Фарстыты асыкк
◼ Раст уаид, цы литературӕ парахат кӕнӕм, ууыл нӕ адрис фыссын?
Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ журналтыл кӕнӕ трактаттыл ныффыссынц йе та баныхасынц сӕ адрис (кӕнӕ сӕ Интернет-адрис), цӕмӕй, адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ӕй уыцы адрисмӕ гӕсгӕ ссара. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ афтӕ сӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕнынц. Фӕлӕ журналтыл ӕмӕ трактаттыл фӕстейы ис нӕ организацийы веб-сайт. Уӕдӕ хуыздӕр уаид литературӕйыл нӕ адрис куы нӕ фыссиккам.
Куы нӕ фӕнда, уӕд нӕ бон у адӕймагӕн гӕххӕттыл нӕ адрис, йе та нӕ телефоны номыртӕ раттын, уӕлдайдӕр ӕм дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд. Фӕлӕ нӕхи адрис ныууадзынӕй хуыздӕр у адӕймагмӕ ногӕй ӕрбацӕуын. Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм, уый нӕ бон у равдисын, йӕхиимӕ йын куы ныхас кӕнӕм, уӕд.