Нӕ брошюрӕтӕ сты алыхуызон адӕмӕн
1. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» апостол Павелы куыд фӕзмы?
1 Апостол Павел хорз хабар афтӕ хъусын кодта, цӕмӕй «алыхуызон адӕмы» зӕрдӕтӕм фӕндаг ардтаид. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр нӕ брошюрӕтӕй афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй алыхуызон уавӕрты чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон динтыл хӕст чи у, ахӕм адӕмы Хуыцаумӕ раздаха (1 Кор. 9:22, 23). Хорз уаид, нӕ брошюрӕтӕ парахат кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам, кӕмӕн ӕрцыдысты фыст, уыцы адӕмы.
2. Нӕ брошюрӕтӕй иутӕ уагъд кӕмӕн цӕуынц?
2 Парахат кӕй кӕнӕм, уыцы брошюрӕтӕй иутӕ уагъд цӕуынц, апостол Павел «афинӕгтимӕ» ныхасгӕнгӕйӕ цы адӕмы кой скодта, уыдоны хуызӕн адӕмӕн (Хъуыд. 17:22). Уыцы адӕм чырыстон диныл хӕст нӕ уыдысты ӕмӕ Фыстад дӕр хорз не ’мбӕрстой. Уӕдӕ ацы брошюрӕтӕ дӕр уагъд цӕуынц, Библи гыццыл йе та ӕппындӕр чи нӕ зоны, уыдонӕн. Ахӕм адӕм, чи зоны, Библийы ахуырӕдты тыххӕй ницы зонынц, динӕй фӕфыдӕнхъӕл сты йе та не ’мбарынц, Библи царды кӕй ахады, уый. Ацы брошюрӕты сӕйраг нысан у, цӕмӕй сӕ чи кӕсы, уыцы адӕмы бауырна, Хуыцау кӕй ис, уый. Стӕй ма цӕмӕй Библийыл тынгдӕр баууӕндой ӕмӕ бамбарой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ динтӕй кӕй хицӕн кӕнынц.
3. Нӕ брошюрӕтӕй иннӕтӕ та мыхуыр кӕмӕн цӕуынц?
3 Парахат кӕй кӕнӕм, уыцы брошюрӕтӕй иннӕтӕ та уагъд цӕуынц, Хуыцау ӕмӕ Фыстадӕн чи аргъ кӕны, уыцы адӕмӕн. Уыдон Библийӕ цыдӕртӕ зонынц, фӕлӕ бӕлвырдӕй цы дзуры, уый нӕ зонынц. Уыцы адӕмы абарӕн ис, Павел афтӕ кӕмӕй загъта, Хуыцауӕй тӕрсынц, зӕгъгӕ, уыдонимӕ (Хъуыд. 13:14–16). Ис ма нӕм брошюрӕтӕ ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн, мыхуыр цӕуынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Павел зыдта, йӕ фыстӕджытӕ йын чи кастаид, уыдон Фыстад дӕр ӕмӕ рӕстдзинад дӕр хорз кӕй зыдтаиккой (1 Кор. 1:1, 2). Ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн уагъд брошюрӕтӕ дӕр фыст ӕрцӕуынц, нӕ фембӕлдтӕм нын чи цӕуы ӕмӕ нын нӕ ахуырӕдтӕ хорз чи зоны, уыдонӕн.
4. Уацамынды кӕй дӕттӕм, уыцы брошюрӕтӕ-иу рагацау цӕмӕн хъуамӕ бакӕсӕм?
4 Уацамынды кӕд алыхуызон брошюрӕтӕ фӕдӕттӕм, уӕддӕр дзы адӕймаджы ӕргом раздахӕм иумӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу алы брошюрӕ дӕр рагацау бакӕсӕм. Афтӕмӕй нын хуыздӕр уайдзӕн, кӕуыл сӕмбӕлӕм, уыдоны бацымыдис кӕнын.