Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/00 3 ф.
  • Уацамынды хыгъд раст фысс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уацамынды хыгъд раст фысс
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уацамынды хыгъд раст саразынӕн дӕхирдыгӕй алцыдӕр аразыс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Хорз хабар хъусын кӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Уацамындон фембӕлдтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 11/00 3 ф.

Уацамынды хыгъд раст фысс

1 Тагъд мыхуыры рацӕудзӕн ног «Ӕрвылазон чиныг» ӕппӕтдунеон хыгъдимӕ 2000 лӕггаддзинады азӕн. Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы чиныгмӕ, цӕмӕй дзы бакӕсӕм, фӕстаг рӕстӕджы хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕгас зӕххыл цавӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ уыд, уыдоны тыххӕй (Ис. 60:22). Уыцы ӕрвылазон хыгъды алы хъусынгӕнӕг дӕр йӕ хай кӕй бахӕссы, уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр цы хъуамӕ араза, цӕмӕй уыцы хыгъд раст уа?

2 Матфейы 24:14-ӕм стихы мах кӕсӕм, ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты хорз уацхъуыд кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй. Алы мӕйы кӕрон дӕр уацамынды хыгъд раст куы фыссӕм ӕмӕ йӕ рӕстӕгыл куы дӕттӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, Иегъовӕйы ӕххуысгӕнӕн мадзӕлттӕн кӕй аргъ кӕнӕм, стӕй ма цы гыццыл хай хӕссӕм, уый ахсджиагыл кӕй нымайӕм. Дӕ уацамынды хыгъд алкӕддӕр афойнадыл радтыс ӕмӕ дын раст фыст вӕййы?

3 Хыгъды цы хъӕуы фыссын Хыгъды хъӕуы фыссын ӕрмӕстдӕр сахӕттӕ, ӕнӕ минуттӕй. Минуттӕ хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон у иннӕ мӕйы хыгъдмӕ бахӕссын. Цӕмӕй хыгъд раст уа, уый тыххӕй хорз уыдзӕн рӕстӕг, литературӕ ӕмӕ дыккаг бацыдты нымӕц фыссын алы хатт дӕр, уацамынды куы уай, уӕд. Ӕмӕ ма уӕд мӕйы кӕрон уыцы нымӕцтӕ ӕрмӕстдӕр иумӕ банымайдзынӕ ӕмӕ дӕ нӕ бахъӕудзӕн бирӕ хъуыды кӕнын, мӕйы дӕргъы цы сарӕзтай, ууыл. Уацамынды хыгъды бланкӕй куы пайда кӕнай, уӕд дын уыцы хъуыддаг ӕнцондӕр уыдзӕн аразын.

4 Ма дӕ рох кӕнӕд: Библи адӕймагимӕ цал хатты ахуыр кӕнай, уал дыккаг бацыды дӕ хъӕуы хыгъды ныффыссын. Мӕйы кӕрон хъуамӕ байдзаг кӕнай Библи ахуыр кӕныны бланк, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй ӕмӕ йӕ хъуамӕ радтай уацамынды хыгъды бланкимӕ. Алы адӕймагӕн дӕр Библи ахуыр кӕныны бланк кӕронмӕ раст байдзаг кӕн ӕмӕ уацамынды хыгъды бланкы бынӕй рахизырдыгӕй рамкӕйы ныффысс, мӕйы дӕргъы Библи цал адӕймагимӕ ахуыр кодтай, уыдоны нымӕц.

5 Ноджыдӕр ма дӕ зӕрдыл дар, уацамынды рӕстӕг кӕй райдайы, хъусын кӕнын куы райдайай, ӕмӕ кӕй фӕуд кӕны, куыддӕр ныхас кӕнын фӕуай, афтӕ. Фӕллад суадзынӕн кӕнӕ акомдзаг кӕнынӕн цы рӕстӕг ацӕуы, уый уацамынды хыгъдмӕ хӕссын нӕ хъӕуы. Ӕмбырды раныхас кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон у хыгъдмӕ бахӕссын, ууыл сын цы рӕстӕг ацӕуы, уый. (Кӕс чиныг «Нӕ лӕггаддзинад»-ы, 104 ф., уыр.) Нӕ уацамынды хыгъдтӕ йӕ рӕстӕгыл ӕмӕ раст фыстӕй куы дӕттӕм, уӕд нӕ алчидӕр хӕсдзӕн йӕ хай ӕмӕ «Ӕрвылазон чиныджы» мыхуыр цӕудзӕн раст хыгъд.

6 Секретарь ӕмбырды уацамынды хыгъд хъуамӕ арвита Ӕхсӕнадмӕ иннӕ мӕйы ӕхсӕзӕм боны онг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис бамбарӕн, алы хъусынгӕнӕг дӕр йӕ уацамынды хыгъд афойнадыл алы мӕйы кӕрон цӕмӕ хъуамӕ дӕтта,уый. Ацы уагӕвӕрд зӕрдыл даргӕйӕ, алы хъусынгӕнӕг дӕр зӕрдиагӕй архайдзӕн ацы амындмӕ гӕсгӕ. Секретарӕн ис ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз боны се ’ппӕты хыгъдтӕ дӕр ӕрӕмбырд кӕнынӕн, банымайынӕн ӕмӕ ӕмбырды иумӕйаг хыгъд арвитынӕн, цӕмӕй йӕ Ӕхсӕнад афойнадыл райса ӕмӕ йӕ банымайа, нӕ территорийы цы 1 400 ӕмбырды ис, уыдоны уацамынды хыгъдтимӕ иумӕ.

7 Уӕлдӕр цы хъуыддӕгтыл цыд дзырд, уыдонмӕ гӕсгӕ алы хъусынгӕнӕг дӕр зӕрдиагӕй куы архайа, уӕд ын ӕхсызгон уыдзӕн зонын, йӕ хай кӕй бахаста, цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон уацамынды хыгъд раст уа. (Абар Иезекиль 9:11.) Уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕ уацамынды хыгъд афойнадыл дӕттӕд ӕмӕ йӕ хъус дарӕд, цӕмӕй йын раст фыст уа!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын