Алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, ахӕм территорийы литературӕ парахат кӕнын
1. Цӕмӕн хъӕуы бирӕ ӕмбырдты ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ?
1 Хъусынгӕнгӕйӕ бирӕ рӕтты арӕх фембӕлӕм ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг адӕмыл. Сӕ фылдӕрӕн Библи ахуыр кӕнын бирӕ ӕнцондӕр у ӕмӕ сӕм тынгдӕр хъары сӕ мадӕлон ӕвзагыл. Цы ис саразӕн, цӕмӕй цымыдисгӕнаг адӕм хуыздӕр цы ӕвзагыл ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл Библийыл бындуриуӕггӕнӕг литературӕ исой?
2. Цы хъӕуы саразын, дыууӕ кӕнӕ фылдӕр ӕмбырды хицӕн ӕвзӕгтыл куы дзурой ӕмӕ уыцы иу территорийы куы хъусын кӕной, уӕд?
2 Кӕд ис литературӕ дӕттӕн. Алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг ӕмбырдтӕ, (дыууӕ кӕнӕ фылдӕр) уыцы иу территорийы куы хъусын кӕной, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советты цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдон уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарджытимӕ ӕмгуыст кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырдтӕн сӕхицӕн дӕр ӕнцон уа хъусын кӕнын ӕмӕ цы адӕмыхӕттытӕм цӕуой, уыдонӕн дӕр бӕстон ӕвдисӕнад дӕттой. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ, хъусынгӕнджытӕ, иннӕ ӕмбырд(-тӕ) цы ӕвзагыл дзуры(-нц), ууыл литературӕ нӕ фӕпарахат кӕнынц. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ, фадат сын куы фӕзына, кӕнӕ ӕхсӕнадон бынӕтты куы хъусын кӕной, уӕд сӕ бон у парахат кӕнын алыхуызон ӕвзӕгтыл уагъд литературӕ. (Кӕс 1991 азы майы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», «Фарстыты асыкк», уыр.)
3. Кӕд хъуамӕ уа ӕмбырды ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ?
3 Ӕмбырды кӕд хъуамӕ уа ӕндӕр ӕвзагыл литературӕ. Ӕмбырды территорийы ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕм бирӕ куы цӕра, фӕлӕ уыцы ӕвзагыл ӕмбырд куы нӕ уа, уӕд цы кӕнгӕ у? Ахӕм уавӕрты ӕмбырды хъуамӕ уа, уыцы ӕвзагыл сӕйраг литературӕйӕ цы рацыд, уымӕй иу цасдӕр, зӕгъӕм: трактаттӕ, брошюрӕтӕ «Цы домы» ӕмӕ «Хуыцауы хӕлар», афтӕ ма чиныг «Базонынад» дӕр. Хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у ацы литературӕ парахат кӕнын, уыцы ӕвзагыл кӕсын чи зоны, ахӕм адӕмыл кӕмфӕндыдӕр куы сӕмбӕлой, уӕд.
4. Ӕмбырды цавӕрдӕр ӕвзагыл литературӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй куыд ис самал кӕнӕн?
4 Куыд ис литературӕ заказ кӕнӕн. Цымыдисгӕнаг адӕймаг цы ӕвзаг ӕмбары, уыцы ӕвзагыл ӕмбырды литературӕ куы нӕ уа, уӕд ӕй куыд ис самал кӕнӕн? Хъусынгӕнӕг хъуамӕ литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрӕй базона, уыцы ӕвзагыл цы рацыд, ӕмӕ йӕ цы хъӕуа, уый йӕ бон уыдзӕн ныззаказ кӕнын, ӕмбырд иннӕ хатт литературӕ куы заказ кӕна, уӕд.
5. Литературӕ парахат кӕнгӕйӕ нӕ нысан цы у?
5 Уӕдӕ нӕ литературӕйӕ хорз пайда кӕнӕм, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр, кӕд алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уӕддӕр, ӕххуыс кӕнӕм ӕцӕгад базонынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн (1 Тим. 2:3, 4).