Куыд хъуамӕ аудой чиныгахуыркӕнынады цӕстдарджытӕ иннӕтыл
1 Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынад уый тыххӕй у, «цӕмӕй фылдӕр хъусдард цӕуа алы адӕймаджы уырнындзинад бафидар кӕнынӕн дӕр. [...] Уымӕй бӕрӕг кӕны Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ адӕмыл кӕй ауды, уый» (om 75, 76 фф., уыр.; Ис. 40:11). Ӕмбырды чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕгӕн уыцы хъуыддаджы ис стыр нысаниуӕг.
2 Чиныгахуыркӕнынады рӕстӕджы. Чиныгахуыркӕнынады къорд гыццыл уый тыххӕй вӕййы, цӕмӕй цӕстдарӕгӕн йӕ бон уа йӕ къорды уӕнгты хорз базонын (Ӕмб. 27:23). Семӕ аныхас кӕнӕн вӕййы алы къуыри дӕр ахуыры размӕ кӕнӕ та йӕ фӕстӕ. Мӕйы дӕргъы йӕ бон у къорды алы адӕймагимӕ дӕр лӕмбынӕг аныхас кӕнын. Уый фӕрцы йӕм уыдон уӕндонӕй цӕудзысты, исты сӕ куы тыхсын кӕна кӕнӕ сӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд (Ис. 32:2).
3 Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕг къорды алкӕйдӕр разӕнгард кӕны дзуапп дӕттынмӕ. Уый йӕ бон у аразын, хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕна, уӕд (1 Фес. 2:7, 8). Уый архайы, цӕмӕй иууылдӕр сӕ хъуыдытӕ дзурой, уыимӕ ӕрыгӕттӕ дӕр. Исчи дзуапп дӕттын куы нӕ уӕнда, уӕд ын йӕ бон у сӕрмагондӕй баххуыс кӕнын ӕмӕ рагацау йемӕ баныхас кӕнын, цӕмӕй Библийӕ стих бакӕса кӕнӕ та бӕрӕг абзацӕн дзуапп радта. Кӕнӕ та сын йӕ бон у бацамонын, хи ныхӕстӕй дзурын куыд хъӕуы, уый.
4 Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕджы ӕххуысгӕнӕг кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр куы уа, уӕд ын цӕстдарӕг фадат дӕтдзӕн, цӕмӕй йӕ алы дыууӕ мӕйы дӕр иу хатт уый уадза. Афтӕмӕй йӕм цӕстдарӕг йӕ хъус дардзӕн ӕмӕ йын хорз уынаффӕтӕ дӕтдзӕн. Цӕй диссаджы фадат ис ӕфсымӕртӕн сӕ ахуыр кӕныны курдиат фӕхуыздӕр кӕнынӕн! (Тит. 1:9)
5 Уацамынды. Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕджы сӕйраг хӕстӕй иу у хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд химӕ исын (Нымӕц. 27:16, 17). Уый архайы, цӕмӕй къордӕй иумӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуой ӕмӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алкӕмӕндӕр йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ райа (Еф. 4:11, 12). Уый тыххӕй уый йӕ разы сӕвӕры хӕс — къордӕй алкӕимӕдӕр уацамынды ацӕуын. Уый ма уацамындӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕримӕ иумӕ архайы, цӕмӕй фӕлтӕрд хъусынгӕнджытӕ ӕххуыс кӕной, йӕ уацамынд фӕхуыздӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн.
6 Ӕнувыд фыййауау. Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарӕг ауды, йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ гыццыл рӕстӕг чи хъусын кӕны, уыдоныл. Иу мӕйы мидӕг сӕ бон иу сахат хъусын кӕнын кӕмӕн нӕу, ахӕм ӕдых адӕмӕй (ацӕргӕ кӕнӕ уатон), кӕнӕ та рӕстӕгмӕ ӕнӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕй (уӕззау рынчын, цӕф) алкӕмӕндӕр уый хъуамӕ зӕгъа, сӕ бон кӕй у уацамынды хыгъд раттын, 15 минуты куы уа, уӕддӕр. (Ӕмбырды комитет скъуыддзаг кӕны, ахӕмтӕм кӕй ис ахӕссӕн.) Уый ма ӕххуыс кӕны, йӕ къордӕй рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыдонӕн, цӕмӕй та ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайой (Лук. 15:4—7).
7 Чиныгахуыркӕнынады цӕстдарджытӕ нӕ афтӕ кӕй уарзынц ӕмӕ ныл кӕй аудынц, уый тыххӕй сӕ куыд бузныг стӕм! Сӕрмагондӕй нӕм сӕ хъус кӕй дарынц, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «иууылдӕр ӕрцӕуӕм иудзинадмӕ уырнындзинады... ӕххӕст лӕгмӕ, Чырыстийы ӕххӕст цахъхъӕнмӕ» (Еф. 4:13).