Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwbq 67 статья
  • Хеллоуин куыд равзӕрд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хеллоуин куыд равзӕрд?
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзуапп Библийӕ
  • Хеллоуин куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнынц?
  • Мӕнг динтӕй кӕй равзӕрд, уый исты уӕлдай у?
  • Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис загъӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
ijwbq 67 статья
Ӕртӕ сывӕллоны Хеллоуины бӕрӕгбоны дзаумӕтты лӕууынц, бӕрӕгбонмӕ цыдӕртӕ кӕуыл ӕрцауыгътой, ахӕм хӕдзары дуары раз

Хеллоуин куыд равзӕрд?

Дзуапп Библийӕ

Алы аз дӕр 31 октябры бирӕтӕ фӕбӕрӕг кӕнынц Хеллоуин. Фӕлӕ Библийы йӕ кой нӕй. Стӕй, куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд бӕрӕг кӕнынц, уый дӕр Библийы ахуырӕдты ныхмӕ у.

Ацы статьяйы

  • Хеллоуин куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнынц?

  • Хеллоуин мӕнг динтӕй кӕй равзӕрд, уый исты уӕлдай у?

  • Хеллоуин цӕмӕн хуыйны?

Хеллоуин куыд равзӕрд ӕмӕ йӕ куыд фӕбӕрӕг кӕнынц?

  • Самайн. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хеллоуин равзӕрд, «2 000 азы размӕ, бирӕ хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм – кельттӕ, кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбонӕй. [...] Кельтты уырныдта, уыцы рӕстӕг-иу мӕрдтӕ удӕгӕсты ’хсӕн кӕй рацу-бацу кодтой. Самайны рӕстӕг-иу удӕгӕстӕн сӕ бон уыд мӕрдтимӕ ныхас кӕнын» (The World Book Encyclopedia). (Кӕс рамкӕ «Хеллоуин цӕмӕн хуыйны?».)

  • Бӕрӕгбоны дзаумӕттӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ курыны ӕгъдау. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу кельттӕй иуӕй-иутӕ ахӕм дзаумӕттӕ скодтой, ӕмӕ-иу сӕ фӕтӕрсӕн уыд. Афтӕ уый тыххӕй кодтой, цӕмӕй-иу сӕ ӕнӕуынгӕ тыхтӕ сӕхиуӕттыл банымадтаиккой ӕмӕ сын мацы знаггад ракодтаиккой. Иннӕтӕ та-иу сын нывондӕн адджинӕгтӕ хастой, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕ балхӕдтаиккойa.

    Бур насы хуызӕн ведра стъолыл йӕ фарсыл фӕлдӕхтӕй ӕмӕ дзы алыхуызон къафеттӕ ракалд

    Европӕйы астӕуккаг ӕнусты католикон аргъуан райдыдта, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ-иу сауджынтӕ адӕмӕн дзырдтой, цӕмӕй хӕдзӕрттыл зылдаиккой ӕмӕ-иу исты гыццыл лӕвӕрттӕ куырдтаиккой.

  • Ӕндӕргтӕ, вампиртӕ, ус-бирӕгътӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ зомбитӕ. Адон рагӕй фӕстӕмӕ дӕр нымад уыдысты сау тыхтыл. Иу чиныг сӕ хоны «ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тыхтӕ». Ӕмӕ дзы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «уыдон кӕм вӕййынц, уым вӕййы мӕлӕт, мӕрдтӕ ӕмӕ адӕймаг амӕлынӕй фӕтӕрсы» (Halloween Trivia).

  • Настӕ. Великобританийы астӕуккаг ӕнусты адӕм «хӕдзӕрттыл зылдысты ӕмӕ хӕринӕгтӕ куырдтой, цӕмӕй-иу сын сӕ мӕрдты тыххӕй скуывтаиккой». Семӕ-иу хастой, «сӕ хуылфытӕ-иу кӕмӕн ныссыгъдӕг кодтой ӕмӕ-иу сӕ мидӕг цырӕгътӕ кӕмӕн сӕвӕрдтой, ахӕм булчъытӕ. Цырӕгътӕ амыдтой, удсыгъдӕггӕнӕны цы мӕрдты удтӕ уыд, уыдонмӕ» (Halloween—From Pagan Ritual to Party Night). Иуӕй-иу историкты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм цырӕгътӕ сыгътой, цӕмӕй-иу сӕм сау тыхтӕ хӕстӕг ма цыдаиккой. 19-ӕм ӕнусы райдианы Цӕгат Америкӕйы булчъытӕ баивтой настӕй, уымӕн ӕмӕ дзы нас арӕхдӕр уыд, стӕй йӕ хуылф сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ дзы цӕстытӕ, фындз ӕмӕ дзых слыг кӕнын ӕнцондӕр уыд.

Мӕнг динтӕй кӕй равзӕрд, уый исты уӕлдай у?

О. Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хеллоуин ӕнӕуи хъӕлдзӕг бӕрӕгбон у ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ бӕрӕгбоны рӕстӕг цытӕ фӕаразынц, уый Библийы ахуырӕдты ныхмӕ у. Хеллоуины ӕгъдӕуттӕ баст сты, адӕм мӕрдты ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхты, ома хӕйрӕджыты тыххӕй цы мӕнг хъуыдытыл хӕст сты, уыдонимӕ.

Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдонӕй базондзынӕ, Хуыцау Хеллоуинимӕ баст ӕгъдӕуттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

  • «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг... мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны... кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы» (Дыккаг закъон 18:10–12).

    Йӕ хъуыды. Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, адӕймаг, чи амард, уыдонимӕ куы фӕныхас кӕны кӕнӕ йӕхи афтӕ куы фӕдары, цыма семӕ ныхас кӕны, суанг уый дӕр.

  • «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5).

    Йӕ хъуыды. Мӕрдтӕ кӕй ницы зонынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын нӕу.

  • «Мӕн... нӕ фӕнды, цӕмӕй уын хӕйрӕджытимӕ иумӕйагӕй исты уа. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 10:20, 21).

    Йӕ хъуыды. Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уа, хӕйрӕджытимӕ баст цы у, уыдӕттимӕ.

  • «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ нӕ тох [у]... фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:11, 12).

    Йӕ хъуыды. Чырыстӕттӕн хъуамӕ фыдгӕнӕг тыхтимӕ иумӕйагӕй мацы уа ӕмӕ сӕхи хъуамӕ афтӕ ма дарой, цымӕ семӕ бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнынц.

a Кӕс чиныг «Halloween: An American Holiday, an American History», 4 фарс.

Хеллоуин цӕмӕн хуыйны?

Ном Хеллоуин баст у кельтаг бӕрӕгбон Самайнимӕ. Иу энциклопедийы фыст ис: «Самайн... нысан кӕны сӕрды кӕрон. Бӕрӕг ӕй кодтой 1 ноябрмӕ ӕввахс, уымӕн ӕмӕ-иу уӕд райдыдта зымӕджы талынг рӕстӕг. Нӕ эрӕйы 8 ӕнусӕй 9 ӕнусмӕ чырыстон аргъуан бӕрӕг кӕнын райдыдта ног бӕрӕгбон, Ӕппӕт сыгъдӕджыты бон. Ӕмӕ йӕ бӕрӕг кодтой, Самайн куы бӕрӕг кодтой, уыцы рӕстӕг. Ӕппӕт сыгъдӕджыты бон ма хуыдтой Олл-Хеллоус дӕр. Хеллоу нысан кӕны „сыгъдӕг“ кӕнӕ „сыгъдӕг чи у, уый“. Олл-хеллоусы размӕ изӕр хуыдтой Олл-хеллоус ив, кӕнӕ йӕ цыбырӕй куыд райдыдтой хонын, афтӕ, ома Олл-хеллоу ин. Ӕппынфӕстаг ӕй бынтон ныццыбыр кодтой, ӕмӕ дзы рауад Хеллоуин» (World Book Encyclopedia).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын