Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/04 3 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Рӕстӕгмӕ кӕс, раст ӕй дих кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ нӕхи куыд цӕттӕ кӕнӕм?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Амындтӕ, Хъусын кӕныны фембӕлды ныхасы чи рацӕуы, уыдонӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 1/04 3 ф.

Фарстыты асыкк

◼ Цы ис саразӕн, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдты алы хай дӕр афоныл фӕуа?

Нӕ хӕлӕрттимӕ исты хорз хъуыддаг куы фӕаразӕм, уӕд рӕстӕг тагъд атӕхы. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ зын уа фембӕлды хӕйттӕ нысангонд рӕстӕгмӕ гӕсгӕ уадзын. Цы ис саразӕн?

Афоныл райдайын. Ӕмбырды райдианмӕ ма иу-дыууӕ минуты куы хъӕуа, уӕд хъусджытӕн зӕгъӕн ис, цӕмӕй ӕрбадой ӕмӕ ӕмбырд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ афойнадыл райдайа (Еккл. 3:1). Гыццылдӕр къордтӕн арӕзт фембӕлдтӕ, зӕгъӕм, уацамындон фембӕлдтӕ, хъуамӕ сӕ рӕстӕгӕй фӕстӕдӕр ма райдайой, ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, ма чи зоны исчи ӕрбацӕуа.

Лӕмбынӕг цӕттӕ кӕнын. Цӕмӕй рӕстӕг сфаг уа, уый тыххӕй хъӕуы цӕттӕ кӕнын. Дӕ хъуыдыйы дар дӕ хӕслӕвӕрды нысан. Ссар сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ фыццаджыдӕр уыдоныл ӕрдзур. Афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыдытыл ӕгӕр бирӕ ма дзур. Дӕ раныхас райдай хуымӕтӕгӕй. Программӕйы равдыст кӕнӕ интервью куы уа, уӕд сӕ рагацау хъӕуы бафӕлварын. Дӕ хӕслӕвӕрд дӕхицӕн хъӕрӕй куы дзурай, уӕд-иу рӕстӕгмӕ дӕ хъус дар.

Дӕ ӕрмӕг адихтӕ кӕн. Раныхас дын уа ӕви ныхас хъусджытимӕ, уӕддӕр ӕрмӕг хӕйттыл куы адих кӕнай, уӕд дын гӕнӕн ис уый баххуыс кӕна. Аскъуыддзаг кӕн, алы хай дӕр цас рӕстӕгмӕ равзардзынӕ, ӕмӕ уый дӕ гӕххӕттытыл фӕрсырдыгӕй ныффысс. Стӕй, сценӕмӕ куы рацӕуай, уӕд уыцы пъланмӕ дӕ хъус дар. Ӕрмӕг фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ куы ӕвзарай, уӕд райдианы бирӕты ма фӕрс, цӕмӕй дарддӕр, ахсджиагдӕр цы ӕрмӕг у, уый ӕвзарыныл ма тагъд кӕнай. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры разамонджытӕ хъуамӕ фаг рӕстӕг ныууадзой фӕлхаткӕнинаг фарстытыл ӕрныхас кӕнынӕн. Уыдон ма хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй кӕронбӕттӕн зарӕг ӕмӕ куывдӕн цы рӕстӕг у нысангонд, уымӕй ма ратоной.

Афоныл фӕуын. Фембӕлд цалдӕр хайӕ куы уа, зӕгъӕм, Хъусын кӕныны фембӕлд, уӕд, хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕртӕй алчидӕр хъуамӕ зона, йӕ хӕслӕвӕрд кӕд хъуамӕ райдайа ӕмӕ йӕ кӕд хъуамӕ фӕуа. Цы ис саразӕн, фембӕлд программӕйы нысангонд рӕстӕгӕй куы ахиза? Иннӕ хай (хӕйттӕ) цы ӕфсымӕр(-тӕ) уадза(-ой), уымӕн(-донӕн) йӕ (сӕ) бон у йӕ (сӕ) хӕслӕвӕрды сӕйраг хъуыдытыл ӕрдзурын, тынг ахсджиаг цы нӕу, уый ауадзын ӕмӕ афтӕмӕй тагъддӕр фӕуын. Афтӕ йӕ бон кӕмӕн у бакӕнын, уымӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕсны ахуыргӕнӕг у.

Куыд хъусджытӕ, афтӕ нӕ бон у ныхасы рацӕуӕг ӕфсымӕрӕн ӕххуыс кӕнын, цыбыр ӕмӕ ӕмбӕлон дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ. Уӕдӕ махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон у архайын, цӕмӕй фембӕлдтӕ уой «ӕфсармимӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын