3 СӔР
«Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у... Йегъовӕ»
1, 2. Пехуымпар Исай цӕстылуайӕны цы федта ӕмӕ нын уый Йегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?
ИСАЙ фырдисӕй йӕ бынаты сагъдауӕй баззад, Хуыцау ын цӕстылуайӕн куы равдыста, уӕд. Уыцы цӕстылуайӕн йӕ цӕстыты раз афтӕ ирдӕй слӕууыд, ӕмӕ фӕстӕдӕр загъта, Йегъовӕйы йӕ паддзахбадӕныл бадгӕ кӕй федта. Йегъовӕйӕн йӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттӕй Иерусалимы стыр кувӕндон байдзаг (Исай 6:1, 2).
2 Исайы ма дисы бафтыдта, цы фехъуыста, уый дӕр: чидӕртӕ афтӕ хъӕрӕй зарыдысты, ӕмӕ кувӕндон йӕ бындуры онг базмӕлыд. Чи зарыд, уыдон уыдысты серафимтӕ – хъомысджын зӕдтӕ. Дӕрдтыл хъуыстысты, ӕмхъӕлӕсӕй кӕй зарыдысты, уыцы зарӕджы ныхӕстӕ: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ! Ӕгас зӕхх дӕр дзаг у йӕ кадӕй» (Исай 6:3, 4). Дзырд «сыгъдӕг» ӕртӕ хатты кӕй загътой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ тынг сыгъдӕг у ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис (Раргомад 4:8). Йегъовӕйы сыгъдӕгдзинады кой Библийы арӕх ӕмбӕлы. Бирӕ стихты йӕ ном ӕмбӕлы дзырдтимӕ «сыгъдӕг» кӕнӕ «сыгъдӕгдзинад».
3. Бирӕтӕ Хуыцауӕй дард цӕмӕн сты?
3 Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕмбарӕм, тынг сыгъдӕг кӕй у, уый. Фӕлӕ абон бирӕтӕ сыгъдӕгдзинад хорз цӕуылдӕр нӕ нымайынц. Иуӕй-иутӕ «сыгъдӕг» хонынц, йӕхи афтӕ чи ’вдисы, цыма иннӕтӕй хуыздӕр у кӕнӕ цыма Хуыцауыл тынг ӕнувыд у, ахӕмты. Йӕхимӕ ницӕйаг чи кӕсы, уыцы адӕм та, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый аккаг никуы уыдзысты, цӕмӕй уыцы сыгъдӕг Хуыцаумӕ баввахс уой. Уымӕ гӕсгӕ дзы бирӕтӕ, хъыгагӕн, тынг дард сты. Хуыцау афтӕ сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Цӕмӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп раттыны размӕ уал базонӕм, сыгъдӕг уай, уый цы нысан кӕны, уый.
Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый куыд ӕмбаргӕ у?
4, 5. а) Дзырд «сыгъдӕг» цы нысан кӕны ӕмӕ цы нӕ нысан кӕны? б) Йегъовӕ «хибаргонд» цы хуызы у?
4 Хуыцау сыгъдӕг кӕй у, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕнӕрвӕссон у. Ахӕм миниуджытӕй йӕхӕдӕг йе сӕфт уыны (Ӕмбисӕндтӕ 16:5; Иаковы 4:6). Уӕдӕ дзырд «сыгъдӕг» цы нысан кӕны? Библийы дзырд «сыгъдӕг»-ӕй цы дзуттаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «хицӕнгонд» кӕнӕ «хибаргонд». Ацы дзырд амоны, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй кӕнӕ цы рахицӕн кодтой, ахӕм кӕмӕдӕр кӕнӕ цӕмӕдӕр. Стӕй ма амоны ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадмӕ дӕр. Йегъовӕ сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у? Мыййаг, Хуыцау ӕгӕр сыгъдӕг у, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕммӕ ӕввахс уа?
5 Нӕ. Зӕгъӕм, кӕд Йегъовӕ «Израилы Сыгъдӕг Хуыцау» уыд ӕмӕ израилӕгтӕ та тӕригъӕдджын уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕ загъта, «се ’хсӕн» кӕй ис (Исай 12:6; Оси 11:9). Уӕдӕ кӕд Йегъовӕ сыгъдӕг у, уӕддӕр хӕстӕг у, чи йын лӕггад кӕны, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕд «хибаргонд» цы хуызы у? Фыццаг, цы сфӕлдыста, уыдонӕй хибаргонд у, уымӕн ӕмӕ у Иунӕг Стыр Хуыцау. Йегъовӕмӕ фау ӕрхӕссӕн ӕппындӕр ницӕмӕй ис (Псалом 40:5; 83:18). Дыккаг, Йегъовӕйӕн тӕригъӕдимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Ӕмӕ нӕ уый стыр ныфс уадзы. Цӕмӕн?
6. Йегъовӕйӕн тӕригъӕдимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый нӕ ныфс цӕмӕн уадзы?
6 Ацы дунейы ӕцӕг сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг цы у, ахӕм исты зын ссарӕн у. Ацы ӕнӕхуыцау дунейы афтӕ ницӕмӕй ис зӕгъӕн, алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг у, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ алцӕуыл дӕр ис тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинады фӕд. Махӕй алчидӕр тох кӕны, йӕ мидӕг чи ис, уыцы тӕригъӕдимӕ. Адӕймаг къӕрцхъус куы нӕ уа, уӕд тӕригъӕд саразынӕн бирӕ нӕ хъӕуы (Ромӕгтӕм 7:15–25; 1 Коринфӕгтӕм 10:12). Йегъовӕйӕн та уымӕй тас нӕу. Тӕригъӕдимӕ йын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис ӕмӕ ӕвзӕрӕй никуы ницы сараздзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Фыд кӕй у ӕмӕ йыл нӕ бон кӕй у нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарын. Зӕххон ӕнӕххӕст фыдӕлтӕй уӕлдай Йегъовӕ никуы фӕсайдзӕн, ӕвзӕр кӕнӕ ӕгъатыр ми никуы бакӕндзӕн. Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау. Хатт-иу Йегъовӕ йӕ сыгъдӕгдзинадӕй сомы дӕр ракодта, йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый равдисыны тыххӕй (Амос 4:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ стыр ныфс уадзы.
7. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр у сыгъдӕг?
7 Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр у сыгъдӕг. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Зӕгъӕм, адӕмыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд уайтагъд ахъуыды кӕнӕм, ӕнӕххӕст кӕй сты, ууыл дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый ӕндавы нӕ алы хъуыддагыл дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд уайтагъд ахъуыды кӕнӕм, сыгъдӕг кӕй у, ууыл. Йегъовӕимӕ цыдӕриддӕр баст у, уый у сыгъдӕг ӕмӕ раст. Уӕдӕ, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый бамбардзыстӕм, дзырд «сыгъдӕг» цы нысан кӕны, уый куы бамбарӕм, уӕд.
«Йегъовӕ у сыгъдӕг»
8, 9. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕххуысӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ сыгъдӕг уой?
8 Йегъовӕ алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, сыгъдӕг цы у, уыдӕттӕ иууылдӕр уымӕй кӕй цӕуынц. Хуыцау хиуарзон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ ацы рӕсугъд миниуӕгӕй иннӕты дӕр цӕстуарзонӕй хайджын кӕны. Ахъуыды-ма кӕн, Хуыцау Моисеимӕ судзгӕ къутӕры цур зӕды уылты куы ныхас кодта, уӕд, Моисей кӕм лӕууыд, уыцы бынат дӕр сси сыгъдӕг! (Рацыд 3:5).
9 Цымӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ сыгъдӕг суой? О, кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр сыгъдӕг уой, уӕддӕр. Хуыцау йӕ адӕмӕн, Израилӕн, загъта, уый фадат сын кӕй ис, цӕмӕй «сыгъдӕг адӕм» суой (Рацыд 19:6). Загъта сын, куыд ын хъуамӕ кувой, цӕмӕй сӕ лӕггад сыгъдӕгыл нымад уа. Ӕмӕ сын Моисейы уылты цы Закъон радта, уым сыгъдӕгдзинады кой афтӕ арӕх дӕр уый тыххӕй кӕны. Хистӕр сауджынӕн йӕ сарыхъыл разӕй уыди сызгъӕрины гӕбаз ӕмӕ, рухсмӕ куыд ӕрттывта, уый иууылдӕр уыдтой. Фыст ыл уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг» (Рацыд 28:36). Уӕдӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй сӕ лӕггад уыдаид сыгъдӕг ӕмӕ цӕмӕй сыгъдӕг цард кодтаиккой. Загъта сын: «Ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг Хуыцау – ӕз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ» (Левит 19:2). Кӕд израилӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты ӕмӕ рӕдыдысты, уӕддӕр цалынмӕ Йегъовӕйӕн йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕныныл архайдтой, уӕдмӕ сӕ сыгъдӕгыл нымадта.
10. Израилӕгтӕ сӕ лӕггадӕй ӕмӕ сӕ цардӕй куыд хицӕн кодтой сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕй?
10 Израилӕгтӕн сӕ лӕггад сыгъдӕг кӕй уыд ӕмӕ сыгъдӕг цард кӕй кодтой, уымӕй тынг хицӕн кодтой сӕ алыварс цӕрӕг адӕмӕй. Уыцы адӕмтӕ куывтой ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕн. Ӕмӕ уыцы хуыцӕутты куыд ӕвдыстой, афтӕмӕй уыдысты дурзӕрдӕ, ӕнӕфсис ӕмӕ хӕлд. Сыгъдӕгӕй сӕм ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ сын чи куывта, уыдон дӕр-иу сыгъдӕг нал уыдысты. Йегъовӕ дӕр израилӕгтӕн уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой уыцы адӕмтӕй ӕмӕ сӕ дины ӕгъдӕуттӕй (Левит 18:24–28; 1 Паддзӕхты 11:1, 2).
11. Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай сыгъдӕг кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
11 Израилӕгтӕ-иу ӕппӕт хъарутӕй куы архайдтой, цӕмӕй Йегъовӕйау сыгъдӕг уыдаиккой, уӕддӕр сӕ бон нӕ уыд, цӕмӕй, Хуыцауы организацийы уӕларвон хайы чи ис, уыдоны хуызӕн сыгъдӕг суыдаиккой. Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны милуангай зӕдтӕ. Библи сӕ хоны «ӕнӕнымӕц рухс зӕдтӕ» (Дыккаг закъон 33:2; Иудӕйы 14). Уыдон фӕзмынц Хуыцауы, куыд сыгъдӕг у, уымӕй ӕмӕ уыдон дӕр сты сыгъдӕг. Хъуыды кӕныс, Исай цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы серафимты? Сӕ зарӕджы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыцы ӕнӕуынгӕ хъомысджын зӕдтӕ ахсджиаг куыст кӕй кӕнынц, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый хъуыстгонд цӕуа ӕгас Дун-дунейы дӕр. Фӕлӕ уыцы зӕдтӕй сӕ иу у се ’ппӕтӕй уӕлдӕр. Уый у Хуыцауы иунӕггуырд Фырт. Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый Йесо куыд ӕвдисы, афтӕ ничи. Ӕмӕ «Хуыцауӕй ӕрвыст» дӕр уымӕн хуыйны (Иоанны 6:68, 69).
Сыгъдӕг ном, сыгъдӕг тых
12, 13. а) Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, Хуыцауы ном сыгъдӕг у, зӕгъгӕ? б) Хуыцауы ном ссыгъдӕг кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
12 Цы зӕгъӕн ис Хуыцауӕн йӕ номӕй та? Ацы чиныджы 1-аг сӕрӕй базыдтам, йӕ ном титул кӕй нӕу. Йегъовӕйӕн йӕ номӕй бӕрӕг у, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый. Уӕдӕ Библийы дӕр уымӕн ис афтӕ фыст: «Йӕ ном сыгъдӕг кӕмӕн у, уый» (Исай 57:15). Хуыцауы ном чи бафаудтаид, уымӕн Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой (Левит 24:16). Стӕй-ма ӕркӕс, Йесо йӕ куывды фыццаг цӕй кой ракодта, уымӕ дӕр: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Цыдӕр «срухс кӕнын» нысан кӕны, табуйаг кӕй у, уый тыххӕй йӕ ахибар кӕнын, кад ын кӕнын ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл нымайын. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг куы у, уӕд ма йӕ рухс кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
13 Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Хуыцауы сыгъдӕг номыл цъыф бакалдта: Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы баууӕндын кодта, хорз Хицау кӕй нӕу, ууыл (Райдиан 3:1–5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг – ацы фыддунейы хицау – Хуыцауыл мӕнг ныхӕстӕ мысы ӕмӕ сӕ парахат кӕны (Иоанны 8:44; 12:31; Раргомад 12:9). Динты разамонджытӕ дзурынц, Хуыцау хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕй кӕны, адӕмы мӕт ӕй кӕй нӕй кӕнӕ сын зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарын кӕны. Сӕ тугкалӕн хӕстыты сӕ алчидӕр Хуыцауы фӕхоны йе ’ххуысгӕнӕг. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй дзурынц, зӕгъгӕ, сӕхигъӕдӕй кӕнӕ эволюцийы фӕрцы фӕзындысты. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауӕй йе знӕгтӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой. Уый тыххӕй йын йӕ ном хъӕуы срухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ раздӕры кад раздахын. Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау йӕ ном кӕд ссыгъдӕг кӕндзӕн, уыцы бонмӕ. Уый сараздзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Уыцы Паддзахады Паддзах у йӕ Фырт. Махӕн тынг ӕхсызгон у, уыцы хъуыддаджы, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм.
14. Хуыцауы тых сыгъдӕг цӕмӕн хуыйны ӕмӕ сыгъдӕг тых фауын стыр тӕригъӕдыл нымад цӕмӕн у?
14 Ис ма, Йегъовӕйӕ фӕхицӕн кӕнӕн кӕй нӕй, ахӕм цыдӕр ӕмӕ йӕ, зӕгъӕн ис, алкӕддӕр сыгъдӕг фӕхонынц. Уый у йӕ сыгъдӕг тых, ома йӕ архайгӕ тых (Райдиан 1:2). Уыцы тыхӕй хъомысджындӕр тых Дун-дунейы нӕй. Йегъовӕ йӕ фӕрцы йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕны. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты табуйаг ӕмӕ сыгъдӕг. Ӕмӕ йӕ архайгӕ тых сыгъдӕг тых уымӕн хуыйны (Лукайы 11:13; Ромӕгтӕм 1:4). Сыгъдӕг тых фауын нысан кӕны зонгӕ-зонын Йегъовӕйы фӕндты ныхмӕ цӕуын. Уый у, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд (Марчы 3:29).
Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм
15. Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй йӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
15 Зын бамбарӕн нӕу, Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, адӕм Хуыцауӕй кӕй хъуамӕ тӕрсой, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у сыгъдӕг. Зӕгъӕм, Псалом 99:3 стихы кӕсӕм: «Бӕрзонд дын кӕнӕнт дӕ ном. Дӕ ном у стыр ӕмӕ адӕймагыл ӕфтауы тас, уый у сыгъдӕг». Йегъовӕйӕ тӕрсын ӕвзӕр нӕу, уӕмӕн ӕмӕ адӕмӕй бирӕ уӕлдӕр у. Йӕ кад ӕмӕ, куыд сыгъдӕг у, уый абарӕн ис бриллиантимӕ. Фӕлӕ нӕ уый Хуыцауӕй нӕ дард кӕны. Сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Цӕмӕн?
16. а) Сыгъдӕг цы у, уый рӕсугъд схонӕн цӕмӕн ис? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Нӕ сыгъдӕг Хуыцау куыд рӕсугъд у, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?
16 Библийӕ бӕрӕг у, сыгъдӕг цы у, уый рӕсугъд схонӕн кӕй ис. Исайы 63:15 стихы фыст ис, уӕлӕрвтӕ Хуыцауы «бӕрзонд, рухс ӕмӕ рӕсугъд цӕрӕнбынат» кӕй сты. Рӕсугъд цы у, уый та алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Ӕркӕс-ма, 33-ӕм фарсыл цы ныв ис, уымӕ. Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтай, гъер уым фест, зӕгъгӕ. Ацы ныв дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы? Уымӕн ӕмӕ йыл уыныс цӕссыджы хуызӕн сыгъдӕг дон, цъӕх-цъӕхид арв, хуры рухсӕй ӕфсӕст бӕстӕ. Фӕлӕ, зӕгъӕм, дон у быронӕй йедзаг, бӕлӕстыл ӕмӕ дуртыл цыдӕр фыстытӕ, уӕлдӕф – чъизи. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуид. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕм рӕсугъд кӕсы, сыгъдӕг цы у, уый. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ рӕсугъд у. Ӕмӕ уый тыххӕй цӕуы нӕ зӕрдӕмӕ, Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый тыххӕй Библийы кӕсын. Зӕгъӕм, нӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕ дзы ӕвдыст цӕуы уӕлӕрвты йӕ паддзахбадӕныл бадгӕйӕ. Фыст дзы ис, ирд рухсы хуызӕн кӕй у, зынаргъ дуртау кӕй ӕрттивы ӕмӕ артау ӕмӕ сызгъӕринау цӕхӕртӕ кӕй калы (Йезекил 1:25–28; Раргомад 4:2, 3).
Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы, рӕсугъд цы у, уый. Сыгъдӕг цы у, уый рӕсугъд дӕр у
17, 18. а) Исай цӕстылуайӕн куы федта, уӕд цы ахъуыды кодта? б) Йегъовӕ зӕды уылты Исайы куыд бафидар кодта ӕмӕ зӕд цы сарӕзта, уый цӕуыл дзурӕг уыди?
17 Фӕлӕ цымӕ раст у афтӕ хъуыды кӕнын, сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕз цы дӕн, зӕгъгӕ? О. Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр тынг гыццыл у. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ бон нӕу, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Исай куы фехъуыста, Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый тыххӕй серафимтӕ цы дзырдтой, уӕд цы ахъуыды кодта? «Ӕмӕ ӕз загътон: „Бабын дӕн! Ныр удӕгасӕй нал баззайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнын, сӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ ӕз федтон Паддзахы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы!“» (Исай 6:5). Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый куы федта, уӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, куыд ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын уыди, уый, ӕмӕ йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг йӕхи ницӕйагыл нымадтаид.
18 Уыцы тӕккӕ Йегъовӕ серафимтӕй иуы Исаймӕ арвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Ӕмӕ йӕ куыд бафидар кодта? Уыцы хъомысджын зӕд нывондхӕссӕнӕй судзгӕ зынг райста ӕмӕ дзы Исайы былтыл андзӕвыд. Фӕлӕ йӕ афтӕмӕй судзгӕ цы бакодтаид, ӕндӕр ӕй куыд хъуамӕ бафидар кодтаид? Рох дӕ ма уӕд, уый цӕстылуайӕн кӕй уыд, ӕмӕ йӕ комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы. Исай уыди дзуттаг, Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ хорз зыдта, кувӕндоны нывондхӕссӕныл алы бон дӕр тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ кӕй хастой. Ӕмӕ йын зӕд дӕр фӕлмӕнӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: кӕд ӕнӕххӕст, «йӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты», ахӕм адӕймаг у, уӕддӕр Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй йӕ сыгъдӕгыл банымайа (Исай 6:6, 7)a.
19. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм?
19 Афтӕ у абон дӕр. Иерусалимы нывондхӕссӕныл цы нывӕндтӕ хастой, уыдон иууылдӕр стырдӕр цӕмӕдӕр амыдтой – н. э. 33 азы Йесо Чырысти йе ’ххӕст цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 9:11–14). Нӕ тӕригъӕдтыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, не ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзӕм ӕмӕ уыцы нывондыл куы ’ууӕндӕм, уӕд нын Хуыцау хатыр кӕндзӕн (1 Иоанны 2:2). Махӕн дӕр нӕ бон у, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм. Апостол Петр чырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Фыст дӕр афтӕ у: „Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг“» (1 Петры 1:16). Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уый куыд сыгъдӕг у, мах дӕр афтӕ сыгъдӕг хъуамӕ уӕм. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы (Псалом 103:13, 14). Йегъовӕ нын зӕгъы, ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг, зӕгъгӕ. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй йӕ «уарзон хъӕбултау» фӕзмӕм (Ефесӕгтӕм 5:1). Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй бонӕй-бонмӕ «сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1).
20. а) Нӕ сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у? б) Исай куы базыдта, Хуыцау ын йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уӕд ыл уый куыд фӕзынд?
20 Йегъовӕ уарзы, раст ӕмӕ сыгъдӕг цы у, уый. Тӕригъӕдӕй та йе сӕфт уыны (Аввакум 1:13). Фӕлӕ махӕй йе сӕфт нӕ уыны. Цалынмӕ тӕригъӕдмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, ома ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, хорздзинад та уарзӕм ӕмӕ нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕзмӕм, уӕдмӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕндзӕн (Амос 5:15; 1 Петры 2:21). Куы ’мбарӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй нӕ сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уӕд хуыздӕрырдӕм ивыныл архайдзыстӕм. Йегъовӕ куыд сыгъдӕг у, уый фенгӕйӕ Исайы зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕхӕдӕг сыгъдӕг кӕй нӕу, уый ӕмӕ загъта: «Бабын дӕн!» Фӕлӕ йын Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбӕрста, уӕд дзы ныфс бацыд. Ӕмӕ Йегъовӕ куы бафарста, кӕй арвитон, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй, зӕгъгӕ, уӕд уайтагъд загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Исай 6:5–8). Уӕд Исай зонгӕ дӕр нӕма кодта, цы кӕнын ӕй хъӕудзӕн, уый.
21. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ сыгъдӕг уӕм?
21 Нӕ сыгъдӕг Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ бон у фӕзмын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын (Райдиан 1:26). Алкӕй бон дӕр у, ӕмӕ сыгъдӕг уа. Куы архайӕм, цӕмӕй сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм нӕ сыгъдӕг Хуыцаумӕ. Иннӕ сӕрты ноджы фылдӕр базондзыстӕм Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнддзӕн, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм!
a Библийы дзырд «былтӕ» арӕх фӕамоны дзыхыныхасмӕ. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ, «былтӕ сыгъдӕг... не сты», зӕгъгӕ, раст сты. Афтӕ зӕгъӕн уымӕн ис, ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ныхасӕй арӕх рӕдийӕм (Ӕмбисӕндтӕ 10:19; Иаковы 3:2, 6).