Амындтӕ, Хъусын кӕныны фембӕлды ныхасы чи рацӕуы, уыдонӕн
«Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» ацы номырӕй фӕстӕмӕ, Хъусын кӕныны фембӕлды хӕслӕвӕрдтӕм цы амындтӕ вӕййы, уыдон фӕхуымӕтӕгдӕр уыдзысты. 2009 азы майы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уыд статья «Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ нӕхи куыд цӕттӕ кӕнӕм?». Уым цы амындтӕ уыд, уыдонимӕ абаргӕйӕ, дӕлдӕр цы амындтӕ ис, уыдон гыццыл ивд ӕрцыдысты ӕмӕ фӕбӕлвырддӕр сты.
◼ Раныхас. Раныхасӕн йӕ темӕ фыст вӕййы программӕйы. Хъусджытӕм фарстатӕ дӕттын нӕ фӕхъӕуы. Ӕфсымӕр хъуамӕ аныхас кӕна, ӕмбырдӕн уӕлдай тынгдӕр чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгтыл.
◼ Фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Афтӕ цы хӕслӕвӕрды фӕстӕ фыст вӕййы, уый равзарын фӕхъӕуы ахуыргӕнӕн статьяты хуызӕн. Разныхас ӕмӕ кӕронбӕттӕн хъуамӕ уой тынг цыбыр. Алы абзацмӕ дӕр хъӕуы фарста раттын. Ахӕм темӕйы рӕстӕг фылдӕр хъуамӕ дзурой хъусджытӕ. Рӕстӕг куы амона, уӕд бакӕсӕн ис сӕйраг стихтӕ. Программӕйы бӕлвырдӕй фыст куы ницы уа, уӕд абзацтӕ кӕсын нӕ хъӕуы.
◼ Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Хӕслӕвӕрдмӕ ахӕм амынд куы уа, уӕд ӕй ӕфсымӕр радзурдзӕн раныхасы хуызӕн, фӕлӕ хъусджытӕн дӕр фадат уыдзӕн сӕ хъуыды зӕгъынӕн. Ахӕм темӕ ӕнӕуи раныхас нӕу, стӕй йӕ ӕрмӕст фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы дӕр нӕ хъӕуы ӕвзарын.
◼ Равдыстытӕ ӕмӕ интервьютӕ. Программӕйы фыст куы уа, равдыст бацӕттӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ йӕ ’фсымӕр ӕндӕр искӕмӕн бахӕс кӕндзӕн. Кӕмӕн ӕй бахӕс кӕндзӕн, уыцы хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ уой арӕхстджын ӕмӕ фӕзминаг, стӕй сӕ хъӕуы рагацау равзарын. Бынтон раст нӕ уаид, уыцы хъуыддаг ногтӕн ӕмӕ ӕвӕлтӕрдтӕн бахӕс кӕнын, уадз, ӕмӕ уыдон дӕр сценӕмӕ схизой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон у, кӕмӕн хъусын кӕнынц, уыдоны роль хъазын. Равдысты рӕстӕджы хъусынгӕнджытӕн се ’ргом хъуамӕ здӕхт уа хъусджыты ’рдӕм. Интервью кӕмӕй исой, уыдон хъуамӕ сӕ бынӕттӕй ма дзурой, фӕлӕ сценӕйӕ. Равдыстытӕ ӕмӕ интервьютӕ фӕхъӕуы рагацау хорз бацӕттӕ кӕнын. Ӕмбырд куы ныддаргъ уа, ӕмӕ ’фсымӕрӕн йӕ темӕйӕн фаг рӕстӕг куы нал уа, уӕд хъуамӕ йӕ темӕ фӕцыбыр кӕна, фӕлӕ равдыстытӕ ӕмӕ интервьютӕ хъуамӕ ныууадза. Ацы хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн бахӕс кӕнӕн ис, уый фӕдыл-иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ бафӕрсой хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторы кӕнӕ ӕндӕр хистӕр нӕлгоймаджы.
Искӕцы темӕмӕ бӕлвырд амындтӕ куы уа, уӕд-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архайут. Ӕфсымӕртӕ Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ сӕхи ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕттӕ кӕной, уӕд фембӕлдтӕ цӕудзысты «уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40).