Уацамынды хыгъд раст саразынӕн дӕхирдыгӕй алцыдӕр аразыс?
1 Библион цаутӕй бирӕты ӕмбӕлы бӕлвырд нымӕцтӕ ӕмӕ нын уый фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы, уӕды рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыд, уыдон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Цӕвиттон, Гедеон ӕрмӕстдӕр 300 адӕймагимӕ ныппырх кодта Мадиамы ӕфсад (Тӕрх. 7:7). Иегъовӕйы зӕд ныццагъта 185 000 ассириаг ӕфсӕддоны (4 Пад. 19:35). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон донаргъуыд райстой 3 000 адӕймаджы бӕрц ӕмӕ фӕстӕдӕр уырнджыты нымӕц схызт 5 000 ӕввахс (Ап. к. 2:41; 4:4). Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ кӕй архайдтой ӕххӕст ӕмӕ раст хыгъд аразыныл.
2 Абон нӕ Иегъовӕйы организаци ахуыр кӕны алы мӕй дӕр нӕ уацамынды хыгъд дӕттын. Уыцы хъуыддаджы коммӕгӕс куы уӕм, уӕд хъусын кӕныны хъуыддагӕн лӕвӕрд цӕудзӕн хорз разамынд. Зӕгъӕм, уацамынды хыгъдтӕй бӕрӕг вӕййы, тынгдӕр цавӕр къабӕзтӕм хъӕуы хъус ӕрдарын кӕнӕ фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уый. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уацамынды хыгъдты руаджы базонынц, йӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын кӕмӕн у, йе та ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый ӕвдисӕг хыгъдтӕ стыр ныфсы хос сты не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн ӕгас дунейы дӕр. Уацамынды хыгъд раст саразынӕн дӕхирдыгӕй алцыдӕр аразыс?
3 Дӕ хӕс. Афтӕ дын вӕййы, мыййаг, ӕмӕ мӕйы кӕрон нал фӕхъуыды кӕныс, цас хъусын кодтай ӕмӕ цас литературӕ апарахат кодтай? Кӕд о, уӕд хорз нӕ уаид, алыхатт дӕр-иу сӕ фӕсуацамынд куы афыссис? Иуӕй-иутӕ сӕ фӕнысан кӕнынц сӕ къӕлиндары кӕнӕ сӕ фыссӕн чиныджы. Иннӕтӕ та семӕ фӕхӕссынц уацамынды хыгъды гӕххӕтт. Мӕйы кӕрон-иу дӕ хыгъд ӕвӕстиатӕй дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕгмӕ ратт. Йе та дӕ кӕд фӕнды, уӕд-иу ӕй Паддзахады залы хыгъдты асыччы ныппар. Кӕд дӕ ферох дӕ уацамынды хыгъд раттын, уӕд уайтагъддӕр, цалынмӕ дын дӕ чиныгахуыры цӕстдарӕг нӕ зӕгъа, уӕдмӕ йын дӕхӕдӕг фӕхабар кӕн. Дӕ уацамынды хыгъд цӕсгомджынӕй куы дӕттай, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Иегъовӕ ӕмбырды цы фӕтк сфидар кодта, уымӕн кӕй аргъ кӕныс, стӕй хыгъдтӕ чи фембырд кӕны ӕмӕ сӕ чи фӕнымайы, уыцы ӕфсымӕртӕн дӕр (Лук. 16:10).
4 Чиныгахуыры цӕстдарӕджы хӕс. Чиныгахуыры цӕстдарӕг цырддзаст ӕмӕ ӕрхъуыдыджын фыййау уӕвгӕйӕ йӕ хъус дары, йӕ къорд мӕйы дӕргъы куыд архайдта, уымӕ (Ӕмб. 27:23). Уый зоны, алкӕцы хъусынгӕнӕгӕн дӕр уайы алы мӕй дӕр уацамынды цӕуын ӕви нӕ, ӕнувыдӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй кӕны йӕ куыст ӕви нӕ ӕмӕ, кӕмӕн фӕхъӕуы, уымӕн уайтагъддӕр баххуыс кӕны. Кӕй ныхасӕй бафидар кӕны, кӕмӕн ахадгӕ уынаффӕ ратты, кӕй та йемӕ хъусын кӕнынмӕ фӕхоны, ӕмӕ арӕх уымӕй фылдӕр дӕр нӕ фӕхъӕуы.
5 Мӕйы кӕрон чиныгахуыры цӕстдарӕг сбӕлвырд кӕны, йӕ къорды се ’ппӕтдӕр радтой уацамынды хыгъд ӕви нӕ, цӕмӕй секретарь ӕмбырды хыгъд иннӕ мӕйӕн йе ’хсӕзӕммӕ филиалмӕ арвита. Мӕйы кӕрон куыд ӕрбаввахс кӕны, афтӕ хорз уаид, чиныгахуыры цӕстдарӕг йӕ къордӕн уацамынды хыгъды тыххӕй сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнид. Хорз ма уаид, чиныгахуыр кӕм фӕцӕуы, уым уацамынды хыгъды гӕххӕттытӕ дзӕвгар куы уаид. Уацамынды хыгъд раттын кӕмӕй айрох вӕййы, уыдонӕн-иу ӕй чиныгахуыры цӕстдарӕг фӕлмӕнӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.
6 Нӕ уацамынды хыгъд афоныл кӕй раттӕм, уый руаджы, ивгъуыд мӕй нӕ къухы цы бафтыд, уымӕн арӕзт ӕрцӕуы раст хыгъд. Ды дӕр дӕ хыгъд алы мӕй дӕр афоныл фӕдӕттыс?