Ӕххуыс кӕнӕм, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдонӕн
1 Иухатт Йесо ӕрхаста ӕмбисонд, иу фыййауӕн йӕ фыстӕй иу куы фесӕфт, уӕд 99 фысы куыд ныууагъта ӕмӕ уыцы сӕфт фысы агурӕг куыд ацыд. Хъуыды ма кӕныс, Йесо цы загъта, фыййау йӕ сӕфт фысы куы ссара, уӕд цы кӕндзӕн, уый тыххӕй? «Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, ууыл фылдӕр цин кӕндзӕн, чи нӕ фӕдзӕгъӕл уыцы нӕуӕдз фарастӕй» (Матф. 18:13). Афтӕ фӕцин кӕнынц бирӕ ӕмбырдты, рагӕй чи нӕ хъусын кодта, уыцы хъусынгӕнджытӕ фӕстӕмӕ Хуыцауы дзугмӕ куы ӕрбаздӕхынц, уӕд.
2 Фӕстаг азты ӕфсымӕртӕ сӕ хъус тынгдӕр ӕрдардтой, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕм. Цӕстдарджытӕн сӕ хӕс у ӕппӕт дзугмӕ дӕр кӕсын (Ап. к. 20:28). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕм хъусынгӕнджыты бӕрӕг кӕной. Ахӕм куысты руаджы бирӕтӕ бамбӕрстой, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сыл кӕй тыхсынц, уый, ӕмӕ та ногӕй фӕндфидарӕй райдыдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Фӕстаг азты йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хъусынгӕнджытӕ уе ’мбырды ис? Куыд сын ис баххуыс кӕнӕн?
3 Куыд ис баххуыс кӕнӕн. Службӕйон цӕстдарӕг ӕмӕ секретарь архайынц, цӕмӕй ахӕм хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕной. Фыццаг сӕм хъуамӕ бацӕуой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Иуӕй-иу хатт, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнӕджы фӕфӕнды, цӕмӕй йемӕ исчи Библи ахуыр кӕна. Ахӕм хъуыддаджы службӕйон цӕстдарӕг хъуамӕ ӕмбырды комитетимӕ аныхас кӕна, ӕмӕ уый фӕстӕ искӕмӕн бахӕс кӕна йемӕ Библи ахуыр кӕнын. (Кӕс 1998 азы ноябры «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы «Фарстыты асыкк».) Чи зоны, фыццаг йемӕ чи ахуыр кодта кӕнӕ хорз кӕй зоны ӕмӕ кӕмӕн аргъ кӕны, уыцы адӕймаг ын хуыздӕр баххуыс кӕна. Бинонтӕ куы уой, уӕд зӕгъӕн ис хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ та фӕлтӕрд службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕн, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой. Хорз уаид, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, ахӕм хойӕн фӕлтӕрд хо куы баххуыс кӕнид. Ӕрыгон хъусынгӕнӕгӕн, чи зоны, ӕнцондӕр уа ӕрыгон службӕйон ӕххуысгӕнӕгимӕ кӕнӕ та фӕлтӕрд пионеримӕ ахуыр кӕнын. Службӕйон цӕстдарӕг зӕгъдзӕн, цавӕр темӕтӕ кӕнӕ цавӕр публикаци хъӕуы ахуыр кӕнын. Нӕ хӕс у, цӕмӕй сын нӕ бон цы у, уымӕй баххуыс кӕнӕм. Службӕйон цӕстдарӕг равзардзӕн, уыцы хӕс ӕппӕты хуыздӕр чи сӕххӕст кӕндзӕн, ахӕм чырыстоны.
4 Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бафиппайдтой, хорз кӕй у фыццаг бацыдӕй ӕрныхас кӕнын 2000 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьяйыл «Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕныс?» (уыр.) кӕнӕ та 1992 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьяйыл «Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм Ӕз дӕр раздӕхдзынӕн» (уыр.). Семӕ аныхасгӕнӕн ис Иегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл, ӕмӕ сын нӕ бон у радзурын, Иегъовӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхт, ахӕм чырыстӕтты тыххӕй. Уый фӕстӕ семӕ райдайӕн ис Библи ахуыр кӕнын.
5 Ахӕм хъусынгӕнджытимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕмӕн бахӕс кӕной, уыдон сыл хъуамӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхсой. Семӕ хъуамӕ схӕлар уой. Бамбарын кӕнын сын хъӕуы, сӕ уырнындзинад ногӕй кӕй хъуамӕ сфидар кӕной, уый. Баххуыс сын кӕнут, цӕмӕй аргъ кӕной, Иегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сыл йӕ организацийы уылты сӕрмагондӕй кӕй ауды, уымӕн.
6 Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕнын кӕд ӕрмӕст хицӕн адӕймӕгтӕн бахӕс кӕнынц, уӕддӕр уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ иннӕтӕн сӕ бон ницы у саразын. Ахӕм хъусынгӕнджытӕ Паддзахады залмӕ куы ӕрбацӕуой, уӕд сыл хъӕуы бацин кӕнын ӕмӕ сын зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъын. Нӕ цӕстӕнгасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, сӕ фенд нын ӕхсызгон кӕй у ӕмӕ дарддӕр дӕр ӕмбырдмӕ кӕй цӕудзысты, уый ныфс нӕ кӕй ис. Сӕ уырнындзинад куы фӕфидардӕр уа, уӕддӕр сӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы. Иумӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕнтыстджын (Еф. 4:16).
7 О, мах ӕцӕгдӕр цин кӕнӕм, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдон та ногӕй немӕ кӕй сты, ууыл. Уый уӕлдай ӕхсызгондӕр вӕййы, чи сын баххуыс кӕны, уыдонӕн. Мах Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕна ӕмӕ «уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм», фӕлӕ рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕн «хорздзинад кӕнӕм» (Гал. 6:10).