11 СӔР
Аргъауӕг Иоанн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта
МАТФЕЙЫ 3:1–12 МАРЧЫ 1:1–8 ЛУКАЙЫ 3:1–18 ИОАННЫ 1:6–8, 15–28
ИОАНН ХЪУСЫН КӔНЫ ӔМӔ АДӔМӔН ДОНАРГЪУЫД ДӔТТЫ
БИРӔТӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСТОЙ, ФӔЛӔ СЕ ’ППӔТ НӔ
Йесо 12-аздзыдӕй кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ куы ныхас кодта, уымӕй рацыд 17 азы бӕрц. Ныр та уыд н. э. 29 аз, уалдзӕг. Бирӕтӕ Йесойы хӕстӕг Иоанны кой кодтой. Иоанн хъусын кодта, Иорданы ныгуылӕн фарс чи цард, уыдонӕн.
Иоанн йе ’ддаг бакастӕй дӕр ӕмӕ йӕ дзыхыныхасӕй дӕр иннӕ адӕмӕй тынг хицӕн кодта. Йӕ дарӕс уыд теуайы хъуынӕй, стӕй дардта фӕтӕн сӕрак рон. Йӕ хӕринаг та уыдысты мӕтыхтӕ (цъырцъырӕгты хуызӕн цӕрӕгойтӕ) ӕмӕ хъӕддаг мыд. Цымӕ Иоанн адӕмӕн цавӕр хабар хъусын кодта? «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матфейы 3:2).
Иоанны ныхӕстӕ-иу адӕмы зӕрдӕты арф ахъардтой. Бирӕтӕ-иу бамбӕрстой, кӕй сӕ хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын, ома сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ царды уаг аивын ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуынц, уыдон ныууадзын. Иоанмӕ адӕм цыдысты «Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ» ӕмӕ «Иорданы алыварс бӕстӕй» (Матфейы 3:5). Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ сын Иоанн Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд лӕвӕрдта. Цӕмӕн?
Иоанн адӕмӕн донаргъуыд лӕвӕрдта, Хуыцауы Закъоны бадзырды ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уыдоныл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый номыл (Хъуыддӕгтӕ 19:4). Фӕлӕ се ’ппӕт не ’рфӕсмон кодтой. Иоанмӕ дины разамонджытӕй чидӕртӕ, зӕгъӕм, фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ схуыдта «калмы мыггаг». Загъта сын: «Кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый хъуыддагӕй равдисут. Афтӕ ма хъуыды кӕнут, мах Авраамы цот стӕм, зӕгъгӕ. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн мӕнӕ ацы дуртӕй дӕр йӕ бон у Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын. Фӕрӕт дӕр бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы. Ӕмӕ хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалдзысты ӕмӕ йӕ арты баппардзысты» (Матфейы 3:7–10).
Иоанмӕ бирӕ адӕм кӕй цыд, йӕ ныхӕсты стыр тых кӕй уыд ӕмӕ уыйбӕрц адӕмӕн донаргъуыд кӕй лӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ йӕм Иерусалимӕй сауджынты ӕмӕ левитты ӕрӕрвыстой, цӕмӕй йӕ бафарстаиккой, чи дӕ, зӕгъгӕ.
«Ӕз Чырысти нӕ дӕн»,– ӕргом сын загъта Иоанн.
«Уӕдӕ чи дӕ? Илийа?» – ногӕй та йӕ бафарстой.
Иоанн та сын загъта: «Илийа дӕр нӕ дӕн».
Ӕмӕ та йӕ уӕд бафарстой: «Мыййаг, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар дӕ?» – ома, Моисей кӕй тыххӕй дзырдта, уыцы стыр Пехуымпар (Дыккаг закъон 18:15, 18).
Ӕмӕ та сын дзуапп радта: «Уый дӕр нӕ дӕн!»
«Уӕдӕ чи дӕ? – уӕддӕр ӕй уӕгъд нӕ уагътой.– Чи нӕ рарвыста, уыдонӕн нӕ исты зӕгъын хъӕуы. Цы зӕгъдзынӕ дӕхи тыххӕй?» Ӕмӕ сын уӕд Иоанн загъта: «Ӕз дӕн, ӕдзӕрӕг быдыры чи хъӕр кӕны, уый хъӕлӕс: „Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг алӕгъз кӕнут“, пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕ» (Иоанны 1:19–23).
Ӕмӕ та йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар, уӕд адӕмӕн аргъуыд цӕмӕн дӕттыс?» Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъуыд дӕттын донӕй. Фӕлӕ уе ’хсӕн ис иу чидӕр, ӕмӕ йӕ сымах нӕ зонут. Уый цӕуы мӕ фӕстӕ» (Иоанны 1:25–27).
Иоанн ӕргом загъта, фӕндаг кӕй цӕттӕ кӕны, ома адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ зондахаст аивой ӕмӕ, Фыстады дзырд кӕй тыххӕй цӕуы, уыцы Мессийӕйыл, фидӕны Паддзахыл, баууӕндой. Мессийӕйы тыххӕй Иоанн загъта: «Мӕ фӕстӕ чи ӕрбацӕуы, уымӕ мӕнӕй фылдӕр бартӕ ис, ӕз уымӕн йӕ дзабыртӕ раласыны аккаг дӕр нӕ дӕн» (Матфейы 3:11). Стӕй ма загъта: «Мӕ фӕстӕ чи цӕуы, уый мӕ разӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр» (Иоанны 1:15).
Иоанн адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, «ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ, уый уыди йӕ афоныл (Матфейы 3:2). Уыцы ныхӕстӕ адӕмӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ тагъд зӕххыл лӕггад кӕнын райдыдтаид Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзах – Йесо Чырысти.