Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/00 8 ф.
  • Ноджыдӕр ма йӕм бацу!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноджыдӕр ма йӕм бацу!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕмы ногӕй бӕрӕг кӕнын — хорз фадат Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Баххуыс кӕн, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн и», уыдонӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Кӕимӕ аныхас кодтам, уый тыххӕй цы хъӕуы фыссын
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
  • Чи нӕм байхъуыста, уыдонмӕ ногӕй кӕд бацӕуӕм?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 4/00 8 ф.

Ноджыдӕр ма йӕм бацу!

1 «Куыд хорз аныхас кодтам! Хъуамӕ ма йӕм бацӕуон». Искуы дыл ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ афтӕ дзырдтай, фӕлӕ ма дӕ стӕй рох дӕр фӕци, адӕймаг кӕм цӕры, уый? Кӕд о, уӕд хъуамӕ зонай: адӕймагмӕ ма ӕрмӕстдӕр уӕд бацӕудзынӕ, дӕхимӕ йӕ куы ныффыссай.

2 Алцыдӕр фысс: Цымыдисгӕнаг адӕймаджы тыххӕй цы базыдтай, йемӕ цӕуыл дзырдтай, уый дӕ цалынмӕ нӕ ферох, уӕдмӕ йӕ ныффысс. Ныффысс ын йӕ ном ӕмӕ йӕ иннӕ хатт цӕмӕ гӕсгӕ базондзынӕ, уыдӕттӕ. Ныффысс ын йӕ адрис ӕмӕ йӕ сбӕлвырд кӕн, раст ӕй ныффыстай ӕви нӕ. Ныффысс, цӕуыл ныхас кодтат, Библийӕ цавӕр стихтӕ бакастыстут ӕмӕ йын цавӕр литературӕ ныууагътай, уый.

3 Кӕд адӕймагмӕ исты фарст фӕзынд ӕмӕ йын дзуапп иннӕ хатт хъуамӕ раттай, уӕд уый дӕр ныффысс. Адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, йӕ бинонты, йе та йӕ дины тыххӕй исты базыдтай? Кӕд о, уӕд уыдӕттӕ дӕр ныффысс. Иннӕ хатт ӕм куы бацӕуай ӕмӕ йын ӕй йӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, ӕцӕгдӕр ыл кӕй тыхсыс, уый. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, ныффысс, фыццаг хатт ӕм кӕд бацыдтӕ ӕмӕ йӕм иннӕ хатт кӕд бацӕудзынӕ, уый. Ахӕм бӕстон фыстытӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзысты, адӕймагмӕ дӕ ноджыдӕр бацӕуын кӕй хъӕуы, уый (1 Тим. 1:12, НФ).

4 Кӕд алцыдӕр ныффыстай, уӕд дӕ фыстытӕ сӕвӕр, уацамындмӕ цы дзауматӕ фӕхӕссыс, уыдонимӕ — чингуыты сумкӕ, Библи, брошюрӕ «Куыд райдайӕм ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнӕм нӕ ныхас» (уыр.) ӕмӕ литературӕимӕ — ӕмӕ сӕ афтӕ сӕвӕр, цӕмӕй сӕ алкӕддӕр зонай, кӕм дын сты ӕвӕрд, уый. Хуыздӕр уаид, хӕдзары чи нӕ уыд ӕмӕ дыккаг хатт бацӕуын кӕмӕ хъӕуы, уыдоны хицӕнтӕй куы фыссис. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы куыст кӕд бӕстон бакодтай, уӕддӕр ахсджиагдӕр у, цӕмӕй ма адӕймагмӕ ноджыдӕр бацӕуай!

5 Адӕймагыл хъуыды кӕн: Уацамындмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕ фыстытӕм ӕркӕс. Ахъуыды кӕн алы адӕймагыл дӕр ӕмӕ дыккаг бацыдӕн хуыздӕр цӕуыл уаид аныхасгӕнӕн, ууыл. Ахъуыды кӕн, куыд ис адӕймаджы афтӕ бацымыдис кӕнӕн, цӕмӕй йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын райдайай. Афтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ӕнтыстджындӕрӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕндзынӕ ӕмӕ фылдӕр циндзинад ӕнкъардзынӕ (Фӕс. н. 21:5а).

6 Уӕдӕ дӕм иннӕ хатт исчи лӕмбынӕг куы хъуса, уӕд дӕм афтӕ ма фӕкӕсӕд, ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕндзынӕ. Уый бӕсты йӕ дӕхимӕ ныффысс, дӕ фыстытӕм кӕс, адӕймагыл хъуыды кӕн, ӕмӕ ма йӕм уӕд ноджыдӕр бацӕудзынӕ!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын