41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Мах лӕггад кӕнӕм «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауӕн»
«Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (ПС. 145:9).
44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг цавӕр вӕййы?
ИСКӔМӔЙ куы фӕзӕгъынц, фӕлмӕнзӕрдӕ у, зӕгъгӕ, уӕд нӕ цӕстытыл ауайы хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕдау адӕймаг. Чи зоны ма нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, Йесо хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый дӕр. Уый «фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ... баххуыс кодта», абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы дзуттагӕн, кӕд йӕхӕдӕг дзуттаг нӕ уыд, уӕддӕр (Лук. 10:29–37). Ацы хабарӕй базонӕн ис, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый. Уый у нӕ Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕй сӕ иу. Хуыцау нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ нӕ уарзы. Ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы бон дӕр равдисы.
2. Чидӕр фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?
2 Чидӕр фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, чи фӕрӕдыд, уый нӕ бафхӕры. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад афтӕ дӕр равдисы. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны» (Пс. 103:10). Фӕлӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый бафхӕры.
3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕн равдисы? Цымӕ афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ, искӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй куы бафхӕрынц, уӕд уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг вӕййы? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм? Цӕй ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм.
ЙЕГЪОВӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔДЗИНАД ЦӔМӔН ӔВДИСЫ?
4. Йегъовӕ адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕн равдисы?
4 Йегъовӕ нӕ уарзы. Апостол Павел ефесӕгтӕм ныффыста, Йегъовӕ «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» кӕй у. Павел сын бамбарын кодта, Йегъовӕ йе ’нӕххӕст сӕрст лӕггадгӕнджытӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕй радта, уымӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста (Еф. 2:4–7). Фӕлӕ ӕрмӕст уыдонмӕ нӕу фӕлмӕнзӕрдӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Пс. 145:9). Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы, уымӕн гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд.
5. Йесо кӕцӕй зоны, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый?
5 Йесойӕ хуыздӕр ӕй ничи зоны, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ мингай азты дӕргъы уыди йӕ Фыдимӕ иумӕ (Ӕмб. 8:30, 31). Ӕмӕ бирӕ хӕттыты федта, йӕ Фыд-иу тӕригъӕдджын адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста, уый (Пс. 78:37–42). Ӕмӕ зӕххыл куы уыд, уӕд-иу адӕмӕн арӕх дзырдта йӕ Фыды фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй.
Фыд йӕ фырты уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын йӕ хӕдзары дуӕрттӕ бакодта (кӕс 6 абзац)c
6. Йесо цавӕр фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, йӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый?
6 Айразмӕйы статьяйы дӕр дзырд цыди, Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, ууыл. Уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Уыцы фырт ацыд дард бӕстӕм, «уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд ӕмӕ йӕ мулк бахордта» (Лук. 15:13). Уый фӕстӕ йе ’нӕгъдау митыл ӕрфӕсмон кодта, йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Йӕ фыд ӕм цы цӕстӕй ракаст? Йесо радзырдта: «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта». Фыд ӕй уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын уайтагъд ныххатыр кодта ӕмӕ та йын йӕ хӕдзары дуӕрттӕ бакодта. Йӕ фырт стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Фӕлӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕ гӕсгӕ йын фыд ныххатыр кодта. Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ фыд амоны Йегъовӕмӕ. Йесо афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыды тынг кӕй фӕфӕнды, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын (Лук. 15:17–24).
7. Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у, уый куыд баст у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадимӕ?
7 Йегъовӕ у стыр зонды хицау. Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон иннӕтӕн алкӕддӕр ӕрхӕссынц пайда. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын» (Иак. 3:17). Йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, ахӕм фыдау Йегъовӕ дӕр зоны, йӕ сывӕллӕттӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый сын пайда кӕй хӕссы (Пс. 103:13; Ис. 49:15). Уый фӕрцы сын фидӕнӕй ис ныфс, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр. Йегъовӕмӕ ӕгӕрон зонд кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын, уымӕн гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын кӕд нӕ фӕхъӕуы, уый дӕр. Ӕмӕ афтӕ никуы рауайы, цӕмӕй тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕса.
8. Иуӕй-иу хатт цы фӕхъӕуы саразын ӕмӕ цӕмӕн?
8 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы араза, уӕд куыд хъӕуы бакӕнын? Павел Хуыцауы разамындӕй ныффыста, зӕгъгӕ уын йемӕ «иумӕйагӕй мацыуал уӕд» (1 Кор. 5:11). Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кӕнынц. Афтӕ бакӕнын фӕхъӕуы, цӕмӕй иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уой. Стӕй уымӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайӕм ӕмӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад кӕй хъахъхъӕнӕм. Фӕлӕ, чи зоны, кӕмӕндӕр зын у бамбарын, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг куыд у. Цӕй ӕмӕ ууыл аныхас кӕнӕм.
ИСКӔЙ ӔМБЫРДӔЙ КУЫ АЦУХ КӔНЫНЦ, УӔД УЫЙ ФӔЛМӔНЗӔРДӔДЗИНАДЫЛ ДЗУРӔГ ВӔЙЙЫ?
Фыййау рынчын фысы фӕхибар кодта, фӕлӕ йыл уӕддӕр тыхсы (кӕс 9–11 абзацтӕ)
9, 10. Дзуттӕгтӕм 12:5, 6 стихтӕм гӕсгӕ, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
9 Ӕмбырды нӕ хиуӕттӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй искӕй тыххӕй куы фехъусын кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал у, зӕгъгӕ, уӕд тынг ӕрӕнкъард вӕййӕм. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, ӕцӕгдӕр ӕй хъуыди ӕмбырдӕй ацух кӕнын, зӕгъгӕ. Цымӕ уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у? О. Адӕймаджы ӕнӕмӕнг бафхӕрын куы хъӕуа, фӕлӕ йӕ куы нӕ бафхӕрой, уӕд уый зондыл, фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл ӕмӕ уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 13:24). Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд ын уый, гӕнӕн ис, баххуыс кӕна йӕ цард аивынӕн ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнынӕн. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕ радзырдтой, ӕмбырдӕй сӕ кӕй ацух кодтой, уый фӕрцы сӕ рӕдыд кӕй бамбӕрстой, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ныууагътой ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтысты. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5, 6.)
10 Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Фыййау федта, фыстӕй иу кӕй фӕрынчын. Уый бамбӕрста, цавӕр низ у, ӕмӕ йӕ зоны, рынчын фысы фӕхибар кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ фыстӕ дзугимӕ ахуыр сты. Ӕмӕ фыс иунӕгӕй куы аззайа, уӕд, гӕнӕн ис, тӕрса. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ фыййау тӕригъӕд нӕ зоны. Уый ӕмбары, рынчын фыс дзугимӕ куы баззайа, уӕд иннӕтӕ дӕр кӕй фӕрынчын уыдзысты. Фыййауы та фӕнды дзуг бахъахъхъӕнын. (Абар Левит 13:3, 4.)
11. а) Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый рынчын фысимӕ цӕмӕн ис абарӕн? б) Ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уымӕн йӕ бон цы вӕййы аразын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын куыд баххуыс кӕнынц?
11 Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый у, чи фӕрынчын, ахӕм фысы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард (Иак. 5:14). Адӕймаг рынчын куы вӕййы, уӕд тӕссаг вӕййы, йӕ низ иннӕтыл дӕр куы бахӕца, уымӕй. Афтӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕ куы адард вӕййы, уӕд дӕр тӕссаг вӕййы, иннӕтыл йӕ зондахаст куы фӕзына, уымӕй. Уый тыххӕй хатт фӕхъӕуы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Стӕй уый фӕрцы, чи зоны, адӕймаг бамбара, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕна. Кӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр йӕ бон у ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ис ма йын фадат, цӕмӕй публикацитӕ кӕса ӕмӕ сӕ иртаса, стӕй кӕса нӕ телеуынынадмӕ (JW Broadcasting®). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы уыной, йӕ царды ивындзинӕдтӕ кӕй кӕны, уӕд-иу ын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уынаффӕ ратдзысты, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад сфидар кӕнынӕн баххуыс кӕной ӕмӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцӕуаb.
12. Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кӕны, ахӕм чырыстонмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдисынц?
12 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, йӕ тӕригъӕдыл куы не ’рфӕсмон кӕны, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ алцӕуыл дӕр хорз ахъуыды кӕнынц. Уыдон зонынц, Йегъовӕ адӕймагӕн зонд кӕй бацамоны, «куыд хъӕуы, афтӕ» (Йер. 30:11). Уыдон ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзынц. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы уынаффӕ рахӕссой кӕнӕ цы саразой, уымӕй искӕй уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕссой. Фӕлӕ уӕддӕр хатт бахъӕуы адӕймаджы цасдӕр рӕстӕгмӕ ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Ӕмӕ уый дӕр дзурӕг вӕййы уарзондзинадыл ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл.
13. Коринфы ӕмбырды иу чырыстоны ацух кӕнын цӕмӕн бахъуыд?
13 1 ӕнусы Коринфы ӕмбырды иу чырыстон цард йӕ фыды усимӕ. Ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл нӕ фӕсмон кодта. Уый уыд ӕбуалгъы ми! Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн загъта: «Йӕ фыды усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуа, уый байгом кодта йӕ фыды буар. Ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы амарын» (Лев. 20:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелӕн йӕ бон нӕ уыд уыцы чырыстонӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссын. Фӕлӕ коринфӕгтӕм ныффыста, цӕмӕй йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой. Уыцы чырыстон ӕнӕгъдау цард кӕй кодта, уый ӕмбырды иннӕтыл дӕр фӕзынд. Чидӕртӕ сӕ уыцы ӕнӕгъдау ми худинагыл дӕр нал нымадтой! (1 Кор. 5:1, 2, 13).
14. Коринфы ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы нӕлгоймагмӕ Павел фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста ӕмӕ цӕмӕн? (2 Коринфӕгтӕм 2:5–8, 11).
14 Цасдӕры фӕстӕ Павел базыдта, уыцы нӕлгоймаг йӕ цард кӕй аивта. Йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодта. Кӕд йе ’взӕр миты тыххӕй ӕмбырды хорз ном фӕчъизи, уӕддӕр Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йе ’фхӕрд ӕгӕр карз уыдаид. Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ йын «зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут». Цӕмӕн сын загъта афтӕ? Цӕмӕй, дам, «бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса». Павел ын фӕтӕригъӕд кодта. Уыцы адӕймаг йӕхи ӕгӕр куы хордтаид, уӕд ӕй ныфс дӕр нал уыдаид, йӕ тӕригъӕд хатыргонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Ӕмӕ Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ рауадаид. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:5–8, 11.)
15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у фидарӕй архайын дӕр ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын дӕр?
15 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Йегъовӕйау ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Ӕмӕ, гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд равдисынц фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Фӕлӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый бафхӕрын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй бафхӕрынц. Ӕнӕфхӕрдӕй-иу ӕй куы ныууадзиккой, уӕд уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг нӕ уаид. Уӕд афтӕ рауаид, ӕмӕ тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц. Фӕлӕ цымӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕвдисой?
НЕ ’ППӔТӔН ДӔР ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ УӔМ?
16. Ӕмбисӕндтӕ 21:13 стихмӕ гӕсгӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уыдоны куывдтытӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
16 Мах не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 21:13.) Ӕмӕ нӕ уый та никӕй фӕнды. Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй, хатыр кӕнын чи нӕ зоны, ахӕм адӕймӕгтӕ ма суӕм. Хъуамӕ-иу «мӕгуыры ӕрдиагмӕ» нӕ хъустӕ ма сӕхгӕнӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи зын уавӕры куы уа, уӕд-иу хъуамӕ нӕхи ницыхъусӕг ӕмӕ ницызонӕг ма скӕнӕм. Мах фӕнды ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты» (Иак. 2:13). Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбарӕм, мах дӕр кӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Ӕмӕ нын уӕд фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕлдайдӕр та хъуамӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм, йӕ тӕригъӕдыл чи ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ ӕмбырдмӕ чи ’рбаздӕхы, уыдонмӕ.
17. Паддзах Давид-иу фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста?
17 Библийы цы адӕмы кой ис, уыдоны хабӕрттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ карз ма уӕм. Зӕгъӕм, паддзах Давид алыхуызон уавӕрты йӕхи равдыста фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй. Кӕд ӕй Саул марынмӕ хъавыд, уӕддӕр Давиды никуы бафӕндыд Хуыцауы сӕрст паддзахӕй йӕ маст райсын (1 Сам. 24:9–12, 18, 19).
18, 19. Давид цавӕр дыууӕ уавӕры нӕ равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад?
18 Фӕлӕ Давид алкӕд нӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Зӕгъӕм, иухатт Навалмӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй дзы хӕринаг ракуырдтаиккой. Фӕлӕ Навал уыд тызмӕг адӕймаг, ӕмӕ сын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ сӕ афтидармӕй арвыста. Уӕд Давид мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны амарын. Фӕлӕ Навалы ус Авигейӕ уыд хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы Давид туг нӕ ныккалдта (1 Сам. 25:9–22, 32–35).
19 Иухатт та пехуымпар Нафан Давидӕн радзырдта иу хабар. Мӕгуыр лӕгмӕ, дам, уыди иу уӕрыкк ӕмӕ йӕ тынг уарзта. Фӕлӕ, дам, ын ӕй хъӕздыг лӕг байста. Давид уый куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын, афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у» (2 Сам. 12:1–6). Давид зыдта Моисейы закъон. Фыс чи адавтаид, уый хъуамӕ йӕ хицауӕн цыппар фысы радтаид (Рац. 22:1). Фӕлӕ Давид афтӕ кӕй загъта, уыцы адӕймаг маринаг у, зӕгъгӕ, уый ӕгӕр карз тӕрхон уыди. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Нафан ӕрымысгӕ хабар радзырдта. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй Давид бамбӕрстаид, йӕхӕдӕг стырдӕр фыдракӕндтӕ кӕй сарӕзта. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста! Давид йӕхӕдӕг, Нафан цы хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уымӕ ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдыста (2 Сам. 12:7–13).
Нафан паддзах Давидимӕ куы ныхас кодта, уӕд Давид рахаста ӕгӕр карз тӕрхон (кӕс 19, 20 абзацтӕ)d
20. Давиды хабар нын зондзонӕн куыд у?
20 Дӕ хъус-ма ӕрдар: Давид тынг куы смӕсты, уӕд аскъуыддзаг кодта, Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй амардзӕн. Уый фӕстӕ та, Нафан цы хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уый банымадта мӕлӕты аккагыл. Ацы хабарыл-ма лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнӕм. Давид ӕнӕуи хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыд. Ӕмӕ цымӕ уӕд ахӕм карз тӕрхон цӕмӕн рахаста? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Давид уӕд цы уавӕры уыд, уый. Стыр тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ йӕ цӕсгом тынг хордта. Уӕдӕ кӕд адӕймаг иннӕтӕн карзӕй тӕрхон кӕны, фӕлмӕнзӕрдӕ сӕм нӕу кӕнӕ сын хатыр нӕ кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн тӕрхон кӕнут, ӕмӕ сымахӕн дӕр ничи тӕрхон кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр» (Матф. 7:1, 2, фип.). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхиуыл кусӕм, цӕмӕй ӕгъатыр ӕмӕ карз адӕймӕгтӕ макуы суӕм, фӕлӕ уӕм нӕ Хуыцауы хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ.
21, 22. Нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын?
21 Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг иннӕтӕн ӕнӕуи тӕригъӕдтӕ нӕ фӕкӕны. Кӕй сын тӕригъӕд кӕны, уый ма хъуыддагӕй дӕр равдисы. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын, нӕ бинонтӕй, не ’мбырды кӕнӕ иннӕ адӕмӕй ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынӕн бирӕ фадӕттӕ ис ссарӕн. Кӕйдӕр фӕхъӕуы ныфс бауадзын, кӕмӕдӕр фӕхъӕуы цӕмӕйдӕр фӕкӕсын, зӕгъӕм, хӕринаг ын скӕнын кӕнӕ ӕрбахӕссын. Ӕмбырдӕй цух чи уыд ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рбаздӕхт, ахӕм чырыстоны фӕхъӕуы хорз ӕмбӕлттӕ, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕной. Ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд та афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн алкӕмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын (Иов 29:12, 13; Ром. 10:14, 15; Иак. 1:27).
22 О, нӕ бон алыхуызӕтты у фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Ӕрмӕст хъуамӕ уӕм ӕрхъуыдыджын. Ӕмӕ, иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд-иу нӕ уӕларвон Фыды, нӕ «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы» зӕрдӕ тынг барухс кӕндзыстӕм!
43 ЗАРӔГ Арфӕйы куывд
a Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау. Уый у йӕ рӕсугъддӕр миниуджытӕй сӕ иу. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цӕмӕн равдисы, ууыл. Базондзыстӕм ма, искӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй куы бафхӕры, уӕд уый йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг куыд вӕййы ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм.
b Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уымӕн йӕ бон куыд у Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын, стӕй йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕнынц, уый тыххӕй ацы номыры кӕс статья «Дӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ „ногӕй сараз“».
c НЫВТӔ. Фыд йӕ хӕдзары сӕрӕй ауыдта, йӕ фырт кӕй ӕрбаздӕхы, ӕмӕ йӕ размӕ азгъордта.
d НЫВТӔ. Паддзах Давиды йӕ цӕсгом кӕй хордта, уый тыххӕй уыд тынг тыхст. Ӕмӕ, Нафаны радзырд фехъусгӕйӕ, мӕстӕй рафыхт ӕмӕ загъта, хъӕздыг лӕг маринаг кӕй у.