕнгӕйӕ ма йын иннӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ баззайдзӕн? Кӕд нӕ, уӕд ыл ныр цы хӕстӕ ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ ӕндӕр искӕй бар бакӕнӕн нӕ уаид? Бонзонгӕ адӕймаг лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕна ӕмӕ йӕ куы бамбара, ног хӕстыл кӕй нӕ аххӕсдзӕн, уӕд сӕ йӕхимӕ нӕ райсдзӕн.

18. а) Бонзонгӕ адӕймагӕн ног хӕстӕ куы дӕттой, уӕд куыд бакӕндзӕн? б) Ромӕгтӕм 12:3 нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бонзонгӕ уӕм?

18 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йемӕ «бонзонгӕйӕ цӕуӕм» (Мих. 6:8). Уӕдӕ нын исты ног хӕстӕ нӕ бар куы бакӕной, уӕд-иу Гедеонау Йегъовӕйӕ разамынд ӕмӕ ӕххуыс курӕм. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, ууыл. Хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕмӕ кӕд нӕ къухы исты бафтыд, уӕд уый Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ ӕххуысы фӕрцы кӕй у (Пс. 18:35). Уӕдӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ куы цӕуӕм, уӕд, цы стӕм, нӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕ уыдзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:3.)

19. Бонзонгӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

19 Йегъовӕ ӕппӕт дӕр кӕй сфӕлдыста ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй ӕппӕт кад дӕр уымӕ ӕмбӕлы. Бонзонгӕ адӕймаг уый хорз фембары (Рарг. 4:11). Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд Йегъовӕйӕн алкӕддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнкъарӕнтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Бонзонгӕ адӕймаг исты бакӕныны размӕ алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи рӕдыдтытӕй бахизы. Йегъовӕ тынг уарзы ахӕм адӕмы. Ӕмӕ Хуыцауы адӕм дӕр ацы миниуӕг ахсджиагыл нымайынц. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у бонзонгӕйӕ архайын, кӕд уый хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын