Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Раст дин куыд базонӕн ис?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.
1. Ӕрмӕстдӕр иу раст дин ис?
Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, ӕрмӕстдӕр иу раст дин кӕй ис. Раст дин абарӕн ис, цардмӕ чи кӕны, ахӕм фӕндагимӕ. Чырысти загъта: «Уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:14). Хуыцауӕн ӕхсызгон вӕййы, адӕм ын, йӕ Ныхасы куыд фыст ис, афтӕ куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд. Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сты иу диныл хӕст. (Бакӕс Иоанны 4:23, 24; 14:6; Ефесӕгтӕм 4:4, 5.)
2. Мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ куыд апарахат сты?
Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ мӕнг пехуымпартӕ сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ парахат кӕнын райдыдтой ӕмӕ дины руаджы, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой. Чырысти дзырдта, мӕнг пехуымпартӕ сӕхи афтӕ кӕй февдисынц, цыма «фыстӕ» сты, ӕцӕгӕй та тугдзых бирӕгътӕй уӕлдай кӕй не сты (Матфейы 7:13–15, 21, 23). Раст дин бынтондӕр сзыгъуыммӕ кодтой, Чырыстийы апостолтӕ куы амардысты, уӕд. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30.)
3. Раст дин куыд ис базонӕн?
Раст диныл хӕст чи у, уыдон Библи нымайынц Хуыцауы Ныхасыл. Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ цард Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ аразой. Уымӕ гӕсгӕ раст дин хицӕн кӕны адӕмы ӕрымысгӕ динтӕй (Матфейы 15:7–9). Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ, дзургӕ цы кӕнынц, кӕнгӕ дӕр уый фӕкӕнынц. (Бакӕс Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.)
Раст диныл хӕст чи у, уыдон кадджын кӕнынц Хуыцауы ном, йӕ ном та у Йегъовӕ. Чырысти адӕмӕн Хуыцауы ном раргом кодта, ома сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы базыдтаиккой, стӕй сӕ ахуыр кодта, цӕмӕй куывтаиккой, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ (Матфейы 6:9). Кӕм цӕрыс, уым Хуыцаумӕ йӕ номӕй чи кувы ӕмӕ уыцы ном иннӕтӕн чи ’ргом кӕны? (Бакӕс Иоанны 17:26; Ромӕгтӕм 10:13, 14.)
4. Раст диныл хӕст чи у, уыдоны куыд ис базонӕн?
Раст диныл хӕст чи у, уыдон хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Паддзахады тыххӕй фехъусын кодтаид. Адӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады фӕрцы фервӕздзысты сӕ хъизӕмӕрттӕй. Чырысти уыцы Паддзахады тыххӕй дзырдта суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр (Лукайы 4:43; 8:1; 23:42, 43). Ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй уыдон дӕр адӕмӕн уый тыххӕй хъусын кӕной. Уӕдӕ дын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй исчи куы фӕдзуры, уӕд куыд ахъуыды кӕныс, уыцы адӕймаг кӕцы диныл хӕст у? (Бакӕс Матфейы 10:7; 24:14.)
Хуыцауы зӕрдӕ чи рухс кӕны, уыдон ацы фыддунейӕ не сты. Политикӕйы ӕмӕ алыхуызон змӕстыты нӕ архайынц (Иоанны 17:16). Стӕй абон адӕм цы ӕвзӕр зондыл хӕст сты, уымӕй сӕхи хъахъхъӕнынц ӕмӕ, цы ӕнӕгъдау митӕ кӕнынц, ахӕм митӕ дӕр нӕ кӕнынц. (Бакӕс Иаковы 1:27; 4:4.)
5. Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты сӕйраджыдӕр цӕмӕй ис базонӕн?
Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзынц. Хуыцауы Ныхасӕй базыдтой, алы адӕмыхаттӕн дӕр кӕй хъӕуы аргъ кӕнын. Кӕд мӕнг динтӕ сӕ адӕмы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй хӕстыты архайой, уӕд, раст диныл хӕст чи у, уыдон та сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц (Михей 4:1–4). Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн нӕдӕр сӕ рӕстӕг ӕвгъау кӕнынц, нӕдӕр се ’хца. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 4:20, 21.)
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цыдӕриддӕр дзурынц, уый ист у Хуыцауы Ныхасӕй. Уыдон кадджын кӕнынц Хуыцауы ном ӕмӕ дзурынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзӕн адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй. Кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый хъуыддагӕй ӕвдисынц ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц (1 Иоанны 3:10–12).
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныджы, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 15 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Ныв 16 фарсыл]
«Уыдон стыр дзыхӕй дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисынц, кӕй йӕ нӕ зонынц» (Титмӕ 1:16).