2015 азы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы фӕрцы ноджы арӕхстджындӕр ахуыргӕнджытӕ суыдзыстӕм
1 Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх ӕмӕ мӕ Ӕлхӕнӕг» (Пс. 19:14). Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой. Стӕй махӕн стыр кад у, ӕмбырды дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр рӕстдзинады тыххӕй кӕй фӕдзурӕм, уый. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола у, Йегъовӕ нӕ хъусын кӕнын кӕй фӕрцы ахуыр кӕны, уыцы мадзӕлттӕй иу. Ацы скъола ӕнӕхъӕн дунейы дӕр алы къуыри дӕр фӕуадзынц 111 000 ӕмбырдӕй фылдӕры. Алы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн – алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, уыдонӕн – ацы скъола ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар фидарӕй, уӕзданӕй ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕной (Хъуыд. 19:8; Кол. 4:6).
2 2015 азы Скъолайы программӕмӕ гӕсгӕ цы хӕслӕвӕрдтӕ уыдзӕн, уыдон арӕзт уыдзысты «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ыл, «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн»-ыл, брошюрӕйыл «Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис» ӕмӕ «Понимание Писания»-йыл. Стӕй, ахсджиаг хъуыдытӕн Библийӕ цы рӕстӕг уыд, уый дӕр ӕмӕ фыццаг хӕслӕвӕрд дӕр гыццыл фӕивтой. Ацы ивындзинӕдтыл, стӕй, хӕслӕвӕрдтӕм цы амындтӕ ис, уыдоныл дзырд цӕудзӕн дарддӕр.
3 Ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ. Ӕфсымӕр хъуамӕ дыууӕ минутмӕ аныхас кӕна иу хъуыдыйыл, уыцы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ хъуыди кӕсын, уыдонӕй. Йӕ ныхас хъусджытӕн хъуамӕ уа цымыдисаг ӕмӕ сын пайда ӕрхӕсса. Йӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕна, уӕд уый йӕ къухы бафтдзӕн, стӕй йӕ рӕстӕгӕй дӕр нӕ ахиздзӕн. Уый фӕстӕ хъусджытӕ ӕхсӕз минутмӕ (алкӕмӕн дӕр фӕйнӕ 30 секунды кӕнӕ къаддӕр) радзурдзысты, уыцы сӕртӕй сӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд кӕнӕ дзы сӕхицӕн зондӕн цы райстой, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй 30 секундмӕ арф хъуыды зӕгъай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхи хорз бацӕттӕ кӕнай. Фӕлӕ нӕхи афтӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн стыр пайда. Стӕй ма афтӕмӕй иннӕтӕн дӕр фадат дӕтдзыстӕм, цы бацӕттӕ кодтой, уый радзурынӕн.
4 Фыццаг хӕслӕвӕрд. Библи кӕсынӕн ныр уыдзӕн ӕртӕ минуты кӕнӕ къаддӕр, стӕй кӕсинаг скъуыддзаг цыбырдӕр уыдзӕн. Ацы хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕр-иу хъуамӕ скъуыддзаг рагацау цалдӕр хатты хъӕрӕй бакӕса ӕмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дара, дзырдтӕ раст ӕмӕ ӕнӕрхӕцгӕйӕ куыд кӕса, цӕмӕй, цы кӕсы, уый иннӕтӕ ӕмбарой. Ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр хорз кӕсыныл архайа, уымӕн ӕмӕ уый баст у нӕ лӕггадимӕ. Тынг ӕхсызгон нын у, нӕ сывӕллӕттӕй бирӕтӕ хорз кӕсын кӕй зонынц! Ныййарджытӕ та раппӕлинаг сты, сӕ сывӕллӕттӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хорз кӕсын сахуыр уой.
5 Дыккаг хӕслӕвӕрд. Ацы хӕслӕвӕрд уыдзӕн фондз минуты ӕмӕ йӕ цӕттӕ кӕндзӕн хо. Хъуамӕ йӕ бацӕттӕ кӕна лӕвӕрд темӕмӕ гӕсгӕ ӕмӕ спайда кӕна, уӕ территорийы хъусын кӕнгӕйӕ арӕхдӕр чи вӕййы ӕмӕ хуыздӕр чи сфидауа, ахӕм уавӕрӕй. Темӕимӕ баст чи уа, ӕндӕр ахӕм стихтӕй дӕр уыдзӕн спайда кӕнӕн. Скъолайы цӕстдарӕг хойӕн ӕххуысгӕнӕджы снысан кӕндзӕн.
6 Ӕртыккаг хӕслӕвӕрд. Ацы хӕслӕвӕрд уыдзӕн фондз минуты ӕмӕ йӕ раттӕн уыдзӕн ӕфсымӕрӕн кӕнӕ хойӕн. Хойӕн куы уа, уӕд ӕй скӕнын хъӕудзӕн 2-аг хӕслӕвӕрды хуызӕн. 21 сентябрӕй райдайгӕ къуырийӕ 21 декабрӕй райдайгӕ къуырийы онг ацы хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕндзысты ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕртӕ. Арӕзт уыдзӕн «Понимание Писания»-йы статьятыл, ӕмӕ-иу ӕй радзурын хъӕудзӕн раныхасы хуызӕн.
7 Ӕртыккаг хӕслӕвӕрд ӕфсымӕртӕн куы уа, уӕд дзы ногӕй цы уыдзӕн. Брошюрӕйыл «Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис» арӕзт чи у, уыцы хӕслӕвӕрд ӕфсымӕрӕн лӕвӕрд куы уа, уӕд ӕй хъуамӕ афтӕ скӕна, цыма уыцы темӕ йӕ бинонтимӕ иумӕ ахуыры рӕстӕг ӕвзарынц кӕнӕ та йыл уацамынды искӕимӕ ныхас кӕны. Арӕхдӕр Скъолайы цӕстдарӕг ӕххуысгӕнӕджы йӕхӕдӕг снысан кӕны ӕмӕ хӕслӕвӕрды уавӕр дӕр йӕхӕдӕг равзары. Ӕфсымӕрӕн ӕххуысгӕнӕг хъуамӕ уа йӕ бинонтӕй кӕнӕ ӕмбырды ӕфсымӕртӕй исчи. Темӕимӕ баст Библийы уагӕвӕрдтӕ чи ӕмбарын кӕны, ӕндӕр ахӕм стихтӕй дӕр ис спайда кӕнӕн. Иуӕй-иу хатт ацы хӕслӕвӕрд раттӕн уыдзӕн хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр. Ӕххуысгӕнӕджы дӕр ӕмӕ уавӕр дӕр йӕхи бон у равзарын. Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, хистӕр нӕлгоймаг йӕ бинонты кӕнӕ ӕфсымӕры арӕхстджынӕй куыд ахуыр кӕны, уый фенын.
Уынаффӕмӕ-иу байхъус, цӕмӕй дын ноджы фылдӕр ӕнтыса
8 Уынаффӕ. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр-иу Скъолайы цӕстдарӕг дыууӕ минутмӕ ахуыргӕнинагӕй раппӕлдзӕн ӕмӕ йын хорз уынаффӕ ратдзӕн «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныгмӕ гӕсгӕ. Ахуыргӕнинагӕн кӕцы хӕслӕвӕрд ис, уый куы зӕгъа, уӕд, кӕцы урокыл хъуамӕ бакуыстаид, уый нӕма зӕгъдзӕн. Алы хӕслӕвӕрды фӕстӕ дӕр-иу цӕстдарӕг хъуамӕ ахуыргӕнинагӕй зӕрдиагӕй раппӕла ӕмӕ уӕд зӕгъа, кӕцы урокыл куыста, уый. Стӕй хъуамӕ зӕгъа, ахуыргӕнинаг уыцы урокыл хорз кӕй бакуыста, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг кӕнӕ та йын фӕлмӕнӕй бамбарын кӕна, хорз цӕмӕн уаид уыцы урокыл ма ноджыдӕр иу хатт бакусын.
9 Уынаффӕты сыф ис «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныджы 79–81 фӕрстыл. Ахуыргӕнинаг йӕ хӕслӕвӕрд куы радзура, уӕд ӕмбырды фӕстӕ Скъолайы цӕстдарӕг ахуыргӕнинаджы чиныджы фиппаинӕгтӕ афысдзӕн ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ хибарӕй бафӕрсдзӕн, йӕ урочы цы фӕлтӕрӕнтӕ уыд, уыдон скодта ӕви нӕ. Ахуыргӕнинагӕй ма ноджыдӕр раппӕлын кӕнӕ йын исты уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд ын ӕй Скъолайы цӕстдарӕг ӕмбырды фӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр хатт хибарӕй зӕгъдзӕн. Скъолайы алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй афтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы Хуыцауы хъуыддаджы ахуыргӕнинӕгтӕн ноджы фылдӕр бантысы (1 Тим. 4:15).
10 Ахуыргӕнинаг рӕстӕгӕй куы ахиза, уӕд ын Скъолайы цӕстдарӕг кӕнӕ ӕндӕр ӕфсымӕр уӕзданӕй бамбарын кӕндзӕн, йӕ рӕстӕг кӕй фӕци, зӕгъӕм, ныдздзӕнгӕрӕг кӕндзӕн йе та стъол ӕрхойдзӕн. Ахуыргӕнинаг хъуамӕ йӕ хъуыдыйад кӕронмӕ зӕгъа ӕмӕ сценӕйӕ ацӕуа. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныг, 282 ф., 4 абз.)
11 Фӕзминаг чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй сӕхи Хъусынгӕнджыты скъолайы ныффыссой. (Кӕс «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныг, 282 ф., 6 абз.) Йегъовӕйы адӕм ацы скъолайы кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фидарӕй хъусын кӕнын, стӕй адӕмимӕ уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы чи ахуыр кӕны, уыдон ӕй кӕй фӕкадджын кӕнынц, уый! (Пс. 148:12, 13; Ис. 50:4).