11 сӕр
Иоанн цӕттӕ кӕны фӕндаг
ДЫУУАДӔСАЗДЗЫД Йесо кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ куы ныхас кодта, уӕдӕй рацыд ӕвддӕс азы. Ралӕууыд н. э. 29 аз, уалдзӕг, ӕмӕ адӕм иуылдӕр Йесойы хӕстӕг Иоанны кой кӕнынц, кӕцы хъусын кӕны Иорданы алфамбылайы.
Иоанн ӕцӕгдӕр диссаджы адӕймаг у, куыд йе ’ддаг бакастӕй, афтӕ цы дзуры, уымӕй дӕр. Йӕ уӕлӕ ис теуайы хъуынӕй конд дарӕс, йӕ астӕуыл — гӕрз рон. Йӕ хӕринаг у мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд. Цавӕр хабар хъусын кӕны? «Фӕсмон фӕкӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».
Уыцы хабар цымыдис кӕны адӕмы. Бирӕтӕ ӕмбарынц, кӕй сӕ хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын, ома сӕ зондахаст аивын ӕмӕ сӕ раздӕры ӕнӕраст цардыуаг ныууадзын. Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт Иорданы алфамбылайӕ ӕмӕ ма Иерусалимӕй дӕр бирӕ адӕм цӕуы Иоаннмӕ, ӕмӕ Иорданы доны аргъуыд исынц. Цӕмӕн?
Иоанн адӕмӕн аргъуыд дӕтты, Хуыцауы Закъоны цӕдисы ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоныл зӕрдӕбын фӕсмондзинады нысанӕн. Иоаннмӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕй иуӕй-иутӕ куы ӕрбацыдысты Иорданы цӕугӕдонмӕ, уӕд уыдоныл та тӕрхон кӕны. «Калмы цот! — дзуры сын уый. Ӕрхӕссут уӕдӕ фӕсмондзинады аккаг дыргъ, ӕмӕ ма хъуыды кӕнут дзурын уӕхи мидӕг: „нӕ фыд у Авраам“; уымӕн ӕмӕ зӕгъын сымахӕн, Хуыцауы бон у ацы дуртӕй Авраамӕн цот сфӕлдисын; мӕнӕ фӕрӕт бӕлӕсты бындзӕфхӕдты раз лӕууы: алы бӕлас, хорз дыргъ нӕ хӕссӕг, калынц ӕмӕ йӕ ӕппарынц арты».
Иоанн адӕмы йӕхимӕ кӕй ӕркӕсын кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕм иудейтӕ ӕрвитынц сауджынтӕ ӕмӕ левитты. Ӕмӕ йӕ уыдон фӕрсынц: «Чи дӕ ды?»
«Чырысти нӕ дӕн»,— ӕргом зӕгъы Иоанн.
«Уӕдӕ чи дӕ? — фӕрсынц ӕй уыдон. — Ды Илиа дӕ?»
«Нӕ»,— зӕгъы сын дзуаппӕн.
«Пехуымпар?»
«Нӕ».
Афтӕмӕй сӕ ныхас ахызт быцӕумӕ: «Чи дӕ ды? цӕмӕй мах раттӕм дзуапп, нӕ рарвитджытӕн: цы зӕгъдзынӕ ды дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй?»
Иоанн дзуапп дӕтты: «Ӕз дзыназӕджы хъӕлӕс ӕдзӕрӕгран: сраст кӕнут фӕндаг Хицауӕн, пехуымпар Исай куыд загъта».
«Уӕдӕ ды цӕмӕн аргъауыс,— фӕнды сӕ зонын,— кӕд нӕ Чырысти дӕ, нӕ Илиа, нӕ пехуымпар?»
«Ӕз аргъауын доны,— дзуапп кӕны Иоанн,— фӕлӕ лӕууы уе ’хсӕн Чидӕр, Кӕцыйы нӕ зонут сымах: Уый у мӕ фӕстӕ Цӕуӕг».
Иоанн цӕттӕ кӕны фӕндаг сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн, цӕмӕй Мессиа, фидӕны Паддзах, куы ’рцӕуа, уӕд ӕй райсой. Уыцы Паддзахы тыххӕй уый зӕгъы: «Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз нӕ дӕн аккаг Йӕ дзабыртӕ ахӕссынмӕ дӕр». Ӕцӕг, Иоанн ма афтӕ дӕр зӕгъы: «Уый у мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, фӕлӕ Кӕцы слӕууыд мӕн разӕй».
Уӕдӕ Иоанны ныхӕстӕй «ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад», зӕгъгӕ, адӕм ӕргом фехъуыстой, тагъд Иегъовӕйы нысангонд Паддзах Йесо Чырысти лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн. Иоанны 1:6—8, 15—28; Матфейы 3:1—12; Лукайы 3:1—18; Куыстытӕ 19:4.
▪ Цавӕр адӕймаг у Иоанн?
▪ Иоанн адӕмӕн аргъуыд цӕмӕн дӕтты?
▪ Цӕмӕн загъта Иоанн, зӕгъгӕ, Паддзахад ӕрхӕстӕг?