Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Кӕимӕ аныхас кодтам, уый тыххӕй цы хъӕуы фыссын
«Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ» (1 Тим. 4:16). Апостол Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй бӕрӕг у, не ’ппӕт дӕр кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнджытӕ суӕм, ӕмӕ уӕлдай нӕу, ног хъусынгӕнджытӕ стӕм ӕви фӕлтӕрдджын. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» цы ног рубрикӕ уыдзӕн, уый. Сӕ иумӕйаг ном уыдзӕн «Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл». Алы статьяйы дӕр дзырд цӕудзӕн ахсджиаг мадзалыл ӕмӕ дзы уыдзӕн уынаффӕтӕ, куыд пайда кӕнын сӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Мӕйы дӕргъы-иу не ’ппӕт дӕр уыцы мадзалӕй пайда кӕндзыстӕм. Стӕй-иу нын мӕйы кӕрон хъусын кӕныны фембӕлды иу хайы фадат уыдзӕн, цӕмӕй-иу радзурӕм, уыцы уынаффӕтӕй куыд спайда кодтам, уый. Ацы мӕй не ’ппӕт дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу бӕстон ныффыссӕм, кӕимӕ ныхас кӕндзыстӕм, уыдоны тыххӕй.
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Цӕмӕй нӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй ӕрмӕст хъусын кӕнын фаг нӕу. Чи нӕм байхъуыста, уыдонмӕ хъуамӕ дыккаг хатт бацӕуӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм, ома цы рӕстдзинады мыггӕгтӕ байтыдтам, уыдоныл дон кӕнӕм (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 3:6–9). Уый тыххӕй та хъуамӕ адӕймагмӕ ногӕй бацӕуӕм, цы йӕ тыхсын кӕны, ууыл аныхас кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныхас аразӕм, фыццаг хатт цӕуыл аныхас кодтам, ууыл. Уӕдӕ адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ уый тыххӕй нӕхимӕ ныффыссӕм.
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Кӕимӕ аныхас кодтай, уый тыххӕй куы фыссай, уӕд-иу сӕ зӕгъ, уацамынды кӕимӕ уай, уымӕн дӕр.