9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
51 ЗАРӔГ Нӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтам!
Донаргъуыд райсыныл фӕстиат ма кӕн!
«Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, донаргъуыд райс» (ХЪУЫД. 22:16).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Самариӕгтӕн, Савлӕн, Корнилийӕн ӕмӕ коринфӕгтӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ цы пайда сты.
1. Донаргъуыд райсын хорз цӕмӕн у?
ЙЕГЪОВӔ дын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта, уыимӕ дын цард дӕр радта. Уый тыххӕй йӕ куыннӕ уарзыс. Ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр уыцы уарзондзинад дӕ бон равдисын у, дӕ цард ын куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уымӕй. Уӕд суыдзынӕ Йегъовӕйы бинонтӕй. Ӕмӕ дын дӕ Фыд ӕмӕ дӕ Хӕлар алкӕддӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ дыл тыхсдзӕн (Пс. 73:24; Ис. 43:1, 2). Стӕй ма дын уӕд фӕзындзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс (1 Пет. 3:21).
2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
2 Донаргъуыд райсын дӕ исты хъыгдары? Бирӕтӕй ис уый зӕгъӕн. Дӕ размӕ милуанты бахъуыд сӕ цард ӕмӕ сӕ зондахаст фӕивын, цӕмӕй сӕ бон уыдаид донаргъуыд райсын. Ӕмӕ абон Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ сты амондджын. Ӕркӕсӕм, 1 ӕнусы донаргъуыд чи райста, уыцы адӕмӕй цалдӕры цӕвиттонмӕ. Аныхас кӕнӕм, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.
САМАРИӔГТӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСТОЙ
3. Самариӕгты донаргъуыд райсын цы хъыгдардтаид?
3 Йесойы рӕстӕджы самариӕгтӕ хуыдтой иу дины къорд. Самариӕгтӕй бирӕтӕ цардысты Иудейӕйӕ цӕгатырдӕм, горӕт Сихемы ӕмӕ Самарийы. Цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхасыл ӕнӕхъӕнӕй баууӕндыдаиккой. Уыдон Хуыцауы комытӕфӕй фыст чингуытыл нымадтой ӕрмӕстдӕр Библийы фыццаг фондз чиныджы (Райдианы чиныгӕй Дыккаг закъоны чиныгмӕ) ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, Йесо Навины чиныг дӕр. Фӕлӕ самариӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Уыдон ӕууӕндыдысты, Дыккаг закъоны 18:18, 19 стихты Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл (Иоан. 4:25). Ӕмӕ цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ бамбӕрстаиккой, уыцы зӕрдӕвӕрд Мессийӕ Йесо кӕй уыд. Ӕмӕ сӕ бирӕтӕ Йесойыл баууӕндыдысты (Иоан. 4:39). Фӕлӕ ма самариӕгтӕй иуӕй-иутӕ хъуамӕ дзуттӕгтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтаиккой, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уыдтой (Лук. 9:52–54).
4. Самариӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй ракастысты, Филипп сын цы хабар хъусын кодта, уымӕ? (Хъуыддӕгтӕ 8:5, 6, 14).
4 Самариӕгтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой? Филипп самариӕгтӕн «Чырыстийы тыххӕй» куы хъусын кодта, уӕд дзы чидӕртӕ «Хуыцауы ныхасыл... баууӕндыдысты». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:5, 6, 14.) Филипп дзуттаг уыд, фӕлӕ йӕм уыдон уӕддӕр хъуыстой. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Дыккаг закъоны фыст ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау никӕй хъулон кӕны (Дык. з. 10:17–19). Куыдфӕнды ма уыдаид,– самариӕгтӕ «лӕмбынӕг хъуыстой», Филипп цы дзырдта, уымӕ ӕмӕ бамбӕрстой, Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма Филипп сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ, зӕгъӕм, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ адӕмӕй хӕйрӕджыты сырдта (Хъуыд. 8:7).
5. Самариӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
5 Гӕнӕн уыд, ӕмӕ самариӕгтӕ Филиппмӕ ма байхъуыстаиккой, дзуттаг кӕй уыд кӕнӕ сӕм фаг зонындзинӕдтӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон афтӕ нӕ бакодтой. Филипп сын рӕстдзинад кӕй амоны, ууыл куы баууӕндыдысты, уӕд донаргъуыд райсыныл нал рахъуыды-бахъуыды кодтой. Библийы фыст ис: «Филипп [сын] Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй хорз хабар куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр» (Хъуыд. 8:12). Фидарӕй дӕ уырны, Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад кӕй ис? Уырны дӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕй кӕсынц ӕмӕ, Йесо цы уарзондзинады кой кодта, кӕрӕдзи ахӕм уарзтӕй кӕй уарзынц? (Иоан. 13:35). Кӕд о, уӕд донаргъуыд райсын ма тӕрс ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй раарфӕ кӕндзӕн.
6. Рубены хабар дын куыд баххуыс кӕндзӕн?
6 Германийӕ иу ӕфсымӕр, Ру́бен, схъомыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ ӕрыгонӕй дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй ууыл мауал дызӕрдыг кодтаид? Уый бамбӕрста, зонындзинӕдтӕ йын кӕй нӕ фаг кӕны, ӕмӕ сфӕнд кодта фылдӕр базонын. Уый загъта: «Библи иртасын райдыдтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Эволюцийы темӕ раиртасын мӕ цалдӕр хатты бахъуыд». Рубен бакаст чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Уыцы чиныг ын тынг баххуыс кодта. Рубен ахъуыды кодта: «Диссӕгтӕ! Йегъовӕ ӕцӕгдӕр куы ис!» Сӕйраг хайады экскурсийы куы уыд, уӕд та ноджы хуыздӕр бамбӕрста, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, уый стыр диссаг кӕй у. Германимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд донаргъуыд райста. Уӕд ыл цыди 17 азы. Кӕд ды дӕр дызӕрдыг кӕныс Библийыл, Хуыцау кӕй ис, ууыл кӕнӕ ӕндӕр истӕуыл, уӕд нӕ публикацитӕ иртас. Дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзынӕн дын баххуыс кӕндзысты бӕлвырд зонындзинӕдтӕ (Еф. 4:13, 14). Уымӕй уӕлдай, бирӕ хабӕрттӕй бӕрӕг у, алы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад ис, уый. Ӕмӕ уый дӕхи ӕмбырды дӕр куыннӕ уыныс. Ӕмӕ уыцы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ.
САВЛ ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА
7. Савлы йӕ зондахаст аивын цӕмӕн хъуыд?
7 Ӕркӕсӕм-ма Савлы цӕвиттонмӕ. Уый уыди Тарсӕй. Уыди йӕм ахуырдзинад, хорз зыдта дзуттаг закъӕттӕ, стӕй дзуттӕгты ’хсӕн нымад адӕймаг уыд (Гал. 1:13, 14; Фил. 3:5). Дзуттӕгтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ Моисейы закъоны ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ Савл дӕр карзӕй ӕфхӕрдта. Уый афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕны (Хъуыд. 8:3; 9:1, 2; 26:9–11). Ӕмӕ Савл Чырыстийыл куы баууӕндыдаид ӕмӕ донаргъуыд куы райстаид, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уыдаид, кӕй йӕ ӕфхӕрдзысты, уымӕ.
8. a) Савлӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? б) Хъуыддӕгтӕ 22:12–16 стихтӕм гӕсгӕ, Анани Савлӕн куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
8 Савлӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? Йесо Савлимӕ уӕларвӕй куы ныхас кодта, уӕд Савлӕн йӕ алыварс ныррухс, ӕмӕ ницыуал уыдта (Хъуыд. 9:3–9). Ӕртӕ боны ком дардта ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, цы йыл ӕрцыд, ууыл. Савл баууӕндыд, Йесо Мессийӕ кӕй у ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ раст диныл хӕст кӕй сты, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн, йӕхи фӕсмонӕй хордта, Стефаны мӕлӕты аххосджын кӕй уыд, уый тыххӕй (Хъуыд. 22:20). Ӕртӕ боны фӕстӕ йӕм ӕрбацыд ахуыргӕнинаг Анани. Анани йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодта, цӕстӕй йӕ ракӕсын кодта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй тагъддӕр донаргъуыд райстаид. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 22:12–16.) Савл равдыста сӕрныллӕгдзинад. Уый Ананимӕ байхъуыста ӕмӕ донаргъуыд райста (Хъуыд. 9:17, 18).
Савлӕн донаргъуыд райсыны тыххӕй куы загътой, уӕд сразы. Ды дӕр сразы уыдзынӕ? (кӕс 8 абзац)
9. Савлӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
9 Савлы хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Сӕрбӕрзонддзинад ыл куы фӕтых уыдаид ӕмӕ адӕмӕй куы фӕтарстаид, уӕд донаргъуыд нӕ райстаид. Фӕлӕ уый равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ йӕ цард аивта, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаид (Хъуыд. 26:14, 19). Савл сси Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, кӕд ӕй зыдта, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн, уӕддӕр (Хъуыд. 9:15, 16; 20:22, 23). Ӕмӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын алыхуызон зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (2 Кор. 4:7–10). Донаргъуыд куы райсай, уӕд, чи зоны, дӕ ныхмӕ цӕуой ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлай. Фӕлӕ дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау ӕмӕ дын Чырысти алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай (Фил. 4:13).
10. Аннӕйы хабар дын куыд баххуыс кӕндзӕн?
10 Аннӕ у курдаг, схъомыл Скӕсӕн Европӕйы. Йӕ мад донаргъуыд куы райста, уӕд Аннӕйыл 9 азы цыди. Аннӕйӕн дӕр йӕ фыд Библи ахуыр кӕныны бар радта. Фӕлӕ семӕ иу хӕдзары чи цард, уыцы хӕстӕджыты зӕрдӕмӕ уый нӕ фӕцыд. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ Аннӕ йӕ фыдӕлты диныл йӕ къух систа ӕмӕ сӕ фӕхудинаг кодта. Аннӕйыл 12 азы куы цыди, уӕд йӕ фыдӕй бар ракуырдта, цӕмӕй донаргъуыд райстаид. Уый йӕ бафарста, донаргъуыд райсын йӕхи фӕнды ӕви йын исчи дзуры афтӕ бакӕнын. Аннӕ йын дзуапп радта: «Ӕз уарзын Йегъовӕйы». Ӕмӕ уӕд йӕ фыд сразы. Донаргъуыд куы райста, уӕд дӕр ыл йӕ хӕстӕджытӕ худтысты ӕмӕ йӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дардтой. Йӕ фыды фыд ма йын афтӕ дӕр загъта: «Цӕйнӕфӕлтау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, фӕлтау ӕнӕгъдау цард кӕн ӕмӕ тамако дым». Аннӕйӕн цы баххуыс кодта? Уый загъта: «Йегъовӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй фидар уыдаин. Мӕ мад ӕмӕ мын мӕ фыд дӕр тынг ӕххуыс кодтой». Аннӕ йӕхимӕ ныффыссы, Йегъовӕ йын зын уавӕрты куыд баххуыс кӕны, уый. Ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ фыстытӕ бакӕсы, цӕмӕй ма рох кӕна, Йегъовӕ йын-иу куыд баххуыс кодта, уый. Кӕд тӕрсыс, дӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй, уӕд дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Дзут. 13:6).
КОРНИЛИЙ ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА
11. Корнилий донаргъуыд райсынмӕ йӕ ныфс цӕуылнӕ хастаид?
11 Корнилийы хабарӕй дӕр нӕ бон у нӕхицӕн зондӕн цыдӕр райсын. Уый уыди ромаг «ӕфсӕддон къорды хицау». Йӕ дӕлбар уыди 100 адӕймаджы бӕрц (Хъуыд. 10:1). Ахӕм бынат кӕй ахста, уымӕ гӕсгӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, ӕфсады ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн дӕр стыр кад уыд. Корнилий «тынг ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн» (Хъуыд. 10:2). Йегъовӕ апостол Петры Корнилиймӕ арвыста, цӕмӕй йын хорз хабар фехъусын кодтаид. Фӕлӕ цымӕ Корнилий йӕ бынатӕн нӕ фӕтарст ӕмӕ донаргъуыд райсыныл сразы?
12. Корнилийӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта?
12 Корнилийӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? Библийы фыст ис, «Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр... Хуыцауӕй тарстысты», зӕгъгӕ. Уый ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ куывта (Хъуыд. 10:2). Петр ын хорз хабары тыххӕй куы радзырдта, уӕд Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты ӕмӕ уайтагъд донаргъуыд райстой (Хъуыд. 10:47, 48). Ӕвӕццӕгӕн, Корнилий цӕттӕ уыд, цы хъуыд, уый аивынмӕ, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид (Йес. Н. 24:15; Хъуыд. 10:24, 33).
13. Корнилийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
13 Савлау Корнилий дӕр стыр бынат ахста, фӕлӕ йӕ уый донаргъуыд райсын нӕ бахъыгдардта. Цӕмӕй чырыстон суай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, хъӕуы стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Кӕд дӕ фӕнды Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕд дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн.
14. Цуёсийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
14 Японийӕ иу ӕфсымӕры, Цуёсийы, хъуыди цыдӕр фӕивын, цӕмӕй донаргъуыд райстаид. Куыста иу зындгонд скъолайы, ахуыр дзы кодтой букеттӕ ӕмӕ икебанӕтӕ кӕнын. Уыди скъолайы хицауы ӕххуысгӕнӕг. Хицауы-иу бахъуыд зиӕнттӕм дӕр цӕуын ӕмӕ уым буддистты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Йӕхи бон-иу зианмӕ ацӕуын куы нӕ уыд, уӕд-иу арвыста Цуёсийы. Фӕлӕ Цуёси фӕстӕдӕр базыдта, мӕрдтӕ ӕппындӕр кӕй ницы ӕмбарынц. Ӕмӕ бамбӕрста, цӕмӕй донаргъуыд райса, уый тыххӕй уыцы хъуыддӕгты кӕй хъуамӕ мауал архайа (2 Кор. 6:15, 16). Цуёси уый тыххӕй скъолайы хицауимӕ аныхас кодта, кӕд тарст, куыстӕй йӕ кӕй арвитдзысты, уымӕй. Йӕ хабар куыд рауад? Бар ын радтой, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты ма архайдтаид. Цуёси Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй иу азы фӕстӕ донаргъуыд райстаa. Цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнай, уый тыххӕй дӕ кӕд куыстимӕ баст хъуыддӕгты исты фӕивын хъӕуы, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонтыл дӕр кӕй батыхсдзӕн (Пс. 127:2; Матф. 6:33).
КОРИНФӔГТӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСТОЙ
15. Коринфӕгтӕн донаргъуыд райсын зын цӕмӕн уыдаид?
15 Рагон Коринфы цӕрджытӕ уыдысты ӕхцауарзаг ӕмӕ кодтой ӕнӕгъдау цард. Уыцы горӕты бирӕтӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм митӕ кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы адӕмӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын зын уыд. Фӕлӕ апостол Павел уырдӕм куы ’рцыд ӕмӕ сын Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд, «коринфӕгтӕй хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой» (Хъуыд. 18:7–11). Уый фӕстӕ Хицау Йесо Чырысти Павелмӕ цӕстылуайӕны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ацы горӕты [мын] бирӕ адӕм ис». Гъемӕ Павел дарддӕр Коринфы хорз хабар хъусын кодта афӕдз ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц.
16. Коринфӕгтӕй иуӕй-иутӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5).
16 Коринфӕгтӕн донаргъуыд райсынӕн цы баххуыс кодта? (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5.) Хуыцауы Ныхасы фӕрцы ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Коринфы цӕрджытӕ бынтондӕр фӕивтой (Дзут. 4:12). Иуӕй-иутӕ дзы уыдысты расыггӕнджытӕ, давджытӕ ӕмӕ гомосексуалисттӕ. Фӕлӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, уӕд сӕ бон сси сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууадзын (1 Кор. 6:9–11)b.
17. Коринфӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
17 Кӕд коринфӕгтӕй кӕйдӕрты хъуыди, сӕ удыхъӕды чи ныффидар, уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзын, уӕддӕр сӕм афтӕ нӕ каст, ӕмӕ сӕ бон аивын нӕ бауыдзӕн. Уыдон зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй слӕууыдаиккой, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы нарӕг фӕндагыл (Матф. 7:13, 14). Дӕу дӕр хъӕуы исты фӕивын, цӕмӕй донаргъуыд райсай? Кӕд о, уӕд дӕ къухтӕ ма ’руадз! Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнынӕн ӕххуыс кӕна.
18. Моникӕйы хабар дын куыд баххуыс кӕндзӕн?
18 Мо́никӕ цӕры Гуырдзыстоны. Цӕмӕй донаргъуыд райстаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаид ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ныууагътаид. Ӕмӕ ууыл тынг архайдта. Моникӕ загъта: «Донаргъуыд райсыны размӕ Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый мын тыхтӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй ивтаин. Йегъовӕ уыдта, раст цы у, уый аразын мӕ кӕй фӕндыд, ӕмӕ мын алкӕддӕр ӕххуыс кодта ӕмӕ мын разамынд лӕвӕрдта». Моникӕ донаргъуыд райста, 16 азы йыл куы цыд, уӕд. Дӕу дӕр хъӕуы исты фӕивын, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай? Дарддӕр дзы хъарутӕ кур, цӕмӕй дӕ бон уа ивын. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых рӕдауӕй дӕтты (Иоан. 3:34).
УЫРНЫНДЗИНАД ХӔХТӔ ДӔР ФӔЛДАХЫ
19. Хохы йас дӕм чи кӕсы, ахӕм зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
19 Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ, йӕ бинонтӕй уай, уый йӕ кӕй фӕнды, ууыл макуы дызӕрдыг кӕн. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ донаргъуыд райсын зын у. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн куы зӕгъат, ардыгӕй сыст ӕмӕ уӕртӕ уым ӕрлӕуу, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн. Ӕмӕ ницы уыдзӕн ахӕмӕй, уӕ бон цы нӕ уа саразын» (Матф. 17:20). Чи йӕм хъуыста, уыцы адӕм йӕ фӕдыл афтӕ рагӕй нӕ цыдысты, ӕмӕ сӕ уырнындзинад нырма бынтон фидар нӕ уыд. Фӕлӕ сын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, фаг уырнындзинад сӕм куы уа, уӕд сын Йегъовӕ хохы йас зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн!
Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ, йӕ бинонтӕй уай, уый йӕ кӕй фӕнды, ууыл (кӕс 19 абзац)c
20. Ацы статьяйы кӕй кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?
20 Кӕд дӕ донаргъуыд райсын исты хъыгдары, уӕд ӕвӕстиатӕй бацархай, цӕмӕй уыцы цӕлхдуртӕ дӕ фӕндагӕй айсай! Ахъуыды-иу кӕн 1 ӕнусы чырыстӕттыл ӕмӕ, абон Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоныл. Уӕд-иу дӕ хъарутыл хъарутӕ, дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Ӕмӕ дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ!
38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн
a Ӕфсымӕр Цуёси Фудзиийы биографи бакӕсӕн ис 2005 азы 8 августы «Пробудитесь!»-ы, 20–23 фф.
b Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Донаргъуыд райсын дӕ цы хъыгдары?».
c НЫВ. Конгрессы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цин кӕнынц, донаргъуыд чи райста, уыдоныл.