Хуыцауӕн лӕггад кӕн ӕнӕ фӕсмонӕй
«Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ» (ФИЛ. 3:13).
1–3. а) Адӕймаг истӕуыл куы фӕфӕсмон кӕны, уӕд цӕуылты фӕхъуыды кӕны? ӕ) Апостол Павел нын фӕзминаг цӕмӕй у?
ИУ ПОЭТ йе ’мдзӕвгӕйы ныффыста: «Ӕппӕты тынгдӕр ацы ныхӕстӕй ӕрӕнкъард вӕййы лӕг, зӕгъгӕ, „ехх, хабар ӕндӕрхуызон куы рауадаид, бӕргӕ!“» Уыцы поэт уыд Джон Уиттьер. Ома, дам, адӕймаг цӕуылдӕр куы фӕфӕсмон кӕны, уӕд фӕхъуыды кӕны, тӕхуды, раздӕр мӕ ныры зонд куы уыдаид, уӕд афтӕ нӕ бакодтаин, зӕгъгӕ. Адӕймаг истӕуыл куы фӕфӕсмон кӕны, уӕд йӕхи фӕхӕры, алы сагъӕссаг хъуыдытӕ йын ӕнцой нӕ фӕдӕттынц, цыдӕр кӕй сарӕзта кӕнӕ кӕй нӕ сарӕзта, уый тыххӕй. «Фӕсмон кӕнын» ма фӕамоны «ногӕй кӕуын» дӕр. Ӕвӕццӕгӕн нӕ иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йӕ ма фӕнда рӕстӕг фӕстӕмӕ раздахын ӕмӕ цыдӕр ӕндӕрхуызон саразын. Ды та цӕуыл фӕсмон кӕныс?
2 Иуӕй-иутӕ сӕ царды ӕруагътой стыр рӕдыдтытӕ, суанг ма уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр сарӕзтой. Иннӕтӕ та, чи зоны, афтӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтой, фӕлӕ цы сарӕзтой, уый тыххӕй хъуыдытӕ кӕнынц, хуыздӕр куыд уыд, афтӕ бакодтой ӕви нӕ. Кӕмӕндӕрты бантысы сӕ кӕддӕры рӕдыдтытӕ ферох кӕнын ӕмӕ дарддӕр сӕ царды кой кӕнын. Чидӕр та ӕдзух хъуыды кӕны, гъеныр афтӕ цӕмӕн бакодтон, зӕгъгӕ, ӕмӕ фыртыхстӕй йӕхицӕн бынат нал фӕары (Пс. 51:3). Ды та цӕуыл фӕхъуыды кӕныс? Кӕд истӕуыл фӕсмон кӕныс, уӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй ацы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцауӕн ӕнӕ фӕсмонӕй лӕггад кӕнай? Цымӕ ахӕм адӕймаг ис, уыцы хъуыддаджы дын фӕзминаг чи уа? Бӕгуыдӕр ис. Уый у апостол Павел.
3 Павел стыр рӕдыдтытӕ дӕр сарӕзта ӕмӕ раст уынаффӕтӕ дӕр хаста. Йӕ раздӕры митыл тынг фӕсмон кодта, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай бамбӕрста, йӕ бон кӕй у Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уыд ӕнтыстджын. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕнӕ фӕсмонӕй лӕггад кӕнӕм.
ПАВЕЛЫ ФӔСМОЙНАГ ХЪУЫДДӔГТӔ
4. Апостол Павел цавӕр фӕсмойнаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта?
4 Ӕрыгонӕй Павел, фарисей куы уыд, уӕд, арӕзта, фӕстӕдӕр фӕсмон кӕуыл кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Стефаны куы амардтой, уӕд Савл, ома Павел, «райдыдта ӕмбырды ныхмӕ ӕгъатырӕй тох кӕнын. Хӕдзӕрттӕм-иу бабырста, нӕлгоймӕгты ӕмӕ-иу сылгоймӕгты ӕддӕмӕ раласта ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта» (Хъуыд. 8:3). Библииртасӕг Альберт Барнз куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, «ӕгъатырӕй тох кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у, Савл чырыстон ӕмбырдыл йӕхи хъӕддаг сырдау кӕй ныццавта. Савл дзуттаг диныл тынг ӕнувыд уыд ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ, чырыстӕтты зӕххы цъарӕй фесафа, уый Хуыцауы фӕндон у. Гъемӕ сӕ тынг ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта, «мӕстӕй фыхти ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодта, иу дӕр сӕ нал ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ... нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй» (Хъуыд. 9:1, 2; 22:4)a.
5. Куыд рауад афтӕ, ӕмӕ Савл чырыстӕтты нал ӕфхӕрдта ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнын райдыдта?
5 Савл сфӕнд кодта Дамаскмӕ ацӕуын, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хӕдзӕрттӕм бабырстаид, ӕрцахстаид сӕ, ӕркодтаид сӕ Иерусалиммӕ ӕмӕ сӕ Сӕйраг тӕрхондоны раз ӕрлӕууын кодтаид. Фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыд, уымӕн ӕмӕ цыди, чырыстон ӕмбырды «сӕр» чи уыд, уый ныхмӕ (Еф. 5:23). Савл Дамаскмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕм фӕзынд Йесо Чырысти. Ӕваст йӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Уыцы рухс уыд арвӕй, ӕмӕ Савлы бакуырм кодта. Стӕй Йесо Савлӕн загъта, зӕгъгӕ, Дамаскмӕ ацу ӕмӕ дын уым зӕгъдзысты, дарддӕр дӕ цы аразын хъӕуы, уый. Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый дӕр хорз зонӕм (Хъуыд. 9:3–22).
6, 7. Павелӕй йе стыр рӕдыдтытӕ рох кӕй нӕ уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
6 Савл, кӕнӕ Павел, чырыстон куы сси, уӕд цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Кӕд раздӕр чырыстӕттӕн се стырдӕр знаг уыд, уӕд ныр та Чырыстийы тыххӕй хъусынгӕнгӕйӕ йӕ удӕй арт уагъта. Фӕлӕ уӕддӕр фӕстӕдӕр йӕхи тыххӕй афтӕ ныффыста: «Куыннӕ фехъуыстаиккат, раздӕр, дзуттаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цытӕ кодтон, уый тыххӕй: Хуыцауы ӕмбырд куыд карзӕй ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон» (Гал. 1:13). Уый фӕстӕ коринфӕгтӕм, филиппӕгтӕм ӕмӕ Тимофеймӕ куы фыста, уӕд дӕр та, фӕсмон кӕуыл кодта, уыцы хъуыддӕгты кой скодта. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:9; Фил. 3:6; 1 Тим. 1:13.) Павел йӕхи тыххӕй цы фыста, уымӕй ӕппӕлгӕ нӕ кодта. Фӕлӕ йӕхи афтӕ дӕр нӕ дардта, цыма никуы ӕмӕ ницы. Зыдта йӕ, стыр рӕдыдтытӕ кӕй сарӕзта (Хъуыд. 26:9–11).
7 Библииртасӕг Фредерик Фаррар ныффыста, зӕгъгӕ, Павел чырыстӕтты куыд карзӕй ӕфхӕрдта, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм, куыд фӕсмон кодтаид ӕмӕ йын куыд зын уыдаид, стӕй йӕм знаджы цӕстӕй чи каст, уыдон дӕр ӕй куыд ӕфхӕрдтаиккой. Алыхуызон ӕмбырдтӕ-иу куы бӕрӕг кодта ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ йемӕ куы зонгӕ кодтой, уӕд-иу ын, ӕвӕццӕгӕн, загътой: «Уӕдӕ уый ды дӕ, чи нӕ ӕфхӕрдта, уыцы Павел!» (Хъуыд. 9:21).
8. Хуыцау ӕмӕ Чырысти Павелмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй цы хъуыды кодта? Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?
8 Фӕлӕ Павел ӕмбӕрста, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын йӕ бон кӕй уыди ӕрмӕстдӕр Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы. Уыцы миниуӕг у Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг, ӕмӕ Павел йӕ 14 фыстӕджы йӕ кой кӕны 90 хатты бӕрц – Библи чи фыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:10.) Павел тынг аргъ кодта, Хуыцау ӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕн. Ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй, Хуыцау ын йе стыр хорзӕхӕй кӕй бахай кодта, уый дзӕгъӕлы фӕуыдаид. Ӕмӕ иннӕ апостолтӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр фыдӕбон кодта. Павелы хабарӕй хорз зыны, нӕ тӕригъӕдтыл куы басӕттӕм ӕмӕ нӕ цард куы фӕивӕм, уӕд нын Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы стыр тӕригъӕдтӕ дӕр кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Уӕдӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕр нӕй ныххатыр кӕнӕн, уӕд-иу Павелыл ахъуыды кӕн. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 1:15, 16.) Кӕд Павел Чырыстийы ныхмӕ цӕугӕйӕ сырдӕй уӕлдай нӕ уыд, уӕддӕр йӕ бон уыди афтӕ ныффыссын, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фырт «мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта» (Гал. 2:20; Хъуыд. 9:5). Павел бамбӕрста, куыд ӕй хъӕуы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, цӕмӕй уый фӕстӕ мацӕуыл фӕсмон кӕна. Ды дӕр ӕй бамбӕрстай?
Павел бамбӕрста, куыд ис Хуыцауӕн ӕнӕ фӕсмонӕй лӕггад кӕнӕн
ИСТӔУЫЛ ФӔСМОН КӔНЫС?
9, 10. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ цӕуыл фӕсмон кӕнынц? ӕ) Адӕймаг йӕ раздӕры рӕдыдтытыл ӕдзух куы мӕт кӕна, уӕд уый хорз цӕуылнӕ у?
9 Ныр фӕсмон цӕуыл кӕныс, ахӕмӕй искуы исты сарӕзтай? Мыййаг дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕуылдӕр дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ дзӕгъӕлы хардз кодтай? Дӕ митӕй искуы искӕмӕн зиан ӕрхастай? Науӕд та, мыййаг, ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл худы ӕмӕ фӕсмон кӕныс? Кӕд афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕн, ныр дӕ бон цы у саразын.
10 Бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй. Адӕймаг ӕдзух истӕуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд йӕхи тухӕнӕй фӕмары, йӕхицӕн ӕнцой нӕ фӕдӕтты, йӕхи фефхӕры, ӕмӕ алы сагъӕссаг хъуыдытӕй йӕхицӕн бынат нал фӕары. Фӕлӕ ӕдзух куы мӕт кӕна, уӕд исты фӕивдзӕн? Ӕппындӕр ницы! Уый, куырой ривӕдӕй куыд зила, уымӕй уӕлдай нӕу – зилгӕ кӕны, фӕлӕ ссад не ’рысдзӕн. Мӕт кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид хъуыддаг сраст кӕныны тыххӕй исты саразын. Зӕгъӕм, кӕй фӕхъыг кодтай, уыцы адӕймагӕй хатыр ракур ӕмӕ йемӕ бафидау. Науӕд, цӕй тыххӕй фӕрӕдыдтӕ, уымӕй дӕхи хиз, цӕмӕй та ногӕй масты хай ма фӕуай. Иуӕй-иу хатт та сраст кӕнӕн ницыуал вӕййы ӕмӕ адӕймаг йӕхиуыл бавзары, йӕ рӕдыд ӕй цӕмӕ ӕркодта, уый. Фӕлӕ адӕймаг йӕ рӕдыдтытыл ӕдзух куы мӕт кӕна, уӕд цыма ӕндзыг баци, афтӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ уый хъыгдардзӕн Хуыцауӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнын. Стӕй йын уый ӕппындӕр ницы пайда ӕрхӕсдзӕн!
11. а) Цы хъӕуы саразын, цӕмӕй нӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нӕ йе ’нувыд уарзтӕй батава? ӕ) Цӕмӕй нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй мауал маст кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн уа, уымӕн Библийы цавӕр хос ис?
11 Иуӕй-иутӕ сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй афтӕ тынг фӕмаст кӕнынц, ӕмӕ суанг ахӕм хъуыдымӕ дӕр ӕрцӕуынц, зӕгъгӕ мын Хуыцау ныххатыр кӕна, уый аккаг нӕ дӕн. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ ӕгӕр стыр кӕнӕ ӕгӕр бирӕ рӕдыдтытӕ ӕруагътой. Ӕцӕгӕй та афтӕ нӕу. Кӕд цыфӕнды стыр тӕригъӕд сарӕзтой, уӕддӕр сӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын, сӕ цард аивын ӕмӕ Хуыцауӕй хатыр курын (Хъуыд. 3:19). Йегъовӕ сӕм уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сӕ йе ’нувыд уарзтӕй батавдзӕн. Ныронг дӕр бирӕтӕн ныххатыр кодта. Йӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, ахӕм сӕрныллӕг, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагмӕ Йегъовӕ уыдзӕн хӕларзӕрдӕ ӕмӕ йын ныххатыр кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Иов афтӕ куы загъта, «фӕсмон кӕнын, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын», зӕгъгӕ, уӕд ын Хуыцау ныххатыр кодта (Иов 42:6). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фарн уа, уымӕн Библийы ис иу хос: «Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмб. 28:13; Иак. 5:14–16). Уӕдӕ-иу хъуамӕ Хуыцауы раз нӕ рӕдыдыл басӕттӕм, курӕм дзы, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна ӕмӕ стӕй, хъуыддаг сраст кӕныны тыххӕй цы хъӕуы, уый саразӕм (2 Кор. 7:10, 11). Ӕмӕ кӕд афтӕ бакодтам, уӕд нӕм Хуыцау уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ нын «зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7).
12. а) Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕ нӕ цӕсгом куы хӕра, уӕд нын Давиды хабар куыд баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый нын ныфсы хос куыд у? (Кӕс рамкӕ.)
12 Куывдӕн стыр тых ис, уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй нын Хуыцау ныххатыр кӕна. Давид иу псаломы рӕсугъд ныхӕстӕй равдыста, кӕй йӕ уырныдта, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй радта. (Бакӕс Псалом 32:1–5.) Цалынмӕ Хуыцауы раз йӕ тӕригъӕдыл нӕ басаст, уӕдмӕ йӕ йӕ цӕсгом афтӕ хордта, ӕмӕ йӕ бон нал уыд. Удхарӕй марди, ницыуал ӕй ӕндӕвта, нал дӕр цин кӕнын уыд йӕ бон. Хуыцауы раз йӕ тӕригъӕдыл куы басаст, ӕрмӕстдӕр ын уӕд ныххатыр кодта, ӕмӕ уӕд Давид сулӕфыд. Йегъовӕ Давидӕн йӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ дзы хъарутӕ бауагъта, цӕмӕй дарддӕр йӕ царды кой кодтаид ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтаид. Ды дӕр Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувай, уӕд дын дӕ куывдтытӕм йӕ хъус ӕнӕмӕнг ӕрдардзӕн. Кӕд дӕ дӕ раздӕры рӕдыдтытӕ тыхсын кӕнынц, уӕд, дӕ бон цы у, уый сраст кӕн ӕмӕ стӕй, Йегъовӕ дын кӕй ныххатыр кодта, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн! (Пс. 86:5).
ФИДӔНЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
13, 14. а) Ныртӕккӕ сӕйраджыдӕр цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? ӕ) Ныртӕккӕ нӕ цард куыд аразӕм, ууыл цавӕр фарстаты фӕрцы ис ахъуыды кӕнӕн?
13 Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, цард цы у, уый бамбарыны тыххӕй фӕстӕмӕ акӕс, абон куыд цӕрын хъӕуы, уый базоныны тыххӕй та, дам, размӕ акӕс. Уӕдӕ, раздӕр цы уыд, ууыл мӕт кӕныны бӕсты хъуамӕ хъуыды кӕнӕм нӕ абоныл ӕмӕ нӕ сомбоныл. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ныртӕккӕ цы аразын, ууыл цалдӕр азы фӕстӕ фӕсмон нӕ кӕндзынӕн? Нӕ хъуыды кӕндзынӕн, фӕлтау афтӕ куы нӕ бакодтаин, зӕгъгӕ? Хуыцауӕн абон иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын, цӕмӕй райсом мацӕуыл фӕсмон кӕнон?»
14 Стыр бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ ныртӕккӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи фӕсмонӕй хӕрӕм ӕмӕ ӕнӕуи хъуыдытӕ кӕнӕм: «Цымӕ мӕ бон нӕ уыд Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын? Гъеныр пионерӕй цӕуылнӕ лӕггад кодтон, фадат мын куы уыд, уӕд? Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр цӕуылнӕ сдӕн, цы мӕ хъыгдардта? Цымӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтон, цӕмӕй мӕ удыхъӕд ногмӕ раивтаин? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мӕн хуызӕн адӕймаг ног дунейы цӕра?» Адон хъӕугӕ фарстатӕ сты, фӕлӕ сыл сагъӕстӕ кӕнынӕй дарддӕр куы ницы аразӕм, уӕд уый ницы пайда у. Ацы фарстаты фӕрцы нӕ бон у нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ бамбарын, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм ӕви нӕ. Ӕмӕ уӕд дарддӕр афтӕ цӕрдзыстӕм, ноджы фӕсмойнагдӕр куыд нӕ фӕуӕм (2 Тим. 2:15).
ХУЫЦАУӔН КӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫС, УУЫЛ МАКУЫ ФӔСМОН КӔН
15, 16. а) Бирӕтӕ сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтаиккой? ӕ) Кӕд Йегъовӕйы тыххӕй нӕхи истӕмӕй фӕцух кодтам, уӕд ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ фӕсмон кӕнӕм?
15 Мыййаг, Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныны тыххӕй дӕхи истӕмӕй фӕцух кодтай? Чи зоны дын уыди фадат, цӕмӕй стыр хицау суыдаис кӕнӕ стыр ӕхцатӕ куыстаис. Фӕлӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй уыдӕттыл дӕ къух систай ӕмӕ дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтай. Кӕнӕ та чидӕр мой не скодта, ус нӕ ракуырдта, йе та, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон цот нӕ рауагътой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, зӕгъӕм, Вефилы лӕггад кӕнын, ӕндӕр бӕстӕты Паддзахады залтӕ, конгрессты залтӕ, Вефилтӕ аразын, районон цӕстдарӕгӕй кӕнӕ миссионерӕй лӕггад кӕнын. Дӕ царды уыдӕттӕ кӕй равзӕрстай, ууыл ныр хъуамӕ фӕсмон кӕнай, кӕд дыл азтӕ цӕуынц, уӕддӕр? Афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕнай, зӕгъгӕ, уыдӕттӕ ницӕмӕн хъуыдысты кӕнӕ уал фӕлтау мӕ рӕстӕг ӕндӕр истӕуыл куы хардз кодтаин? Нӕ, афтӕ ма хъуыды кӕн!
16 Ахӕм лӕггад уымӕн равзӕрстай, ӕмӕ тынг уарзыс Йегъовӕйы, стӕй дӕ зӕрдиагӕй фӕнды иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йын лӕггад кӕной. Афтӕ ма хъуыды кӕн, мӕ царды ӕндӕр исты куы равзӕрстаин, уӕд амондджындӕр уыдаин, зӕгъгӕ. Дӕ уавӕрты растдӕр куыд уыд, афтӕ бакодтай, ӕмӕ дын уый хъуамӕ циндзинад хӕсса. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ дӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтай, ӕмӕ дын уый дӕ удуӕлдайдзинад нӕ ферох кӕндзӕн. Ӕцӕг цард куы ралӕууа, уӕд дӕ ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ сӕ фыны дӕр никуы федтай! (Пс. 145:16; 1 Тим. 6:19).
АФТӔ ЛӔГГАД КӔН, ЦӔМӔЙ МАЦӔУЫЛ ФӔСМОН КӔНАЙ
17, 18. а) Павелӕн цы баххуыс кодта Хуыцауӕн афтӕ лӕггад кӕнынӕн, цӕмӕй мацӕуыл фӕсмон кодтаид? ӕ) Раздӕр куыд лӕггад кодтай, ныр куыд лӕггад кӕныс ӕмӕ фидӕны куыд лӕггад кӕндзынӕ, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
17 Павелӕн цы баххуыс кодта Хуыцауӕн афтӕ лӕггад кӕнынӕн, цӕмӕй уый фӕстӕ мацӕуыл фӕсмон кодтаид? Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, раздӕр цы уыд, уый ферох кодта ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдта йӕ хӕрзиуӕг райсыныл. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:13, 14.) Дзуттаг диныл хӕст уӕвгӕйӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдоныл ӕдзух нӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзта, цӕмӕй ӕнусон царды хӕрзиуӕг райсыны аккаг суыдаид.
18 Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын. Кӕддӕр цы сарӕзтам, аивӕн цӕмӕн нал ис, ууыл хъуыдытӕ кӕныны ӕмӕ фӕсмон кӕныны бӕсты нӕ хъарутӕ раттӕм, фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Чи зоны, ӕмӕ нӕ раздӕры рӕдыдтытӕ ма ферох кӕнӕм, фӕлӕ раст нӕ уыдзӕн, ӕмӕ уыдоны тыххӕй ӕдзух нӕхимӕ куы мӕсты кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уый фӕстейӕ ныууадзӕм, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ!