Ӕххуыс кӕн дӕ чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕгӕн
1 Чиныгахуыркӕнынад нӕ алкӕмӕндӕр у стыр ӕххуыс. Ивгъуыд мӕйы ныхас кодтам, чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕг йӕ хӕстӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕна, ууыл. Махӕн та нӕ бон куыд у уымӕн ӕххуыс кӕнын? Ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ахъаз цӕмӕй у?
2 Алы къуыри дӕр цу. Чиныгахуыркӕнынады къорд гыццыл кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ йыл алы адӕймаджы ӕрбацыд дӕр тынг фӕзыны. Дӕ размӕ сӕвӕр нысан, цӕмӕй дӕ чиныгахуыркӕнынадмӕ алы къуыри дӕр цӕуай. Афоныл куы цӕуай, уӕд уымӕй дӕр цӕстдарӕгӕн стыр ӕххуыс бакӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бон уыдзӕн фембӕлд рӕстӕгыл райдайын (1 Кор. 14:40).
3 Уырнындзинад фидаргӕнӕг дзуаппытӕ. Цӕстдарӕгӕн ма нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм, хорз цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕмӕ хорз дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ. Дзуапп дӕтгӕйӕ хуыздӕр у ӕрмӕстдӕр иу хъуыдыйыл ӕрдзурын, афтӕмӕй иннӕтӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн сӕ хъуыдытӕ дзурын. Абзац ӕнӕхъӕнӕй дзурын нӕ хъӕуы. Ӕрмӕгӕй дӕ зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр цы фӕцыд, уый куы зӕгъай, уӕд ныхас ноджы хуыздӕр цӕудзӕн (1 Пет. 4:10).
4 Кӕд дын абзацтӕ кӕсын бахӕс кодтой, уӕд ӕй зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕн. Аив куы кӕсай, уӕд ахуыр бирӕ хуыздӕр цӕудзӕн (1 Тим. 4:13).
5 Къордӕй хъусын кӕнын. Уацамынды фембӕлдтӕ арӕх вӕййынц, чиныгахуыркӕнынад кӕм вӕййы, уым, ӕмӕ сӕм куы цӕуай, уӕд уымӕй ӕххуыс кӕндзынӕ цӕстдарӕгӕн уацамынд хуыздӕр пълан кӕнынӕн. Уыимӕ ӕфсымӕрты ноджы хуыздӕр базондзынӕ ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар кӕндзынӕ.
6 Уацамынды хыгъд. Уацамынды хыгъд алы мӕйы кӕрон дӕр йӕ рӕстӕгыл куы дӕттай, уӕд уымӕй дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ цӕстдарӕгӕн. Хыгъд радтӕн ис цӕстдарӕгӕн йӕхимӕ, кӕнӕ та йӕ ныппарӕн ис, Паддзахады залы уацамынды хыгъдтӕн цы асыкк ис, уым. Секретарӕн йӕ бон у цӕстдарджытӕн зӕгъын, цӕмӕй уыдон дӕр сӕ къорды хыгъдтӕ уыцы асыччы ӕппарой.
7 Дӕ чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕгӕн кӕй ӕххуыс кӕныс, уый рохуаты нӕ баззайдзӕн. Сӕйраджыдӕр, дӕ зӕрдыл дар, зӕрдиагӕй кӕй архайыс, уый Иегъовӕ кӕй уыны (Фил. 4:23).