Ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг
1. Хъусын кӕныны хъуыддагӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм, уый нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
1 Цымӕ афтӕ арӕх цӕмӕ фехъусӕм, цӕмӕй нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ не ’хца хъусын кӕныны хъуыддагыл хардз кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ абон ацы хъуыддагӕй ахсджиагдӕр нӕй! Уацамындӕн абон ис стыр нысаниуӕг, стӕй ахӕм куыст никуыуал уыдзӕн. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды фылдӕр хъусын кӕнын (Ап. хъ. 20:24).
2. Хъусын кӕныны хъуыддаг Йегъовӕйы ном куыд кадджын кӕны?
2 Кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы ном. Мах хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйы Паддзахад Йесо Чырыстийы разамындӕй кӕй ныппырх кӕндзӕн ӕппӕт адӕмы хицауӕдтӕ ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Матф. 6:9, 10). Йегъовӕ у кады аккаг, уымӕн ӕмӕ уый йеддӕмӕ низтӕ ӕмӕ мӕлӕт ничи фесафдзӕн (Ис. 25:8; 33:24). Йӕ ном ын кӕй хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй уӕм фӕзминаг. Ӕмӕ уый адӕм куы уыной, уӕд ын, чи зоны, йӕ ном скадджын кӕндзысты (1 Пет. 2:12). Куыд ӕхсызгон нын у, Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы номы тыххӕй ӕппӕт дунейы дӕр кӕй хъусын кӕнӕм! (Пс. 83:18)
3. Адӕм хорз хабармӕ куы байхъусынц, уӕд сын уый цы пайда ӕрхӕссы?
3 Цардирвӕзынгӕнӕн куыст. Йегъовӕйы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иууылдӕр ӕрфӕсмон кӕной» (2 Пет. 3:9). Фӕлӕ куы ничи хъусын кӕна, уӕд адӕм кӕцӕй базондзысты, Йегъовӕйы цӕсты раст ӕмӕ ’взӕр цы у, уый? (Ионӕ 4:11; Ром. 10:13–15). Адӕм хорз хабармӕ куы байхъусынц ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц, уӕд сӕ цард фӕхуыздӕр вӕййы (Мих. 4:1–4). Уымӕй уӕлдай ма сӕм фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕхи дӕр ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм (1 Тим. 4:16).
4. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?
4 Тагъд ацы фыддуне стыр бӕллӕххы фесӕфдзӕн. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон та фервӕздзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Ацы куыст абон у ӕппӕты ахсджиагдӕр ӕмӕ хӕссы стыр пайда. Цӕй уӕдӕ йӕ нӕ царды фыццаг бынаты ’вӕрӕм! (Матф. 6:33).