Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • rq 13 ур., 26–27 фф.
  • Куыд ис раст дин ссарӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Куыд ис раст дин ссарӕн?
  • Хуыцау нӕ цы домы?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раст дин куыд ис базонӕн?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Раст дин куыд базонӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Куыд ис раст дин ссарӕн
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
Фылдӕр фенын
Хуыцау нӕ цы домы?
rq 13 ур., 26–27 фф.

13-ӕм урок

Куыд ис раст дин ссарӕн?

Цымӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕппӕт динтӕ дӕр цӕуынц ӕви ӕрмӕстдӕр иу? (1)

Чырыстон динтӕ кӕй хонынц, уыдон афтӕ бирӕ цӕмӕн сты? (2)

Куыд ис ӕцӕг чырыстӕтты базонӕн? (3–7)

1. Йесо ӕрмӕстдӕр иу раст чырыстон динӕн ӕрӕвӕрдта бындур. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр Йегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр иу организаци (Иоанны 4:23, 24; Ефесӕгтӕм 4:4, 5). Библи дзуры, зӕгъгӕ, цардмӕ цы нарӕг фӕндаг кӕны, ууыл бирӕтӕ нӕ цӕуынц (Матфейы 7:13, 14).

2. Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, апостолты мӕлӕты фӕстӕ чырыстон ӕмбырд сындӕггай кӕй райсдзӕн мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмты ӕгъдӕуттӕ. Афтӕ ма дзы фыст ӕрцыд, дзырдарӕхст адӕймӕгтӕ уырнджыты Чырыстийы фӕдыл нӕ, фӕлӕ сӕхи фӕдыл кӕй акӕндзысты, уый дӕр (Матфейы 7:15, 21–23; Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Сӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕ афтӕ бирӕ дӕр уымӕн сты. Куыд ис ӕцӕг чырыстӕтты базонӕн?

3. Ӕцӕг чырыстӕтты фыццаджыдӕр базонӕн ис, се ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад кӕй ис, уымӕй (Иоанны 13:34, 35). Уыдонӕн афтӕ ничи амоны, зӕгъгӕ, иу адӕмыхатт иннӕтӕй хуыздӕр у кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕты адӕммӕ знаджы цӕстӕй кӕсын хъӕуы (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уымӕ гӕсгӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуызӕн (1 Иоанны 4:20, 21).

4. Раст дин ма уымӕй ис базонӕн, ӕмӕ уыцы диныл хӕст чи у, уыдон тынг аргъ кӕнынц Библийӕн. Уыдон ӕй нымайынц Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндынц (Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хуыцауы Ныхас сын адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй бирӕ ахсджиагдӕр у (Матфейы 15:1–3, 7–9). Уыдон архайынц, цӕмӕй алы бон дӕр Библимӕ гӕсгӕ цӕрой. Амонгӕ цы кӕнынц, аразгӕ дӕр уый кӕнынц (Титмӕ 1:15, 16).

5. Раст дин хъуамӕ кадджын кӕна Хуыцауы ном (Матфейы 6:9). Йесо адӕмӕн раргом кодта Хуыцауы ном – Йегъовӕ. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной (Иоанны 17:6, 26; Ромӕгтӕм 10:13, 14). Кӕм цӕрыс, уым адӕмӕн Хуыцауы номы тыххӕй чи дзуры?

6. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ хъусын кӕной Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Афтӕ кодта Йесо. Уый алы хатт дӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Лукайы 8:1). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар ӕппӕт зӕххыл хъусын кӕной (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Ӕцӕг чырыстӕтты уырны, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн зӕхмӕ фарн ӕмӕ ӕдасдзинад (Псалом 145:3–5).

7. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн хъуамӕ ацы фыддунеимӕ иумӕйагӕй мацы уа (Иоанны 17:16). Уыдон ацы дунейы политикон хъуыддӕгты нӕ архайынц ӕмӕ никӕй ныхмӕ цӕуынц. Уыдон сӕхи хизынц, ацы дунейы адӕм цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ зондыл хӕст сты, уыдонӕй (Иаковы 1:27; 4:4). Алы динтыл хӕст адӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕцытӕ сты, уый дӕ бон у зӕгъын?

[Нывтӕ 26, 27 фӕрстыл]

Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи уарзынц, Библийӕн тынг аргъ кӕнынц ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын