Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 июль 7–11 фф.
  • Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔНӔУУӔНК УЫНАФФӔГӔНӔГ
  • МӔНГАРД ХЪӔЗДЫГДЗИНАДӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔНӔМ
  • «ӔНДӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ФӔДЫЛ ӔХЦА БАКУСЫНЫ ТЫХХӔЙ» МА АЦӔУӔМ
  • ХЪӔЗДЫГДЗИНАД КУЫ НАЛ УА
  • Фидӕныл зондджынӕй хъуыды кӕнын
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Ут сӕрӕн – фидӕныл хъуыды кӕнут
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 июль 7–11 фф.
Мысайнӕгтӕ цавӕр хъуыддӕгтыл цӕуынц

Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад

«Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы» (ЛУК. 16:9).

ЗАРДЖЫТӔ: 122, 129

КУЫД БАМБАРЫН КӔНИС?

  • Нӕ бон куыд у нӕ исбонӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

  • Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй коммерцийы цагъартӕ ма суӕм?

  • Цӕмӕн дӕ фӕнды ӕцӕг хъӕздыгдзинад агурын?

1, 2. Ацы дунейы мӕгуыртӕ алкӕддӕр цӕмӕн уыдзӕн?

АБОН экономикон системӕ у ӕгъатыр ӕмӕ мӕнгард. Зӕгъӕм, бирӕ ӕрыгӕттӕн зын у куыст ссарын. Иуӕй-иутӕ сӕхи тӕссаг уавӕры дӕр баппарынц, цӕмӕй хъӕздыг бӕстӕтӕм ацӕуой. Фӕлӕ суанг хъӕздыг бӕстӕты дӕр ис бирӕ мӕгуыр адӕм. Ӕгас дунейы дӕр хъӕздгуытӕ кӕнынц хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр, мӕгуыртӕ та – мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ 1 процент афтӕ хъӕздыг сты, ӕмӕ сӕм ӕхца ис, иннӕ 99 процентмӕ цас ӕхца ис, уыйбӕрц. Уӕдӕ иутӕм ӕхца уыйбӕрц ис, ӕмӕ ма сӕ цоты цоты ӕмӕ ма уыдоны цоты цоты фаг дӕр у. Миллиардтӕ та сты тынг мӕгуыр. Йесо дӕр уый тыххӕй загъта афтӕ: «Мӕгуыртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты» (Мар. 14:7). Цымӕ адӕм ахӕм уавӕры цӕмӕн сты?

2 Йесо йӕ зыдта, коммерцийӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕронa. Библимӕ гӕсгӕ, «сӕудӕджертӕ», ома коммерци, стӕй политикӕ ӕмӕ алыхуызон динтӕ хауынц Хӕйрӕджы дунемӕ (Рарг. 18:3). Хуыцауы адӕм сӕхи бынтондӕр фӕхицӕн кодтой политикӕйӕ ӕмӕ мӕнг динтӕй. Фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ бон нӕу коммерцийӕ сӕхи бынтондӕр фӕхицӕн кӕнын.

3. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, коммерцимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Уый тыххӕй та нӕ бон у нӕхи бафӕрсын: мӕ бон куыд у мӕ исбонӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй дӕн, уый? Цы саразон, цӕмӕй коммерциимӕ къаддӕр баст уон? Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Хуыцауы адӕм сӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дарынц?

ӔНӔУУӔНК УЫНАФФӔГӔНӔГ

4, 5. а) Радзур, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы уынаффӕгӕнӕджы кой кодта, уый хабар. б) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста?

4 Бакӕс Лукайы 16:1–9. Йесо ӕнӕууӕнк хӕдзары уынаффӕгӕнӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый хъуамӕ не ’ппӕты дӕр хъуыдытыл бафтауа. Иу хицауӕн йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй куы рахъаст кодтой, дӕ фӕллӕйттӕ дын хӕры, зӕгъгӕ, уӕд ӕй атӕрынвӕнд скодтаb. Фӕлӕ уынаффӕгӕнӕг равдыста «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд, ӕмӕ йӕ цалынмӕ нӕ атардтой, уӕдмӕ балымӕн, фӕстӕдӕр ын чи баххуыс кодтаид, ахӕм адӕмимӕ. Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы исты хуызты фӕцӕрынӕн хъуамӕ мӕнгард митӕ кӕной. Афтӕ кӕнынц «ацы дунейы адӕм». Фӕлӕ Йесойы уымӕй фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кӕнын.

5 Йесо зыдта, зын уавӕры чи бахауд, уыцы уынаффӕгӕнӕгау йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн зын кӕй уыдзӕн ацы мӕнгард дунейы цардамӕлттӕ кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕны: «Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон [ома Йегъовӕ ӕмӕ Йесо] суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты». Йесойы уынаффӕйӕ нӕ бон цы у зондӕн райсын?

6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ коммерци кӕй хъуамӕ ма уыдаид?

6 Йесо хъӕздыгдзинад «мӕнгард» цӕмӕн схуыдта, уый нӕ бамбарын кодта, фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ коммерци кӕй хъуамӕ ма уыдаид. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ратта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уымӕй бирӕ фылдӕр (Райд. 2:15, 16). Стӕй фыццаг ӕнусы Хуыцау сӕрст чырыстӕттӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы ӕххуыс кодта, уӕд «сӕ иу дӕр афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхи у, фӕлӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг» (Хъуыд. 4:32). Пехуымпар Исай загъта, кӕй уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, зӕхх цы тыллӕг дӕтты, уымӕй адӕм се ’ппӕт дӕр бафсӕддзысты (Ис. 25:6–9; 65:21, 22). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ сӕ хъӕуы «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зондӕй архайын, цӕмӕй «мӕнгард хъӕздыгдзинады» фӕрцы цардамӕлттӕ дӕр кӕной, ӕмӕ ма уыимӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕной.

МӔНГАРД ХЪӔЗДЫГДЗИНАДӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔНӔМ

7. Лукайы 16:10–13 стихты цавӕр уынаффӕ ис?

7 Бакӕс Лукайы 16:10–13. Йесойы фӕсномыг ныхасы уынаффӕгӕнӕг йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ скодта йӕхи пайдайӕн. Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхицӕн уӕлӕрвты хӕлӕрттӕ сӕхи пайдайӕн кӕй хъуамӕ скодтаиккой. Уый бамбарын кодта, «мӕнгард хъӕздыгдзинадӕй» куыд пайда кӕнӕм, уымӕй кӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцауыл иузӕрдион стӕм ӕви нӕ. Уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?

8, 9. Иуӕй-иутӕ сӕ исбонӕй куыд пайда кӕнынц?

8 Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн иу мадзал у, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уый (Матф. 24:14). Индийы иу гыццыл чызгӕн уыд, ӕхца кӕм ӕмбырд кодта, ахӕм гыццыл къопп, ӕмӕ-иу дзы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лыстӕг ӕхцатӕ ныппӕрста. Уый тыххӕй йӕхицӕн хъазӕнтӕ ӕлхӕнын дӕр нал куымдта. Ӕмӕ йӕ къопп куы байдзаг, уӕд йе ’хцатӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн мысайнагӕн радта. Индийы иу ӕфсымӕрмӕ ис кокосты фермӕ, ӕмӕ иухатт бирӕ кокостӕ балӕвар кодта, ӕвзаг малаяламмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы офисӕн. Уыцы ӕфсымӕр афтӕ ахъуыды кодта: ӕнӕуи дӕр сӕ фӕхъӕуы кокостӕ ӕлхӕнын, ӕмӕ сын кокостӕ куы балӕвар кӕнон, уӕд уый ӕхцайы мысайнагӕй хуыздӕр уыдзӕн. Уый схонӕн ис «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд. Афтӕ Грецийы дӕр ӕфсымӕртӕ Вефилы бинонтӕн ӕдзухдӕр мысайнагӕн фӕдӕттынц оливӕйы сой, цыхт ӕмӕ ма ӕндӕр хойрӕгтӕ дӕр.

9 Шри-Ланкайӕ иу ӕфсымӕр фӕсарӕнтӕм куы ацыд, уӕд йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ зӕхх ныууагъта ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй дзы ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ уадзой, стӕй дзы цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ цӕрой. Уыцы ӕфсымӕрмӕ йӕ исбонӕй ницы ӕфтиаг хауы, фӕлӕ афтӕ кӕй бакодта, уый стыр ӕххуыс у бынӕттон хъусынгӕнджытӕн, уымӕн ӕмӕ ӕхцайӕ тыхст сты. Нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕу, иу ахӕм бӕстӕйы ӕфсымӕртӕ сӕ хӕдзӕртты ӕмбырдтӕ уадзынӕн бынат скӕнынц. Уый фӕрцы сӕ агъуыстытӕ ӕххуырсын нӕ хъӕуы, ӕмӕ пионертӕ ӕмӕ, ӕхца бирӕ кӕмӕ нӕй, уыцы хъусынгӕнджытӕ къаддӕр хӕрдзтӕ кӕнынц.

10. Рӕдаудзинад адӕймагӕн цы пайда хӕссы?

10 Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм «гыццыл хъуыддаджы [дӕр] ӕууӕнкджын» кӕй сты (Лук. 16:10). Уыдон сты Хуыцауы хӕлӕрттӕ ӕмӕ сӕ исбонӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕной. Цымӕ сӕхӕдӕг та уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? Уыдон ӕй ӕмбарынц, сӕ рӕдаудзинады фӕрцы кӕй ссарынц «ӕцӕг» хъӕздыгдзинад уӕлӕрвты (Лук. 16:11). Иу хо ӕдзухдӕр фӕдӕтты мысайнӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн. Ӕмӕ йын Хуыцау куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы: «Цалдӕр азмӕ иу диссаг бафиппайдтон. Рӕдаудзинад кӕй ӕвдисын, уый фӕрцы мӕхӕдӕг дӕр ивын. Цас рӕдаудӕр вӕййын, уыйас иннӕтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайын. Ӕнцондӕр мын вӕййы сӕ рӕдыдтытӕ сын хатыр кӕнын ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕн быхсын, стӕй, истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййын, уӕддӕр тынг нӕ фӕмӕт кӕнын, ӕмӕ ма мын ӕнцондӕр вӕййы уынаффӕмӕ байхъусын дӕр». Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, рӕдаудзинад адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр стыр пайда кӕй хӕссы (Пс. 112:5; Ӕмб. 22:9).

11. а) Рӕдау кӕй стӕм, уымӕй «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд, куыд ӕвдисӕм? б) Абон Хуыцауы адӕмы ’хсӕн «уӕргътӕ ӕмхуызон» кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 «Сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд ма нӕ бон у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр равдисын. Кӕд нӕхицӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын нӕ уайы, уӕддӕр нӕ бон у нӕ исбонӕй иннӕтӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 19:17). Адӕм тынг мӕгуыр кӕм цӕрынц, ахӕм бӕстӕты бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Ӕмӕ мысайнӕгты фӕрцы уыцы бӕстӕты дӕр ис фаг литературӕ ӕмӕ дзы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы. Зӕгъӕм, Конгойы, Мадагаскары ӕмӕ Руандӕйы Библитӕ вӕййынц тынг зынаргъ. Хатт сӕ аргъ вӕййы, адӕймаг къуыримӕ кӕнӕ иу мӕймӕ цас бакуса, уыйбӕрц. Бирӕ азты дӕргъы хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу не ’фсымӕрты хъуыди равзарын, Библи балхӕндзысты ӕви сӕ бинонтӕн хӕринаг. Ныртӕккӕ бирӕтӕ цы мысайнӕгтӕ дӕттынц, уыдоны фӕрцы, стӕй ӕхца афтӕ хардз кӕй цӕуынц, «цӕмӕй уӕргътӕ ӕмхуызон уой», уый фӕрцы Йегъовӕйы организацийӕн йӕ бон у Библитӕ тӕлмац кӕнын ӕмӕ сӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн лӕвар дӕттын. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 8:13–15.) Уый фӕрцы, рӕдаудзинад чи ӕвдисы, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ кӕмӕ ӕвдисынц, уыдон дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ свӕййынц.

«ӔНДӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ФӔДЫЛ ӔХЦА БАКУСЫНЫ ТЫХХӔЙ» МА АЦӔУӔМ

12. Авраам куыд равдыста, йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дардта, уый?

12 Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй ма, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ коммерциимӕ къаддӕр баст уӕм ӕмӕ «ӕцӕг» хъӕздыгдзинад агурӕм. Раст афтӕ бакодта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам. Уый Йегъовӕмӕ байхъуыста, тынг хъӕздыг горӕт Ур ныууагъта ӕмӕ цард цатырты, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уыдаид (Дзут. 11:8–10). Уый алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ дардта Хуыцауыл, хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ (Райд. 14:22, 23). Ӕмӕ Йесо дӕр иннӕты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕм ахӕм уырнындзинад уыдаид. Иухатт иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймагӕн загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ фӕллӕйттӕ ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл» (Матф. 19:21). Уыцы нӕлгоймагмӕ Авраамы уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад нӕ уыд. Фӕлӕ, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, ахӕмтӕ дӕр уыди.

13. а) Павел Тимофейӕн цавӕр уынаффӕ радта? б) Нӕ бон куыд у Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

13 Тимофей уыд фидар уырнындзинады хицау. Павел ӕй схуыдта «Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддон», ӕмӕ йын стӕй загъта: «Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа» (2 Тим. 2:3, 4). Абон дӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ се ’хсӕн ис 1 милуан ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕгӕй фылдӕр. Ацы зыд ӕмӕ кӕрӕф дуне сын рекламӕйы уылты бирӕ цыдӕртӕ хъары, фӕлӕ йын сайын нӕ комынц. Рох сӕ нӕу ацы уагӕвӕрд: «Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар» (Ӕмб. 22:7). Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ дунейӕн цагъартау кусӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр уымӕн дӕттӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ стыр кредиттӕ райсынц, цӕмӕй хӕдзар кӕнӕ машинӕ балхӕной кӕнӕ та ахуырӕн бафидой, йе та цӕмӕй чындзӕхсӕв скӕной. Уыцы хъуыддаджы къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ бирӕ азты дӕргъы хӕстӕ фидын бахъӕудзӕн. Фӕлӕ куырыхон зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕндзыстӕм, хӕстӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, нӕ исдзыстӕм ӕмӕ къаддӕр ӕхца хардз кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ коммерцийы цагъартӕ дӕр не суыдзыстӕм (1 Тим. 6:10).

14. Фидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

14 Цӕмӕй хуымӕтӕг цард кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Иу лӕг ӕмӕ усӕн уыд, стыр ӕфтиаг сын чи хаста, ахӕм куыстуат. Фӕлӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй та раздӕрау ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодтаиккой. Гъемӕ сӕ куыстуат, сӕ катер ӕмӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр ауӕй кодтой. Стӕй байдзаг кодтой барвӕндон лӕггадгӕнджыты курдиӕттӕ, ӕмӕ сӕ фӕхуыдтой Уорвикмӕ (штат Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайад аразынмӕ. Иу стыр арфӕдзинад ма сын уый уыд, ӕмӕ сӕ бон уыд Вефилы сӕ чызгимӕ ӕмӕ сӕ сиахсимӕ иумӕ балӕггад кӕнын, стӕй цалдӕр къуырийы та лӕгӕн йӕ ныййарджытимӕ дӕр, уыдон дӕр куыстой Уорвичы. Штат Колорадойы (АИШ), пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо ссардта куыст банчы, фӕлӕ ӕнӕхъӕн бон нӕ куыста. Йӕ хицӕутты зӕрдӕмӕ, куыд кусы, уый афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй фылдӕр кусын райдыдтаид, дӕ мызд та, дам, дын ӕртӕ хатты фӕфылдӕр кӕндзыстӕм. Ӕндӕр исчи йӕ бынаты сразы уыдаид, фӕлӕ хо не сразы, уымӕн ӕмӕ йӕ уый лӕггад кӕнын хъыгдардтаид. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Ӕмӕ мах дӕр фидарӕй куы аскъуыддзаг кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрдзыстӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн, стӕй ӕцӕг хъӕздыгдзинадӕн ӕхцатӕ ӕмӕ мулкӕй фылдӕр кӕй аргъ кӕнӕм.

ХЪӔЗДЫГДЗИНАД КУЫ НАЛ УА

15. Адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр циндзинад цавӕр хъӕздыгдзинад хӕссы?

15 Кӕд адӕймагмӕ исты хъӕздыгдзинад ис, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын Хуыцау арфӕ кӕны. Йегъовӕ арфӕ кӕны, «хорз хъуыддӕгтӕй» хъӕздыг чи у, уыдонӕн. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:17–19.) Италийы иу хо, Лючийӕ, зӕгъгӕ, базыдта, Албанийы хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны, уыйc. Ӕмӕ 1993 азы уырдӕм ацыд. Куыст ын нӕ уыд, фӕлӕ йыл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Лючийӕ сахуыр кодта албайнаг ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй 60 адӕймагӕй фылдӕр донаргъуыд райстой. Чи зоны, не ’ппӕтӕн нӕ территорийы уыйбӕрц ма бантыса. Фӕлӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ сын йӕ фӕндагыл слӕууынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тынг ахсджиаг у. Уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразӕм, уый ӕнустӕм дӕр уыдзӕн нӕ хӕзна (Матф. 6:20).

16. а) Коммерцимӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? б) Фидӕны тыххӕй цы зонӕм, уый куыд хъуамӕ фӕзына, хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл?

16 Йесо загъта, «хъӕздыгдзинад куы нал уа», зӕгъгӕ (Лук. 16:9). Уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕцӕгдӕр нал уыдзӕн. Ацы фӕстаг бонты уынӕм, иуӕй-иу банктӕ се ’хцатӕ куыд фесафынц ӕмӕ кӕцыдӕр бӕстӕты экономикӕйы кризис кӕй ис. Фӕлӕ уыдӕттӕ, тагъд зӕхмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ абаргӕйӕ ницы сты. Хӕйрӕджы дунейы хӕйттӕ – политикӕ, динтӕ ӕмӕ коммерци – нал уыдзысты. Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист рагӕй дӕр сты коммерцийӕн йӕ сӕйраг бындуртӕ. Фӕлӕ пехуымпартӕ Йезекил ӕмӕ Софони раджы ныффыстой, рыджы аргъ дӕр сын кӕй нал уыдзӕн (Йез. 7:19; Соф. 1:18). Гъеныр цӕрӕнбонты ацы дунейы «мӕнгард хъӕздыгдзинады» тыххӕй куы фӕтухӕн кӕниккам, ӕмӕ нӕм зӕрондӕй куы бахъарид, уыдӕтты тыххӕй нӕхи ӕцӕг хъӕздыгдзинадӕй кӕй фӕцух кодтам, уӕд нӕм уый куыд фӕкӕсид? Ӕвӕццӕгӕн, уаиккам, цӕрӕнбонты чи фӕкуыста ӕмӕ ӕхца чи фембырд кодта, фӕлӕ стӕй чи базыдта, йе ’хцатӕ мӕнг кӕй сты, ахӕм адӕймаджы хуызӕн (Ӕмб. 18:11). Ацы дунейы хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕппынфӕстаг нал уыдзысты. Абон дын ис фадат, цӕмӕй дӕ хъӕздыгдзинадӕй, дӕ мулкӕй дӕхицӕн хӕлӕрттӕ уӕлӕрвты скӕнай, ӕмӕ дзы спайда кӕн. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй цы аразӕм, хъӕздыг дӕр уымӕй стӕм.

17, 18. Хуыцауы хӕлӕрттӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

17 Хуыцауы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд нал хъӕудзӕн агъуыстытӕ ӕххуырсын ӕмӕ сын фидын кӕнӕ кредиттӕ ӕмӕ хӕстӕ исын. Хӕринаг уыдзӕн парахатӕй ӕмӕ лӕвар. Нал хъӕудзысты дохтыртӕ ӕмӕ хостӕ. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ бафсӕддзысты зӕххы бӕркӕдтӕй. Адӕм сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ зынаргъ дуртӕй ӕхца нӕ кусдзысты, фӕлӕ сӕ араздзысты ӕрмӕстдӕр аивгӕнӕнтӕ. Ӕппӕты хуыздӕр хъӕдӕрмӕг, дуртӕ ӕмӕ згъӕртӕ уыдзӕн фагӕй дӕр фылдӕр, ӕмӕ сӕ араздзыстӕм рӕсугъд хӕдзӕрттӕ. Не ’мбӕлттӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, фидгӕ сын кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, сӕ зӕрдӕ афтӕ кӕй зӕгъы, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Зӕххы лӕвӕрттӕй алчидӕр уыдзӕн хайджын.

18 Йӕхицӕн хӕлӕрттӕ уӕлӕрвты чи скодта, уыдонмӕ ма ноджыдӕр бирӕ диссаджы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ Йесойы ныхӕстӕ куы фехъусой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн. Зӕгъгӕ та сын кӕндзӕн афтӕ: «Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад» (Матф. 25:34).

a Ацы статьяйы ныхас «коммерци» амоны Хӕйрӕджы дунейы хӕйттӕй иумӕ. Уыцы хаймӕ чи хауы, уыдонӕн сӕ сӕйраг нысан у бирӕ ӕхца самал кӕнын, ӕмӕ адӕмы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй ӕлхӕной, ӕцӕгӕй сӕ хъӕугӕ дӕр цы нӕ кӕны, уыдӕттӕ.

b Уыцы уынаффӕгӕнӕджы дзӕгъӕлы фӕаххосджын кодтой ӕви нӕ, уый тыххӕй Йесо бӕлвырдӕй ницы загъта. Лукайы 16:1 дзырдбаст «рахъаст кодтой» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый ма, чи зоны, нысан кӕны, уынаффӕгӕнӕгыл гӕдыныхӕстӕ кӕй ӕрымысыдысты. Фӕлӕ Йесо сӕйраджыдӕр, уынаффӕгӕнӕг йӕ куыст цӕй тыххӕй фесӕфта, уый кой нӕ кодта, фӕлӕ ахӕм уавӕры куыд бакодта, уый кой.

c Лючийӕ Муссанетты биографи бакӕсӕн ис 2003 азы 22 июны «Пробудитесь!»-ы, 18–22 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын