Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/02 7 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Рӕстӕгмӕ кӕс, раст ӕй дих кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Амындтӕ Скъолайы цӕстдарджытӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • 2015 азы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы фӕрцы ноджы арӕхстджындӕр ахуыргӕнджытӕ суыдзыстӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
km 1/02 7 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Цӕмӕй-иу ӕмбырды фембӕлдтӕ афоныл фӕуой, уый тыххӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон цы у саразын?

Ӕмбырды фембӕлдтӕ хъуамӕ цӕуой, куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ома алцыдӕр хъуамӕ уа «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Уый нысан кӕны, фембӕлдтӕ рӕстӕгыл кӕй хъуамӕ фӕуой.

Уыцы хъуыддаджы алкӕмӕндӕр йӕ бон у цыдӕр саразын: рагацау ӕрбацӕуын ӕмӕ программӕйы райдианмӕ бынат ссарын. Алы фембӕлд дӕр хъуамӕ райдайа йӕ рӕстӕгыл.

Цӕмӕй программӕйы алы пункт дӕр графикмӕ гӕсгӕ цӕуа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. Раныхӕстӕ ӕмӕ равдыстытӕ хъуамӕ дзӕбӕх цӕттӕ уой. Сӕрмагонд фыстӕджытӕ кӕнӕ хыгъдтӕ куы хъӕуа кӕсын, уӕд программӕйы хӕйтты рӕстӕг ис фӕивӕн. Хъусинӕгтыл бирӕ ныхас кӕнын кӕнӕ сӕ цалдӕр хатт фӕлхат кӕнын нӕ хъӕуы. Ӕфсымӕртӕй службӕйон фембӕлды йӕ хӕслӕвӕрдыл нысангонд рӕстӕгӕй фылдӕр чи дзура, уыдонӕн ис раттӕн ӕмбӕлон уынаффӕ.

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыркӕнынад чи уадзы, уымӕн иууыл хуыздӕр уыдзӕн, цы ӕрмӕг ӕвзарой, уымӕн план скӕнын, алкӕцы сӕргондӕн дӕр рӕстӕг снысан кӕнын, ӕмӕ стӕй ахуыры рӕстӕджы уымӕ хъус дарын. Йӕхӕдӕг бирӕ хъуамӕ ма дзура. Хорз уаид, хъусджытӕн дӕр сӕ дзуаппытӕ цыбыр ӕмӕ бӕлвырд куы уаиккой.

Теократон лӕггаддзинады скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕн нысангонд рӕстӕгӕй куы ахизой, уӕд сын сӕ ныхас бауромын хъӕуы, куыддӕр сӕ рӕстӕг фӕуа, афтӕ. Ахуыргӕнӕн раныхас кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕртӕ рӕстӕгӕй фылдӕр куы дзурой, уӕд сын гӕнӕн ис хицӕнӕй уынаффӕ раттын. Скъолайы цӕстдарӕгӕн дӕр йӕ бон у баххуыс кӕнын, йӕ ныхас, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, цыбыр куы уа ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хӕслӕвӕрдты фӕдыл уынаффӕ дыууӕ минутӕй фылдӕр куы нӕ дӕтта, уӕд. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый куы фӕаразы, уӕд фембӕлдтӕ фылдӕр хатт фӕвӕййынц рӕстӕгыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын