Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • fg 10 сӕр, 1–4 фарстатӕ
  • Раст дин куыд ис базонӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раст дин куыд ис базонӕн?
  • Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раст дин куыд базонӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Куыд ис раст дин ссарӕн?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Дӕ бон куыд у раст дин базонын?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Фылдӕр фенын
Хорз хабар Хуыцауӕй
fg 10 сӕр, 1–4 фарстатӕ

10 СӔР

Раст дин куыд ис базонӕн?

1. Ӕрмӕстдӕр иу раст дин ис?

Йесо ахуыр кӕны

«Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй» (МАТФЕЙЫ 7:15).

Йесо Чырысти бындур ӕрӕвӕрдта ӕрмӕстдӕр иу динӕн – раст динӕн. Ӕмӕ йӕ абарста, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, ахӕм фӕндагимӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ, «уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:14). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл нымайы, йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ йын чи кувы, уыдоны. Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты кӕрӕдзийыл бӕтты иу уырнындзинад, ома се ’ппӕт дӕр хӕст сты иу диныл. Бакӕс Иоанны 4:23, 24; 14:6; Ефесӕгтӕм 4:4, 5.

Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцау алы дин дӕр растыл нымайы?»

2. Йесо мӕнг чырыстӕтты тыххӕй цы загъта?

Дины разамонӕг ныхасы рацыд аргъуаны. Стӕй ӕфсӕддонты хӕстмӕ ӕрвиты.

«Уыдон стыр дзыхӕй дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисынц, кӕй йӕ нӕ зонынц» (ТИТМӔ 1:16).

Йесо фӕдзӕхста, мӕнг пехуымпартӕ раст дин кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты. Уыдон сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ сты ӕмӕ сӕхи хонынц чырыстӕттӕ. Фӕлӕ куыд ис базонӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ сты ӕви нӕ? Хорз бӕлас йӕ дыргътӕй куыд ис базонӕн, афтӕ ӕцӕг чырыстӕтты дӕр базонӕн ис сӕ миниуджытӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй. Бакӕс Матфейы 7:13–23.

3. Раст диныл хӕст чи у, уыдоны куыд ис базонӕн?

Ӕркӕсӕм фондз хъуыддагмӕ:

  • Раст диныл хӕст чи у, уыдон Библи нымайынц Хуыцауы Ныхасыл. Уыдон сӕ цард аразынц Библимӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ раст дин тынг хицӕн кӕны, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ чи амоны, уыцы динтӕй (Матфейы 15:7–9). Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ дзургӕ цы кӕнынц, аразгӕ дӕр уый кӕнынц. Бакӕс Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.

  • Чырстон ӕфсымӕр дзуры Библийыл арӕзт раныхас. Фӕстӕдӕр хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ӕххуыс кӕны ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ, ӕххуыс кӕны ацӕргӕтӕн.

    Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кадджын кӕнынц Хуыцауы ном. Хуыцауы ном у Йегъовӕ. Чырысти ӕргом кодта Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кодта. Уый адӕмӕн ӕххуыс кодта Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ сӕ ахуыр кодта кувын, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ (Матфейы 6:9). Кӕм цӕрыс, уым Хуыцауы ном иннӕтӕн кӕцы диныл хӕст адӕм ӕргом кӕнынц? Бакӕс Иоанны 17:26; Ромӕгтӕм 10:13, 14.

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Хуыцау Чырыстийы зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн. Чырысти уыцы Паддзахады тыххӕй дзырдта суанг йӕ мӕлӕты онг (Лукайы 4:43; 8:1; 23:42, 43). Уый загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр уый тыххӕй кӕй хъусын кӕндзысты. Абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн чи фӕдзуры? Бакӕс Матфейы 24:14.

  • Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ ацы фыддунейӕ не сты. Уыдоны базонӕн ис, политикӕйы ӕмӕ алыхуызон змӕстыты кӕй нӕ архайынц, уымӕй (Иоанны 17:16; 18:36). Стӕй ацы дунейы адӕмы ӕвзӕр зондыл нӕ цӕуынц ӕмӕ, адӕймагӕн зиан чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнынц. Бакӕс Иаковы 4:4.

  • Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй уарзынц. Уыдон Хуыцауы Ныхасы фӕрцы сахуыр сты алы адӕмыхаттӕн дӕр аргъ кӕнын. Арӕх мӕнг динтыл хӕст адӕм хӕстыты фӕархайынц, ӕцӕг чырыстӕттӕ та сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз дӕр нӕ исынц (Михей 4:1–3). Уымӕй уӕлдай ма сӕ рӕстӕг ӕмӕ се ’хца дӕр не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой. Бакӕс Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 4:20.

4. Дӕ бон у зӕгъын, кӕцы дин у раст?

Кӕцы диныл хӕст адӕм дзурынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый? Кӕнӕ чи кадджын кӕны Хуыцауы ном ӕмӕ чи хъусын кӕны йӕ Паддзахады тыххӕй? Науӕд кӕцы диныл хӕст адӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ хӕстыты нӕ архайынц? Куыд хъуыды кӕныс? Бакӕс 1 Иоанны 3:10–12.

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 15 сӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын