Чырыстийы нывонд – нӕ Фыды «ӕнӕфау лӕвар»
«Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у... Фыдӕй» (ИАК. 1:17).
1. Чырыстийы нывонд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ нывонды фӕрцы адӕм схайджын уыдзысты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Зӕгъӕм, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон фидӕны Хуыцауы бинонтӕй суыдзысты. Уыцы нывонды фӕрцы ма адӕмӕн фадат ис ӕнустӕм амондджынӕй цӕрынӕн. Фӕлӕ ма Чырыстийы нывонд баст у, Дун-дунейы алкӕмӕ дӕр чи хауы, ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтимӕ дӕр (Дзут. 1:8, 9).
2. а) Йесо йӕ куывды цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгты кой скодта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
2 Йӕ мӕлӕтӕй дыууӕ азы размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10). Цӕмӕй Чырыстийы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы базонын, йӕ нывонд куыд баст у, 1) Хуыцауы ном куыд срухс уыдзӕн, уыимӕ, 2) Хуыцауы Паддзахадимӕ ӕмӕ 3) Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уыимӕ. Ӕмӕ ацы статьяйы ацы фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм.
«СРУХС УӔД ДӔ НОМ»
3. Йегъовӕйы ном цы ӕргом кӕны ӕмӕ йын Хӕйрӕг йӕ сыгъдӕг номыл цъыф куыд бакалдта?
3 Йесо йӕ куывды фыццаг загъта, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уый тыххӕй. Йегъовӕйы ном ӕргом кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый. Уый у кадджын, ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ сыгъдӕг Хуыцау. Чырысти ма Йегъовӕмӕ ӕндӕр хатт куы куывта, уӕд ӕй схуыдта «сыгъдӕг Фыд» (Иоан. 17:11). Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ дӕр сты сыгъдӕг. Фӕлӕ Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы бафаудта. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй адӕмӕн амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Афтӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг номыл цъыф бакалдта (Райд. 3:1–5).
4. Йесо Хуыцауы ном куыд рухс кодта?
4 Хӕйрӕгӕй уӕлдай Йесо Йегъовӕйы номӕн стыр аргъ кодта (Иоан. 17:25, 26). Уый йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы ном рухс кодтаид. (Бакӕс Псалом 40:8–10.) Йесо куыд цард ӕмӕ иннӕтӕн цы амыдта, уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, стӕй уый нӕ пайдайӕн дӕр кӕй у. Кӕд Хӕйрӕг Йесойӕн стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта ӕмӕ йӕ фыдмард акӕнын кодта, уӕддӕр уый суанг йӕ мӕлӕты онг йӕ уӕларвон Фыдыл иузӕрдионӕй баззад. Афтӕмӕй Чырысти сбӕлвырд кодта, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у алкӕддӕр Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.
5. Нӕ бон куыд у Хуыцауы ном рухс кӕнын?
5 Йегъовӕйы номӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Нӕ цардӕй. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй уӕм сыгъдӕг. (Бакӕс 1 Петры 1:15, 16.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ хъусӕм. Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, суанг уӕд дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нӕ рухс дӕрдтыл кӕлдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзыстӕм (Матф. 5:14–16). Сыгъдӕг цард кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, Хӕйрӕг та мӕнгдзурӕг кӕй у. Куы фӕрӕдийӕм,– ӕнӕрӕдигӕ та ничи у,– уӕд дӕр зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы ном чи ӕгад кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм (Пс. 79:9).
6. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл цӕй фӕрцы нымайы?
6 Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Йегъовӕ уыцы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Йӕхи йын чи снывонд кӕны, уыдон свӕййынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Йегъовӕ йӕ адӕмы нымайы рӕстгӕнджытыл. Сӕрст чырыстӕтты нымайы йӕ фырттыл, «ӕндӕр фысты» та – йӕ хӕлӕрттыл (Иоан. 10:16; Ром. 5:1, 2; Иак. 2:21–25). Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ нӕ уӕларвон Фыд Чырыстийы нывонды фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымайы ӕмӕ нӕ бон у Хуыцауы ном рухс кӕнын.
«ӔРЦӔУӔД ДӔ ПАДДЗАХАД»
7. Чырыстийы нывонд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
7 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд дарддӕр загъта: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад». Цымӕ Чырыстийы нывонд Хуыцауы Паддзахадимӕ куыд баст у? Уыцы нывонды фӕрцы 144 000 сӕрст чырыстоны уӕлӕрвты Чырыстиимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:9, 10; 14:1). Уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты иу мин азы дӕргъы, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы схайджын кӕндзысты, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Зӕхх суыдзӕн Дзӕнӕт, иузӕрдион адӕм иууылдӕр ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзысты ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр Хуыцауы бинонты ’хсӕн уыдзӕн иудзинад (Рарг. 5:13; 20:6). Йесо калмы сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд, уый цы стыр бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй ӕгас Дун-дунейы фӕд дӕр нал баззайдзӕн (Райд. 3:15).
8. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд равдыста, Хуыцауы Паддзахады хъуыдадджы архайын ахсджиаг кӕй у? б) Нӕ бон куыд у Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын?
8 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын ахсджиаг кӕй у. Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ райдыдта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» алы рӕтты дӕр хъусын кӕнын (Лук. 4:43). Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын ӕвдисӕнтӕ уой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:6–8). Уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн фадат уыдаид, цӕмӕй Чырыстийы нывонды тыххӕй базыдтаиккой ӕмӕ сӕхи Хуыцауы Паддзахады дӕлбар бакодтаиккой. Абон мах дӕр Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртимӕ иумӕ хорз хабар ӕгас дунейы дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй размӕ цӕуа (Матф. 24:14; 25:40).
«ДӔ ФӔНДОН... УӔД»
9. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн?
9 Чырысти йӕ куывды дарддӕр загъта, «дӕ фӕндон... уӕд», зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Йегъовӕ цыфӕнды ма сфӕнда кӕна,– ӕнӕмӕнг ӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 55:11). Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ рацыд, уӕддӕр ӕй уый нӕ бакъуылымпы кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕнын. Ӕппӕты райдианы Йегъовӕйы фӕнд уыди, цӕмӕй зӕхх Адам ӕмӕ Евӕйы ӕххӕст сывӕллӕттӕй байдзаг уыдаид (Райд. 1:28). Цот сын куы нӕ рацыдаид ӕмӕ афтӕмӕй куы амардаиккой, уӕд уыцы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд дӕр сын Йегъовӕ бар радта, цӕмӕй цот рауагътаиккой. Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Хуыцау фадат дӕтты, цӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суой ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрой. Йегъовӕ адӕмы бирӕ уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цӕрой, ӕппӕты райдианы куыд сфӕнд кодта, афтӕ.
10. Чи амард, уыдонӕн Чырыстийы нывонд цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
10 Йегъовӕйы тыххӕй базонынӕн фадат кӕмӕн нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй чи амард, уыцы миллиардгай адӕймӕгты тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Чырыстийы нывонды фӕрцы райгас уыдзысты. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд сӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн ӕмӕ сын ратдзӕн фадат, цӕмӕй йын йӕ фӕнды тыххӕй базоной ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Хъуыд. 24:15). Йегъовӕ у царды суадон, ӕмӕ, кӕй райгас кӕна, уыдонӕн суыдзӕн сӕ Фыд (Пс. 36:9). Уӕдӕ Чырысти йӕ куывды дзӕгъӕлы нӕ загъта, «нӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Йегъовӕ Чырыстийӕн бабар кодта, цӕмӕй фидӕны мӕрдты райгас кӕна (Иоан. 6:40, 44). Ӕмӕ Дзӕнӕты Чырысти ӕцӕгдӕр суыдзӕн «райгасдзинад ӕмӕ цард» (Иоан. 11:25).
11. Хуыцаумӕ «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй цы фӕнд ис?
11 Йегъовӕ хъулон никӕй кӕны, ӕмӕ уый бӕрӕг у Чырыстийы ныхӕстӕй: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Мар. 3:35). Хуыцауӕн йӕ фӕнд у, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕм» ӕппӕт адӕмтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй суой йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды ӕмӕ Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдон дӕр дзурдзысты ацы ныхӕстӕ: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!» (Рарг. 7:9, 10).
12. Йегъовӕмӕ коммӕгӕс адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый Чырыстийы куывды ныхӕстӕй куыд зыны?
12 Чырыстийы куывды ныхӕстӕй базыдтам, Йегъовӕмӕ коммӕгӕс адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый тыххӕй. Базыдтам, Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ срухс уа, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕй мах дӕр рухс кӕнӕм (Ис. 8:13). Ӕмӕ нӕ Чырыстийы нывонд кӕй ирвӕзын кӕны, уый дӕр Йегъовӕйы номӕн хӕссы кад ӕмӕ намыс. Уӕвгӕ, Йесойӕн йӕхи ном дӕр нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцауы Паддзахад коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцауы йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын кӕй ницы бакъуылымпы кӕндзӕн (Пс. 135:6; Ис. 46:9, 10).
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ У
13. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг вӕййы?
13 Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый равдисӕм, нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм ӕмӕ «Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:8). Стӕй ма афтӕмӕй Хуыцауӕй ракурӕм, цӕмӕй нын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа (1 Пет. 3:21). Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ Чырыстийы туджы фӕрцы ссыгъдӕг кӕны. Мах фидарӕй уырны, зӕрдӕ нын цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уыдон нын иууылдӕр кӕй ратдзӕн (Ром. 8:32).
Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (кӕс 13, 14 абзацтӕ)
14. Хуыцау нын цӕмӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй иннӕты уарзӕм?
14 Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма куыд ис равдисӕн? Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уым зыны йӕ уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ сӕйраг миниуӕг. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр уыцы миниуӕг уа (1 Иоан. 4:8–11). Нӕ «уӕларвон Фыды фырттӕ» уӕм, уый нӕ кӕй фӕнды, уый ӕвдисӕм, иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй (Матф. 5:43–48). Ӕппӕты сӕйрагдӕр цы дыууӕ фӕдзӕхсты сты, уыдонӕй фыццаг у, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый, дыккаг та – иннӕты кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый (Матф. 22:37–40). Иннӕты кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕй ӕвдисӕм Йегъовӕйы кад. Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ куы хъусӕм ӕмӕ иннӕты, уӕлдайдӕр та не ’фсымӕрты, куы уарзӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ «Хуыцауы ӕцӕгдӕр уарзӕм» (1 Иоан. 2:5; 4:20).
ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДЫ ФӔРЦЫ ЙЕГЪОВӔ АДӔЙМАДЖЫ «НОГ ХЪАРУТӔ БАУАДЗЫ»
15. а) Йегъовӕ нӕ абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны? б) Фидӕны нӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
15 Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ӕмӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй «ссыгъдӕг вӕййӕм», ома нын сӕ Хуыцау бынтондӕр ферох кӕны. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19–21.) Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕрст чырыстӕтты нымайы йӕ хъӕбултыл (Ром. 8:15–17). «Ӕндӕр фысты» кой куы кӕнӕм, уӕд уыдонӕн дӕр фадат ис, цӕмӕй йӕ бинонтӕй суой. Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суой, уӕд сӕ хъӕудзӕн фӕстаг фӕлварӕны сӕрты ахизын. Ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд уыдоны дӕр банымайдзӕн йӕ зӕххон хъӕбултыл (Ром. 8:20, 21; Рарг. 20:7–9). Йегъовӕ йӕ зынаргъ хъӕбулты се ’ппӕты дӕр ӕнустӕм йӕ уарзтӕй рӕвдаудзӕн. Чырыстийы нывонд сын ӕрхӕсдзӕн ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ (Дзут. 9:12). Уыцы лӕварӕн йӕ тых никуы фесӕфдзӕн. Стӕй нӕ уымӕй ӕнӕхай дӕр ничи ӕмӕ ницы фӕкӕндзӕн.
16. Чырыстийы нывонд нӕ цӕмӕй сӕрибар кӕны?
16 Нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдиагӕй куы фӕсмон кӕнӕм, уӕд нын фадат уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй суӕм, ӕмӕ нӕ Хӕйрӕг дӕр Йегъовӕйӕ нӕ адард кӕндзӕн. Йесо «ӕрмӕстдӕр иу хатт» амард, фӕлӕ йӕ нывонд алкӕддӕр йӕ тыхы уыдзӕн (Дзут. 9:24–26). Адамы аххосӕй нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастам, фӕлӕ нӕ уыцы нывонд та ссӕрибар кӕндзӕн. Чырыстийы нывонды фӕрцы Хӕйрӕджы дунейы цагъартӕ нал стӕм ӕмӕ мӕлӕтӕй нал тӕрсӕм (Дзут. 2:14, 15).
17. Хуыцауы уарзондзинад дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?
17 Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕрдзы закъӕттӕ куыд никуы фӕивынц, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ ныхас никуы фӕивы. Хуыцау нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн (Мал. 3:6). Йегъовӕ нын ӕрмӕст цард нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нӕ йӕ уарзтӕй дӕр хайджын кӕны. Библийы фыст ис: «Хуыцау [нӕ] кӕй уарзы, уый мах нӕхӕдӕг базыдтам ӕмӕ уыцы уарзтыл баууӕндыдыстӕм. Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:16). Ӕгас зӕхх дӕр суыдзӕн рӕсугъд Дзӕнӕт. Ӕмӕ нӕ Хуыцау цы уарзтӕй уарзы, мах дӕр кӕрӕдзи уыцы уарзтӕй уарздзыстӕм. Уӕд мах дӕр Хуыцауы иузӕрдион зӕдтимӕ иумӕ дзурдзыстӕм: «Табу, кад ӕмӕ намыс нӕ зондджын, арфӕйаг, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ. Аммен» (Рарг. 7:12).