Стыр арфӕдзинӕдтӕ – дӕ разы!
1. Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕныныл ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
1 Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын дӕ цард циндзинад хӕсса? Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын дын ӕхсызгон у? Йегъовӕйӕн дӕ фылдӕр лӕггад кӕнын фӕнды? Кӕд ацы фарстатӕн разыйы дзуапп радтай, уӕд ахъуыды кӕн ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕныныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ахъуыды кӕнай, дӕ бинонты раз кӕнӕ ма дыл Библимӕ гӕсгӕ ноджыдӕр цы хӕстӕ ис, уыдоныл ӕмӕ де ’нӕниздзинадыл дӕр.
2. Пионертӕ цӕвӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын?
2 Соломон загъта, Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕм хъӕздыгдзинад дӕр кӕй хауы (Ӕмб. 10:22). Абон нын Йегъовӕ сӕйраджыдӕр арфӕ кӕны уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгты. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты пионертӕ. Зӕгъӕм, пионертӕ тынг амондджын сты, сӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй пайда кӕнынц – сӕхи хъуыддӕгты разӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц (Кол. 4:5; Ап. хъ. 20:35). Сӕ фыдӕбон сын Йегъовӕ уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны. Ахӕм хӕзнатӕн уӕлӕрвты кӕдфӕндыдӕр аргъ вӕййы (Матф. 6:20; Дзут. 6:10). Уымӕй уӕлдай, пионертӕн сӕ «цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт» кӕй у ӕмӕ сыл Йегъовӕ кӕй тыхсдзӕн, ууыл сӕ ныфс кӕй дарынц, уый фӕрцы йӕм ноджы ӕввахсдӕр кӕнынц (Матф. 6:22, 25, 32; Дзут. 13:5, 6).
3. Цӕмӕй хицӕн кӕнынц пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын?
3 Хъӕздыгдзинад ӕмӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдонмӕ фӕзыны бирӕ «ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тим. 6:9, 10; Иак. 5:1–3). Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон та уымӕй хызт сты. Пионертӕ бирӕ рӕстӕг кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад фидар у ӕмӕ нӕ рох кӕнынц, царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый (Фил. 1:10). Инженерӕй чи куыста, иу ахӕм ӕфсымӕрӕн йӕ рӕстӕг иууылдӕр йӕ куыстыл цыд. Цӕмӕй пионерӕй лӕггад кодтаид, уый тыххӕй йӕ куыст ныууагъта: «Куысты тынг фӕлладтӕн. Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ та афтӕ нӕу. Ныр адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ семӕ ахуыр кӕнын Хуыцауы Ныхас. Уымӕй ӕхсызгондӕр хъуыддаг нӕй».
4. Пионертӕ иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй куыд арфӕгонд цӕуынц?
4 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц. Абон иууылдӕр цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1). Адӕмы тынг хъӕуы ныфс. Паддзахады хъусынгӕнджытӕн тынг ӕхсызгон вӕййы ныфссаст адӕмӕн хорз хабар радзурын. Куыд тынг фӕцин кӕнынц пионертӕ, цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы куыстыл алы аз дӕр 800 сахатӕй фылдӕр кӕй бахардз кӕнынц! (1 Тим. 4:16).
5, 6. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайай?
5 Искуы лӕмбынӕг ахъуыды кодтай пионерӕй лӕггад кӕныныл? Чи зоны дӕ бахъӕуа, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгты бӕсты дӕ «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнын» (Еф. 5:15, 16). Бирӕтӕ афтӕ бакодтой ӕмӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, уый фӕрцы ӕнӕхъӕн бон нал кусынц ӕмӕ сын фылдӕр рӕстӕг ис хъусын кӕнынӕн. Дӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын?
6 Кув, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна хорз график саразынӕн, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнай (Иак. 1:5). Уый дын цы ӕрхӕсдзӕн? Ӕнӕнымӕц арфӕдзинӕдтӕ! Цух цӕмӕйдӕриддӕр ӕййафыс, уый дын Йегъовӕ дӕтдзӕн (Матф. 6:33). Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы чи бафӕлвӕрдта, уыдонӕн йӕ «хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ радта» (Мал. 3:10).